Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."
классный час на тему

Цховребова Медея Суликоевна

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзауы дар афтауа балвард хъундытыл, разын сам кана уарзондзинад ныййарджытам, Райгуыран захма, фидалты намнема, фаллойма, ардз уарзын ама йа хъахъхъантима. 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл Ныхасы рӕзтыл куысты21.14 КБ

Предварительный просмотр:

                         

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

15-ӕм скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ

Литературӕйы ахуыргӕнӕг

Цхуырбаты М.С.

Дзӕуджыхъӕу, 2013 аз.

  «Адӕмӕ сӕ егъаудӕр

                                                                     хъӕздзындзинад у се взаг»

М. Шолохов                                                                                                                            

Ирон ӕвзаг у хъӕздыг ӕмӕ тынг рагон. Индоевропайаг ӕвзӕгта хсӕн ахсы вазыгджын бынат.Мӕнӕ куыд зӕгъы уый тыххӕй Михаил Богомолов. Академийы уӕнг-уацхӕссӕг: «Ирон адӕм тынг хорз бахъӕхъӕдтой се взаджы рагон аууӕлтӕ,иннӕ индоевропайаг ӕвзагтыл цы дзырдтӕ ӕмӕ грамматикон формӕтӕ нал ис, ахӕмтӕ,ома ирон ӕвзаджы баззад йӕ рагон бындур ,уымӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаг у хӕзна, къабиц иннӕ индоевропӕйаг ӕвзӕгта иртасынан,ӕмӕ уый тыххӕй ирон ӕвзаг ахуыр канынц  дунейы стырдӕр университеты»        

         Ирон ӕвзаджы урок у сывӕллоны зондахасты бындурӕвӕрӕг,йӕ удыхъӕд аразӕг,йӕ цӕстангас ӕрдзмӕ, адӕммӕ,ӕхсӕнадон цардмӕ парахатдӕргӕнӕг.

           Ӕвзаг ӕхсӕнадон хотых кай у, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕг алы урочы дӕр хъуамӕ дзура хъӕздыг, аив,хӕрзхъӕд, зӕрдӕмӕ арф хизӕг дзырдтӕй, хъуыдыйӕдтӕй. Ӕрвылбон ӕрхайа, цӕмӕй скъоладзауты сахуыр кӕна ирон ӕвзагыл хъуыды кӕнын, аив дзурын.Базонгӕ сӕ кӕна, ирон ӕвзаг индоевропӕйаг ӕвзӕгтӕй кӕй у, уыимӕ.

          Уырыккон ирон ӕвзаджы урочы сӕйпагдӕр домӕнтӕй иу у ныхасы рӕзтыл куыст. Уый у ӕтӕты зындӕр, фӕлӕ ахсджиагдӕр домӕн, уымӕн ӕмӕ скъоладзаутӕ не мбарынц дзырдты лексикон амынд.

           Ахуыргӕнаджы разма ис хас бабӕттын ӕвзаджы ӕрмӕг ныхасы рӕзт ӕмӕ урочы идейон –хъомыладон хасимӕ, куыд иу вазыгджын ахсджиаг цӕг, афтӕ.

           Методткон ӕгъдауӕй урочы сӕйраг хӕйттӕ хъӕуы бахъахъхъӕнын: 1) хӕдзармӕ куыстӕн ӕнӕсбӕрӕггӕнӕн кӕй,уымӕн ӕмӕ ног ӕрмӕг скъоладзаутӕ куыд бамбӕрстой,фӕлтӕрантӕ куыд сӕххӕст кодтой, уый алы ахуыргӕнӕгӕн дӕр бар дӕттын йӕ дарддӕры куыс методикон ӕгъдауӕй раст  рацаразын; 2)алы урочы дӕр фӕлхат кӕнын хъӕуы рацыд ӕрмӕг. Уый руаджы скъоладзауты самидин гӕнӕн ис, цӕмӕй ног ӕрмӕгмӕ се ргом аздахой ӕмӕ йӕ раст бамбарой; 3)ног ӕрмӕг бацамонын у урочы сӕйрӕгдар хӕй ӕмӕ йӕм тынг ламбынӕг хъӕуы хи цӕттӕ кӕнын, растдӕр зӕгъгӕйӕ, ӕвзаджы зонындзинӕдтӕ сбӕттын хъӕуы урочы идейон хъомыладон хӕсимӕ; 4) ӕрмӕг бафидар кӕнын, скъоладзауты хъуыдытӕ, зонындзинӕдтӕ рафалхатын,  бафидар кӕнын урочы чысыл бынат нӕ ахсы, ома у ахсджиаг цӕг, ноджы ма йӕ ныхасы разтимӕ сбӕттын кӕй хъӕуы ӕнӕмӕнг, уымӕй дӕр; 5)хӕдзармӕ кыст раст равзарын у азсджиаг хъуыддаг: фыццаджыдӕр, ӕрмӕг хъуамӕ ӕнӕмӕнг бафидар кӕнӕ скъоладзауты ног зонындзинӕдтӕ ӕвзӕгай, ӕфтауа сын сӕ ныхасы рӕзтыл, баст уа бӕстӕзонӕн куыстимӕ .

         Алы урочы дӕр хъуамӕ ахсджиаг бынат, ома ӕвзаджы лексикӕ. Урочы ӕвзарын хъӕуы ахӕм ӕрмӕг, кӕцы алы сколадзауы дӕр ӕфтауа бӕлвырд  хъуыдытыл, разын сӕм кӕна уарзондзинад ныййарджытӕм, Райгуырӕн зӕхмӕ, фидӕлты намысмӕ, фӕллоймӕ,  ӕрдз уарзын ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнынмӕ.

         Ныхасы рӕзты методикӕйы сӕйрагдӕр здӕхӕнтӕ сты: скъоладзауты дзырдуатон къӕбиц фӕуӕрӕхдӕр кӕнын,  литературон ӕвзаджы ӕгъдауттимӕ сӕ базонгӕ кӕнын, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ  кӕрӕдзиуыл бастӕй аив дзурой .

        «Хицӕн адӕймагӕн йӕ ныххасыхъӕд у йӕ иумӕйӕг культурӕйы ӕмӕ ахуыргондзинады ахъаззагдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕй иу» Скъоладзауӕн йӕ ныхас рӕстмӕ, нывыл куы уа, уад хъуыды кӕнын фапазы, йӕ хъуыдытӕ дӕр вӕййынц бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Йӕ ныхас цас хӕрзхъӕддӕр уа, уыйас йӕ ахуыры хъуыддаг дӕр хуыздӕр цӕуы. Ныхасы хӕрзхъӕддзинад та цӕмӕй тынгдӕр рӕза, уый тыххӕй урокты райтынг кӕнын хъӕуы дзырдуатон куыст. Уыцы куыст кӕнгӕйӕ ахсджиаг у ног дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕн канд сӕ нысаниуӕг раиртасын нӕ, фӕлӕ ма ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кӕнын, дзырдуат тынг хъӕздыг кӕйу, нӕ хъуыдытӕ, не нкъарӕнтӕ зӕгъынӕн  бирӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ амӕлттӕ кӕй ис, уый дӕр .

         Дзырдуатон куыстӕн йӕ сӕйраг обект у дзырд. Ӕвзаджы вазыгджын фӕзынд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ арӕх ахуыргӕнинӕгтӕн зын бамбӕрӕн вӕййынц йӕ нысаниуӕг, йе нкъарынадон  -нывӕфтыдадон ахаст, йӕ грамматикон хуызтӕ .

         Цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕр ирон ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ разӕнгарддӕрӕй ӕмӕ активон дӕрӕй ӕвналой, цымыдисдӕр ӕм кӕной, уый тыххӕй ахуыргӕнӕджы аппындзух дӕр агурын хъӕуы ног мадзӕлттӕ. Ахуыргӕнӕг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ уавӕртӕм, йӕ фадӕттӕм гӕсгӕ архайдзӕн сӕ райтынг кӕныныл, йесфӕлдыстадон хъуыды ноджы тынгдӕр сахаддзӕн ӕмӕ уый фарцы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уӕлдай цымыдис дӕр суыдзысты ирон ӕвзӕгмӕ.

        Ахуыргӕнӕг цас арӕхстджындӕрӕй бавдиса сывӕллӕттӕм ӕвзаджы иу кӕнӕ иннӕ фӕзынд, уыйас ӕй уыдон хуыздӕр банкъардзысты. Куы йӕ банкъарой, уӕд фӕбӕрӕг уыдзӕн йӕ практикон  ахадындзинад дӕр.

         «Ныхасы рӕзтыл куысты фӕрӕзтӕй  иу у кӕрӕдзийыл баст ныхасы фӕлтӕрдзинад  райсын, фысгӕ ӕмӕ дзургӕ ныхасыл алыбон  кусгӕйӕ. Сывӕллӕттӕ цӕмӕй баст ныхӕссӕй пайда кӕнын базонай, уый тыххӕй аразын хъӕуы сӕрмагонд текстытӕ. Сывӕллӕттӕн раттын хъӕуы темӕ санализ кӕнын, йӕ сӕйраг хъуыды раиртасын, пълан саразын ӕмӕ йӕ сӕххӕсты ӕрмӕг ссарын зонын, йӕ ӕвзаджы фӕрӕзтӕ сбалвырд кӕнын хӕсма»

          Практикӕ куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ахуыры процессы ӕнтыстдзинад сӕйрагдӕр аразгӕ у, методикайы фарстатӕ цӕйбӕрц куыстгонд сты, уымӕй.

         Ахуыргӕнджытӕн методикон литературӕ кӕй нӕ ис, уый аххосӕй сӕ куысты ӕмбӕлы къуылымпыта ӕмӕ хъуагдзинӕдтӕ.

       Ахсджиаг бынат ахуыргӕнӕджы куыст ахсы дидактикон ӕрмӕг, зонын  дзы раст пайда кӕнын.

        Дидактикон ӕрмӕг хъуӕмӕ арӕзт уа хицӕн карточкӕтӕ-фӕлтӕрӕнтӕй, кӕцыты амынд ис алы хуызон хӕслӕвӕрдтӕ скъоладзаутӕн коллективон ӕмӕ хибарӕй ӕххӕст кӕнынӕн урочы ӕппӕт хӕйтты дӕр ӕмӕ хӕдзары дӕр. Карточкӕты ӕрмӕг лӕвӕрд цӕуы йӕ хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕнцондӕрӕй зындӕрмӕ, омӕ хуымӕтӕгдӕрӕй вазыгджындӕрмӕ.

       Карточкӕтӕ уӕрст цауынц скъоладзаутӕн. Уыдон карточкӕты хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынц хибарӕй сӕ тетрадты. Ахуыргӕнӕг амбырд кӕны тетрӕдтӕ ӕмӕ бӕлвырд кӕны куыстытӕ. Алкӕмӕн дӕр ӕвӕры бӕрӕггӕнӕн йӕ ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ скъоладзауты куысты у стыр ахъаз. Грамматикон ӕрмӕг ахуыргӕнгӕйӕ дӕр ахуыргӕнӕг пайда кӕны ацы карточкӕтӕй ӕппӕт урочы дӕргъы дӕр, стӕй хдзӕрмӕ куыст дӕтгӕйӕ дӕр.

       Дидактикон ӕрмӕгахуыргӕнинӕгтӕй домы ахуыры хибӕрӕй хъуыды кӕнын ӕмӕ кусын. Уӕлдӕйдӕр техникон фӕрӕзтӕй пайдагонд куы цӕуа, уӕд сывӕллаты  цымидиссаг мадӕлон ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ кӕны тыхджындӕр.

        Сӕйраг ӕрмӕгӕй уӕлдай ма карточкӕты лӕвӕрд цауы хӕслӕвӕрд рацыд  ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныннӕн, уый ӕххуыс кӕны ног ӕрмӕг бӕстондӕр бамбарынӕн.

           Урок кӕнгӕйӕ дидактикон ӕрмӕг ахуыгӕнӕгӕн даты стыр  фадӕттӕ скъоладзаутимӕ индивидуалон куыст кӕнынӕн  дӕр .

       Зӕгъӕм, тыхдыжындӕр ахуыргӕнинӕгтӕм дӕттын, сӕ мидисмӕ гӕсгӕ вазыгджындӕр чи у, ӕхӕм карточкӕтӕ ,лӕмӕгъдӕр скхоладзаутӕм та –ӕнцондӕр мидисимӕ карточкӕтӕ. Ома, иудадзыгдӕр сывӕллӕттимӕ индивидуалон  куыст кӕнын.

      Дидактикон ӕрмӕгӕй пайдагӕнӕн ис рӕдыдтытыл кусгӕйа дӕр.

     Ахӕм ӕрмӕг стыр ахъаз фӕуыдзын канд ахуыргӕнджытӕн нӕ, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр. Карточкӕтимӕ куысты  фастиуджытӕ уӕлдай зынгӕдӕр кӕнынц, уидонӕй ахуыр кӕнынц техниконфӕрӕзтӕй пайдагӕнгӕйӕ, бӕрзонддӕр кӕнынц урокты эффективон – дзинад ӕмӕ хӕрзхъӕддзинад. Кӕй загъын ӕй хъӕуы, уый тахуыздӕрырдӕм зыны скъоладзауты зонындзинӕдтӕ бӕрзонддӕр кӕныныл

      Дидактикон ӕрмӕгӕй  пайдагӕнӕг ис ныхассы рӕзтыл куыст  кӕнгӕйӕ дӕр.

       Ахуыргӕнӕджы куыст у сфалдыстадон. Уымӕ гӕсгӕ, уый хъуамӕ ахӕм ӕрмӕгӕй пайда кӕна къласы цӕттӕдзинад, скъолайы уавӕртӕ, кабинеты ифтонг ӕмӕ ӕндӕртӕ хынцгӕйӕ, хъуӕмӕ уӕрӕхдӕр кӕной  йе сфӕлдыстадон ӕвнӕлӕнтӕ.      


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы нысантæ:Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ д...

Ныхасы рæзтыл куыст. Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Дзуархæссæг»-мæ гæсгæ.

Описание картины Шалвы Бедоева "Несение креста"...