Дамгъӕ Гъ, мыр [гъ]. Аргъау: Цӕст – ӕнӕфсис.
методическая разработка (5 класс)

Валиева Илона Тенгизовна

Буква Гъ,звук "гъы". Сказка  "Подкова"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл bukva_g_zvuk_g.docx424.84 КБ

Предварительный просмотр:

Дзæуджыхъæуы

3-æм  астæуккаг скъолайы  ирон æвзаг æм литепратурæйы ахуыргæнæг

Уалыты-Гæззаты Илонӕйы

ирон æвзаджы урок 1-æм къласы

Урочы темæ: Дамгъӕ Гъ, мыр [гъ]. Аргъау:  Цӕст - ӕнӕфсис

Буква Гъ, звук [гъ].

Урочы нысантæ:

1.Сывæллæтты базонгæ кæнындамгъӕ Гъ, мыр [гъ]-имæ.  

2. Бакусын  ныхасы рæзтыл.

3.Сабитæм гуырын кæнын  мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад.

Урочы фæлгонц: «Абеты» нывтæ, дамгъӕ Гъ–имӕ предметон нывтæ, магнитафон.  

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.
  2. Мотивацион рӕстӕг.

СЫВÆЛЛÆТТÆ ХЪУСЫНЦ ЗАРÆГМÆ ИРОН ÆВЗАГЫЛ.

Дӕ райсом хорз,  Ирыстон!

Ахуыргӕнӕгимӕ иумӕ сывæллæттæ дзурынц цыппаррӕнхъон:

Нана хъуыллӕг цагъта.

Дада хуымзӕхх къахта.

Таму сугтӕ саста.

Фари гуымбыл ахста.

Хаби бӕлас сагъта.

Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ абон райсомӕй куыстмӕ цӕугӕйӕ федтон ахӕм ныв. Баба йӕ фырты фырт Ацӕйӕн цума кодта, уый-та йӕм нӕ хъуыста. Уымӕн гӕнӕн ис? Ау, ӕмӕ  кӕстӕр хъуамӕ хистӕрмӕ ма хъуса?

Дзуæппытæ.

Сывӕллӕттӕ: Хъуса. Кад йын кӕна.

Ахуыргӕнӕг: Цымӕ цы бавӕййынц кӕрӕдзийӕ, уӕдӕ?D:\tomas\Desktop\ДАМГЪА ГЪ ИТОГ\хъабар нысан 2.jpg

Сывӕллӕттӕ:Баба ӕмӕ фырты фырт (лӕппу).

Ахуыргӕнӕг:Раст зӕгъут хиуӕттӕ сты. Æмӕ уӕм цӕй хуызӕн кӕсынц?

(Дзуӕппытӕ).

Уӕдӕ абон базонгӕ уыдзыстӕм дамгъӕ Гъ-имӕ.

******Бакӕсын Гъ-имӕ уӕнггай:

Гъа        гъæ       гъе     гъи      гъо     гъу      гъы

Агъ        æгъ       егъ     игъ     огъ      угъ      ыгъ

Ахуыргӕнӕг:Мыр[гъ]ӕнцонтӕйраулӕфӕм, ӕви  зынтӕй :

Гъ  Гъ Гъ

Сывӕллӕттӕ:Зынтӕй.

Ахуыргӕнӕг:Уый у ӕмхъӕлӕсон ӕмӕ кавказаг дамгъӕ.

******Дзурӕм иумӕ:

Сæгъ          æгъдау         аргъау

Бирæгъ      æгънæг        æвгъау

********Чысыл аулӕфт.

 Хӕццӕ- мӕццӕ.

Бӕласыл ӕрзад лӕппутӕ,

Найы кӕрдойы йӕ мад.

Не стъол байдыдта гӕппытӕ,

Сӕныкк та лӕууы ӕнцад.

Хӕс: Сывӕллӕттӕ раст кӕнынц лексикон ӕмӕ логикон рӕдыдтытӕ.

Агурынц дзы сӕйрат ӕмӕ зӕгъинаг.

Тагъдзуринаг.

Бирæгъ сæгъмæ дзуры:

- Бирæ уарзын дæу.

Рацу, ам мæ цуры

Ис уæрæх фæз, нæуу!

******Аулӕфт скӕнын:  

  1. Мах цæуæм,

                      Цæуæм,

                                    Цæуæм.

Зокъотæ æмбырд кæнæм:

Иу зокъо,

                     Дыууæ зокъо…

Зокъотæ та хин сты,

Кæрдæджы нымбæхстысты.

2.Реуа.

3. Дзедз ӕмӕ дзедз.

4.Куыд цӕрут?

******Ахуыргӕнӕг сывæллæттæн кӕсы цыбыр текст:

Аргъау:  Цӕст - ӕнӕфсис

Бирӕгъ бӕхыл сӕмбӕлд.

Хӕрынмӕ йӕ рахъавыд.

Бӕх ма йын афтӕ:

- Ног цӕфхад мыл ис.

Æвгъау у. Уый уал ралас.

Зыд бирӕгъ цӕфхад ласынмӕ фӕци.

Бӕх ын цӕфхадӕй – хафт.

Бирӕгъы ных бахауд.

-Афтӕ мын хъуыд, - хъӕрзыд бирӕгъ.

- Цӕмӕн мӕ бахъуыд цӕфхад.

Хӕс:

Радгай кӕсынц сывӕллӕттӕ текст. Дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фарстатӕн.

1. Кӕй кой кодтой аргъауы?

2. Кӕм цӕры бирӕгъ, бӕх - та?

3.Цавӕр вӕййы бирӕгъ?

4. Бӕх та?

5. Цы уарзы бирӕгъ?

6. Цы уарзы бӕх?

7.Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны аргъау?

8. Цал хъуыдыйады ис тексты?

Ныффыссын къухфыстыты.

  1. Хатдзӕгтӕ
  2. Хӕдзармӕ куыст.

Ахуыргӕнӕг: Хӕрзбон, мӕ зынаргъ сывӕллӕттӕ!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Фондз æфсымæры аргъау

повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова" ...

Ногбоны аргъау

Урочы темæ:...

Тест 5 класс Нигер " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"- ма гасга

Тест по сказке Нигера " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"-ма гасга. Самоанализ по произведению...

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...

Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ

Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ "Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ"...