Мæргътæ – æрдзы фидауц (интеграцигонд урок) 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)
методическая разработка (6 класс)

Урочы темæ: Мæргътæ – æрдзы фидауц

Диалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст.

Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты растæвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты(фæлхат).

Урочы нысантæ:

Ахуырадон:фæцалх кæнын ахуырдзауты монологон æмæ диалогон ныхасы мидæг бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл; ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл (мæргъты тыххæй) дзурын хи хъуыдытæ дзурын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын; фæсæвæрдты раст  æвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты сфæлхат кæнын.

Хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын æрдз æмæ мæргътæ хъахъхъæнын;

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; эмоционалон æнкъарæнтæ рæзын кæнын; хатдзæгтæ кæнын;

 

Куысты хуызтæ: лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; хъæзтытæ; диалогыл куыст; интерактивон фæйнæгимæ куыст.

Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; текстытæ; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг;классикон музыкæ.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_margta-_ardzy_fidauts.docx26.92 КБ

Предварительный просмотр:

                           

Мæргътæ –

æрдзы фидауц

(интеграцигонд урок)

6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.


Урочы темæ: Мæргътæ – æрдзы фидауц

Диалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст.

Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты растæвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты(фæлхат).

Урочы нысантæ:

Ахуырадон:фæцалх кæнын ахуырдзауты монологон æмæ диалогон ныхасы мидæг бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл; ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл (мæргъты тыххæй) дзурын хи хъуыдытæ дзурын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын; фæсæвæрдты раст  æвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты сфæлхат кæнын.

Хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын æрдз æмæ мæргътæ хъахъхъæнын;

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; эмоционалон æнкъарæнтæ рæзын кæнын; хатдзæгтæ кæнын;

Куысты хуызтæ: лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; хъæзтытæ; диалогыл куыст; интерактивон фæйнæгимæ куыст.

Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; текстытæ; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг;классикон музыкæ.

Урочы цыд

 Организацион хай

Индикатор. Хъуысы классикон музыкæ (Вивальди «Афæдзы афонтæ. Уалдзæг»). Ахуыргæнæг: Акæсут-ма рудзынгæй æмæ зæгъут, цæмæй бæрæг у, уалдзæг æрцы дис,уый? Сывæллæтты дзуæппытæ: «хур тавы», «бæлæстыл фæзындис сыфтæр», «кæрдæг фæцъæх», …,  …, …, «цъиутæ зарынц». Ахуыргæнæджы эмоционалон разныхас уалдзæджы тыххæй.

1.Хъазт «Хорз æмæ æвзæр синоптик». Ахуырдзаутæй 1-аг раст дзуры 2-аг та раст нæ дзуры боныхъæды тыххæй, 3-аг æй раст кæны.

Ахуыргæнæг бæтты сывæллæтты ныхæстæ урочы темæимæ, æвæры ахуырдзауты размæ  урочы нысантæ. (1слайд)

2. Интерактивон фæйнæгимæ куыст. Ассоциацитæ. Фæйнæгыл æвдыст цæуынц,сывæллæттæ кæй зонынц,уыцы мæргъты нывтæ. Ахуырдзаутæ дзурынц, уыцы маргъимæ цы ассоциацитæ баст сты, уыдон.(Зæгъæм: кæсаглас - хæры кæсæгтæ; доны был; даргъ къæхтæ; зылын къубал æмæ а. д.).(2-16 слайдтæ)

3. Хъазт «Фыдуаг цъиу». Нывгонд бæласыл, куы иу ран, куы иннæ ран абады цъиу (магнитыл конд).Скъоладзаутæ фæсæвæрдтæй пайда кæнгæйæ дзурынц, цъиу цы ран абады,уый. Хъазты размæ сфæлхатын хъæуы грамматикон æрмæг: куыд æвæрд цæуынц дзыдбæстыты фæсæвæрдтæ (раз, цур, фарсмæ, фæстæ размæ, сæр, бын, æхсæн), цавæр хауæны æвæрд сты, семæ цы номдартæ баст сты,уыдон.

4. Текстыл куыст. «Сауцъиуты ног хæдзар». (Куысты размæ фонетикон зарядкæ скæнын:  скъоладзаутæ иумæ дзурынц,  тексты цы кавказаг мыртæ æмбæлынц,уыдон.)                        

  Хæслæвæрд: текст бакæсын æмæ зæгъын,  тексты  пълан раст арæзт у æви нæу.Пълан сраст кæнын . (21 слайд)

Сауцъиуты ног хæдзар

     Аланæн йæ дада æмæ йæ нана цæрынц хъæуы. Сæ кæрты астæу зайы стыр кæрдо бæлас.Фарон уыцы бæласыл лæппу æрцауыгъта цъиутæн гыццыл хъæдын хæдзар. Уалдзæджы дзы æрцардысты сауцъиутæ. Ацы аз дæр та мæргътæ сæ зæронд бынатмæ æртахтысты.    

     Иу райсом Алан разгъордта кæртмæ. Сауцъиутæ удаистæй хъæр кодтой: фыдуаг сырддонцъиутæ сын сæ хæдзар байстой. Лæппу йæ фыдæн лæгъстæ кæнын райдыдта: «Баба, цæй, æмæ цъиутæн ног хæдзар саразæм». Фыд сразы ис.

     Алан райста дзæбуг, зæгæлтæ æмæ фæйнæджытæ. Сихормæ фыд æмæ фырт сæ куыст фесты.  

  Дыккаг бон лæппу касти, сауцъиутæ сæ ног хæдзары сæр куыд цъыбар –цъыбур кæнынц, уымæ, æмæ цин кодта.                                                                

Тексты пълан:                                                              

 1.Лæппу цин кодта.                                    

2.Сауцъиутæ сæ ног хæдзары сæр цъыбар-цъыбур кодтой.                                                        3. Алан æрцауыгъта зæронд кæрдо бæласыл цъиутæн хæдзар.                                                                                             4.Алан æмæ йæ фыд сарæзтой мæргътæн ног хæдзар.                                                    5.Уалдзæджы дзы æрцардысты сауцъиутæ.        

 6.Сырддонцъиутæ байстой сауцъиуты хæдзар.

5.Физ/минуткæ.

Хъазæн асастис йæ сис,

Систа уæд нæ хъаз фæдис.

-Ма хъæр кæн, æгъгъæд у, цæй!

Гино нын кæны фынæй.

6.Нывимæ куыст. Лæвæрд фарстон дзырдтимæ саразын фарстон хъуыдыйæдтæ,ныффыссын сæ æмæ сын дзуæппытæ  раттын.( 22 слайд)

7.Аудировани. Хæслæвæрд: байхъусын аргъаумæ æмæ фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Æрхъуыды кæнын аръауæн сæргонд æмæ æндæр кæрон                         ( 23 слайд)                                                     

Аргъау

Иу лæджы хæдзары цардысты тути æмæ булæмæргъ. Тути уыди уардихуыз, йæ базыртæ æмæ йæ къæдзил та уыдысты æрвхуыз.

Маргъ  йæхицæй æппæлыди:

-Мæнæй рæсугъддæр æмæ зондджындæр нæй зæххыл. Æз  зонын дзурын.

Бинонтæй цыдæр  ныхастæ фехъуыста  æмæ сæ бон-изæрмæ дзырдта: -Æххормаг дæн… Æххормаг дæн … Тынг æххормаг дæн…

Тути арæх худтис булæмæргъыл: - Ды та цы маргъ дæ?! Дзурын нæ зоныс… Фыдынд…

Фæлæ иу бон булæмæргъ ныззарыди.Афтæ рæсугъд уыди йæ зард, æмæ хæдзары хицау загъта: - Атæх,булæмæргъ,æмæ зар дæ диссаджы зарджытæ адæмæн!  Лæг ауагъта маргъы.

Тути та ма абон дæр дзуры: - Æххормаг дæн… Æххормаг дæн… Тынг æххормаг дæн…

Фæрстытæ:                                                  Цæмæн ауагъта лæг булæмæргъы?                          Кæцы цъиу фæцыдис тынгдæр уæ зæрдæмæ? Цæмæн? Аргæауы ног кæрон радзурын.

8.Х/куыст сбæрæг кæнын. Ахуырдзаутæ дзурынц Брытъиаты Аслæнбеджы æмдзæвгæ зæрдывæрдæй. 

Зæрватыкк               

Уалдзæджы мæ рузынгмæ

Сау зæрватыкк бафты.

Зары, зары хъæлдзæгæй,

Ахстон та дзы уафы.

Телы хъæды телтыл та

Улæфы фæлладæй,

Раст цыма уый нотæ у,-

Афтæ сыл æрбады.

Уыдонæй мын адджындæр

Мæргътæй нæй нæ зæххыл.

Раст цыма мæхæдæг дæр

Семæ арвмæ стæхын.

9.Диалогыл куыст. Скъоладзаутæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæной диалог, баххæст æй кæной хи репликæтæй. (24 слайд) 

10.Хъазт «Цавæр цъиу у?». Чыргъæды æвæрд сты алыхуызон цъиуты нывтæ. Сывæллæттæй иу равзары цъиуы ныв, нæ йæ ‘вдисы, афтæмæй, иннæтæ та хъуамæ базоной фæрстыты руаджы, цавæр цъиу у, уый.                                                                      Хуызæг:

 Уый гыццыл цъиу у æви стыр? Йæ къæдзил даргъ у æви цыбыр? Уый кæртæй хоры гагатæ фæдавы? æмæ а.д. Цъиуы ном чи базоны, уый «дидинæфтауæг бæласыл» æрцауындзы  маргъы ныв.

11.Хъомыладон беседæ. Ахуыргæнæг фæрсы сывæллæтты сæ уарзон цъиуты тыххæй. Скъоладзау хъуамæ зæгъа, цæмæн цæуы йæ зæрдæмæ уыцы маргъ, уый. Ахуыргæнæг аразы беседæ сывæллæттимæ, мæргътæн æрдзы цы  ахадындзинад ис, уый тыххæй. Скъоладзаутæ хъуамæ ахуыргæнæджы руаджы  скæной хатдзæг, мæргътæ хъахъхъæнын кæй хъæуы æмæ сын зымæгон æххуыс кæй хъæуы, уый тыххæй.( 25 слайд)

12.Кæронбæттæн. Рефлекси.  Скъ-тæ дзурынц, ногæй цы базыдтой, сæ зæрдæмæ цы фæцыдис æмæ цы нæ фæцыдис урочы, уый тыххæй.

13.Х/куыст: (тыхджын ахуырдзаутæн) хи ныхæстæй  текст дзурын; (лæмæгъ ахуырдзаутæн) фæрстытæн дзуæппытæ дæттын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ирон авзаджы урок 10-ам къласы

Мивдисæджы грамматикон категоритæ.Фæлхат....

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

Ирон æвзаджы урок 6-æм къласы. Темæ: Афæдзы афонтæ Грамматикон темæ: Миногоны бæрцбарæнтæ.

Открытый  урок по теме "Степени сравнения имен прилагательных. речевая тема: "Времена года"...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Нысантæ: хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæахуы...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...