Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
методическая разработка (6 класс)

Урочы нысантæ:

Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; скъоладзауты хъуыдыкæнынад уæрæхдæр кæнын.

Практикон: дзурын нывы сюжет æмæ  хи æнкъарæнты тыххæй нывмæ гæсгæ; рацыд лексикон æмæ грамматикон æрмæгæй (номдарты тасындзæг дæттынон æмæ арæзтон хауæнты) дзургæ æмæ фысгæ ныхасы пайда кæнын; дзырдтæ-клишетæй пайда кæнын арæхсын баст текст аразгæйæ; æххæст æмæ æлвæст хъуыдытæ дзурын.

Куысты хуызтæ: дзырдуатон куыст; лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл  куыст.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon bedoyty_shalvayy_nyv_argau.doc45 КБ

Предварительный просмотр:

Ныхасы рæзтыл куыст

Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ

6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.


Урочы нысантæ: 

Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; скъоладзауты хъуыдыкæнынад уæрæхдæр кæнын.

Практикон: дзурын нывы сюжет æмæ  хи æнкъарæнты тыххæй нывмæ гæсгæ; рацыд лексикон æмæ грамматикон æрмæгæй (номдарты тасындзæг дæттынон æмæ арæзтон хауæнты) дзургæ æмæ фысгæ ныхасы пайда кæнын; дзырдтæ-клишетæй пайда кæнын арæхсын баст текст аразгæйæ; æххæст æмæ æлвæст хъуыдытæ дзурын.

Куысты хуызтæ: дзырдуатон куыст; лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл  куыст.

Урочы фæлгонц:

Бедойты Шалвæйы къам, ныв «Аргъау» æмæ иннæ нывтæ; Макъоты Ацæмæзы музыкæ.

                    Урочы методикон рацарæзт:

1.Бацæттæгæнæн хай.

2.Индикатор. Ахуыргæнæг нæ хъæр кæны нывы ном, афтæмæй йæ ‘вдисы сывæллæттæн æмæ сæ фæрсы, цавæр ном раттиккой ацы нывæн, уымæй.

Скъоладзауты дзуæппытæй: «фыдуаг лæппу», «диссаджы бæлас», «фын», «гыццыл лæппу æмæ бæх», «æрвхуыз бæх» æмæ æнд.  

Ахуыргæнæг зæгъы ахуырдзаутæн нывы æцæг ном æмæ та сæ ногæй фæрсы, разы сты ахæм номимæ æви нæ, уымæй. Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

3. Ахуыргæнæджы эмоционалон ныхас нывгæнæджы тыххæй. Скъоладзауты базонгæ кæнын нывгæнæг Бедойты Шалвæйы цард æмæ йæ нывты аивадон мадзæлттимæ.

Бедойты Шалвæ у нырыккон номдзыд ирон нывгæнæг. Райгуырдис Хуссар Ирыстоны хъæу Монастеры. Нывгæнæг куыд дзуры, афтæмæй йæ райгуырæн зæхх ныууагъта стыр фæд йæ царды æмæ йæ сфæлдыстады. Ам абоны онг дæр ма фенæн ис рагон моладзандоны (монастырь) хæлддзæгтæ. Куыд дзурынц, афтæмæй уыцы моладзандон уыдис Бедойты мыггаджы, Шалвæйы рагфыдæлтæ та дзы уыдысты лæггадгæнджытæ.

Бедойты Шалвæйы нывтæ сты дунейы алы бæстæты музейты. Нывгæнæджы куыстыты сюжеттæ сты алыхуызон: фольклорон, натюрморттæ. Фæстаг рæстæг фылдæр фыссы дины темæйыл, уымæн æмæ абон сæйрагдæр у адæймаджы уырнындзинад. Нывгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, аивад хъуамæ амона адæймагæн раст фæндаг. Ныртæккæ Бедойты Шалвæ кусы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты хайады, у профессор. Æрæджы йын лæвæрд æрцыдис Уæрæсейы Аивæдты академийы Стыр Æвзист майдан.

(Ахуыргæнæг æвдисы Бедойты Шалвæйы къам, йæ нывтæ музыкæйы фоныл)

4.Хъуыдыкæнынад. Ахуыргæнæг:

-Цавæр нывтæ сты сюжетон ацы нывты хсæн? Куыдæй сæ базыдтат? (æвдыст цæуынц алыхуызон жанрты нывтæ).

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц æмæ хæссынц сæ аргументтæ.

(Ныв «Аргъау» у сюжетон, ома дзы ис цавæрдæр сюжет: лæппу быры бæласмæ).

Ахуыргæнæг: Цæмæй нывæн æрфыст саразæм, уый тыххæй нæ хъæуы ног дзырдтæ æмæ æххуысгæнæг дзырдтыл бакусын.

5. Дзырдуатон куыст: (ацы куысты хуыз ис бакæнæн рацыд лексикæйæ пайдагæнгæйæ, ома зонгæ дзырдты зæлынад абарын ног дзырдтимæ)

  • Къабузджын – (къалиутæ) - ветвистый
  • Бæгъæввад – (бæгънæг) - босой
  • Сбырын – (сбадын) - забраться
  • Тонын – (зонын) - срывать
  • Алæмæты – (Азæмæты) - волшебный
  • Саргъы – (сæрды) - в седле
  • Нымæтын худ – (нымайын, худын) - войлочная шляпа
  • Æврæгътæ – (æвæрæнтæ) - облака
  • Æнкъарæнтæ – (æндæхтæ) – чувства
  • Сабидуг – (сапон) – детство

а)Скъоладзаутæ кæсынц дзырдтæ, æвæрынц дзы раст цавды нысан (иннæ урокмæ сæ хъæуы сахуыр кæнын);

æ) аразынц семæ дзырдбæстытæ нывмæ гæсгæ:

  • къабузджын фæткъуы бæлас;
  • бæгъæввад лæппу;
  • сбырыд бæласмæ;
  • тоны сырх-сырхид фæткъуытæ;
  • алæмæты бæх;
  • хæссы йæ саргъы;
  • урс нымæтын худ;
  • рог æврæгътæ;
  • хъæлдзæг сабидуг
  • райдзаст æнкъарæнтæ

б) аразынц хъуыдыйæдтæ, номдарты кæрæттæ раст æвæргæйæ. (Нывимæ кусгæйæ, сфæлхат кæнын хъæуы рацыд грамматикон æмæ лексикон æрмæг: номдарты тасындзæг; хуызтæ, цы дзырдтæ амонынц, уыдон).

  • Бæгъæввад лæппу сбырыдис бæлас…  (-æй, -мæ, -имæ).
  • Къабузджын бæлас… (-ы, -æн, -мæ) зайы æнахуыр рæсугъд фæткъуытæ.
  • Гыццыл лæппу къалиут… (-ыл, -æй, -æн) тоны сырх-сырхид фæткъуытæ.
  • Алæмæты бæх йæ саргъ…(-ыл, -имæ, -ау) хæссы фæткъуы бæлас.
  • Лæппу…(-йыл, -йы, -имæ)  ис урс нымæтын худ.
  • Арв… (-ыл, -ы, -æн) ленк кæнынц рог æврæгътæ.
  • Ацы ныв гуырын кæны зæрдæ… (-йы, -йæн, - имæ) райдзаст æнкъарæнтæ.
  • Адæйма(г)…(-джы,-æн, -мæ)  цæстытыл ауайынц хъæлдзæг сабидуджы бонтæ.

6. Пълан саразын. Ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн пълан саразынæн.

                                      Пълан:

  • Нывы автор. Цавæр нывгæнæг у? Куыд хуыйны ныв?
  • Нывы раззаг пълан: алæмæты бæх, лæппу æмæ фæткъуы бæлас.
  • Лæппу сбырыдис бæласмæ.
  • Сабийы æрфыст.
  • Нывы фæстаг пълан.
  • Нывы ахорæнтæ.
  • Æнкъарæнтæ.

7.Баст текст саразын. Скъоладзаутæ архайынц пъланмæ гæсгæ баст текст дзурыныл.

Ныв «Аргъау» у номдзыд ирон нывгæнæг Бедойты Шалвæйы ныв. Бедойты Шалвæйы нывтæ зонынц канд Ирыстон æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы бирæ бæстæты.

 Нывы раззаг пъланы æвдыст цæуынц бæх, бæлас æмæ лæппу. Алæмæты бæх йæ саргъы хæссы стыр къабузджын фæткъуы бæлас. Бæгъæввад лæппу сбырыдис бæласмæ: уый тоны сырх-сырхид фæткъуытæ.

 Сабийæн ис сау цæстытæ æмæ сырх рустæ. Нывгæнæг æй æвдисы, цыма раст ныртæккæ æрбазгъордта уынгæй, афтæ. Йæ уæлæ ис урс хæдон, тар хæлаф, йæ сæрыл – нымæтын худ.

 Арвыл ленк кæнынц рог, фæлмæн æврæгътæ.

 Ныв фыст у ирд ахорæнтæй: урс, кæрдæгхуыз, сырх, фылдæр дзы ис æрвхуыз ахорæнтæ.

Ныв гуырын кæны райдзаст æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Нывмæ кæсгæйæ адæймаджы цæстытыл ауайынц хъæлдзæг, амондджын сабидуджы бонтæ.

8.Кæронбæттæн. Рефлекси. Ахуырдзаутæ дзурынц, ногæй цы базыдтой, цымыдисаг сæм цы фæкаст урочы, кусгæйæ цы зындзинæдтыл сæмбæлдысты, сæ зæрдæмæ цы фæцыдис (цы нæ фæцыдис), уый тыххæй.

9.Х/куыст:ног дзырдтæ сахуыр кæнын, пъланмæ  гæсгæ бацæттæ кæнын нывæцæнмæ,  лæмæгъдæр цы скъоладзаутæ сты, уыдон фыссынц цыбыр дзуæппытæ фæрстытæн.

Скъоладзаутæ 1-аг урочы дзурынц нывмæ гæсгæ баст текст, 2-аг урочы та йæ фыссынц.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...

Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Нысантæ: хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæахуы...

Мæргътæ – æрдзы фидауц (интеграцигонд урок) 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы темæ: Мæргътæ – æрдзы фидауцДиалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст.Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты растæвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты(фæлхат).Урочы нысантæ: Ахуырадон:фæцалх кæнын ах...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы рæзтыл куыст. Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Дзуархæссæг»-мæ гæсгæ.

Описание картины Шалвы Бедоева "Несение креста"...