«Алæмæты аргъау»
проект

Томаева Белла Казбековна

«Алæмæты аргъау»

Зæрдæхæлардзинад хъуамæ суа ахæм адæймаджы уавæр, куыд хъуыды кæнын. Уый хъуамæ суа фæлтæрд хъуыддаг.

А.В.Сухомлинский.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл alaemaety_argau.docx22.42 КБ

Предварительный просмотр:

«Алæмæты аргъау»

Зæрдæхæлардзинад хъуамæ суа ахæм адæймаджы уавæр, куыд хъуыды кæнын. Уый хъуамæ суа фæлтæрд хъуыддаг.

А.В.Сухомлинский.


Сывæллоны миддуне бамбарын, банкъарын æй æмæ иу фæндагыл емæ цæуын æнцон нæу. Œнцон нæу ныййарджытæн дæр æмæ хъомылгæнджытæн дæр.цæмæй ацы уæззау фарста лыг æрцæуа, уый тыххæй хистæртæ архайынц саразын ахæм æнкъарæнджын иудзинад, кæцыйы руаджы сывæллон райгом кæна йæ зæрдæ. Коллективон хъомылады та ахсджиаг уый у, æмæ уыцы иудзинад хъуамæ ахиза алкæцы сабийы зæрдæйы дæр; æрмæст уæд ис гæнæн, алы хицæн хъомылгæнинагы миддуне хъæздыгдæр кæна. Уыцы ахсджиаг уидзинад хъомылгæнæгæн йæ къухы куы бафта, уæд диссаджы цымыдис свæййы хъомылады процесс хистæрæн æмæ йæ кæстæрæн дæр.

Сабийы цард дзаг у хъазтæй, æмæ алкæцы сывæллоны дæр фæнды уыцы хъазты йæхи бынат ссарын. Хъазгæйæ саби йæ алыварс дунейы тыххæй зонындзинæдтæ райсынæй уæлдай ма зонгæ кæны æхсæнадон закъонтимæ дæр, расдæр цы ахастытæ ис адæмы æхсæн, уыимæ; уымæй уæлдай ма хъазт ахъыр кæны сæ алыварс чии с, уыдоны цæстæнгас дæр иртасын.

Аргъауы архайджыты сурæттимæ кусгæйæ, уыдон фæдыл цæугæйæ, сабитæ исынц зонындзинæдтæ дунейы тыххæй, æнахуыр уавæртты хи дарыны тыххæй æмæ архайынц уыны зонындзинæдтæй хатдзæгтæ кæнын æмæ сæ лыг кæнын. Уыцы зонындзинæдтæ сæ ахуыр кæнынц уырнын уарзондзинад æмæ хæлардзинадæн сæ тых æгæрон кæй у, ууыл. Хъомылгæнинæгтæ аргъæйы руаджы раиртасынц æвзæрдзинад йæ фæдыл кæй ласы æвзæрдзинад, уый; фыдбылызæн дзуапп кæй дæтты фыдбылыз; хорздзинадæн йæ джзуапп дæр кæй у хорздзинад.

Аргъауы, цæмæй дæ къухы исты бафта, уый тыххæй хъæуы бафыдæбон кæнын, иннæтæм кæсын ахæм цæстæй, дæхæдæг цавæр цæстæнгас агурыс; искæмæн æххуыс кæнын хъæуы лæвар, мацæмæ æнхъæлмæ кæсын бузныггагмæ; æмæ уæд, зынсахат дæуæндæр дæ уæлхъус æрбалæудзысты хорз хæлæрттæ. Цы кусты сæрылма лæууай, хъæуы йæ кæнын иумæйагæй; нæй рох кæнын хорз дзинад дын чи скодта уыдоны – йе ууыл ахуыр кæны аргъау.

Аргъауы жанр нæ проекты æххуыс кæны хъомыладон хынцинæгтæ бæлвырд кæнын. Œвæццæгæн, адæмон сфæлдыстады аргъауæй ахсджиагдæр æмæ адæймаджы миддуне хъæздыгдæргæнæг хай нæй. Аргъау алкæмæй дæр аразы аивады хай.

Аргъæутты æнæкæрон дуне æххуыс кæны сабиты алыхуызон æнкъарæнтæ ирддæр кæнын. Ахуырады цæстæнгасмæ гæсгæ тынг ахсджиаг у уыцы хабар. Аргъауы руаджы егъау фарстатæ æвдыст цæуынц хуымæтæджы хуызы.уыдонæй, цæрæнбонты кæрон кæмæн нæй, уыцы ныхмæвæрд ахастдзинæдтæ: хорз æмæ æвзæр, уарзондзинад æмæ фыд-зæрдæдзинад, хъæлдзæгдзинад æмæ æнкъарддзинад, хъæбатырдзинад æмæ гадзрахатæй цæуындзинад.

Аргъау æххуыс кæны сабийæн бамбарын уыцы хабар æмæ хæлардзинад æнæнхъæлæджы нæ фæуæлахиз вæййы, фæлæ зындзинæдты къæпхæнтыл хизгæйæ æмæ уыдон «бырсгæйæ».

Нæ абоны царды аргъау дæр, æндæр аивады хуызтау, йæ уæз сафы. Гæнæн ис æмæ уый ныртæккæйы царды аххос у, компьютертæ куы сбирæ сты, уæд; чи зоны, нырыккон чиныгуадзджыты æмæ мультфильмтæ кæнджыты аххосæ; чи зон…Уымæ гæсгæ мæнмæ афтæ кæсы – нæ проект «Уазæгуаты алæмæты аргъаумæ» у тынг актуалон.

ПРОЕКТЫ НЫСАН:

  • Сабиты æргом аргъауы рдæм раздахын театыры алыхуызон хуызты руаджы.

ПРОЕКТЫ ХŒСТŒ:

  • АХУЫРАДОН
  • Хæрзæгъдау ахуыр (эталон) æхсæнадон ахастдзинæдты бæлвырд кæнын.
  • Хорз – æвзæр, коммæгæс – æгоммæгæс, разы – ныхмæвæрд, куыстуарзондзинад – магуса, хуымæтæг – хин; хæларзæрдæ, рухсцарды æгъдау; уыцы æнкъарæнтæ сабитæн æмбарын кæнын.
  • Сабиты зонындзинæдтæ дунейы тыххæй уæрæхдæр кæнын литературон æмæ музыкалон аивады руаджы.
  • ХЪОМЫЛАДОН
  • Œмбарын кæнын, цы вазыгджын бынат адæймаджы царды ахсынц: ныййарджытæм уарзондзинад, коммæгæсдзинад, кæрæдзимæ хъусын зонын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын æмæ æнд.
  • Сабиты ахуыр кæнын фæлмæнзæрдæтæ, адæмлымæнтæ, кæрæдзиимæ хæларæй цæрын.
  • Хъомыл кæнын сывæллæтты куыстуарзондзина., цы кусай, уый лæмбынæг æмæ зæрдæхæларæй кæнын, цы куыст райдайай, уый кæронмæ хæццæ кæнын.
  • Ныхасы рæзтыл кусын.
  • Хорз æвзæрæй иртасын.
  • Аргъауы æвæрццæг архайджыты фæзмын кæй хъæуы, уый æвзарын.
  • Парахат кæнын эстетикон æнкъарæнтæ, рæсугъддзинад алыварс уынын æмæ хъахъхъæнын.

ПРОЕКТЫ АРХАЙДЖЫТŒ:

  • Райдай сабитæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, скъолайы кусджытæ.

АРХАЙД ЦЫ РŒЗТЫ РУАДЖЫ ЦŒУЫ, УЫЦЫ ЗДŒХТЫТŒ:

  • Иумæйагон (зонынадон – æвзагон, нывгæнæн, театралон, музыкалон).

ПРЕКТЫ ХУЫЗ:

  • Къордон

ПРОЕКТЫ ДŒРГЪЦ:

  • Œхсæз мæйы.

ФŒСТИУŒГ:

роекты презентации аивадрн равдысты хуызы.

КУЫСТ ЦЫ ЭТАПТŒМ ГŒСГŒ ЦŒУЫ, УЫДОН:

  • Сбæрæг кæнын проекты темæ.
  • æмкусджытимæ æрныхас проекты фарстатыл.
  • Пайдагонд литературæ, информации, уæлæмхасæн æрмæгимæ куыст.
  • Пъланмæ гæсгæ куыст сабитимæ, ныййарджытимæ, æмкусджытимæ.
  • Хатдзæгтæ скæнын.
  • Проекты презентации.

Œрныхас «Цы у аргъау?»

Алыхуызон аргъæуттæ кæсын.

Аргъæутты æмæ сæ архайджыты тыххæй уыци-уыцитæ, базон-базонтæ ахуыр кæнын.

Цы аргъæуттимæ зонгæ кæнæм, уыдон хи ныхæстæй дзурын, чысыл инсценировкæтæ кæнын.

Хи аргъæуттæ хъуыды кæнын.

Хи хъуыды аргъæуттæ кæрæдзийæн дзурын.

Нывтæ кæнын аргъæуттæм.

Нывгæнджытæ куыстытимæ зонгæ кæнын.

  • Œрныхас «Проектимæ зонгæ кæнын»
  • Хæсæвæрд хæдзармæ (аразын нывтæ аргъæуттæм гæсгæ).
  • Сабитимæ аргъæуттæ кæсын.
  • Сабитимæ аргъæуттæ æрхъуыды кæнын.
  • Аргъæутты чингуыты нымæц фæпарахатдæр кæнынмæ фæкæсын.
  • Сабитимæ равдыстытæ аразын (нывтæ).
  • Аргъæуттæм декарацитæ аразын, уæлæдарæсæй фæкæсын равдыстыты рæстæг.


ЦЫ ФŒСТИУŒГМŒ ŒНХЪŒЛМŒ КŒСŒМ, УЫЙ:

  • Сабийы миддуне фæхъæздыгдæр уа проекты архайгæйæ.
  • Сывæллон цæмæй йæхи равдиса, уыцы уавæртыл кусын.

Ахуыртæ «Алæмæты аргъау» (нывкæнын «Мæ уарзон аргъау», аппликаци «Аргъæутты быдыры») цы аргъæуттимæ зонгæ кодтам, уыдонмæ гæсгæ.

Методикон æххуыс аргъауы равдыстмæ цæттæгæнæны рæстæг.

Ныййарджытимæ ахуыртæ «Цардысты æмæм уыдысты».

  • Сывæллæтимæ аразын аргъæуттæм гæсгæ хъæлдзæг ахуыртæ.
  • Музыкалон æххуыс презентацийы рæстæг.

Нæ проекты кæронмæ сабитæ райстой бирæ зонындзинæдтæ адæмон сфæлдыстады тыххæй, аргъæутты цымыдисаг архайджытæ æмæ сюжеттимæ базонгæ сты, ахуыр кодтой сæхæдæг аргъæуттæ хъуыды кæнын.

Ныййарджыты руаджы чингуыты æмбырд фæхъæздыгдæр.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Фондз æфсымæры аргъау

повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова" ...

Ногбоны аргъау

Урочы темæ:...

Тест 5 класс Нигер " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"- ма гасга

Тест по сказке Нигера " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"-ма гасга. Самоанализ по произведению...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...