План-конспект открытого урока в 8 классе. С.Гадиев "Азау"
план-конспект урока (8 класс)

Кулаева Светлана Рубеновна

Открытый урок в 8 кл по осетинской литературе

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gom_urok_azau_8_kl.docx31.08 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темӕ: «Ӕнӕмӕлгӕ уарзт»-ы таурӕгъ

(Гӕдиаты Секъайы радзырд «Азау»-мӕ гӕсгӕ).

Урочы нысан:

  1. Урочы ног хуыз –(урок-тӕрхон)-ы руаджы равдисын ахуырдзаутӕн, ирӕды фыдӕгъдау кӕй у худинаг ӕмӕ амӕлинаг. Уыцы хъуыды ӕвдыст ӕрцӕудзӕн радзырды ӕппӕрццаг хъайтартӕн тӕрхон скӕныны руаджы, куыд уыцы фыдӕгъдауыл хӕцджытӕн.
  2. Ахуырдзаутӕ сӕ хъарутӕ хъуамӕ аразой ирон мӕлинаг фыдӕгъдӕутты ныхмӕ ӕмӕ бӕззонтӕй та исой хорз дӕнцӕгтӕ.
  3. Хи хъуыдытыл ӕфтауын ахуырдзауты, ӕдӕрсгӕ хъуамӕ зоной хатдзӕгтӕ кӕнын.

Урочы хуыз: Урок-тӕрхон.

Урочы фӕлгонц: фӕйнӕг фыстытимӕ, цитатӕтӕ, фыссӕджы къам, иллюстрацитӕ радзырдмӕ.

Техникон фӕрӕзтӕ: компьютор, интерактивон фӕйнӕг.

Урочы эпиграф.

                                                    «Уарзондзинады ӕфхӕрд низӕй низдӕр у».

                                                                                                 Ирон ӕмбисонд

Ⅰ. Урочы цыд.

Сабыр ирон музыкӕ. Ахуыргӕнӕджы разныхас.

Уӕ бонтӕ хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут, нӕ зынаргъ уазджытӕ!

Ацы бон мах нӕ размӕ сӕвӕрдтам ахӕм хӕс: равзарӕм, кӕй ӕмӕ цӕй аххосӕ ӕрцыдысты Гӕдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы сӕйраг персонажтӕ-Азау ӕмӕ Таймураз трагикон кӕронмӕ.

Уый тыххӕй спайда кӕндзыстӕм урочы ног хуызӕй-урок тӕрхон.

Урокӕн эпиграфӕн ист ӕрцыд ирон ӕмбисонд:

«Уарзондзинады ӕфхӕрд низӕй низдӕр у».

    Уарзондзинады темӕ ног нӕй, куыд ӕппӕт дунейы, афтӕ ирон литературӕйы дӕр. Ацы тыхджын ӕнкъарӕн ӕвдыст ӕрцыд ӕрмаст уацмысты рӕнхъыты нӕ, фӕлӕ аивады алы хуызты, куыд музыкӕ, скульптурӕ, нывкӕнынады.

      Фӕлӕ мах абон цы уарзондзинады тӕмӕнтӕн ӕвдисӕн уыдзыстӕм, уымӕн ис ӕрӕвӕрӕн йӕ тыхджын ӕнкъарӕнтӕм гӕсгӕ дунеон литературӕйы хӕзнатӕ ӕмӕ аивады шедеврты ӕмрӕнхъ. Ӕнусты сӕрты цы уарзондзинад ӕрбахызт нӕ дугмӕ, уый у ӕнӕмӕлгӕ. Равзӕрд ӕмӕ рахъомыл дард Ганисы хъӕуы.

     Цардысты Ганисы хъӕуы тынг хӕларӕй дыууӕ сыхаджы-Сачъынаты Боба ӕмӕ Тогъызты Бибо. Бобайы хӕдзары райгуырд чызг-Азау, Бибойы хӕдзары та лӕппу- Таймураз. Бинонтӕ, сӕрмагондӕй мадӕлтӕ, кӕрӕдзийӕн дзырд радтой, сабитӕ куы байрӕзой, уӕд уыдзысты лӕг ӕмӕ ус. Сывӕллӕттӕ хъомыл кодтой уыцы хъуыдыимӕ. Сӕххӕст сыл ссӕдзгай азтӕ. Се хсӕн пиллон калдта ӕхсидгӕ уарзондзинад.

      Стыр фӕлварӕн рауад сӕ уарзондзинадыл, Таймуразы фыд Бибо ӕд фос зӕйы бын куы фӕцис, уӕд. Лӕппу нал уыд чызгӕн ӕмсӕр, уымӕн ӕмӕ фӕмӕгуыр.Фӕлӕ уый нӕ бамынӕг кодта, ӕрыгӕтты зӕрдӕты цы уарзондзинады арт сыгъд, уый. Уыцы артыл сын их дон бакалдӕуыд. Ӕмӕ сын мыггагмӕ ахуыссыд  Азауы ныййарджытӕ Таймуразыл куы нал барвӕсыдысты ӕмӕ йын хъӕздыг усгур куы ссардтой, уӕд.

      Абон у тӕрхоны бон, хъуамӕ ӕнусты фӕстӕ тӕригъӕд удты рӕстдзинад фӕуӕлахиз уа. Аххосджынтӕ та ӕфхӕрд баййафой. Ӕрхуыдтам нӕ тӕрхондонмӕ радзырд «Азау»-ы персонажты(ахуырдзауты) ииууылдӕр-ӕвӕрццӕгӕй, ӕппӕрццӕгӕй.

Тӕрхонгӕнджыта сты (нӕ ахуырдзаутӕ): суды лӕг, прокурор, адвокат.

. Ӕвдисӕнтӕ-ӕвӕрццаг хъайтартӕ (ахуырдзаутӕ): Азау, Таймураз, Дыса-мӕгуыр зӕронд ус, баххуыс кодта Азауӕн хъодыйы фӕстӕ. Тӕрхон кӕмӕн кӕнынц, уыдон та ӕппӕрццӕг персонажтӕ (ахуырдзаутӕ): Хъаныхъон ӕмӕ Боба-Азауы мад ӕмӕ фыд, Хиуаг-Азауы лӕг, Мистъала-дзырддзӕугӕ лӕг. Уӕдӕ бакӕсӕм, куыд иртӕст цӕуы раст ӕмӕ зылын нӕ тӕрхондоны.

Прокурор (ахуырдзау). Мӕнмӕ ис иу хӕс: цӕмӕй рабӕрӕг уа, цӕй аххосӕйфесӕфтысты Азау ӕмӕ Таймураз, уый. Аххосджынтӕ хъуамӕ ацы бон баййафой ӕфхӕрд. Алчидӕр нӕ Хуыцауӕй басомы кодта, рӕстдзинад кӕй дзурдзӕн. Байхъусӕм уал Сачъынаты Бобамӕ.

Тӕрхоны лӕг (ахуырдзау). Райдыдта тӕрхон. Ныхасы бар дӕттын прокурорӕн. (Дзӕбугӕй ӕрцавта).

Прокурор (ахуырдзау). Сачъынаты Боба, радзур ӕцӕгдзинад! Дӕ чызг Азауы ӕвӕндонӕй моймӕ цӕмӕн радтай Биганатӕн?

Боба(ахуырдзау). Уымӕн ӕмӕ мӕ чызджы амондджын хъысмӕтыл кодтон. Амонд та ӕрмӕст хъӕздыгдзинадӕй цӕуы.

Прокурор(ахуырдзау). Уыцы амонд цасӕй балхӕнынмӕ хъавыдтӕ?

Адвокат(ахуырдзау). (йӕ бынатӕй фӕгӕпп кодта). Уый йӕхи хъуыддаг у, чызджы миниуджытӕ цас хуыздӕр сты, уыйас ирӕд фыдӕр.

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау). Дӕхиуыл фӕхӕц, адвокат. Прокурор дарддӕр дзур.(Дзӕбугӕй ӕрцавта).

Прокурор(ахуырдзау). Боба, цӕмӕн фехӕлдтай ӕрдхорддзинады ард? Бибо ӕд фос куы нӕ фесӕфтаид, уӕддӕр ыл афтӕ сыстырзӕрдӕ уыдаис?

Адвокат(ахуырдзау). Алчидӕр йӕхӕдӕг ӕвзары ӕрдхорддзинад!

Прокурор(ахуырдзау). Уыдон ӕгӕр уӕлӕнгай ныхӕстӕ сты. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъын: Боба, ды ӕрдхорддзинадыл гадзрахатӕй рацыдтӕ, мулчы цӕстӕй йӕм кӕй акастӕ.

Адвокат(ахуырдзау). Уыцы рӕстӕг ӕнӕ ирӕд чызг раттын худинаг уыд!

Прокурор(ахуырдзау). Алы рӕстӕджы дӕр ис парахатзӕрдӕ адӕм, фӕлӕ ды, Боба, сӕ къордмӕ нӕ бахаудтӕ! Тынг хъӕбӕрзӕрдӕ разындтӕ.

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау). Прокурор, дӕ хъуыдытӕ присяжнытӕн уыдз ӕмӕ дӕм кӕд ницыуал фарста ис Бобамӕ, уӕд иннӕ аххосджын рацӕуӕд!

Прокурор(ахуырдзау). Бобамӕ нал дӕттын фарстатӕ, ныр та рацӕуӕд йӕ бинойнаг Хъаныхъон.

(Боба йӕ бынаты сбадт, Хъаныхъон рацыд ӕмӕ слӕууыд ӕвдисӕны бынаты.

Прокурор(ахуырдзау). Хъаныхъон, Томианимӕ зӕрдиаг ныхас цӕуылнӕ уал кодтай, сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сӕ амондджын хъысмӕтыл цы сабитӕ тыххӕй ныхасгонд уыдыстут, уыдоныл?

Хъаныхъон(ахуырдзау). Нӕ бирӕгъ лӕгӕй тарстӕн.

 Адвокат(ахуырдзау). Йӕ бон ницы уыд ахӕм ӕгъатыр рӕстӕджы сылгоймагӕн.

Прокурор(ахуырдзау). Ницӕййаг ныхӕстӕ! Ды дӕр, Хъаныхъон, мӕгуырдзинадӕй фӕтарстӕ дӕхицӕн ӕмӕ дӕ чызгӕн. Куыд мад, афтӕ йын нӕ бамбӕрстай йӕ зӕрдӕйы хъынцым, йӕ бӕрзонд сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕ. Ауӕй кодтай дӕ чызджы егъау ирӕдыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз хъугӕй. Дӕ моимӕ нал аныхас кодтай.

Адвокат(ахуырдзау). Сылгоймаджы ничи ницӕмӕй фарста, йӕ мой йӕм нӕ байхъуыстаид.

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау). Уӕ хъуыды ӕмбӕрстгонд у. Прокурор, ныр та кӕй кӕныс ӕвдисӕны бынатмӕ?

Прокурор(ахуырдзау). Рацӕуӕд, фыдбон кӕуыл ныккодта, уый. Хонын ӕвдисӕн бынатмӕ Таймуразы. (Хъаныхъон ацыд, Таймураз рацыд ӕвдисӕн бынатмӕ).

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау). Адвокат, дӕ фарстатӕ йӕм ратт.

Адвокат(ахуырдзау). Таймураз, кӕйдӕр куырд усы цӕмӕн аскъӕфтай? Зонгӕ йӕ куы кодтай, туг кӕй ныккӕлдзӕн, цӕмӕн бабын кодтай фӕсивӕды хуыздӕрты чызг скъӕфгӕйӕ?

Таймураз(ахуырдзау). Уарзондзинады тыххӕй. Мӕ сонтбонтӕй фӕстӕмӕ мӕ удӕй фылдӕр кӕй бауарзтон, ӕнӕ уымӕй цард мӕхицӕн кӕй тыххӕй нӕ аккаг кодтон, уыцы ӕнӕрцӕф чызджы тыххӕй.

Адвокат(ахуырдзау). Ӕгъдауӕй цӕуыннӕ ракуырдтай дӕ уарзон Азауы?

Таймураз(ахуырдзау). Мӕ фыд ӕд фос зӕйы бын куы фӕци, уӕд фӕмӕгуыр дӕн, мӕ бон Азауы бинонтӕн стыр ирӕд бафидын нал баци. Йӕ фыд та ӕнӕ ирӕд чызг нӕ лӕвӕрдта.

Боба (йӕ бынатӕй). Ӕз мӕ чызджы амондыл хъуыды кодтон.

Прокурор(ахуырдзау). Адӕймаджы амонд мулчы нӕй. Фӕлӕ уарзондзинады!

Адвокат(ахуырдзау). Ӕмӕ уӕд мад ӕмӕ фыды уарзондзинад та? Сӕ чызгыл ӕрхъӕцмӕ чи нӕ хъӕцыд…

 Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау). Хатдзӕгтӕ кӕнынмӕ уӕ ницы кӕсы, присяжныты бар уадзут уыцы хъуыддаг! Адвокат, искӕйы ма дӕ зӕрды ис бафӕрсын?

Адвокат(ахуырдзау). Ӕнӕмӕнг. Хонын ӕвдисӕны бынатмӕ Азауы.(Таймураз йӕ бынатмӕ ацыд, Азау рацыд ӕвдисӕны бынатмӕ).

Адвокат(ахуырдзау). Азау, кӕйдӕр куырд ус уӕвгӕйӕ, цӕмӕн сразы дӕ Таймуразы фӕдыл? Цӕмӕн ахызтӕ ӕнусон ӕгъдауы, дӕ ныййарджыты сӕрты? Цӕмӕн бауагътай тугныккалд дыууӕ мыггаджы хсӕн?

Азау(ахуырдзау). Мӕ уарзондзинад мӕ зондыл фӕтых, Хуыцау мын Таймуразы сныв кодта мӕ зӕрдӕйы, ӕндӕр нӕлгоймаг мӕнӕн мӕлӕт равзарӕгау уыд. Хуыцау макуы ныббарӕд мӕ ныййарджытӕн. Мӕ фыд та у ӕууӕнкхор, сомыхалӕг, мӕрдтӕм йе рдхорды зӕрдӕхудты бацыд.

Боба(ахуырдзау). Дӕ амонды тыххӕй афтӕ бакодтон…

Азау(ахуырдзау). Мӕ амонд мӕнӕн Таймураз уыд! Бӕргӕ дӕ фӕндыд ме намондыл дӕ мулк фӕфылдӕр кӕнын. Мӕ тӕригъӕд цӕрӕнбонтӕм фӕхӕсс!

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау). Ӕгъгъӕд у цӕстысыг калынӕн! Хабар кӕронмӕ алыг кӕнын хъӕуы!

Прокурор(ахуырдзау). Цы кӕндзынӕ, Азау, уый та нын Дыса радзурдзӕн.(Азау йӕ бынатмӕ ацыд, Дыса та рацыд ӕвдисӕны бынатма).

Прокурор(ахуырдзау). Дыса, радзур ма, куыд суазаг кодтай Азауы, куыд нӕ фӕтарстӕ хъодыйы азарӕй?

Дыса(ахуырдзау).

     Мӕгуыры бонтӕ! Уый мӕм ӕхсӕвы куы ӕрбахоста, уӕд ын йӕ уындӕй фӕтарстӕн. Скъӕфджытӕ ӕмӕ фӕдисӕттӕ кӕрӕдзийы куы ныццагътой, уӕд Азау дуры бын бамбӕхст, Таймураз та фыдцӕфтӕй йӕ мадырвадӕлтӕм Урстуалтӕм тыххӕйты аирвӕзт. Азау, мӕгуыр, дурты бын куы сфӕлмӕцыд, уӕд сусӕгӕй мӕнмӕ ӕрбацыд-адӕм сыл уӕдмӕ хъоды скодтой. Ахӕм тыхст адӕймагӕн баххуыс кӕнын ӕз нымайын удыбӕстӕйыл, хъодыйы азарӕй тыхджындӕрыл. Ӕлгъыст фӕуӕд уыцы адӕймаг, фыццаг хатт йӕ чызджы фосау чи ауӕй кодта. Азау мӕ хур акӕнӕд, ахӕм фыдрӕстӕджы йӕ зӕрдӕйы фӕндоныл чи ацыд. Ӕцӕг нал базыдтон, уыцы фӕстаг изӕр кӕдӕм ацыд, цы фӕци, хӕринаг ма йын куы бахастон лӕгӕтмӕ, уӕд. Бирӕ ма йӕ фӕцагуырдтон ӕмӕ йӕ куы нал ссардтон, уӕд фӕкуыдтон нӕ тӕригъаддаг хъысмӕтыл.

Прокурор(ахуырдзау). Дыса, ды сбад.

Адвокат(ахуырдзау). Цы йын фӕци Дыса? Цалдӕр хус къӕбӕры йын баппӕрста, ӕмӕ уымӕй уӕ зӕрдӕ алхӕдта…Фӕлӕ уын ӕз ныртӕккӕ ӕвдисӕнӕй ракӕндзынӕн ӕцӕг адӕймаг, Азауы йӕ зын сахат чи фервӕзын кодта. Хиуаг, ӕвдисӕны бынатмӕ рацу.(Дыса йӕ бынатмӕ ацыд, Хиуаг ӕрлӕууыд ӕвдисӕны бынаты).

Адвокат(ахуырдзау). Хиуаг, радзур ма, цы уавӕрты сӕмбӕлдтӕ Азауыл?

Хиуаг(ахуырдзау). Мах нӕ фос тардтам бынатмӕ, уымӕн ӕмӕ уазалтӕ кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ уым дарӕн нал уыд. Нӕ куыйтӕ срӕйдтой ӕмӕ ӕз баййӕфтон къӕдзӕхы рӕбын ӕрыгон сылгоймаг тӕнӕг къабайы. Ныр мит фӕлдзӕгъдӕн хаста, сылгоймаг ныххуылыдз, баргъӕвст. Уыцы  уавӕры дӕр тынг рӕсугъд уыд, мӕ зӕрдӕ дзы баззад. Ӕмӕ йӕ нӕхимӕ акодтон.

Прокурор(ахуырдзау).Раст ӕй цыма барвӕндонӕй акодтай!!!

Хиуаг(ахуырдзау). О, нӕ йӕ фӕндыд, йӕхи кӕуынӕй мардта, фӕлӕ ӕз ӕнхъӕлдтон, искуы мӕ бауарздзӕн, ӕмӕ йӕ мӕхицӕн ус скодтон.

Прокурор(ахуырдзау). Ды ӕцӕг адӕймаг куы уыдаис ӕмӕ сылгоймаджы зӕрдӕйыуаг куы бамбӕрстаис, уӕд ӕй фӕхӕццӕ кодтаис йӕ уарзонмӕ. Фӕлӕ ахӕм сылгоймаг ӕнӕ ирӕд бафтыд дӕ къухы, ӕмӕ дӕ цӕсгом равдыстай. Дӕ дыууӕ фырты дӕр дӕхи хуызӕн ӕдзӕсгом. Азауӕн дӕр зӕнӕджы ад уымӕн не скодтой.

Азау(ахуырдзау). (Йӕ бынатӕй). Цӕрӕнбонты мын залиаг калмы ад фӕкодта, тугцъир…

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау). Фӕлӕуут ма иу гыццыл. Кадджын хистӕр Мистъала, хонын дӕ ӕвдисӕн бынатмӕ.(Хиуаг ацыд йӕ бынатмӕ, Мистъала рацыд ӕмӕ ӕвдисӕны бынаты слӕууыд).

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау).

Мистъала, цӕмӕн рахастай хъодыйы тӕрхон дӕ цардбӕллон кӕстӕртӕн?

Мистъала(ахуырдзау). Уый ӕппӕтӕй рогдӕр тӕрхон уыд сӕ уавӕры. Адӕм сӕ дурты бын кӕнинаг уыдысты, марын фӕнд сын кодтой. 

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау).

Фендджын лӕг куы дӕ, цӕуылнӕ сын фӕтӕригъӕд кодтай? Мистъала(ахуырдзау).

Ирон ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ бакодтон.

 Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау).

Ирон ӕгъдау уарзондзинады ныхмӕ у? 

Мистъала(ахуырдзау).Бынтондӕр ныссуйтӕ дӕн мӕ хъуыдыты. Нал ӕй ӕмбарын, цы  растдӕр у, уый. Таймураз ӕмӕ Азау ирон ӕгъдауы сӕрты ахызтысты, йӕ фӕстӕ тугкалд расайдта, мыггӕгтӕн ӕндӕр хуызы нал уыд бафидауын кӕнын.

Прокурор(ахуырдзау). Ӕмӕ чи ӕрхъуыды кодта уыцы ӕгъдау: уарзӕгой удты кӕрӕдзийӕ чи атыдта ӕмӕ сӕ цӕрӕнбонты чи фӕхицӕн кодта?

Мистъала(ахуырдзау).Уый нӕм фыдӕлтӕй баззад. Мӕн азымджын кӕнын нӕ хъӕуы. Ӕз ӕрмӕстдӕр рахастон, нӕ фыдӕлтыккон ӕгъдӕуттӕ куыд амыдтой, ахӕм тӕрхон. Уыцы уавӕрмӕ хъуыддаг чи бауагъта, уыдон сты ӕцӕг аххосджынтӕ!

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау).

Бузныг, Мистъала, дӕ хъуыды ӕмбӕрстгонд у. Присяжнытӕм байхъуысӕд дӕ ныхас…

Прокурор(ахуырдзау). Тӕрхоны лӕг, курдиат мӕм ис: фӕдзурон ма иу ӕвдисӕнмӕ.

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау).

Табуафси, ӕцӕг фӕтагъд кӕнут…

Прокурор(ахуырдзау). Ӕвдисӕн бынатмӕ рацӕуӕд Магда. (Магда рацыд ӕмӕ арлӕууыд ӕвдисӕн бынаты).

Прокурор(ахуырдзау). Магда, ды фӕстаг хатт федтай Азауы удӕгасӕй. Радзур ма, цы уавӕрты.

Магда(ахуырдзау). Бирӕ азты фӕстӕ Азау йӕ фыртимӕ ӕрбацыд Ганисы хъӕумӕ. Ӕфсымӕртӕ йыл тынг фӕцин кодтой, фӕлӕ бӕрӕг уыд, йӕ цыды сӕр Таймураз кӕй уыд. Ӕз ын радзырдтон, Таймураз Урстуалты кӕй фӕцард ӕмӕ ӕрыгонӕй ӕнӕ бинойнаг, йӕ зӕрдӕйы хъӕдгомӕй кӕй амард ӕмӕ йӕ йӕ фыды Бибойы фарсмӕ нӕхи уӕлмӕрдты кӕй бавӕрдтой. Цалдӕр хатты Азауы агургӕ дӕр кӕй кодта йӕ удӕгасӕй. Уыцы ныхӕстӕм Азау йӕ хуыз цалдӕр фӕлывды акодта ӕмӕ йӕ курдиатмӕ гӕсгӕ ацыдыстӕм уӕлмӕрдмӕ. Уыцы диссаг куы нӕ федтаин: Азау Таймуразы ингӕныл ныддӕлгом, йӕ дзыхыдзаг ма сыджыт фелвӕстӕ ӕмӕ йӕ уд систа.

Прокурор(ахуырдзау). Магда, куыд дӕм кӕсы хъоды баконд Азау ӕмӕ Таймуразыл?

Магда(ахуырдзау). Фӕсмон, фӕсмон…Фӕсмон фӕкӕнӕд ирӕды фыдӕгъдау ӕрхъуыдыгӕнӕг. Ӕнӕраст хъодыйӕн та йӕхиуыл хъоды бакӕнын хъӕуы, раст, ӕнӕхин уарзӕгой удты тӕригъӕды чи бацыд. Ацы мӕнг дуне сӕ фӕхицӕн кодта, фӕлӕ дзӕнӕты та иумӕ фӕбадӕнт!

Тӕрхоны лӕг(ахуырдзау).

Алкӕмӕ дӕр байхъуыстам ӕвдисӕнтӕй. Ныр та ныхасы бар нӕ зынаргъ присяжнытӕн(ахуырдзаутӕн).Табуафси, кӕнут хатдзӕгтӕ!

. (Ахуырдзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ).

Ⅳ. Ахуыргӕнӕджы кӕронбӕттӕн ныхас.

       Ис ныртӕккӕ ӕхсӕнады дӕр ӕнӕгъдау адӕм, мулчы цӕстӕй чи кӕсы цардмӕ. Ахӕмтӕ сӕ удыхъӕдӕй сты хӕрзмӕгуыр. Ницӕмӕ  дарынц цард рӕсугъд цы ӕнкъарӕнты фӕрцы у, уыдон, нӕ фыдӕлтӕ домбай цӕмӕй уыдысты, уыцы ӕгъдау, ӕфсарм, намыс… Фӕлӕ мах дӕр семӕ кӕндзыстӕм ӕнӕауӕрдон тох. Абоны суд ахӕмтӕн зондамонӕн фӕуӕд, сӕ зӕрдыл дарӕд, цард кӕй ӕхсиды ӕрмӕст сыгъдӕг ахастдзинӕдтӕй, ӕууӕнкӕй, хорз ӕмгарӕй, уарзондзинадӕй. Писяжныты тӕрхон у раст: фыдӕлтыккон мӕлинаг ӕгъдау-ирӕд исынӕн-хъоды!!!

Ⅴ. Хæдзармæ куыст. Ныффссын нывæцæн ахæм темæйыл: «Сылгоймаджы хъысмæт фыдæлты заманы».

 Бузныг уе ппӕтӕн дӕр!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План-конспект к открытому уроку

В данном конспекте препоставлен подробный план провердения открытого урока в 5х классах...

План-конспект к открытому уроку "Графики функций,содержащих модуль"

Факультативное занятие для 9 класса с использованим персонального компьютера и интерактивной доски...

План-конспект открытого урока. 2 Класс. Тема: "учимся играя."

План-конспект открытого урока. Тема: Учимся играя. Класс: 2 «А» УМК М.З.Биболетова «EnjoyEnglish-1» Lesson39...

План конспект проведение открытого урока В 11 классе. «Отработка приёмов игры в волейбол»

Волейбол (англ. volleyball от volley — «удар с лёта» и ball — «мяч») — вид спорта, командная спортивная игра, в процессе которой две команды соревнуются на специальн...

План-конспект интегрированного открытого урока по английскому языку и информатике в 5 классе

План-конспект интегрированного открытого урока по английскому языку и информатике по теме "Праздики в Великобритании и США".На уроке учащимися была создана интерактивная презентация Powerpoint...

План - конспект к открытому уроку : «Моя семья»

Форма открытого урока направлена на развитие навыков монологической и диалогической речи учащихся 2 классов....

План –конспект конкурсного открытого урока

laquo;Постановка дыхания – как основа формирования техники спортивного плавания...