Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»
статья (5 класс) на тему

Хадикова Лариса Владимировна

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически каждый урок использую разнообразные игровые моменты при изучении нового материала, так же я применяю игровые моменты для повторения пройденного материала.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nyhasy_raztyl_doklad.docx23.62 КБ

Предварительный просмотр:

          Доклад            

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

15-ӕм скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ

Литературӕйы ахуыргӕнӕг

ХадыхъатыЛ.В...

Дзӕуджыхъӕу, 2013 аз.

                                                               «Адӕмӕн сӕ егъаудӕр

                                                                     хъӕздыгдзинад у се взаг»

М. Шолохов                                                                                                                            

Ирон ӕвзаг у хъӕздыг ӕмӕ тынг рагон. Индоевропайаг ӕвзӕгты хсӕн ахсы вазыгджын бынат.Мӕнӕ куыд зӕгъы уый тыххӕй Михаил Богомолов. Академийы уӕнг-уацхӕссӕг: «Ирон адӕм тынг хорз бахъӕхъхъӕдтой се взаджы рагон ӕууӕлтӕ,иннӕ индоевропайаг ӕвзӕгтыл цы дзырдтӕ ӕмӕ грамматикон формӕтӕ нал ис, ахӕмтӕ,ома ирон ӕвзаджы баззад йӕ рагон бындур, уымӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаг у хӕзна, къабиц иннӕ индоевропӕйаг ӕвзӕгтӕ иртасынӕн,ӕмӕ уый тыххӕй ирон ӕвзаг ахуыр канынц  дунейы стырдӕр университеты»        

         Ирон ӕвзаджы урок у сывӕллоны зондахасты бындурӕвӕрӕг, йӕ удыхъӕд аразӕг, йӕ цӕстангас ӕрдзмӕ, адӕммӕ, ӕхсӕнадон цардмӕ парахатдӕргӕнӕг.

           Ӕвзаг ӕхсӕнадон хотых кай у, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕг алы урочы дӕр хъуамӕ дзура хъӕздыг, аив,хӕрзхъӕд, зӕрдӕмӕ арф хизӕг дзырдтӕй, хъуыдыйӕдтӕй. Ӕрвылбон ӕрхайа, цӕмӕй скъоладзауты сахуыр кӕна ирон ӕвзагыл хъуыды кӕнын, аив дзурын. Базонгӕ сӕ кӕна, ирон ӕвзаг индоевропӕйаг ӕвзӕгтӕй кӕй у, уыимӕ.

          Нырыккон ирон ӕвзаджы урочы сӕйрагдӕр домӕнтӕй иу у ныхасы рӕзтыл куыст. Уый у ӕппӕты зындӕр, фӕлӕ ахсджиагдӕр домӕн, уымӕн ӕмӕ скъоладзаутӕ не мбарынц дзырдты лексикон амынд.

           Ахуыргӕнаджы размӕ ис хӕс - бабӕттын ӕвзаджы ӕрмӕг ныхасы рӕзт ӕмӕ урочы идейон –хъомыладон хӕсимӕ, куыд иу вазыгджын ахсджиаг цӕг, афтӕ.

           Методикон ӕгъдауӕй урочы сӕйраг хӕйттӕ хъӕуы бахъахъхъӕнын: 1) хӕдзармӕ куыстӕн ӕнӕ сбӕрӕггӕнӕн нӕй,уымӕн ӕмӕ ног ӕрмӕг скъоладзаутӕ куыд бамбӕрстой, фӕлтӕрантӕ куыд сӕххӕст кодтой, уый алы ахуыргӕнӕгӕн дӕр бар дӕттын йӕ дарддӕры куыс методикон ӕгъдауӕй раст  рацаразын; 2)алы урочы дӕр фӕлхат кӕнын хъӕуы рацыд ӕрмӕг. Уый руаджы скъоладзауты самидин гӕнӕн ис, цӕмӕй ног ӕрмӕгмӕ се ргом аздахой ӕмӕ йӕ раст бамбарой; 3)ног ӕрмӕг бацамонын у урочы сӕйрӕгдар хӕй ӕмӕ йӕм тынг ламбынӕг хъӕуы хи цӕттӕ кӕнын, растдӕр зӕгъгӕйӕ, ӕвзаджы зонындзинӕдтӕ сбӕттын хъӕуы урочы идейон хъомыладон хӕсимӕ; 4) ӕрмӕг бафидар кӕнын, скъоладзауты хъуыдытӕ, зонындзинӕдтӕ рафӕлхатын,  бафидар кӕнын урочы чысыл бынат нӕ ахсы, ома у ахсджиаг цӕг, ноджы ма йӕ ныхасы рӕзтимӕ сбӕттын кӕй хъӕуы ӕнӕмӕнг, уымӕй дӕр; 5)хӕдзармӕ кыст раст равзарын у ахсджиаг хъуыддаг: фыццаджыдӕр, ӕрмӕг хъуамӕ ӕнӕмӕнг бафидар кӕнӕ скъоладзауты ног зонындзинӕдтӕ ӕвзӕгай, ӕфтауа сын сӕ ныхасы рӕзтыл, баст уа бӕстӕзонӕн куыстимӕ .

         Алы урочы дӕр хъуамӕ ахсджиаг бынат, ома ӕвзаджы лексикӕ урочы ӕвзарын хъӕуы ахӕм ӕрмӕг, кӕцы алы скъоладзауы дӕр ӕфтауа бӕлвырд  хъуыдытыл, рæзын сӕм кӕна уарзондзинад ныййарджытӕм, Райгуырӕн зӕхмӕ, фидӕлты намысмӕ, фӕллоймӕ,  ӕрдз уарзын ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнынмӕ.

         Ныхасы рӕзты методикӕйы сӕйрагдӕр здӕхӕнтӕ сты: скъоладзауты дзырдуатон къӕбиц фӕуӕрӕхдӕр кӕнын,  литературон ӕвзаджы ӕгъдӕуттимӕ сӕ базонгӕ кӕнын, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ  кӕрӕдзиуыл бастӕй аив дзурой .

        «Хицӕн адӕймагӕн йӕ ныхасыхъӕд у йӕ иумӕйӕг культурӕйы ӕмӕ ахуыргондзинады ахъаззагдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕй иу». Скъоладзауӕн йӕ ныхас рӕстмӕ, нывыл куы уа, уад хъуыды кӕнын фӕразы, йӕ хъуыдытӕ дӕр вӕййынц бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Йӕ ныхас цас хӕрзхъӕддӕр уа, уыйас йӕ ахуыры хъуыддаг дӕр хуыздӕр цӕуы. Ныхасы хӕрзхъӕддзинад та цӕмӕй тынгдӕр рӕза, уый тыххӕй урокты райтынг кӕнын хъӕуы дзырдуатон куыст. Уыцы куыст кӕнгӕйӕ ахсджиаг у ног дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕн канд сӕ нысаниуӕг раиртасын нӕ, фӕлӕ ма ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кӕнын, дзырдуат тынг хъӕздыг кӕй у, нӕ хъуыдытӕ, не нкъарӕнтӕ зӕгъынӕн  бирӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ амӕлттӕ кӕй ис, уый дӕр .

         Дзырдуатон куыстӕн йӕ сӕйраг объект у дзырд. Ӕвзаджы вазыгджын фӕзынд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ арӕх ахуыргӕнинӕгтӕн зын бамбӕрӕн вӕййынц йӕ нысаниуӕг, йе нкъарынадон  -нывӕфтыдадон ахаст, йӕ грамматикон хуызтӕ .

         Цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕр ирон ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ разӕнгарддӕрӕй ӕмӕ активондӕрӕй ӕвналой, цымыдисдӕр ӕм кӕной, уый тыххӕй ахуыргӕнӕджы ӕппынӕдзух дӕр агурын хъӕуы ног мадзӕлттӕ. Ахуыргӕнӕг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ уавӕртӕм, йӕ фадӕттӕм гӕсгӕ архайдзӕн сӕ райтынг кӕныныл, йе сфӕлдыстадон хъуыды ноджы тынгдӕр сахаддзӕн ӕмӕ уый фӕрцы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уӕлдай цымыдисдӕр суыдзысты ирон ӕвзагмӕ.

        Ахуыргӕнӕг цас арӕхстджындӕрӕй бавдиса сывӕллӕттӕм ӕвзаджы иу кӕнӕ иннӕ фӕзынд, уыйас ӕй уыдон хуыздӕр банкъардзысты. Куы йӕ банкъарой, уӕд фӕбӕрӕг уыдзӕн йӕ практикон  ахадындзинад дӕр.

         «Ныхасы рӕзтыл куысты фӕрӕзтӕй  иу у кӕрӕдзийыл баст ныхасы фӕлтӕрддзинад  райсын, фысгӕ ӕмӕ дзургӕ ныхасыл алыбон  кусгӕйӕ. Сывӕллӕттӕ цӕмӕй баст ныхасӕй пайда кӕнын базоной, уый тыххӕй аразын хъӕуы сӕрмагонд текстытӕ. Сывӕллӕттӕн раттын хъӕуы темӕ санализ кӕнын, йӕ сӕйраг хъуыды раиртасын, пълан саразын ӕмӕ йӕ сӕххӕсты ӕрмӕг ссарын зонын, йе взаджы фӕрӕзтӕ сбалвырд кӕнын».

          Практикӕ куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ахуыры процессы ӕнтыстдзинад сӕйрагдӕр аразгӕ у, методикайы фӕрӕзтӕ цӕйбӕрц куыстгонд сты, уымӕй.

         Ахуыргӕнджытӕн методикон литературӕ кӕй нӕ ис, уый аххосӕй сӕ куысты ӕмбӕлы къуылымпытӕ ӕмӕ хъуагдзинӕдтӕ.

       Ахсджиаг бынат ахуыргӕнӕджы куысты ахсы дидактикон ӕрмӕг, зонын  дзы раст пайда кӕнын.

        Дидактикон ӕрмӕг хъуӕмӕ арӕзт уа хицӕн карточкӕтӕ-фӕлтӕрӕнтӕй, кӕцыты амынд ис алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ скъоладзаутӕн коллективон ӕмӕ хибарӕй ӕххӕст кӕнынӕн урочы ӕппӕт хӕйтты дӕр ӕмӕ хӕдзары дӕр. Карточкӕты ӕрмӕг лӕвӕрд цӕуы йӕ хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕнцондӕрӕй зындӕрмӕ, омӕ хуымӕтӕгдӕрӕй вазыгджындӕрмӕ.

       Карточкӕтӕ уӕрст цауынц скъоладзаутӕн. Уыдон карточкӕты хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынц хибарӕй сӕ тетрӕдты. Ахуыргӕнӕг ӕмбырд кӕны тетрӕдтӕ ӕмӕ бӕлвырд кӕны куыстытӕ. Алкӕмӕн дӕр ӕвӕры бӕрӕггӕнӕн йӕ ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ скъоладзауты куысты у стыр ахъаз. Грамматикон ӕрмӕг ахуыргӕнгӕйӕ дӕр ахуыргӕнӕг пайда кӕны ацы карточкӕтӕй ӕппӕт урочы дӕргъы дӕр, стӕй хӕдзӕрмӕ куыст дӕтгӕйӕ дӕр.

       Дидактикон ӕрмӕг ахуыргӕнинӕгтӕй домы ахуыры хибӕрӕй хъуыды кӕнын ӕмӕ кусын. Уӕлдӕйдӕр техникон фӕрӕзтӕй пайдагонд куы цӕуа, уӕд сывӕллӕтты  цымидиссаг мадӕлон ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ кӕны тыхджындӕр.

        Сӕйраг ӕрмӕгӕй уӕлдай ма карточкӕты лӕвӕрд цӕуы хӕслӕвӕрд рацыд  ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн, уый ӕххуыс кӕны ног ӕрмӕг бӕстондӕр бамбарынӕн.

           Урок кӕнгӕйӕ дидактикон ӕрмӕг ахуыргӕнӕгӕн дӕтты стыр  фадӕттӕ скъоладзаутимӕ индивидуалон куыст кӕнынӕн  дӕр .

       Зӕгъӕм, тыхдыжындӕр ахуыргӕнинӕгтӕм дӕттын, сӕ мидисмӕ гӕсгӕ вазыгджындӕр чи у, ӕхӕм карточкӕтӕ, лӕмӕгъдӕр скъоладзаутӕм та –ӕнцондӕр мидисимӕ карточкӕтӕ. Ома, иудадзыгдӕр сывӕллӕттимӕ индивидуалон  куыст кӕнын.

      Дидактикон ӕрмӕгӕй пайдагӕнӕн ис рӕдыдтытыл кусгӕйӕ дӕр.

     Ахӕм ӕрмӕг стыр ахъаз фӕуыдзӕн канд ахуыргӕнджытӕн нӕ, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр. Карточкӕтимӕ куысты  фӕстиуджытӕ уӕлдай зынгӕдӕр кӕнынц, уыдонӕй ахуыр кӕнынц техникон  фӕрӕзтӕй пайдагӕнгӕйӕ, бӕрзонддӕр кӕнынц урокты эффективондзинад ӕмӕ хӕрзхъӕддзинад. Кӕй загъын ӕй хъӕуы, уый та хуыздӕрырдӕм зыны скъоладзауты зонындзинӕдтӕ бӕрзонддӕр кӕныныл

      Дидактикон ӕрмӕгӕй  пайдагӕнӕгн ис ныхасы рӕзтыл куыст  кӕнгӕйӕ дӕр.

       Ахуыргӕнӕджы куыст у сфӕлдыстадон. Уымӕ гӕсгӕ, уый хъуамӕ ахӕм ӕрмӕгӕй пайда кӕна къласы цӕттӕдзинад, скъолайы уавӕртӕ, кабинеты ифтонг ӕмӕ ӕндӕртӕ хынцгӕйӕ, хъуӕмӕ уӕрӕхдӕр кӕной  йе сфӕлдыстадон ӕвналӕнтӕ.      


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы рæзтыл куыст. Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Дзуархæссæг»-мæ гæсгæ.

Описание картины Шалвы Бедоева "Несение креста"...