ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ ÆМÆ ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ АРГЪАУ
план-конспект урока

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ "ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ ÆМÆ ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ АРГЪАУ"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл dyuuae_zaervatychchy_aemae_dyuuae_syhadzhy_argau.docx30.28 КБ

Предварительный просмотр:

ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»

Утверждаю

директор ГБОУ

_____________ / Н. Т. Течиева

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ

«ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ

ÆМÆ ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ АРГЪАУ»

Подготовила

учитель осетинского языка и литературы

Джусоева Г.П.


Ирон литературæ 5 –æм кълас.

Темæ: Нигер «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»

Ахуыргæнæг: Джусойты Г.П.

Урочы  нысантæ

1. Æрдзурын  «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ыл, равзарын йæ сæйраг хъуыды. Ахуыр кæнын хи хатдзæгтæ кæнын, хи хъуыдытæ дзурыныл.

2. Скъоладзауты  ахуыр кæнын адæймаджы хорз миниуджытæн аргъ кæныныл; сæ хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

3. Рæзын кæнын уарзондзинад цæрæгойтæм, сырдтæм æмæ мæргътæм.

Урочы хуыз

Нног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: фæарфдæр кæнын ирон литературæйæ зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хи хъуыдытæ раст дзурыныл .

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Проблемондзинад, къордты куыст, информацион технологитæ.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

 

Организацион хай

Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Æхсызгон мын у уæ уынд. Уæдæ сымах дæр кæрæдзийæн зæгъут: «Мæнæн æхсызгон у дæ уынд».

   Хъуысы цъиуты цъыбар-цъыбур æмæ зарын.

Слайд 1-2

- Уæ цæстытыл цы ауад?

-  Мæргъты тыххæй цы базыдтат, цы пайда хæссынц адæймагæн? Цавæр цъиуты нæмттæ зонут?

 Дарддæр хъуысы зæрватыччы зарын.

- Цавæр цъиу  кæны ахæм зæрдæмæдзæугæ зард?

Слайд 3

Cалам дæттынц

- Алыхуызон мæргътæ.

- Хæрынц зианхæссæг сасчыты, хилджыты.

 

 

- Зæрватыкк.

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

 Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Ахуыргæнæг,  скъоладзаутæн  нывы хæйттæ райуаргæйæ,  дзуры:

 «Зæрватыкк нæ урокмæ цы бар дары, уый бамбардзыстут, ацы ныв куы сæмбырд кæнат, уæд» .  (Нывы – Нигеры уацмыс «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-æй иу цауы ныв.

- Раст хъуыды кæнут. Абон нæ ныхас уыдзæн Нигеры уацмыс «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ыл. Урочы темæ «Хæрзгæнæг хорз ары, фыдгæнæг –  æфхæрд». Куыд æмбарут ацы æмбисонд?

- Цымæ, цæуыл дзурдзыстæм, цы хъуамæ базонæм æмæ бамбарæм урочы?

 

- Нæ зæрдыл  æрлæууын кæнæм аргъауы сюжет.

       (Хъæддзау лæг цæф зæрватыччы сдзæбæх кодта. Зæрватыкк уыцы хорздзинад нæ ферох кодта æмæ йын балæвар кодта насы апп. Нас куы сцæттæ, уæд йедзаг уыд сызгъæринæй. Зæрватыкк мæгуыр лæджы хæрзтæ хорздзинадæй бафыста.

Мæгуыр лæгмæ бахæлæг кодта йæ сыхаг Гæдо. Зæрватыккæн йæ базыр асаста. Фæзылд æм, маргъ сдзæбæх, Гæдо æнхъæлмæ каст сызгъæринмæ, фæлæ Гæдойы насы разынд залиг калм æмæ йæ бахордта. Афтæ зæрватыкк йæ маст райста)

- Цъиуты мыггæгтæ тынг бирæ сты, фæлæ, цымæ Нигер йæ уацмысæн зæрватыкк цæмæн райста?  ( Къуылымпы – проблемон уавæр)

Слайд 4

 

 

- Хорздзинад чи кæны, уымæ йæхимæ дæр фæстæмæ хорздзинад æздæхы

- Равзардзыстæм аргъауæн йæ сæйраг хъуыды. Дзурдзыстæм адæймаджы хорз æмæ æвзæр миниуджыты тыххæй. Зæрватыччы тыххæй.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

 

 Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

 

 - Уыцы фарстæн уæхæдæг ратдзыстут дзуапп,  кæрæдзимæ байхъусгæйæ.

Слайд 5-9

Зæрватыччы хæрзтæ цыбыр, фæлæ рæстдзæвин ныхæстæй нымайы генион Къоста. Эпиграфæн дæр райстон ацы æмдзæвгæйы фыццаг рæнхъ. æрхæссын-ма мæ фæнды Джыккайты Шамилы ныхæстæ: «Ирон адæмæн зæрватыкк у зæды æмсæр æмæ табуйаг маргъ. Уый у Хуыцауы минæвар, уалдзæджы фидиуæг. Нартæн у уацхæссæг æмæ хъæргæнæг».

Слайд 10

    Проектон куыст.

Зæрватыччыты хуызтæ.

Зæрватыкк -  гыццыл тагъдтæхæг цъиу сырддонцъиуы мыггагæй даргъ цыргъ базыртимæ, сты 79 хуызы, уыдонæй Уæрæсейы цæры 7 хуызы. Ирыстоны арæхдæр æмбæлынц горæтаг æмæ хъæууон зæрватыччытæ. Горæтаг зæрватыкк ахстон аразы хæдзары къулыл æддæрдыгæй, хъæууон та – мидæгæй, арæхдæр сарайы бын. Ахстæттæ аразынц цъыф æмæ хъæмпыхæлттæй.

Раныхæстæ æмæ æмбисæндтыл куыст (скъоладзаутæ сæ бацæттæ кодтой рагацау)

Зæрватыкк – адæмæн уарзон.

Зæрватыкк хæдзары адæмимæ цæры.

Зæрватыкк – Хуыцауы уарзон маргъ.

Зæрватыкк – адæмæн уарзон.

Зæрватыччы ахстон чи фехала, уый къухтыл бызычъитæ разайдзысты.

Зæрватыкк ахстон амондджын хæдзары аразы.

Адæм, дам, хæдзар амайын зæрватыкмæ гæсгæ  базыдтой.

Зæрватыкк чи амара, уый бакуырм æмæ бакъуырма уыдзæн.

Италийы зæрватыччы хонынц Хуыцауы цъиу.

Тугдзых мæргътæ дæр не ʹвналынц зæрватыкмæ.

Венгрийы та сæ рудзгуытæ дарынц гомæй, цæмæй   сæм зæрватыкк батæха.

1-аг скъоладзауы раныхас:  1932 азы эстойнаг хъæуы зæрватыччытæ иу хæдзары сарæзтой 27 ахстоны. Тынг амондджын бинонтæ цард уыцы хæдзары. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъæу басыгъд уыцы хæдзарæй фæстæмæ. 1962 азæй та зæрватыкк эстойнæгтæн у сæ национ цъиу.

 - Эпиграфæн дæр Къостайы ныхæстæ дзæгъæлы нæ райстон.

2-аг скъоладзауы раныхас:  Хуыцау куы сфæлдыста адæмы æмæ цæрæгойты, уæд сæ алкæмæн дæр бацамыдта, чи цы хæринагæй цæрдзæн, уый. Æрмæст калммæ æнæрвæссонæй ракаст æмæ йын загъта, цæмæй бындзы бафæрса. Атахт бындз, цæмæй сбæрæг кæна, цæрæгойтæй адджындæр кæй туг у. Бындз фæстæмæ куы здæхт, уæд амбæлд зæрватыккыл æмæ йын раппæлыд ноггуыд сывæллоны тугæй адджындæр а дунейыл кæй никæцы цæрæгойæн ис, æмæ уый кæй уыдзæн калмы минасаг. Зæрватыкк æй сурынтæ систа. Бындз бæргæ æрбахæццæ калммæ, фæлæ йæ зæгъинаг зæгъынмæ йæ дзых куыд фæхæлиу кодта, афтæ йын зæрватыкк йе ’взаг стыдта. Калм ма йæм  фæлæбурдта æмæ йын йæ къæдзилæй дзыхыдзаг ратыдта.

       3-аг скъоладзауы раныхас:  Украинаг легендæ. Цардысты ус æмæ лæг. Иу бон лæг йæ къух алыг кодта. Ус йæ алыварс рауай-бауай кæны, ныфсытæ йын æвæры. Уæд ын лæг йæ роцъомæ бавнæлдта æмæ йын зæгъы: «Ды –  мæ зæрватыкк» ахъæбыс ын кодта æмæ сæ дыууæ дæр зæрватыччытæ фестадысты. Уæдæй фæстæмæ зæрватыккæн йæ хъуыр у сырх.

       4-æм  скъоладзауы раныхас:  Раджы заманы тæтæр æрцахстой иу æрыгон чызджы, акодтой йæ сæхимæ æмæ йын тыххæй исын кодтой сæ дин. Уæд чызг скуывта Хуыцаумæ, цæмæй йæ фестын кæна зæрватыкк. Атахт йæ райгуырæн бæстæм æмæ йæ фыды хæдзары рудзынджы сæрмæ сарæзта ахстон. Уæдæй фæстæмæ йæ адæм хонынц сæ хæрæфырт.

Хатдзæгтæ:

 -  Зæрватыкк у зондджын, Хуыцауы уарзон,  адæмуарзон, æнæхъыг, æнæмаст, фарны маргъ.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

 

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

 

 

Удгоймагон:

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады

ахадындзинад нæ адæмы царды)

 

Физкультинутка

- Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм.

Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

 

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын. Къордты куыст.

 

 

- Дарддæр нæ куыст кæнæм. Байгом кæнут уæ чингуытæ. Цавæр рæстæг æвдыст цæуы аргъауы райдиан?

 - Цы хуызы æвдисы фæззæджы æрцыд автор? (æрбырсы)

 - Цы æрцыд иу зæрватыккыл? Цæуылнæ атахт хъарм бæстæм?

 - Зæрватыччы уавæр кæцы рæнхъыты æвдыст цæуы?

 - Куыд дары йæхи зæрватыкк хъæддзау лæджы хæдзары?

 - Куыд бафыста мæгуыр лæджы хорздзинад?

 - Фыццаг зæрватыккыл цы æрцыд?

- Куыд дары йæхи Гæдойы хæдзары?

- Цавæр лæвар æрхаста Гæдойæн?

- Куыд хъуыды кæнут, уацмысы цы зæрватыччыты кой цæуы, уыдон  горæтаг сты æви хъæууон?

- Цæмæн дарынц сæхи зæрватыччытæ афтæ  алыхуызон?

-  Æркæсæм-ма хъæддзауы æмæ Гæдойы фæлгонцтæм.

- Цавæр адæймаг у хъæддзау?  

- Гæдомæ та цавæр миниуджытæ уыд

Фыццаг зæрватыкк:

  • Фыццаг зæрватыччы базыр ныссаста иу фыдуаг лæппу.
  • Сдзæбæх ис æмæ хъæлдзæгæй хъазын райдыдта йæхицæн.
  • Хъарм бæстæй куы æртахт, уæд систа хъæлдзæг цъыбар-цъыбур йæ ахстоны къæсæрыл.
  • Зæрватыкк мæгуыр лæджы хæрзтæ хорздзинадæй бафыста.

Дыккаг зæрватыкк:

  • Дыккаг зæрватыччы базыр асаста хъомыл адæймаг – фыдзæрдæ Гæдо.
  • Бадзæбæх йæ базыр, фæлæ уæддæр бадт æнкъардæй, æфхæрдхуызæй.
  • Фæстæмæ куы æртахт, уæд «абадт йæ ахстоны æмæ уасы…»

- Сыгъдæгдæгзæрдæ, æнæхин, цæстуарзон, æргомзæрдæ, рæсугъд у йæ миддуне, рæсугъд сты йæ бæллиццтæ.

- Фыдзæрдæ, зыд, халæг, хин.

Зонадон:

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Рефлекси.

 

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

 

-  Ацы уацмыс аргъауыл нымад цæмæн у? (

- Ацы аргъау нын чи дзуры?

  «Цытджын  Къостайы фæстæ ирон адæммæ Нигерæй стырдæр поэт нæ уыд, уымæй хуыздæр ничи зыдта ирон литературæ æмæ адæмон сфæлдыстад», - фыста Нигеры тыххæй  профессор Б. В. Скитский. Слайд 11

«Цыма ныртæккæ дæр ныхас кæны мемæ сæгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, æнæхин, æфсæрмдзæстыг æмæ уæздан ирон разагъды лæг, курдиатджын фыссæг, адæймаджы ном æмæ кадæн стыр аргъ чи кодта, æппæлой, дывзагон, дыдзæсгом, хахуыр æмæ былдауæг адæймæгтæ æнæуынон кæмæн уыдысты, уыцы Иван» - Дзесты Куыдзæг, 1976 аз. Слайд 12

- Цæуыл нæ ахуыр кæны аргъау?

-Цавæр ирон литературон аргъæуттимæ ма базонгæ стут?

- Аргъауы элементтæ дзы ис.

- Нигер

- Ахуыр кæны цардыл, цæмæй зонæм, цы сты хорз æмæ æвзæр

- Бакастыстæм-ма корейаг аргъау «Зæрватыкк»

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Рефлекси

 

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

 - Сæххæст æй кодтам?

Дзуапп дæтгæйæ пайда кæнут ацы хъыдыйæдтæй:

- Урок  мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ..

-  Аргъау нæ ахуыр кæны

-   Царды мидæг тырнын хъæуы…

 - Æцæг адæймаг хъуамæ уа (ма уа)…

Сæ хъуыдытæ дзурынц

- Ма дава, ма сайа, ма маара

Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын )

Хæдзармæ куыст

Ныффыссын чысыл радзырд ахæм темæйыл: «Хорз хъуыддаг мæ царды».

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 

 

Директор         _______________        Н. Т. Течиева

      подпись                         расшифровка

                   М.П.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Фондз æфсымæры аргъау

повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова" ...

Тест 5 класс Нигер " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"- ма гасга

Тест по сказке Нигера " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"-ма гасга. Самоанализ по произведению...

: «Хӕлӕрттӕй цух чи у ,уый цины дӕр ӕмӕ зындзинады дӕр иунӕг у» (Гӕдиаты Ц. «Дыууӕ дидинӕджы») 6 кълас

Ахуыргӕнӕг : Челдыты М.К.Урочы нысантǽ:1.Скъоладзауты базонгӕ кӕнын Цомахъы цыбыр биографиимӕ. 2.Бакёсын ёмё равзарын уацмыс «Дыууё дидинёджы» сёйраг хъуыды, ǽрдзурын йӕ жанрыл3.Скъол...

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...