Урок по осетинской литературе по теме "Уарзондзинады раз цæлхдуртæ æвæрд хъуамæ ма уа".
методическая разработка (9 класс)

Коцойты Арсены радзырд "Афтæ дæр вæййы" - мæ
гæсгæ.
 
Урочы нысантæ:
• Базонгæ кæнын Коцойты Арсены царды хабæрттимæ;
• Нæ рагфыдæлты цардыуаг хуыздæр базонынмæ тырнындзинад
æмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын, ахуырдзауты фæцалх
кæнын сæ хъуыдытæ аивæй æргом кæныныл, хи цæстæнгас
фыдæлты царды хъæндзинæдты ныхмæ.
• Сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын фæразон уæвыны,
бахъуаджы рæстæг хиуыл хæцыны æнкъарæнтæ.
 
Урочы фæлгонц: компьютер (презентацитæ), интерактивон
фæйнæг, дзырдбыд, карточкæтæ, скъуыддзæгтæ кинонывтæй «Жизнь,
ставшая легендой», «Кавказская пленница».
 
Урочы хуыз: урок-тæрхон;
 
Урочы эпиграф: «Царды тыхджын тымыгъты алчи нæ фæразы.
Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы, уый дзы рацæуы
уæлахизæй»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kots.a_urok.docx17.12 КБ

Предварительный просмотр:

  • Темæ:" Уарзондзинады раз цæлхдуртæ æвæрд хъуамæ ма уа".
  • Коцойты Арсены радзырд "Афтæ дæр вæййы" - мæ гæсгæ.

Урочы нысантæ:

  • Базонгæ кæнын Коцойты Арсены царды хабæрттимæ;
  • Нæ рагфыдæлты цардыуаг хуыздæр базонынмæ тырнындзинад æмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын,  ахуырдзауты фæцалх кæнын сæ хъуыдытæ аивæй æргом кæныныл, хи цæстæнгас фыдæлты царды хъæндзинæдты ныхмæ.
  • Сывæллæтты зæрдæты гуырын  кæнын фæразон уæвыны, бахъуаджы рæстæг хиуыл хæцыны æнкъарæнтæ.

Урочы фæлгонц: компьютер (презентацитæ), интерактивон фæйнæг, дзырдбыд, карточкæтæ, скъуыддзæгтæ кинонывтæй «Жизнь, ставшая легендой», «Кавказская пленница».

Урочы хуыз: урок-тæрхон;

Урочы эпиграф: «Царды тыхджын тымыгъты алчи нæ фæразы. Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы, уый дзы рацæуы уæлахизæй»

Бестауты Гиуæрги

Урочы цыд:

1.Организацион хай.

2. Мотиваци.

Сывæллæттæ, знон мæм мæ зонгæ ватсаппы æрбарвыста  диссаджы ныв текстимæ. Чи зоны мæм æй уый ахудынæн æрбарвыста, фæлæ йыл æз тынг ныхъхъуыды кодтон.

Ахуырг.–Фæнды уæ йæ бакæсын? (О).

Æрбакæсут-ма фæйнæгмæ æмæ бакæсæм текст (скъоладзау кæсы).

1-аг слайд.

Ахуырг.–Цæуыл цæуы ныхас тексты? (Ирæды тыххæй)

Цавæр уæм фæкаст æртæ чызджы фыд?(зыд, кæрæф, хиуарзон)

Цæй ныхмæ у карикатурæ? (Ирæды)

- Цымæ йæ автор чи у, куыд уæм кæсы? (Нæ зындгонд фыссæг Коцойты Арсен, кæцы фыста ирон адæмы царды, цыдæриддæр хъæндзинæдтæ уыд, уыдоны ныхмæ)

- Уæдæ цæуыл дзурдзыстæм абон нæ урочы? (Ирæды тыххæй)

Раст, абон нæ урочы ныхас цæудзæн фыдæлтæй баззайгæ æъдау – ирæдыл Коцойты Арсены радзырд  «Афтæ дæр вæййы»-йы. Нæ урочы эпиграфæн дæр райстам Бестауты Гиуæргийы  ныхæстæ:

«Царды тыхджын тымыгъты алчи нæ фæразы. Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы, уый дзы рацæуы уæлахизæй». Ацы ныхæстыл ма дарддæр нæ урочы дзурдзыстæм, фæлæ уал ныр та цыбыртæй æрлæууын кæнæм нæ зæрдыл цы зонæм Коцойты Арсены тыххæй (ирон зындгонд фысджыты хъуыдытæ: Тыбылты А., Дзугаты Г., Джыккайты Ш.). Арсены царды хабæртты тыххæй нын æрдзурдзæн скъоладзау йæхи конд презентацийы.

Фæстаг слайд карикатура «лæг даргъ боцъоимæ» бакæсын.

Ахуырг.– Цы уыд æгъдаумæ гæсгæ ирæд? (калым)

-Мæнæ куыд иртасы Абайты Васо «ирæд»-ы нысаниуæг. (Фæйнæгыл)

2-слайд. Скъоладзау: Как определяет В.И.Абаев слово «ирæд» - древнеиранского происхождения. Ирæд  существовал у осетин ещё с глубокой древности. Выдача девушки замуж без выкупа считалась позором. Обычай платить ирæд принимал иногда небывалые размеры. Разные сословия платили по-разному, по принципу: чем богаче, тем больше выкуп.

-  Бакæсæм  ма фæйнæгмæ киноныв «Жизнь, ставшая легендой»-йæ скуыддзагмæ. Цæй тыххæй дзырд цæуы кинонывы? (Ирæды тыххæй)

Ахуырг.– Исчи уæ кастис ацы кинонывмæ?

Скъоладзау:  Ацы кинонывмæ æз кæддæр кастæн, мæ зæрдыл ма лæууы  йæ сæйраг архайджытæ суанг Америкæмæ куыд афтыдысты, сæ иу – Хаджи Аляскæйы фесæфтис.

Ахуырг.–Раст, мæ къона, цæмæй хохаг лæппу бинонты хъуыддаг бакодтаид, уый тыххæй хъуамæ хидвæллойæ куыстаид. Афтыдысты-иу ирæд бакусыны фæдыл суанг фæсарæнтæм – Америкæмæ, Канадæмæ, Австралимæ æмæ а.д. Бирæтæ-иу нал сæмбæлдысты сæ фыды уæзæгыл.  

Ахуырг.– Зæгъут ма , сывæллææ, чи хæцы радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы уыцы ирæды æгъдауыл? (Уыцы æгъдауыл фидар хæцы радзырды сæйраг архайæг Хосдзау).

Ахуырг.– Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл радзырды сæйраг архайджыты.

1.Радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы автор. (Арсен)

  • Авторы псевдоним (Хабос)
  • Радзырды йæ цоты ’руаджы чи схъæздыг ис, уыцы архайæг. (Хосдзау)
  • Цыппæрæм чызджы ном. (Дзерассæ)
  • Сугараты … Дзахойы чызджы ракуырдта. (Саугуди)
  • Лæппуйæн … бафидын йæ бон куы нæ уа, уæд хъуамæ йæхицæн æнцад бада! (Ирæд)

(Къордтæ бæрæг кæнынц кæрæдзи куыстытæ).

Ахуырг.–Тынг хорз бакуыстат, бæрæг у,хæдзары зæрдиагæй кæй бацархайдтат, уый.Уæ цæрæнбон бирæ!

Ахуырг.- Уæдæ абон мах нæурочы тæрхонкæндзыстæм ирæд æмæ йæ фарсхæцджытæн

1. - Радзырды уыдонмæ чи хауы? (Хосдзау)

2. - Цæмæй аххосджын кæнæм Хосдзауы? (Аххосджын æй кæнæм Саугудийы мæлæты)

3. - Куыд схъæздыг ис Хосдзау? ( Ирæды ’руаджы. Ссарæм æмæ бакæсæм уыцы бынат чиныджы)

4. – Куыд хъуыды кæны Хосдзау ирæды тыххæй? (Лæппуйæн ирæд бафидын йæ бон куы нæ уа, уæд хъуамæ йæхицæн æнцад бада!)

5.- Йæ чызджы амонд æй тынг æндавы? Хосдзауы  йæ чызджы амонд не ’ндавы, уый фидар лæууы йæ ныхасыл: «Гъе, лæппу, хынджылæг ма  кæн! Чызг дæ кæд хъæуы, уæд дзырд цас уыдыстæм, уый æххæстæй бафид! Уымæй уæлдай мæнæн демæ дзуринаг ницы ис!»

6. -Ам дæр æй кæм аххосджын кæнæм?

  • – Сывæллæттæ, Хосдзау æфхæрд баййæфта? (О. ссарæм уыцы бынат ф. 331, «Ныххоста Хосдзау тымбылкъухæй  йæ сæр»…)
  • Коцойты Арсены карикатурæйы, урочы райдианы кæй федтам, уыцы  зæронд лæг уæм  кæй хуызæн фæкаст? (Хосдзауы)

Ахуырг.–-Чи ма тæрхон  кæны Хосдзауæн радзырды архайджытæй? Скъоладзау:  - Саугуди  (æвдисæм дзырдбыды)  («Хуыцау ма ныббарæд мæ кайыс Хосдзауæн, уый тыххæй фæцахуыр дæн давыныл!»)

Ахуырг.- Саугуди тынг тох кæны ирæды ныхмæ æмæ йын кæд  тæрхон кæны, уæд афтæ æнцонтæй цæмæн сразы ис йæ бафидыныл? Скъоладзауты дзуæппытæ:

Скъоладзау:- Æнцонæй сразы ис ирæд бафидыныл, йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, уымæн æмæ уарзта Дзерассæйы.

Скъоладзау:- Куры Хосдзауæй ирæд фæкъаддæр кæныныл.

Ахуырг. Куыд зæгъы? (Ссарæм уыцы бынат. «Мæ хорз хæстæг Хосдзау,  ахицæн кæндзынæн мины æрдæг. Уымæй фылдæр  мæ ма бахъыгдар!»)

 - Чызджы скъæфыныл не сразы ис.  Цæуылнæ?

- ф. 328. Скъæфгæ?!

- Нæ, Саугуди йæ усаджы скъæфгæ нæ акæндзæн!.. Нæ, нæ… Цъаммартыл йæхи нæ банымайдзæн.

Ахуырг.- Ууыл не сразы ис, фæлæ цы ми бакодта, ирæд бафидынæн цавæр мадзал ссардта.

Скъоладзау: Равзæрста давыны фæндаг.

Ахуырг. – Цæмæн? (Цæмæй йæ ирæд бафида æмæ ма Хосдзауæй   йæ маст райса).

- Куыд хъуыды кодта? (ссарут уыцы бынат тексты.«Бафиддзынæн ирæд, æрхæсдзынæн Дзерассæйы æмæ мæхицæн æнцад цæрдзынæн!»)

-Афтæ уæвæн ис? (Нæй, уымæн æмæ адæймаг цæуыл сахуыр уа, уый æнцонæй нæ ферох кæндзæн).

Ахуырг.- Хосдзау у аххосджын?

Скъоладзау: - У, фæлæ йæхæдæг дæр аххосджын у, давын ирæдæй фервæзыны хос нæу.

4-слайд. эпиграф

Ахуырг.–Раст, сывæллæттæ, Коцойты Арсен нæ æркæсын кодта ацы проблемæмæ – фыд æгъдаумæ. Уæдæ та раздæхæм  нæ урочы эпиграфмæ Бестауты Гиуæргийы ныхæстæм: «Царды тыхджын тымыгъты алчи нæ фæразы.Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы, уый дзы рацæуы уæлахизæй».

Ахуыргæнæг: Куыд æмбарут ацы ныхæстæ?

(Царды мидæг цæмæй адæймаг ма фæтаса, уый тыххæй хъуамæ уа фæразон, удыхъæдæй тыхджын).

- Ахæм разынд Саугуди? (Нæ, нæ разынд)

5-слайд. Миниуджытæ интерактивон фæйнæгыл:  кусаг, ныфсджын, хъаруджын, сæрæн, зондджын, мæгуыр, фæразон - Саугуди.

Мæнгард, зыд, кæрæф, хиуарзон – Хосдзау.

Ахуыргæнæг: Хорз бакуыстат, уæ цæрæнбон бирæ! Адæймаджы хуыздæр миниуджытæй хайджын ут!

6-слайд)

Къордты куыст: Зындгонд адæймæгты хъуыдытæ райхалын Саугуди дæнцæгæн. (Фæйнæгыл)

 1 – аг къорд: «Адæймаг нæ фæзоны, сомбон æм цы фенхъæлмæ кæсы, уый. Тæссаг хъуыддаджы тæнзæрдæ адæймæгтæ фæтагъд кæнынц. Æппæт дæр аразын хъæуы зонд æмæ арæхстæй». (Биазырты Димитр)

2 – аг къорд: «Царды мæсыг амад у æгъдау, уаг æмæ æфсармы фидар дуртæй. Уыдонæй иу куы феуæгъд вæййы, уæд дæ балгъитæг дæр афтæ – мæсыг ныххæррæтт ласта». (Хозиты Макар)

Ахуырг.- Тынг хорз бакуыстат, райхæлдтат зыдгонд адæмы ныхæсты хъуыды, арф сын бамбæрстат сæ мидис. Уырны мæ,ахæм кæстæртæ кæмæ ис, уыдон сæ фарны мæсыг кæй самайдзысты, уый.

Ахуырг.- Сывæллæттæ, махимæ абон ирæдæн,  Хосдзауæн тæрхон кодта автор Коцойты Арсен дæр. Цавæр тæрхон рахаста уый та? Радзырды кæрон йæ уарзон герой Саугудийы мæлæтæй зæгъынмæ хъавы, цæмæй лæппутæ сæ цард трагикон æгъдауæй ма фæуой, уый тыххæй хъуыды хъæуы, ирæды ныхмæ хъæуы дзурын, цæмæй мауал уа.

-Чи ма фыста нæ фысджытæй ирæды ныхмæ? (Гæдиаты Секъа «Азау», Гуырджыбеты Блашка «Æдули»)

Уырыссаг фысджытæй та кæй зонут? (М.Лермонтовы  уацмыс «Герой нашего времени» уацау «Белла». Казбичы бæх райстой Беллæйы ирæдæн).

Скъоладзау. Ирæд абоны онг дæр ис Астæуккаг Азийы. Зæгъæм Туркменистаны 4-10 манаты онг (4 манаты хæццæ кæны 1000 евройы онг)

Анымайут ма цас уыдзæнис мах ахцайæ абон, кæд иу евройы бæрц у 85 сомы, уæд. (85 мин сомы)

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, куыд зонæм, афтæмæй нæм фыдæлтæй баззадис бирæ хорз æгъдæуттæ, кæцытæй историмæ бахаудыстæм куыд:  куырыхон, тыхджын, хиуылхæцгæ адæмæй. Мах уыдонæй стæм сæрыстыр. Фæлæ ма нæм уыдис цы фыддæр æгъдæуттæ дæр. Уыдонæй иу – ирæд.  Ирæд кæд Ирыстоны ист æрцыд 1879 азы, уæддæр адæмы зæрдæты уыд нырма арф æвæрд. Адæм сусæгæй уæддæр сæ ирæды хай истой. Бынтон ивд æрцыд Советон дуджы.

- Зæгъут-ма, сывæлæттæ, абоны царды ма ис ирæды ратæдзæн? -куыд уæм кæсы?

Скъоладзау.  - Хъыгагæн, абон дæр нырма ис уыцы ратæдзæн. Хъуамæ лæппу чызджы бинонтæн æрбакæна кусæрттаг (фидауæггаг), стæй ма алыхуызон лæвæрттæ, фæлæ уый ирæдыл нымад нал цæуы,  адæмæн сæхи æрхъуыды лæвæрттæ сты.  

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма мын, сывæллæттæ, баххуыс кæнут, цавæр дзуапп арвитон мæ зонгæйæн ватсаппы? Зæъут ма мын уæ хъуыдытæ иугай хъуыдыйæдтæй,  уæ хорзæхæй.

  • Ирæдæн йæ кой фесæфæд.
  • Тæрхон кæнæм ирæдæн.
  • Сылгоймаг хъуамæ сæрибар уа.
  • Уарзондзинады раз цæлхдуртæ æвæрд хъуамæ ма уа.
  • Сылгоймаг уæййаг нæу.

 Ахуыргæнæг: Æнæмæнгæй нывы бын бафысдзынæн уæ хъуыдытæ. Бузныг уын уе ’ххуысæн.

7 слайд.  V.  Рефлекси фæйнæгыл.

Куыд куыстон абон урочы? (иттæг хорз, хорз, лæмæгъ)

Цы базыдтон ногæй урочы?

Цавæр куысты хуызтæ фæцыд мæ зæрдæмæ?

Цы мæм фæкаст зын?

Цавæр хъуыдытæ мæм фæзынд урочы?

VI. Бæрæггæнæтæ сæвæрын комментаритимæ.

Ахуыргæнæг: Мæ зæрдæ уын зæгъы уæ хорз хъуыддæгтæй кад æмæ намыс ссарын, райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын, хорз æгъдæуттæй  нæм цы ис, уыдон  æххæст кæнын.

VII. Хæдзармæ куыст раттын. Коцойты Арены радзырд «Цыппар æмæ ссæдз боны» бакæсын, фæрстытæн дзуапп дæттын зонын, æнæзонгæ дзырдтæ рафыссын дзырдуæттæм.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка интерактивного урока по осетинской литературе в 8 класс е("Нарты симдма" гасга)

Урок построен на анализе сказания о Батразе по Нартскому эпосу. Присутствуют элементы исследовательской работы, интегрированного урока, урока саморазвития, используются проблемный метод, объяснительно...

Приложения к интерактивному уроку по осетинской литературе в 8 классе

Слайды к  презентации, описанные в разработке урока по Нартскому эпосу...

Разработка открытого урока по осетинской литературе.

План- конспект  открытого урока "Адæймаджы уæвынады æнусон фарстатæ Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы....

Открытый урок по осетинской литературе в 8 классе "Бритаев Елбиздико"

Осетинский писатель, драматург Бритаев Елбиздико поставил много спектаклей на сцене Осетинского Драмтеатра....

Открытый урок по осетинской литературе в 10 классе "Женская судьба в произведении Гадиева Сека "Азау"

Гадиева Сека  в драме "Азау" рассказал о трагической любви двух молодых людей...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

Разработка урока по осетинской литературе в 5 классе

Тема "Между жадным человеком и волком разницы нет". По басне Коста Хетагурова "Волк и журавль"...