урок по литературе в 7 классе
методическая разработка (7 класс)

урок по теме "Хорхассаг" 7 класс

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gom_urok_horhassag.docx61.3 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урочы

пълан ирон литературӕйӕ

Темӕ: Дзесты Куыдзӕг «Хорхӕссӕг».

7 «А» кълас

                       Ахуыргæнæг: Плиты Л.Т.

Дзæуджыхъæу

2022 аз

Темӕ: Дзесты Куыдзӕг «Хорхӕссӕг»

Урочы хӕс: 1.равдисын хӕххон ӕвадат царды нывтӕ радзырды; 2.бамбарын кӕнын хорхӕссӕджы трагикон уавӕр, абарын хӕххон зынвадат цард абоны цардимӕ; сбӕлвырд кӕнын, куыд сӕххӕст сты сӕйраг архайджыты бӕллицтӕ ныры дуджы; 3.рӕзын кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты уарзондзинад  Ирыстоны ӕрдзмӕ, дзулӕн аргъ кӕнын зонын.

Урочы ӕрмӕг: фыссӕджы ныв, ӕрдзы нывтӕ

Урочы хуыз: беседӕйы элементтӕ,индивидуалон бафарст, комбинирон урок

Урочы цыд:

ЭПИГРАФ:

О Иры лӕг! Бирӕ хъӕдгӕмттӕ уыдис дӕ домбай риуы, фӕлӕ байгас сты, ныффӕрӕзтай ӕппӕтӕн дӕр.

                                                     Чеджемты Ӕхсар

  1. Организацион хай. ( Абон нæ урокмæ æрбацыдис уазджытæ, æмæ сын æгас цу зæгъæм.

  1. Ахуыргӕнӕг дзуры легендӕ.

  1. Ахуыргӕнӕджы ныхас: Бирӕ таурӕгътӕ ис нӕ цъитиджын хӕхтыл. Ирон адӕмӕн тынг адджын сты. Ӕнусты дӕргъы сын уыдысты царддӕттӕг, фӕлӕ уӕддӕр сӕ тызмӕг хъӕбысы бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой.

  1. Урочы темӕ ӕмӕ хӕс фехъусын кӕнын.

- Уӕдӕ абон нӕ урочы кӕронмӕ равзардзыстӕм радзырд «Хорхӕссӕг», нӕ цӕстытыл ауайын кӕндзыстӕм хорхӕссӕджы трагикон уавӕр, хӕххон ӕрдзы тызмӕгдзинад, абардзыстӕм хъайтарты цард абоны цардимӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм, куыд сӕххӕст сты сӕйраг архайджыты бӕллицтӕ.

- Нӕ урокӕн эпиграфӕн равзӕрстон Чеджемты Ӕхсары ныхӕстӕ

( бакӕсын сӕ).

-Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ? ( дзуапп дӕттынц).

-Уӕдӕ сӕ цӕмӕн равзӕрстон ӕмӕ уын легендӕ цӕмӕн радзырдтон, уый бамбардзыстут урочы кӕрон.

  1. Текстыл  бакусын.

  1. Цӕуыл у сӕ мӕт Уӕллагкомы адӕмӕн?
  2. Ссарут-ма тексты ӕмӕ бакӕсут, хъӕу уыцы ӕхсӕв цы уавӕры ис, уыцы бынат.
  3. Куыд дарынц сӕхи хъӕуы адӕм?
  4. Куыд спайда кодта фыссӕг ирон мифологийӕ адӕмы тыхст уавӕр равдисынӕн?
  5. Ссарут-ма тексты, автор ӕфсирты мӕлӕт кӕм равдыста, уыцы бынат.
  6. Зӕгъут-ма, цы хонӕм пейзаж?
  7. Бакӕсӕм-ма, хӕххон зымӕджы ныв ӕмӕ хӕхты тызмӕгдзинад ӕвдыст кӕм цӕуы, уыцы бынат.
  8. Чи у радзырды сӕйраг архайӕг ӕмӕ цӕуыл маст кӕны?
  9. Бакӕсӕм-ма, Темсыры бинонтӕ ӕвдыст кӕм ӕрцыдысты, уыцы бынат.

10.Цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд Темсыр?

11. Араст сты уӕззау фӕндагыл фыд ӕмӕ фырт. Кӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи Темсыр?

     Ирон адӕммӕ Лӕгты дзуары ном тынг кадджын уыд рагӕй дӕр. Мӕнӕ куыд зӕгъы зынгӕ археолог Владимир Кузнецов уый тыххӕй: « Культ Уастырджи – покровителя мужчин и путников- очень популярен в Осетии. Эти походы по узким горным тропкам в соседние ущелья в поисках хлеба, дальние переходы через грандиозные хребты и ледяные перевалы, были далеко не безопасными и не всегда кончались счастливым концом. Вот почему, отправляясь в путь, осетины просят покровительства Уастырджи».  

12. Цӕуыл ныхас кӕнынц фыд ӕмӕ фырт сӕ дард фӕндагыл?

13. Ам рабӕрӕг Темсыры стыр бӕллиц. Цавӕр у?

14.Зӕгъут-ма, абоны цардимӕ абаргӕйӕ, куыд сӕххӕст Темсыры бӕллиц?

15. Радтой сын сӕ хӕстӕджытӕ хор. Цас? Цы ма сын нывӕрдтой фӕндаггаг?

16. Цавӕр лӕппу уыд Доди? Цӕмӕ бӕллыд царды?

17. Цавӕр фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой фӕндагыл фыд ӕмӕ фырт?

18. Цӕуыл баивтаид  йе стыр бӕллиц Доди, йӕ фыдӕй куы фӕхицӕн, уӕд?

19. Доди Болайы кой кӕны. Чи уыд Бола?

Кӕй ма зонут ирон номдзыд богалтӕй?

20.Зӕгъут-ма, Додиимӕ абаргӕйӕ, куыд аивта абон сывӕллӕтты цард?

21. Цӕуыл фӕуд кӕны радзырд? Цӕмӕн фесӕфтысты фыд ӕмӕ фырт?

  1. Хъомыладон куыст дзулы тыххӕй.

- Ныр та ма мын зӕгъут, абон мах дзулӕн цы аргъ кӕнын хъӕуы, ахӕм аргъ кӕнӕм?

Хъыгагӕн, нӕ. Раджы та-иу ирон лӕг дзулӕй ард куы бахордта, уӕд уыцы дзырдӕн фӕсайӕн нӕ уыд. Ӕмӕ-иу искуы зӕххыл дзулы къӕбӕр куы фенат, уӕд-иу уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут Додийы хъысмӕт. Абон дӕр хор ӕрзайын кӕнын ӕнцон нӕу. Тынг бирӕ адӕм ыл фыдӕбон кӕнынц хидвӕллойӕ.

  1. Ӕрдз ӕмӕ экологи.

- Ныр та ма мын зӕгъут, абон мах хӕхбӕсты, ӕрдзы хъӕбысы, вӕййӕм? Цӕмӕн?

- Ӕмӕ цы у нӕ хӕс?

Уӕдӕ абон махыл ӕвӕрд ис стыр хӕс. Нӕ фыдӕлтӕ нын ӕнусты дӕргъы цы ӕрдз бахъахъхъӕдтой, уый рӕсугъдӕй нӕ кӕстӕртӕм адӕттын.

  1. Ахуыргӕнӕджы  кӕронбӕттӕн ныхас.

- Уӕдӕ эпиграфӕн Чеджемты Ӕхсары ныхӕстӕ хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстон. Ирыстон нӕлгоймагӕй рагӕй дӕр домбай уыд, ныффӕрӕзта-иу алы тухӕнтӕн дӕр ӕмӕ Ирыстоны кад дӕлӕмӕ никуы ‘руагъта. Ныр та уыцы хӕс ӕрхаудта сымахмӕ. Ӕмӕ кӕд хор ӕккойӕ нал хӕссӕм, уӕддӕр лӕджыхъӕд равдисынӕн ныртӕккӕ дӕр бирӕ гӕнӕнтӕ ис.

  1. Хатдзӕгтӕ скӕнын. Рефлекси.

-Уæдæ урочы чи куыд бакуыста , уый сбæрæг кæнæм. Райдайӕм ахӕм дзырдтӕй:

1). Æз урочы куыстон… хорз/æвзæр

2). Урок мæм фæкаст… цыбыр/даргъ

3) Урочы ногæй базыдтон…/ нæ базыдтон

     10. Хӕдзармӕ куыст раттын.

Литературӕйы тетрӕдты ныффыссын чысыл нывӕцӕн: « Темсыр ӕмӕ Додийы трагикон хъысмӕт»

Дзӕуджыхъӕуы хуссарварс хӕхты бӕрзонд фӕцыд Мады-хох. Зымӕг ӕй мит куы ӕрӕхгӕны, уӕд йӕ тъӕпӕн сӕр урс хъуымацӕй ӕмбӕрзт егъау фынджы хуызӕн фӕзыны .Гъе, уымӕ гӕсгӕ йӕ Уырыссагау схуыдтой Столовая гора. Уыцы ном ын фӕстагмӕ тых кӕнын райдыдта йӕ ирон номыл. Не взаг куыд рох кӕнӕм, афтӕ уый ӕцӕг ном дӕр рох кӕны ӕмӕ ма йӕ бирӕтӕ хонын райдыдтой Фынджы хох. Афтӕмӕй та, Мады-хох цӕмӕн хуыйны, уый тыххӕй ис диссаджы таурӕгъ…

    Раджы, тынг раджы, кӕддӕр ма лӕгӕтты ӕмӕ тархъӕдты уӕйгуытӕ ӕмӕ залиаг кӕлмытӕ куы цардысты, уӕд иу Залым ныббырста Мады хохы цӕгатварсы паддзахадмӕ. Фӕтых ыл ис ӕмӕ йыл сӕвӕрдта хъалон: ӕрвылаз дӕр ын уыцы иу бон комӕй йӕ рацыдмӕ йӕ размӕ паддзахады ӕвддӕсаздзыд чызджыты рӕсугъддӕры куыд кӕной хӕрынӕн. Уыцы-иу рӕстӕг-иу разылд Залым йӕ лӕгӕтӕй, чызгмӕ-иу фӕлӕбурдта ӕмӕ-иу ӕй аскъӕфта. Адӕмы рис, зӕрдӕскъуыйӕн ӕрдиаг ӕмӕ кӕуын ницӕмӕ дардта.

Афтӕ ахаста дзӕвгар азты дӕргъы, ӕмӕ йын сӕ бон ницы уыд. Паддзах ӕмӕ йӕ адӕм сӕхимӕ ныхъхъуыстой, се нӕбон, ӕгады бынатӕй зӕрдӕрыст уыдысты, боны рухс сӕ нал рӕвдыдта, цин сӕм нал хъардта. Уӕд иуахӕмы дард бӕстӕй ӕрыздӕхтысты паддзахы зондагур ӕрвыст лӕгтӕ. Ӕмӕ рахабар кодтой, фервӕзӕн, дам, нын дзы ис афтӕ: ӕвддӕсаздзыд бӕстырӕсугъд ӕм уыцы бон йӕхӕдӕг куы базгъорид ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы йӕхи куы баппарид, уӕд Залымӕн ӕрцӕуид йӕ кӕрон-йӕ уд сисид.

Паддзах бацин кодта. Адӕмыл дӕр ахъӕр хорз хабар. Фӕлӕ сӕ цин бирӕ нӕ ахаста: уыцы аз ӕвддӕс азы сӕххӕст паддзахӕн йӕхи чызгыл дӕр. Йӕ рӕсугъддзинад та уыд дзуринӕгты дзуринаг. Паддзах йӕ чызджы уайтагъд мӕсыджы фӕмидӕг кодта. Чызгимӕ уыдысты йӕ фӕсдзӕуин чызджытӕ ӕмӕ Дыджызӕ- йе схӕссӕг мад. Уыдонӕн дӕр паддзах бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын дӕсныйы ныхас ма схъӕр кӕной.

Паддзахы чызг Заринӕ уӕлдай тынгдӕр тыхст, йӕ уарзон лӕппу Сӕнайы кӕй нал уыдта, уымӕй. Сӕна паддзахы ӕфсады балхоны фырт уыд. Иу кӕрты схъомыл сты. Сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕрхъӕцмӕ дӕр нӕ лӕууыдысты. Сӕна йӕ фыды фосрӕгъӕутты фыййӕуттӕм хӕхтӕм уазӕгуаты цӕуын бирӕ уарзта. Иуӕй йӕм фосимӕ архайын хорз каст, иннӕмӕй та йыл хӕххон ӕрдзы нывтӕ базыртӕ сагътой. Заринӕйы дӕр-иу ын йӕ Дыджызӕимӕ хатт йемӕ ауагътой. Сӕна ныр хабар базонгӕйӕ йӕхи бынтондӕр айста хӕхтӕм. Зӕгъынц, сусӕг хабар фехъусынмӕ, дам, къултыл дӕр хъустӕ базайы. Бӕстырӕсугъдмӕ адӕмы сусӕг хъӕрзын бахӕццӕ.Ралӕууыд та уыцы ӕнамонды бон. Адӕм хъарӕггӕнгӕ, ӕрдиаггӕнгӕ цыдысты комы дымӕгмӕ.Семӕ кодтой Залымы амӕддаджы. Цӕмӕй зыдтой, Зӕринӕ йӕ фӕсдзӕуин чызджы уӕлӕдарӕсы мӕсыгӕй кӕй рахъуызыд ӕмӕ раззаг рӕнхъыты кӕй цӕуы, уый.

Адӕм куыддӕр Залыммӕ ӕрбаввахс сты, афтӕ паддзахы чызг размӕ азгъордта ӕмӕ йӕхи йӕ хъӕлӕсы баппӕрста. Бӕстӕ ныццарыдта ӕвирхъау уынӕргъын, ӕмбу, арты ӕвзӕгтӕ уӕларвмӕ фӕцыдысты, стӕй ӕппӕт дӕр фӕздӕджы бын фӕци… Дуне куы ӕрсабыр, фӕздӕг куы ахӕлиу, уӕд Бӕстырӕсугъд Заринӕ. Уый сынтыл хуыссӕгау адаргъ хурыскӕсӕнырдӕм, йӕ къухтӕ йӕ риуылӕвӕрд, йӕ уылӕнтӕнгӕс сӕрыхъуынтӕ Арвыкомырдыгӕй къӕдзӕхтыл ӕркалдысты.

Уыцы рӕстӕг Сӕна фыййӕуттимӕ фос хызта хохы бӕрзонд фахсыл. Ӕвирхъау хъӕр уырдӕм дӕр байхъуыст. Зыдта, абон та сӕ чызджыты рӕсугъддӕртӕй иу Залымы амӕддаг кӕй бауыдзӕн, ӕмӕ йӕ сагъӕс хордта. Мӕнӕ уӕдмӕ фӕздӕг кӕмтты нарджыты ӕрбадт, ӕмӕ Сӕнамӕ йӕ уарзоны фӕлгонц хохы хуызы разынд. Лӕппу йӕхи къӕдзӕхӕй фехста. Ӕрмӕст ма ныхъхъӕр кодта : « О, Стыр Хуыцау! Дунескӕнӕг Хуыцау, кӕд мын дӕ зӕрдӕ исты хорздзинад зӕгъы, уӕд мӕн дӕр хох фестын кӕн!» Ӕмӕ уыцы уысм Сӕна дӕр хохы хуызы хӕрдмӕ фӕцыд арвы хъӕбысмӕ, дӕрдты рафӕлгӕсыд иннӕ хӕхты сӕрты, йӕ уарзоны агургӕ. Йӕ цӕст ыл ӕрхӕцыд, ӕмӕ йӕм уӕдӕй абонмӕ кӕсы йӕ уарзӕгой цӕстӕнгасӕй . Зӕгъынц, хур бонты, дам, йӕ уындӕй йӕ зӕрдӕ афтӕ фӕрайы, ӕмӕ йӕ цъупп тӕмӕнтӕ фӕкалы: мигъ бонты йӕ нал фӕуыны ӕмӕ йыл сусӕг хъынцъым, уынӕргъын бахӕцы, мигъты куы иуырдӕм, куы иннӕрдӕм зыгъуыттытӕ кӕнын райдайы.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Революция или Эволюция? (Проблемный урок по литературе. 11 класс)

Это был проблемный урок, урок-выбор, если можно так его назвать. Основной вопрос - может ли человечество развиваться без революций. 1917 год, конечно, стал г...

Интегрированный урок ИЗО/литература 5 класс "Художественный образ в сказке Х.К.Андерсена "Снежная королева"

Урок представляет интеграцию таких дисциплин как изобразительное искусство и литература. Дети работают над одной целью, но решают задачи по двум направлениям одновременно....

Конспект урока по литературе 6 класс по теме "Нравственные уроки по рассказу В. Распутина «Уроки французского»"

Ученики знакомятся с некоторыми чертами личности писателя,проясняют мотивы поведения героев рассказа,выясняют нравственный смысл рассказа....

Конспекты уроков по литературе. 9 класс. Тема: "Система образов в романе А.С. Пушкина "Евгений Онегин" (Первый урок - в обычном учебном режиме, второй - с использованием ЭОР)

Данный урок предполагает изучение нового материала (усвоение новых знаний : знакомство с историей создания романа, с героями, их взаимоотношениями; систематизация полученного нового материала ...

цикл уроков по литературе 11 класс по теме: "Проблема зла в русской литературе ХХ века"

Разработынный цикл уроков может быть реализовн как в целом, так и каждым уроком отдельно (исходя из возможностей и условий реализации рабочей программы учителя, возможностей обучающихся и т.п.). Данна...

Урок по литературе 9 класс «Евгений Онегин» - первый реалистический роман в русской литературе. История создания.

«Евгений Онегин» - первый реалистический роман в русской литературе. История создания. Конспект урока в 9 классе...