Мероприятие ко дню осетинского языка и литературы.
классный час (11 класс) на тему

Учитель осетинского языка и литературы МБОУ СОШ №21 Дзуцева З.Б. провела с учащимися 11-ми классами общешкольное мероприятие "Ирон æвзаг æмæ литературæйы барагбон" 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл merpriyatie.docx18.17 КБ

Предварительный просмотр:

СЦЕНАРИЙ КО ДНЮ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА 15 МАЯ.


1-аг амонӕг

Абон у нӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон.Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут абон нӕ бӕрӕгбонмӕ уе ппӕт дӕр. Уе ппӕт дӕр стут Хуыцауы уазджытӕ ӕмӕ махӕн тынг ӕхсызгон у, абон кӕй ӕрбамбырд стӕм, уый.

2-аг амонӕг

А дунейыл адӕймаджы Хуыцау сфӕлдыста цӕрынӕн. Цӕрын зын у, фӕлӕ иу адӕймаг дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды. Цӕрынӕн та алкӕмӕн дӕр ис йӕхи Райгуырӕн бӕстӕ, йӕхи фыдӕлты уӕзӕг, йӕхи мадӕлон ӕвзаг, йӕхи цӕсгом.

1-аг амонӕг

Нӕй баивӕн дӕ цӕсгомӕн кӕйдӕр цӕсгомӕй, уӕд ды дӕхӕдӕг нал уыдзынӕ. Адӕймаг йӕ цӕсгомы сконд фӕивы ӕрмӕстдӕр уӕд, ӕмӕ йӕ ӕмбӕхсын куы бахъӕуы йӕ «чъизи» хъуыддӕгтӕ. Йӕ зынаргъ адӕмы раз куы нал фӕуӕнды равдисын йӕ цӕсгом. Ӕмӕ уӕд уый цард нал у. Адӕймагӕн йӕ уды конд разыны йӕ цӕсгомӕй, - куы йӕм бакӕсай, уӕд; йе взагӕй – куы йӕм байхъусай, уӕд. Уӕдӕ махӕй алчидӕр ам, йӕ зӕрдӕйы хъуамӕ дара ахӕм хъуыды: «Куыд нӕ ис баивӕн цӕсгомӕн, нӕй афтӕ баивӕн мадӕлон ӕвзагӕн!»

Ацы хъуыды тынг аивӕй равдыста йе мдзӕвгӕйы Хаджеты Таймураз. Байхъусӕм ма йӕм.

Ӕмдзӕвгӕ дзуры Гиголаты Алеся æмæ Бететы Илонæ 5-ӕм «Б» къласы ахуырдзатæ.

«Ме взаг»

У иу ӕвзаг дӕр а дунейӕн фаг,

Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл!..

Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг,

Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры нӕмыг мӕры?!

Ды незаманӕй ацы боны онг

Нӕ фесӕфтай дӕ уаз хъӕлӕс, дӕ намыс.

Ӕнус-ӕнус дӕ сыгъдӕг уды конд

Цырен арт ӕмӕ карды комыл бахсыст.


Тыгъд быдыры дыл дымгӕйы ныхмӕ

Лӕхурдта Скиф йӕ тызмӕджы ныхӕстӕ,

«Тох!.. Тох!..» - сӕрмӕттаг сабийы дзыхӕй

Ысхаудта дзырд – лӕг у; ӕрцыд йӕ рӕстӕг!

Фӕлӕ дӕ рӕстӕг а фарнӕй хызта,

Дӕ сыгъзӕрин ӕй ракалын нӕ фӕндыд…

Ныззарыд уӕд ирон лӕппу – Къоста –

Ӕмӕ дӕ тулдз йӕ уидӕгтӕм нызмӕлыд.


Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг, –

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,

Ӕмӕ куы сӕфай (ма зӕгъӕд ызнаг), –

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори!


2-аг амонӕг

Дунейы фарн зӕгъӕд , ӕмӕ алы ирон дӕр куыд уа цӕсгомджын ирон фарнӕй, алы ирон дӕр куыд уа хайджын Къостайы взагӕй!

Байхъусӕм ма уӕдӕ нӕ кӕстӕр фӕсивӕдмӕ «Мадӕлон ӕвзаг» куыд зынаргъ у, уымӕ…

Ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсынц Тигиты Сæрмæт , Куркумули Леван 6 «Б»классы ахуырдзаутæ æмæ дыккæгæм «Б» къласы ахуырдзау Дудиаты Алан .


1-аг амонӕг

Цард рӕсугъд уӕд у, ӕмӕ хъӕбул куы хъуса алыбон йӕ мады фӕлмӕн хъӕлӕс,йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы зӕлой ирон дзырдтӕ:..


2-аг амонӕг

Адӕймаг амондджын уӕд у, куы базона аргъ кӕнын йӕ рагфыдӕлтӕн, йӕхицӕн, йӕ фыды зӕххӕн, сӕрибарӕн, йӕ мадӕлон ӕвзагӕн, еуӕд ӕхсиддзӕн йӕ дадзинты алкӕддӕр ирон туг!

Йӕ райгуырӕн бӕстӕ чи уарзы, уый сӕрбӕрзондӕй, сӕрибарӕй йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзуры, зӕгъгӕ, къӕлӕт хӕссыныл чи не сразы уа йӕ царды, ӕрмӕстдӕр уый бахъахъхъӕндзӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг. Ӕрмӕстдӕр ирон туг кӕмӕн фыцы йӕ риуы, еуый нӕ ферох кӕндзӕн йе взаг.


Цард бӕллиццаг у уӕд, кад дын куы кӕной , цы адӕмы хсӕн цӕрыс, уыдон, фӕлӕ кады аккаг та уыдзынӕ уӕд, ӕмӕ куы зонай , куы уарзай дӕ мадӕлон ӕвзаг! (Гаситы Моникæ 5 «Б»,)


Ирон дзырды рӕсугъд азӕлд,

Куыд уарзон дӕ, куыд адджын дӕ!

Ныййарӕджы фӕлмӕн узӕлд,-

Ирон ӕвзаг – дӕ зарджытӕ.


Ирон ныхас – цӕугӕ кадӕг,

Нӕ фӕндагыл ӕрвхуыз суадон.

Ирон ӕвзаг, ирон зарӕг –

Нӕ фарны сӕр, нӕ хӕзнадон!

1-аг амонӕг

Ирон ӕвзагыл цӕрӕнбонты фыстой ӕмӕ фысдзысты сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нӕ фысджытӕ ӕмӕ нӕ поэттӕ. Уыдон, куыд байхъуыстат, афтӕмӕй, диссаджы рӕсугъд равдыстой сӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмы хъуыдытӕ дӕр.

2-аг амонӕг

Абоны царды сагъӕссаг у ирон ӕвзаджы фидӕн, фӕлӕ йӕ цалынмӕ уарзӕм, цалынмӕ йыл хъуыды кӕнын фӕрӕзӕм, цалынмӕ ирон сывӕллон дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уӕдмӕ йын тӕссаг нӕу фесӕфынӕй.


1-аг амонӕг

Ирон лӕгӕн йе взаг ӕрмӕст йӕ сагъӕс нӕу. Уый у , Дзуццаты Хадзы-Мурат куыд загъта, афтӕмӕй – йӕ хъарӕг дӕр, йӕ зарӕг дӕр, йӕ фарн дӕр, йӕ цин дӕр ӕмӕ йӕ уарзт дӕр.


2- аг амонӕг

Историйы дард фӕндӕгтыл, ӕнусты сӕрты ӕрхаста ирон фарн махӕн ирон дзырд, цӕмӕй йӕ мах дӕр бахъахъхъӕнӕм скифтӕ ӕмӕ сӕрмӕттау.


1-аг амонӕг

Абон мах куыд бамбӕрстам, афтӕмӕй «Ирон лӕг хъуамӕ баззайа иронӕй!» афтӕ фыста Айларты Михал, ӕмӕ афтӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм мах не ппӕт дӕр.


Ууыл абон нӕ бӕрӕгбоны хӕс сӕххӕст кодтам.

Стыр бузныг уын. Уарзут уӕ мадӕлон ӕвзаг, мадӕй зынаргъдӕр нӕй, мады руаджы базонӕм, цы взагыл дзурӕм, уый, ӕмӕ йын кад кӕнын хъӕуы цӕрӕнбонты!






По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Сценарий мероприятия к "Дню осетинского языка"

Это мероприятие готовилось к празднованию республиканского всеосетинского "Дня родного языка", которое мы отмечаем 15 мая - в знаменательный день выхода сборника произведений Коста Хетагурова "Осетинс...

Использование новых технологий на уроках осетинского языка и литературы.

        Использование новых технологий на уроках осетинского языка и литературы. ...

Доклад"Игровые формы обучения на уроках осетинского языка и литературы".

Темæ. «Хъазты хуызты эффективон мадзæлттæ ирон æвзаджы урокты».  «Игра – это огромное окно, через которое в духовный мир ребенка вливается живительный поток пре...

Беседа о языке.День осетинского языка и литературы

Разговор о важности изучения родного языка....