Урок осетинского языка для 7 класса невладеющей группы
план-конспект урока (7 класс)

Урок осетинского языка для 7 класса невладеющей группы по теме « Уалдзæг – царддæттæг»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kouching_urok.docx888.9 КБ

Предварительный просмотр:

Ирон  æвзаджы урок 7-æм къласы.

Дзæуджыхъæуы 7-æм скъола

Ныхасы темæ  « Уалдзæг – царддæттæг».

Грамматикон темæ «Фæрсдзырдты дих сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ».

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг
  1. Мотивацион уавӕр.

1.Ахуыргæнæг (раздæр райуæрста нымæцтæ: 5, 7, 5): «Зæгъут-ма, цавæр ассоциацитæ уæм гуырын кæнынц ацы нымæцтæ? Цы нысан кæнынц, сымахмæ гæсгæ?» (дзуæппытæ)

2.Ахуыргæнæг æххуыс кæны раст дзуапп ссарынæн (æвдисы уыцы нымæцтæ иумæ, кæрæдзи фæдыл).

3.Ахуыргæнæг: «Ацы нымæцтæ нысан кæнынц япойнаг поэтикон жанр-хокку. Уый у чысыл æртæрæнхъон æмдзæвгæ дуне æмæ æрдзы рæсугъддзинады тыххæй.

4.Бакæсын хокку æмæ базонын цухгонд дзырд:

Уалдзыгон къæвда

Æрæхсадта бæлæсты зæнгтæ.

Райхъал та …(æрдз) .

5. Хокку кæсгæйæ æвдыст цæуы скъуыддзаг анимацион фильм «Алæмæты уадындз»-æй.

6.Ахуыргæнæг æвæры фарст: «Уæдæ цæуыл цæудзæнис ныхас абоны урочы? Цавæр уыдзæнис нæ урочы темæ? (дзуæппытæ).

7.Иумæ бæлвырд кæнынц урочы темæ æмæ нысантæ.

II. Зонындзинæдты  актуализаци.

1. Фонетикон зарядкӕ. Мыртæ раст дзурыныл бакусын.

[ЦЪ]   цъӕх – цъӕх къаба  -  цъӕх зӕлдаг къаба - ӕркодта йӕ уӕлӕ йӕ              цъӕх зӕлдаг къаба

цъупп – хохы цъупп  – бӕрзонд хохы цъупп – арв ын йӕ цъупп ӕрцавта

[КЪ]    къабуз – бӕласы къабуз –зӕронд бӕласы къабуз –йӕ къабузтӕ ивӕзтой сӕхи уӕларвмӕ

къуыбӕрттӕ - фӕлмӕн къуыбӕрттӕ - морӕ фӕлмӕн къуыбӕрттӕ - рафтыдта йӕ морӕ фӕлмӕн къуыбӕрттӕ

  1. Дзырдуатон куыст.

Равзарын дзырдты  лексикон нысаниуджытæ, саразын семӕ дзырдбӕстытӕ æмæ хъуыдыйӕдтӕ:

къабузтӕ –    къабуз /Амонæм нывы фæрцы/

ныхъхъус  –     хъус +ны= ныхъхъус

къуыбӕрттӕ –  къуыбар – къуыбæрттæ

бӕгъӕввад  – / У вазыгджын дзырд –  бæгънæг+фад (синоним «ГОм къах»)

сатӕг –  / Ратæлмац кæнын уырыссаг æвзагмæ

ӕнцойдзинад – / синонимтæ – сабырдзинад, …

Бакӕсын дзырдтæ  (фыццаг кӕсы ахуыргӕнӕг )

1. Раттын фарст:

- Чи зоны, цы нысан кӕны ацы дзырд?

- Цавӕр дзырдӕй равзӕрд?

- Ссарут ма йæм синоним, антоним

2. Дзырдтӕм синонимтӕ æмæ антонимтӕ ссарын.

3.Фыццаг цӕджындзы дзырдтӕ баиу кӕнут дыккаг цӕджындзы дзырдтимӕ, цӕмӕй сӕ дзырдбӕстытӕ рауайа:

къабузтӕ                                                             суадон

ныхъхъус                                                             хӕссы

къуыбӕрттӕ                                                        хъӕд

бӕгъӕввад                                                           зӕронд

сатӕг –  прохладный, прохлада                         фӕлмӕн

ӕнцойдзинад                                                       сывӕллон

Текст

Бирæ  цыдæртæ бавзæрста йæ царды зæронд хæрис  бæлас. Кæддæр ын арв йæ цъупп æрцавта, фæлæ нæ басастис: иу зæнджы  бæсты суагъта дыууæ. Йæ къабузтæ зæронд æнгуылдзтау зылынæй ивæзтой сæхи уæларвмæ.  Дымгæ йæ зæхмæ тасын кодта, их ын уагъта арф носта йæ буарыл, зымæгон уад æй  æдзух сæлын кодта. Ныхъхъус-иу, ныссабыр зæронд хæрис. Ничи йæм цыд хæстæг…

Фæлæ та мæнæ ралæууыдис уалдзæг,  æмæ бæлас ногæй рафтыдта йæ морæ фæлмæн къуыбæрттæ, фæстæдæр  та уæндонæй æркодта йæ цъæх зæлдаг къаба. Сыбар-сыбур кодтой йæ сыфтæ: бæлас кодта дунейæн йæ хабæрттæ.

Æмæ та-иу уæд бахъуыдис адæмы… Фæлладæй-иу йæхи æруагъта  йæ аууоны зæхкусæг, дард бæлццон-иу æрцауыгъта йæ уæззау хызын йæ къалиуыл, бæгъæввад сабитæ-иу ныууагътой сæ рыг фæдтæ йæ зæнгтыл.

Йæхинымæр-иу бахудтис зæронд хæрис æмæ-иу  дарддæр рæдауæй лæвар кодта дунейæн йæ сатæг æмæ æнцойдзинад. 

Текст бакӕсыны размӕ хӕслӕвӕрдтӕ:

1.Нывмӕ гӕсгӕ куыст.

2.Ссарут ӕмӕ бакӕсут дзырдбӕстытӕ:

старая  ива ____________________________________________________

но не сломилась________________________________________________

гнул к земле ___________________________________________________

тянулись к небу_________________________________________________

глубокие шрамы _______________________________________________

 оставлял на теле _______________________________________________

3. Фӕрстытӕн  раттут  дзуӕппытӕ:

Цавӕр афӕдзы афон ралӕууыд ?

Цы рафтыдта бӕлас?

Куыд ӕркодта йӕ къаба?

Чи кодта дунейӕн йӕ хабӕрттӕ?

4. Текст бакӕсут.

5.Сбӕрӕг кӕнут   ӕмбисӕндты хъуыды.  Кӕцы ӕмбисонд у хӕстӕгдӕр тексты хъуыдымӕ?

  • Аӕймаджы цард уалдзыгон дидинӕгау у.
  • Уалдзӕг куы `рцӕуы, бӕласы сой уӕд бацӕуы.
  • Уалдзӕг –  царддӕттӕг.

 6. Текстӕн сӕргонд ӕрхъуыды кӕнын.

____________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________

 7.Сбæрæг кæн ут: раст у, раст нæу,   тексты хъуыдыимӕ баст нӕу.

 Арв кӕддӕр ӕрцавта хӕрис бӕласы.

 Бӕлас дарддӕр рӕдау лӕвӕрттӕ кодта адӕмӕн.

 Бӕлас къуыбӕрттӕ  ногӕй нал рафтыдта.

 Бӕлас уӕндонӕй ӕркодта  йӕ уӕлӕ бур зӕлдаг къаба.

 Хъӕдгӕс   зӕронд бӕлас  акалдта.

Уыгæрдæн дидинджытæй сфидыдта.

        

 

  «+»

 

 «–»

тексты хъуыдыимӕ баст нӕу

Арв кӕддӕр ӕрцавта хӕрис бӕласы.

Бӕлас дарддӕр рӕдау лӕвӕрттӕ кодта адӕмӕн.

Бӕлас къуыбӕрттӕ  ногӕй нал рафтыдта.

Бӕлас уӕндонӕй ӕркодта  йӕ уӕлӕ бур зӕлдаг къаба.

Хъӕдгӕс   зӕронд бӕлас акалдта.

Хатдзæгтæ.

Тест (программа  easyQuzzy)  

1.Зӕронд хӕрис бӕласӕн кӕддӕр …

-арв йӕ цъупп ӕрцавта

-хъӕдгӕс йӕ къалиутӕ акалдта

-йӕ къалиутӕ бахус сты

2.Хӕрис бӕлас зындзинӕдтӕ

-бирӕ бавзӕрста

-нӕ бавзӕрста

-никуы бавзӕрста

3.Уалдзӕг куы ралӕууыд, уӕд бӕлас …

- бахус

-ногӕй рафтыдта къуыбӕрттӕ

-асаст

 4.Бӕлас йӕ уӕлӕ скодта

-ног цъӕх зӕлдаг къаба

-морӕ  зӕлдаг къаба

-цъӕх-цъӕхид къаба

5.Хӕрис бӕлас адӕмы

-нал бахъуыд

-нал рӕвдыдта

-ногӕй бахъуыд  

                 

8. Диалог саразын . «Бӕлццон ӕмӕ бӕласы фембӕлд». Бӕлццоны арфӕтӕ.

9. Тексты хъомыладон нысаниуӕг.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Бирæ  цыдæртæ бавзæрста йæ царды зæронд хæрис бæлас. Кæддæр ын арв йæ цъупп æрцавта, фæлæ нæ басастис: иу зæнджы  бæсты суагъта дыууæ. Йæ къабузтæ зæронд æнгуылдзтау зылынæй ивæзтой сæхи уæларвмæ.  Дымгæ йæ зæхмæ тасын кодта, их ын уагъта арф носта йæ буарыл, зымæгон уад æй  æдзух сæлын кодта. Ныхъхъус- иу, ныссабыр зæронд хæрис. Ничи йæм цыд хæстæг…

Фæлæ та мæнæ ралæууыдис уалдзæг,  æмæ бæлас ногæй рафтыдта йæ морæ фæлмæн къуыбæрттæ, фæстæдæр  та уæндонæй æркодта йæ цъæх зæлдаг къаба. Сыбар-сыбур кодтой йæ сыфтæ: бæлас кодта ам дунейæн йæ хабæрттæ.

Æмæ та-иу уæд бахъуыдис адæмы… Фæлладæй-иу йæхи æруагъта  йæ аууоны зæхкусæг, дард бæлццон-иу æрцауыгъта йæ уæззау хызын йæ къалиуыл, бæгъæввад сабитæ-иу ныууагътой сæ рыг фæдтæ йæ зæнгтыл.

Йæхинымæр- иу бахудтис зæронд хæрис æмæ-иу  дарддæр  рæдауæй лæвар кодта дунейæн йæ сатæг æмæ æнцойдзинад

  1. Бӕрӕггонд  хъуыдыйӕдты  ссарут  архайд  ӕвдисӕг дзырдтӕ:

- Цавӕр ныхасы хӕйттӕ сты ацы дзырдтӕ?

- Ссарут-ма мивдисӕджы ӕууӕл ӕвдисӕг дзырдтӕ?

- Цавӕр ныхасы хæйттæ сты ацы дзырдтӕ?

      2. Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, цы зонут фӕрсдзырды тыххӕй.  Бавæрут цухгонд дзырдтæ хъуыдыйæдты:

  1. Фæрсдзырд  у  –            …                   ныхасы хай .
  2. Фæрсдзырдæн                …                   кæрон.
  3. Фæрсдзырд –                  …                    ныхасы хай .
  4. Фæрсдзырд  æвдисы     …                            æууæл.

            5.Хъуыдыйады  фæрсдзырд  вæййы    …                        .

      3.    Таблицæйы лæвæрд ис фæрсдзырдтæ, ахъуыды кӕнут ӕмӕ зӕгъут, цæмæ гæсгæ дихгонд сты 3 къордыл?

– нысаниуæгмæ гæсгæ;

– иу æвдисы архыйды афон,  иннæ – бынат, æртыккаг –  архайды хуыз;

– цавӕр фӕрстытӕ раттӕн  ис дзырдтӕм?

уым

абон

уӕзданӕй

- тексты цы фæрсдзыртæ ссардтам, уыдон бафыссын хъæугæ цæджындзы;

- бафтауын  хи  дзырдтæ.

Хатдзӕг:  Ф. сæ нысаниуæгмæ гæсгæ дих кæнынц 3 къордыл:

Бынаты (архайды бынат)

Афоны (архайды афон)

Архайды хуызы (архайд куыд, куыдæй цæуы)

5.Бакæсут  фыццаг абзац æнæ фæрсдзырдтæй.

     Бирæ  цыдæртæ бавзæрста йæ царды зæронд хæрис бæлас. Арв ын йæ цъупп æрцавта, фæлæ нæ басастис : иу зæнджы  бæсты суагъта дыууæ. Йæ къабузтæ зæронд æнгуылдзтау ивæзтой сæхи уæларвмæ.  Дымгæ йæ зæхмæ тасын кодта, их ын уагъта арф носта йæ буарыл, зымæгон уад æй  сæлын кодта. Ныхъхъус – иу, ныссабыр зæронд хæрис. Ничи йæм цыд .

    Бирæ  цыдæртæ бавзæрста йæ царды зæронд хæрис бæлас. Кæддæр ын арв йæ цъупп æрцавта, фæлæ нæ басастис : иу зæнджы  бæсты суагъта дыууæ. Йæ къабузтæ зæронд æнгуылдзтау зылынæй ивæзтой сæхи уæларвмæ.  Дымгæ йæ зæхмæ тасын кодта, их ын уагъта арф носта йæ буарыл, зымæгон уад æй  æдзух сæлын кодта. Ныхъхъус – иу, ныссабыр зæронд хæрис. Ничи йæм цыд хæстæг…

 -  Цы бафиппайдтат ?

Хатдзæг:

 Текст фæрсдзырдты  руаджы  кæны æххæстдæр, бæлвырддæр, аивдæр .

 А.С.Пушкины загъдау, «Наречия – это слова, живописующие глагол».

6.Цы ӕрмӕг сфӕлхат кодтам ӕмӕ цы ӕрмӕгимӕ базонгӕ стӕм, уый куыд фидаргонд ӕрцыд,уый сбӕрӕг кӕндзыстӕм  тесты фӕрцы  (программæйы  MIMIO STUDIO).

ТЕСТ

 

        

Хатдзӕгтӕ.

Рефлекси. 



По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок осетинского языка в первом классе

Тематикон урок ирон æвзагæй 1 къласы. Урок – балц аргъаумæТемæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м...

Урок осетинского языка в 5 классе

Урок ирон æвзагæй 5-æм къласыТемæ: Номдарты нысаниуæг.Ныхасы темæ: Уалдзæг  у царды райгуырæн....

Урок осетинского языка в 5 классе

Урок ирон æвзагæй 5-æм къласыТемæ: Номдарты нысаниуæг.Ныхасы темæ: Уалдзæг  у царды райгуырæн....

Урок- описание картины Решетникова "Опять двойка" на уроке осетинского языка в 6 классе.

Подготовка к написанию сочинения по картине Решетникова "Опять двойка"....

Урок осетинского языка 6 класс

Урок осетинского языка 6 класс НОМДАР(Сывæллæттæ, мидæмæ цæугæйæ, исынц фæткъуыты нывтæ æмæ сæ фидар кæнынц фæткъуыйыл. Хорз равгимæ чи æрбацыд, уыдон æвзарынц сырх хуыз, зивæггæнгæ – бур, æнкъард кæм...

урок осетинского языка в не владеющей группе в 5 кл Тема: "Весна в лесу".

Урочы темæ: «Уалдзæг хъæды». Задачи:1. Учить детей рассказывать о весенних изменениях в природе.2. Развивать навыки правильного, выразительного чтения.3. Развивать навыки монологическ...