Хæсанæ – рæстдзинады сæрыл бæгъатыр тохгæнæг
план-конспект урока

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ «Хæсанæ – рæстдзинады сæрыл бæгъатыр тохгæнæг»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл haesanae_-_raestdzinady_saeryl_baegatyr_tohgaenaeg.docx31.45 КБ

Предварительный просмотр:

ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»

Утверждаю

директор ГБОУ

_____________ / Н. Т. Течиева

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ

«Хæсанæ – рæстдзинады сæрыл

бæгъатыр тохгæнæг»

(Къубалты Алыксандры кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-мæ гæсæг)

Подготовила

учитель осетинского языка и литературы

Джусоева Г.П.


Ирон литературæ 9 –æм кълас.

Темæ: «Хæсанæ – рæстдзинады сæрыл бæгъатыр тохгæнæг» (Къубалты Алыксандры кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-мæ гæсæг) 

Ахуыргæнæг: Джусойты Г.П.

Урочы  нысантæ

Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ рæзын кæнын                                   сывæллæтты  критикон хъуыдыкæнынад.

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: фæарфдæр кæнын ирон литературæйæ зонындзинæдтæ; фæцалх кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ раст дзурыныл .

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.

Урочы организацион структурæ

 

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

 

Организацион хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ, æмæ фарнӕйдзаг ут!

-Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ? 

Cалам дæттынц

 

 

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

 Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ

бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Байхъусын æмæ бакæсын музыкалон клипмæ ( Бæтæхъойы хъæуы зарæг- Гæджынаты Руслан.) Слайд 1-2

 Ахуыргæнæджы ныхас зарæджы арæзт æмæ мидисмæ гæсгæ: -  Зарæджы музыкæйы автор æмæ зарæггæнæг у Гæджынаты Руслан, Бæтæхъойы хъæуккаг.

-  Цæуыл дзурæг у, Руслан йæ райгуырæн хъæуыл кæй зары,уый?

-  Цы æвдыст æрцыд, клипы цы ныв уынæм, уым?

 Хъусынц музыкæмæ.

 

- Бирӕ уарзы йӕ хъӕу.

- Цард цæуы, фæлтæртæ кæрæдзи ивынц æмдзу кæнынц.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

 

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

- Судзы ацы чысыл хъæубæсты царды цырагъ дæр, фæлтæртæ йæ мынæг кæнын нæ уадзынц. Ивгъуыд абонимæ баст у кадджын, номдзыд нæмттæй. Слайд 3-4

- Бӕтӕхъойы хъӕу сӕрыстыр у бирӕ зындгонд адӕмӕй! Чи сты уыдон?

- Чи уыд Зыгъуытаты Бибо? 

- Кадӕггӕнджыты тыххӕй нын ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Челæхсаты Салмæ. Табуафси

- Плиты Иссӕ,Андиаты Сослан,Уататы Бибо,Къудзаты Хъазыбег,Ходы Камал,Къубалты Алыксандр,Зыгъуытаты Бибойӕ.

- Кадæггæнæг.

 

  Презентаци равдисын.

 

Зонадон:

(æмбарынц ахуырадон-зонадон хæс, архайдмæ цæттæдзинад бæрæг кæнын)

 

 

Коммуникативон:

(диалоджы мидæг архайд, къордты æмæ хæдбар куысты архайд æвдисын)

 

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

 

 Рæсугъд æрдз балæвар кодта йæ цæрджытæн курдиат, уымæн æвдисæн у куыд абон, афтæ ивгъуыд дæр.

      Дæсны зарæггæнæгыл нымад у абон нæ эстрадæйы Гæджынаты Руслан. Мæнмæ гæсгæ, уый йе 'мхъæуккаг Зыгъуытаты Куырм-Бибойы фарн хæссы.

      Фыдæлты таурæгътæ кодта Куырм-Бибо Ирыстоны алы комбæсты  йæ фæндырæй цæгъдгæйæ.

Слайд 4-6

- Куыд ӕмбарут дзырдтӕ кадӕг ӕмӕ кадӕггӕнджытӕ?

- Зыгъуытаты Бибо адæмы цардмæ хаста аивад. Йæ диссаджы аивадæй, йæ мидисджын таурæгътæй сын агайдта сæ зæрдæтæ æмæ сæ разæнгард кодта йæ фарн хъахъхъæнынмæ.

 - Куыд уӕм кӕсы,цымӕ мах абон Бӕтӕхъойы хъӕуы тыххӕй  цӕмӕн афтӕ лӕмбынӕг дзурӕм?

Тынг раст. Бибойы кадджытæм сабийæ чи хъуыста, уыдонæй иу уыд зындгонд ирон фыссæг Къубалты Алыксандр.

 -Мах ирон адӕм не `гъдаумӕ гӕсгӕ стыр аргъ кӕнӕм хистӕртӕн. Уӕдӕ абон махмӕ  ӕрхауди уыцы кад скӕнын ирон литературӕйы бындурӕвӕрджытӕй иуӕн. Уый у Къубалты Алыксандр.

       Ацы адӕймаджы тыххӕй ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Уалыты Алинæ.  Дӕ хорӕхӕй,хъусӕм дӕм.

-Бузныг Алинæ. Нӕ абоны урочы темӕ ма мын уæдæ зӕгъут?

Слайд 7

- Сымахмӕ гӕсгӕ нӕ урочы нысантӕ та цы сты?

Кадæг – фæндыры цагъдмæ кæй зарынц, хицæн мелоди кæмæн ис, ахæм эпикон зарæг, таурæгъ. Йӕ бындуры ис царды рагон ӕцӕгдзинад.

Кадæггæнæг – йæхи фæндыры цагъдмæ кадджытæ æмæ таурæгътæ чи кодта, ахæм дæсны дзурæг.

 

 -  Темӕ баст уыдзӕн кӕнӕ хъӕу, кӕнӕ йӕ хъӕуккӕгтимӕ

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 Презентаци равдисын.

 

 

 

Хæсанæ – рæстдзинады сæрыл бæгъатыр тохгæнæг

1.Ӕрдзурын Къубалты Алыксандры цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл.

2.Кадӕг «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ»-йы сусӕгдзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ рӕзын кӕнын хъуыдыкӕнынад .

3.Рœзын кœнын цымыдисдзинад ирон адœмы историмœ.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

 

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

 

 

Удгоймагон:

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады

ахадындзинад нæ адæмы царды)

 

Дзырдуатон куыст.

-Фарстытæ равзарыны агъоммæ равзарæм дзырд Æфхæрдтæ морфологион æмæ лексикон æгъдауæй

- Ахуыргӕнӕг:  Чи зоны ахӕм мыггаг нӕ уыд.Фӕлӕ адон сты ӕппӕт ӕфхӕрд адӕмы минӕвӕрттӕ! Ацы кадӕг афтӕ ахсджиаг у нӕ литературӕйы, ахӕм бирӕ  проблемӕтӕ дзы ис,ӕмӕ йын йӕ бындур, йӕ равзӕрд стыр ахуыргӕндтӕ дӕр иухуызон нӕ хонынц.

Слайд 8

   - Сымахмæ гæсгæ, нæ бон у кадæджы фольклорон бындурыл дзурын?

Æфхæрдтæ- номдар, райдайæн формæ- æфхæрд, сæрмагонд номдар, бирæон нымæцы, номон хауæны. 

Æфхæрдтæ- обиженные, оскорбленные; хъыгдард чи баййæфта, ахæм; бафхæрдта йæ, æфхæрд æрцыд, Йе 'фхæрд нæ ныххатыр кодта.

 - О . Дзуры йӕ кадӕггӕнӕг.

Регулятивон :

(чиныджы хъæугæ информаци ссарын)

 

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Физкультинутка

---Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм.

Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

Ног зонындзинæдтæ

фидар кæнын.

 

 

-Уӕдӕ цы у кадæджы мидис?

-Куыд райдайы кадӕг? Бакӕсут ма йӕ.

 

-Ирон адӕм кӕй хуыдтой мӕгуыр?

- Куыд ма хоны ноджы автор?

- Кадӕг йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ цӕссыг ӕмӕ мароимӕ цӕуы. Йӕ мидис ын  кӕй руаджы бамбӕрстам ?

-Цавӕр хатдзӕг скӕндзыстут?

-Нӕ фыдӕлтӕм тугисыны ӕгъдау уыд тынг фидар.  Уыцы хъуыддаджы бирӕ адӕм цагъд кӕй кодтой, уый дӕр ницӕмӕ дардтой.

 -Цымӕ раст бакодта Госӕма хъӕдмӕ кӕй алыгъд, уый тыххӕй? Раст хъомыл кодта хъарӕг ӕмӕ цӕссыгимӕ йӕ фырты?

-Афтӕ тынг цӕмӕн ныффидар стыр маст йӕ зӕрдӕйы Госӕмайӕн?

- Куыд уӕм кӕсы, автор мӕгуырты фарс уыд ӕви хъӕздгуыты?

- Куыдӕй йӕ равдыста?

Ссарут ӕмӕ бакӕсут уыцы рӕнхъытӕ.

-Кӕмӕн ӕххуыс кӕны Уастырджи?  

-Хӕсанӕ  рӕстдзинадыл тохгӕнӕг уыд ӕви социалон мастисӕг?

- Тынг раст. Цал лӕджы амардта Хӕсанӕ? Раст бакодта?

 

-Хӕсанӕйы фӕлгонцӕй характеристикӕ раттӕм.

Слайд 9-10

- Цавӕр аивадон мадзӕлттӕй спайда кодта фыссӕг?

-Уацмысы аивадон мадзӕлттӕй иу у уацмысӕн йӕ арӕзт. Кадӕггӕнӕг дзуры ацы хабӕрттӕ.Афтӕ райдайы,афтӕ фӕвӕййы. Иннӕтыл дарддӕр ӕрдзурдзыстӕм дыккаг урочы.

-  Базыдтам,ацы кадӕг кӕй у арӕзт рагон ӕгъдау – тугисыны бындурыл.  Ирон адӕмы ӕнамонддзинӕдтӕн тугисыны ӕгъдау,ӕвӕццӕгӕн ,сӕ карздӕр уыд. Сӕдӕ азты дӕргъы цал хӕдзары, цал ирон мыггаджы скуынӕг кодта фӕстаг нӕлгоймаджы онг ацы фӕтк!

Тугисыны ӕгъдау ӕнусты дӕргъы адӕмы зӕрдӕйы тынг ахъардта. Ӕмӕ йӕ ирон адӕм  кӕд ӕмбӕрстой тугисыны уӕззау ӕфхӕрд, уӕддӕр сӕ бон нӕма уыд уӕды рӕстӕджы йӕ аппарын.

Кӕсынц фыццаг куплет

- Фӕллӕйттӕ кӕмӕ нӕ уыд,уыдон.

 

 - Тыхджын ӕмӕ хъӕздыг (кӕсынц ӕй тексты)

 - Адӕймаг хъӕздыг ӕрмӕст фӕллӕйттӕй нӕ вӕййы,фӕлӕ йӕ зондӕй,адӕмы ӕхсӕн ын цы кад ис,уымӕй.

  Ирон ӕфхӕрд сылгоймаг Госӕмайы хъарӕгӕй

- Кадӕджы ахсджиаг бынат ахсы социалон тохы мотив,уый у йӕ сӕйраг хъуыды, сӕйрагдӕр ууыл арӕзт у.-хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуырты хсӕн тохы цаутыл. Йӕ сӕйраг конфликт дӕр амад у тыхджын ӕлдӕртты мыггаг Мулдартӕ ӕмӕ Ӕфхӕрдты иунӕг Хӕсанӕйы  хсӕн тохыл. Фӕлӕ де знаг цыфӕнды стыр мыггагӕй куы уа, уӕддӕр ын йе `фхӕрд ныббаринаг нӕу,ӕфхӕрд дзы дывӕрӕй исын хъӕуы. Мулдартӕ хъал мыггаг уыдысты, «Ӕфхӕрд-тӕн» та сӕ ном сӕ уӕлӕ. Афтӕ домдта фыдӕлты царды ӕгъдау, науӕд лӕг адӕмы хсӕн уыд ӕгад, фидиссаг. Ахӕм зондыл фидарӕй хӕцыд кадӕджы сӕйраг архайӕг Госӕма,стӕй йӕ фырт- Хӕсанӕ дӕр.

….Кӕннод не рцардаид тар хъӕды Госӕма сырдты хсӕн, нӕ уарынӕй тӕрсы, нӕ дымгӕйӕ лидзы.

-Йӕ лӕджы йын амардтой,Мулдарты хъал мыггагмӕ, уый фаг нӕ фӕкаст. Ноджы ма йын ӕдзӕсгом Хъуыдайнат йӕхимӕ дӕр бацыд фӕхудинаг кӕнынмӕ.

Ахӕм ӕдзӕсгомдзинад ӕмӕ сӕрыстырдзинад уыд ӕрмӕст хъӕздгуытӕм. Ӕлдӕрттӕ та мӕгуыр адӕмӕй кӕд ӕфсӕрмы кодтой.

-Мӕгуырты

-Уастырджийы ӕххуыс

-Растзӕрдӕ адӕмӕн

- Рӕстдзинадыл тохгӕнӕг

- Тохы куы бацыд,уӕд нал ныууагъта йӕ хӕст.Цыппары дзы куы амардта,уӕд йӕхӕдӕг дӕр акъахдзӕф кодта рӕстдзинады сӕрты ӕмӕ амардта Мулдартӕй ноджыдӕр фондз адӕймаджы. Афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ссис фыдгӕнӕг. Рӕстдзинады сӕрыл тохы фӕцӕф йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ амард.

-Ӕцӕг ирон лӕг,рӕстдзинадыл тохгӕнӕг,мады фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнӕг,хъӕбатыр хӕстон лӕг,иунӕг,тугисӕг.

- Эпитеттӕй, ӕлгъыстытӕ, ӕфхӕрыны дзырдбӕстытӕ, хъарӕджы фразеологии.

Зонадон:

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (къæйттæй кусын зонын, хи хъуыдытæ иннæтæн æргом кæнын)

Рефлекси.

 

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

 

Абарӕм ацы кадӕг Тугъанты Батырбеджы «Ӕгъдауы амӕттаг»-ы  архайӕг – Фацбаимӕ:

  1. Цавӕр цӕстӕй касти Фацбай туг исынмӕ?
  2. Цавӕр цӕстӕй касти Хӕсанӕ туг исынмӕ?
  3. Куыд уӕм кӕсы, мах дуджы тугисыны ӕгъдау сфидауид?

 Слайд 11

 Скъоладзаутæ барынц дыууæ фæлгонцы

Регулятивон: скъоладзаутæ æрцæуынц хатдзæгмæ цы бамбæрстой, æмæ ма сæ цы цæуыл хъæуы бакусын.

Хатдзæгтæ скæнын. 

Абоны урочы цы базыдтат уыдонӕй цавӕр хатдзӕгтӕ скӕндзыстӕм? 

Сæ хъуыдытæ дзурынц

Сæ зонындзинæдтæн сæхæдæг аргъ кæнынц.

Хæдзармæ куыст

Цавӕр адӕймаг уӕм фӕкаст Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ?

-Госӕмайӕн аргъ скӕнут куыд хъомылгӕнӕг мад, афтӕ.

 Уӕ литературӕйы тетрӕдты сӕ афыссут ӕмӕ сын дзуӕппытӕ раттут фысгӕйӕ.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 

Директор         _______________        Н. Т. Течиева

      подпись                         расшифровка

                   М.П.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты