Открытый урок в 7 классе по теме: Мир растений.
план-конспект урока (7 класс) по теме

Етдзаева Залина Славиковна

Предварительный просмотр:

Зайæгойты дуне

Урочы нысан: 1. Мырты растдзурынадыл бакусын.

                           2. Текст æмбаргæ каст кæнынмæ арæхсыны куыст адарддæр кæнын.

3. Рацыд лексикон-грамматикон æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

Хъомыладон хæс: скъоладзауты æгъдауджын уæвыныл ахуыр кæнын.

Цæстуынгæ хæс: магнитофон, диск 1, 2 фæлтæрæнтимæ.

Урочы методикон рацарæзт

  1. Бацæттæгæнæн хай.

- Уæ бон хорз,сывæллæттæ!

- Уæ бон хорз,нæ зынаргъ уазджытæ!

- Сбадут.

Нæ зардыл æрлæууын кæнæм рацыд æрмæг:

-Цал афæдзы афоны зонæм?(4)

-Ранымайут сæ (зымæг,уалдзæг,сæрд,фæззæг).

-Ныр цавæр афæдзы афон у? (уалдзæг).

-Ранымайут уалдзæджы мæйтæ иронау?( Тæргæйтты мæй,Хуымгæнæны мæй,Зæрдæвæрæны мæй).

-Цавæр æмдзæвгæтæ сахуыр  кодтат уалдзæджы тыххæй?

Райхъал ис уалдзæг йæ тарф фынтæй.

Бахудт чындздзон чызгау сæрвæттæм,

Бабаста арвы рон авд тынæй

Айтыгъта фæзыл йæ сæрбæттæн.

Цæгæтты арф миттæ тайынц.

Райдыдтой дæттæ сæр-сæр,

Бæлæстæй мæргътæ ныззарынц

Арв та ныннæрыд кæмдæр.

Хур арæхдæр тавы,

Ысулфыд зæхх

Сæгъ хъæмпæй нæ давы

Нæ хуссæрттæ цъæх.

Ног та сулæфыди зæхх

Быдыр ранæй-ран фæцъæх.

Бæлас акалдта сыфтæр

Хъуысы тракторы къæр-къæр.

Бон чысыл фæдаргъдæр,        Тагъд та рцæудзæн уалдзæг,

Хъарм дымгæ кæны.              Тагъд та рцæудзæн май.

Уалзæг рацу тагъддæр,        æмæ та нын ратдзæн

Зæрдæ дæм бæллы.               Циндзинады хай

Быдыртæ мæ хъæдтæ        Атайдзысты миттæ

Хинымæр тыхсынц,            Райхъал уыдзæн æрдз.

Алы бон æнхъæлмæ             Зæхх йæ фæллад синтæй

Уалдзæгмæ кæсынц.          Аппардзæн йæ кæрц.

Хур та арвыл хъазгæ

Стулдзæни бæрзонд.

Хъæдбынæй та заргæ

Рабырсдзæни дон.

Быдыртæй та хъуысдзæн

Цины зарæг ног.

Алчи та йæ куыстмæ

Вналдзæни уæнгрог.

II. Хæдзармæ куысты 2 фæлтæрæн равзарын (2-3 скъоладзауы).

НОГ ӔРМӔГ:

-Фæйнæгыл фыст эпиграф «Ӕрдз лӕгӕн ныййарæг мад у.»

Тæргæйтты мæйы 17-æм бон.

Къласы куыст.

Дыццæг.

Темæ:

-Сывæллæттæн доскайыл равдисын нывтæ: дугъысыф,малусæг,къаппа-къуппа, урс дидинæг,мæнтæг æмæ а.д.

-Иумæ та сæ куыд хонæм? (зайæгойтæ).Раст. Абон нæ урочы темæ у

                              ЗАЙӔГОЙТЫ ДУНЕ.

III. Фонетикон зарядкæ.

Фæлт. 1         бакæсын

        цавд сæвæрын        

IV. Дзырдуатон куыст.

1. Ныффыссын иронау (ахуыргæнæг дзуры уырыссагау).

Жалеть, семена, одуванчик, лопух, угрожать, брезгливо, свисающий.

Ӕвгъау,мыггæгтæ,къаппа-къуппа,мæнтæг, æвзиды,былысчъилæй,зæбул.

2. Дзырдтимæ дзырдбæстытæ æрхъуыды кæнын.

Ӕгъау у,алыхуызон мыггæгтæ,бур къаппа-къуппа,мæнтæджы сыфтæ,искæмæ æвзидын,былысчъилæй кæсын,зæбул хъустæ.

Дзырдтæ:

Ӕдылы-глупый;

Зондджын-умный;

Фæразон-выносливый;

Ӕмбаргæ-понимающий;

Хæлæггæнаг-зависливый;

Ӕдзæстуарзон-недоброжелательный

(записать слова в словарь)

V. Текстыл бакуыст.

Фæлт. 2           байхъусын

          бакæсын

          -Чи сты радзырды сæйраг архайджытæ?

Фæлт. 3          тексты абзацтæн сæргæндтæ æрхъуыды кæнын

           Ныффыссын иугай хъуыдыйæдтæй абзацты сæйраг хъуыды

VII. Грамматикон æрмæгыл куыст.

Фæлт. 4       Текстæй рафыссын мивдисджытæ разæфтуантимæ. Сбæрæг кæнын   разæфтуанты нысаниуджытæ.

Æрзад, бацыдаид, схæцыд, ацыдысты, бафæнды, ацаразы, æрцæуы, нал фæхъæуынц, зæххы æмæттаг бакæнынц, смидæг вæййы, мæлæт æрцæуы, ралæууа, ныууадздзысты, сæхиуыл схæцой, фæтæхой, сдзырдта.

ФИЗМИНУТКӔ

Дзырдбыд «Уалдзæг»

м

и

т

   

з

а

р

д

б

æ

л

а

 с

х

у

р

с

æ

р

дз

г

                                                                                                         

  Фæрсырдæм: 1.Уалдзӕджы атайы.

2 Хъуысы мæргъты хъæлдзæг....

3. Рафтыдта сыфтæр.

4. Уалдзæджы тынгдæр тавы.

5. Уый райхъал ис.

Бынмæ:  1. Фæзындис фæзты уалдзыгон.

               2. Уый сулæфыдис.

Къордтæй куыст: сывæллæттæ дих кæнынц дыууæ къордыл

Фæлт. 5        лæвæрд миниуджытæ хуызæгмæ гæсгæ ныффыссын.

Мæнтæг уыдис: æдылы, хæлæггæнаг, фыдзæрдæ, фыдуынд, æгад, æдзæстуарзон, цыбырзонд.

Къаппа-къуппа уыдис; зондджын, фæразон, æмбаргæ, хъæбулуарзаг.

Фæлт. 6        бакæсын

        Сбæрæг кæнын хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ

2-аг цæджындзы хъуыдыйæдты мивдисджытæ лæвæрд сты каузативон формæйы.

VII. Кæронбæттæн хай.

 хатдзæгтæ скæнын

Нæ урокмæ эпиграф куыд æмбарут?

«Ӕрдз лæгæн ныййарæг мад у.»Ӕрдзæн ис диссаджы сусæгдзинæдтæ: йæхи хъахъхъæны æвзæр адæмæй, йæ сомбоны боныл чи нæ хъуыды кæны,уыдонæй.Ӕрдз хъæуы хъахъхъæнын! Куыд?,…………….

Ӕрдз лæгæн ныййарæг мад у. Ӕмæ йæ мадау уарзын æмæ хъахъхъæнын хъæуы.

-Уæ зæрдæмæ фæцыд урок?

-Цы базыдтат ногæй?

-Уæхицæн дзы цы райстат?

 бæрæггæнæнтæ сæвæрын

 хæдзармæ куыст бамбарын кæнын æмæ фæнысан кæнын.

• фæрстытæн фысгæ дзуæппытæ раттын.

1. Мæнтæг мæсты кодта къаппа-къуппамæ, уымæн æмæ уый уыд зондджын æмæ æмбаргæ.

2. Къаппа-къуппа йæхи дардта сабыр.

3. Йæхи растдæр дары къаппа-къуппа, уымæн æмæ уый никæй хъыгдары, никæимæ хыл кæны.

4. Автор «æдылы къоппа» хоны мæнтæджы, уымæн æмæ уый йæхи дарын нæ зоны.

 скъоладзауты афæндараст кæнын.

Мæнтæг

Къаппа-къуппа

æдылы

зондджын

фæразон

æмбаргæ

хæлæггæнаг

фыдзæрдæ

фыдынд

æгад

æдзæстуарзон

хъæбулуарзаг

цыбырзонд

Мæнтæджы фарсмæ æрзадис къаппа-къуппа.

 Мæнтæджы фарсмæ  æрзайын кодтой къаппа-къуппа.

Чысыл раздæр дæр ма йе уæнгты царды тых кæмæн хъазыдис,уый рыджы смидæг вæййы. 

Чысыл раздæр дæр ма йе уæнгты царды тых кæмæн хъазыдис,уый рыджы смидæг кæнынц. 

Мæнтæджы сыфтæй худ аразынц.

Мæнтæджы сыфтæй худ саразын кодтой.

Гом урок

7 къласы

Темӕ:Зайӕгойты дуне

(ирон ӕвзаг чи нӕ зоны,уыцы ахуыргӕнинӕгтӕн).

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг: Етдзаты З.С.



Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон ӕвзаджы  урокмæ 7-æм къласы

Темӕ: Миногон.Фӕлхат кӕныны урок.

Ныхасы темӕ: «Зайæгойты дуне».

Нымӕц: Тæргæйтты мæйы 17-æм бон.

Ахуыргӕнӕг: Етдзаты Зӕлинӕ С.

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ

1.Миногонӕй рацыд ӕрмӕг  фӕлхат кӕнын.

2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.

3.Миддуне хъӕздыг кӕныныл куыст.

4.Скъоладзауты разӕнгард кӕнын бӕстӕзонӕн куыстыл архайын, сӕ зӕрдӕты гуырын кӕнын   уарзондзинад Райгуырӕн бӕстӕмӕ.

5.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын.

 

Урочы тип

Урок-проект

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон : зонын миногоны сӕйраг ӕмбарынад куыд ныхасы хай,  зонын миногонай пайда кӕнын дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы мидӕг.

Метапредметон  Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад  интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы;ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, проектон.

Техникон фӕрӕзтӕ

  Компьютер, мультимедийон  проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

 Презентации урокмӕ « Зайæгойты дуне»,  зарӕг «Бӕстӕтӕ бирӕ сты», видеоӕрмӕг , нывтӕ,карточкӕтӕ.

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

 Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Разныхас:  Сывӕллӕттӕ, уӕ бон хорз!Мӕ ном хуыйны Зӕлинӕ Славиковнӕ.  Тынг ӕхсызгон мын у сымахимӕ фембӕлд ацы уалдзыгон рӕсугъд  бон. Абон мах хъӕуы иумӕ бакусын ирон ӕвзаджы урочы. Тынг хорз уыдзӕн  зӕрдиагӕй куы бацархайӕм . Табуафси, райдайӕм.  

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

1. Хæдзармæ куыст

  1. Зонындзинæдты актуализаци

 Хæдзармæ куысты 2 фæлтæрæн равзарын (2-3 скъоладзауы).

Сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ фӕнды базонын, абон цӕуыл дзурдзыстӕм, уый?

 

 Сывӕллӕттӕ ӕмдзӕвгӕтӕ дзурынц. Иннӕтӕ лӕмбынӕг   хъусынц.    

 

 Райхъал ис уалдзæг йæ тарф фынтæй.

Бахудт чындздзон чызгау сæрвæттæм,

Бабаста арвы рон авд тынæй

Айтыгъта фæзыл йæ сæрбæттæн.

Цæгæтты арф миттæ тайынц.

Райдыдтой дæттæ сæр-сæр,

Бæлæстæй мæргътæ ныззарынц

Арв та ныннæрыд кæмдæр.

Хур арæхдæр тавы,

Ысулфыд зæхх

Сæгъ хъæмпæй нæ давы

Нæ хуссæрттæ цъæх.

Ног та сулæфыди зæхх

Быдыр ранæй-ран фæцъæх.

Бæлас акалдта сыфтæр

Хъуысы тракторы къæр-къæр.

Бон чысыл фæдаргъдæр,        Тагъд та рцæудзæн уалдзæг,

Хъарм дымгæ кæны.              Тагъд та рцæудзæн май.

Уалзæг рацу тагъддæр,        æмæ та нын ратдзæн

Зæрдæ дæм бæллы.               Циндзинады хай

Быдыртæ мæ хъæдтæ        Атайдзысты миттæ

Хинымæр тыхсынц,            Райхъал уыдзæн æрдз.

Алы бон æнхъæлмæ             Зæхх йæ фæллад синтæй

Уалдзæгмæ кæсынц.          Аппардзæн йæ кæрц.

Хур та арвыл хъазгæ

Стулдзæни бæрзонд.

Хъæдбынæй та заргæ

Рабырсдзæни дон.

Быдыртæй та хъуысдзæн

Цины зарæг ног.

Алчи та йæ куыстмæ

Вналдзæни уæнгрог.

Сывӕллӕттӕ, зӕгъут ма кӕцы афӕдзы афоны кой кӕнӕм?

-Тынг раст «Уалдзӕджы» тыххӕй.

Уӕдӕ цавӕр Ныхасы кой кӕндзыстӕм абон?

-Тынг раст, миногон.

Цӕмӕ гӕсгӕ йӕ базыдтат?

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм цы у миногон?

                   

1.Миногон у ахӕм ныхасы хай, кӕцы амоны предметӕн йӕ:

А) ном

Ӕ)архайд

Б)миниуӕг

Хатдзӕгтӕ

Хъусынц кӕрӕдзимӕ.

 

Скъоладзаутӕ  урочы темӕ дзурынц.

 

Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

Скъоладзаутӕ   кусынц иумӕйагӕй.

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс.

Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн .

КоммуниКоммуникативон  :ныхасы раст пайда кӕнынц номдартӕ ӕмӕ миногонты бастдзинӕдтӕй.

3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын

Физминуткӕ

 

 

 Бакӕсӕм ма фӕйнӕгыл   эпиграф «Ӕрдз лӕгӕн ныййарæг мад у.»

Куыд уӕм кӕсы, ацы рӕнхъытӕ цӕмӕн бакастӕн? Урочы ма сӕмбӕлдзыстӕм ацы рӕнхъытыл. Ацы хъуыдыйад у нӕ урочы эпиграф.

1. Ныффыссын иронау (ахуыргæнæг дзуры уырыссагау).

Жалеть, семена, одуванчик, лопух, угрожать, брезгливо, свисающий.

Ӕвгъау,мыггæгтæ,къаппа-къуппа,мæнтæг, æвзиды,былысчъилæй,зæбул.

2. Дзырдтимæ дзырдбæстытæ æрхъуыды кæнын.

Ӕвгъау у,алыхуызон мыггæгтæ,бур къаппа-къуппа,мæнтæджы сыфтæ,искæмæ æвзидын,былысчъилæй кæсын,зæбул хъустæ.

Дзырдтæ:

Ӕдылы-глупый;

Зондджын- умный;

Фæразон- выносливый;

Ӕмбаргæ- понимающий;

Хæлæггæнаг-зависливый;

Ӕдзæстуарзон-недоброжелательный

(записать слова в словарь)

Текстыл бакуыст.

Ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ.

Презентацийы фӕрцы ӕвдыст цӕуынц зайæгойтӕ.

Фæлт. 2 байхъусын

          бакæсын

          -Чи сты радзырды сæйраг архайджытæ?

Фæлт. 3          тексты абзацтæн сæргæндтæ æрхъуыды кæнын

           Ныффыссын иугай хъуыдыйæдтæй абзацты сæйраг хъуыды

 Грамматикон æрмæгыл куыст.

Фæлт. 4       Текстæй рафыссын мивдисджытæ разæфтуантимæ. Сбæрæг кæнын   разæфтуанты нысаниуджытæ.

Æрзад, бацыдаид, схæцыд, ацыдысты, бафæнды, ацаразы, æрцæуы, нал фæхъæуынц, зæххы æмæттаг бакæнынц, смидæг вæййы, мæлæт æрцæуы, ралæууа, ныууадздзысты, сæхиуыл схæцой, фæтæхой, сдзырдта. Тынг хорз.

Дзырдбыд «Уалдзæг»

м

и

т

   

з

а

р

д

б

æ

л

а

 с

х

у

р

с

æ

р

дз

г

                                                                                                         

  Фæрсырдæм: 1.Уалдзӕджы атайы.

2 Хъуысы мæргъты хъæлдзæг....

3. Рафтыдта сыфтæр.

4. Уалдзæджы тынгдæр тавы.

5. Уый райхъал ис.

Бынмæ:  1. Фæзындис фæзты уалдзыгон.

               2. Уый сулæфыдис.

 

 

Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

Скъоладзаутӕ архайын дзырдбӕстытӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕрхъуыды кӕныныл

Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

Скъоладзаутӕ кӕсынц тӕкст

Скъоладзаутӕ фысгӕ куыст кӕнынц. Иу скъоладзау кусы фӕйнӕджы уӕлхъус.

Скъоладзауты дзуӕппытӕ

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы ,абарсты фӕрцы.

 Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.

Зонадон:   хатдзӕгтӕ кӕнынц

 Регулятивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты.

Коммуникативон: дӕттынц фӕрстытӕ, цӕмӕй  райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ.

 

Удгоймагон: ӕмбарынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын хъӕуы,уый

 

Урочы ӕрмӕгыл дарддӕр куыст

Фæлт. 5        лæвæрд миниуджытæ хуызæгмæ гæсгæ ныффыссын.

Мæнтæг уыдис: æдылы, хæлæггæнаг, фыдзæрдæ, фыдуынд, æгад, æдзæстуарзон, цыбырзонд.

Къаппа-къуппа уыдис; зондджын, фæразон, æмбаргæ, хъæбулуарзаг.

Фæлт. 6        бакæсын

        Сбæрæг кæнын хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ

2-аг цæджындзы хъуыдыйæдты мивдисджытæ лæвæрд сты каузативон формæйы.

5.Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ.

 

Нӕ урочы кӕронбӕттӕн мӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ куыстӕн аргъ скӕнӕм.

Бацархайӕм саразын  Синквейн

Синквейн  — у сфӕлдыстадон куыст , кӕцыйӕн ис   ӕмдзӕвгӕйы формӕ, арӕзт у 5 ӕнӕрифмӕйы рӕнхъӕй.  Синквейн – хуымӕтӕг ӕмдзӕвгӕ нӕу, фӕлӕ фыст у ахӕм домӕнтӕм гӕсгӕ:

1.Фыццаг рæнхъы фыссæм синквейны темæ.

 2 . Дыккаг рæнхъы характеристикæ дæттæм темæйæн дыууæ миногонæй.

3. Æртыккаг рæнхъы фыссæм æртæ мивдисæджы, темæмæ гæсгæ архайд куыд æвдисой, ахæмтæ .

4. Цыппæрæмы фыссæм цыбыр хъуыдыйад , авторы ( дæ ) ахаст темæмæ , кæнæ темæйы сæйраг хъуыды чи æвдисы.

5. Фæндзæм рæнхъы фыссæм иу дзырд , темæйы хъуыдыимæ æнгом баст , кæнæ темæйы синоним ( арæхдæр загъд вæййы номдарæй .

 

1.Мивдисӕг.

2.Вазыгджын.Хуымӕтӕг.(Æххӕст.Æнӕххӕст.Цӕугӕ.Æдзӕугӕ.)

3.Архайд ӕвдисы, дзуапп дӕтты, ӕххӕст кӕны.

4.Мивдисӕг у сӕрмагонд ныхасы хай.

5.Архайд.

Хатдзӕгтӕ

Хъуыды кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут:

  •  Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…
  • Æз урочы базыдтон…
  • Урокæй мæхицæн райстон…
  • Урок мæм фæкаст цымыдисаг…
  • Æз ахъуыды кодтон…
  • Мӕн урочы фӕстӕ фӕндид…

Эпиграфмӕ аздӕхӕм.

 Сывӕллӕттӕ, уыйадыл нӕ балц кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Дунейы диссӕгтӕй федтам абон цыдӕртӕ.Нæ урокмæ эпиграф куыд æмбарут?«Ӕрдз лæгæн ныййарæг мад у.»Ӕрдзæн ис диссаджы сусæгдзинæдтæ: йæхи хъахъхъæны æвзæр адæмæй, йæ сомбоны боныл чи нæ хъуыды кæны,уыдонæй.Ӕрдз хъæуы хъахъхъæнын! Куыд?,…………….

Ӕрдз лæгæн ныййарæг мад у. Ӕмæ йæ мадау уарзын æмæ хъахъхъæнын хъæуы.

ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!

 

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ ма сӕ цӕуыл хъӕуы фылдӕр бакусын.

Сӕ зонындзинӕдтӕн сӕхӕдӕг аргъ кӕнынц.

Хӕдзармӕ куыст: бамбарын кæнын æмæ фæнысан кæнын.

• фæрстытæн фысгæ дзуæппытæ раттын.

1. Мæнтæг мæсты кодта къаппа-къуппамæ, уымæн æмæ уый уыд зондджын æмæ æмбаргæ.

2. Къаппа-къуппа йæхи дардта сабыр.

3. Йæхи растдæр дары къаппа-къуппа, уымæн æмæ уый никæй хъыгдары, никæимæ хыл кæны.

4. Автор «æдылы къоппа» хоны мæнтæджы, уымæн æмæ уый йæхи дарын нæ зоны.

Стыр бузныг уын, сывӕллӕттӕ! Уӕ мадӕлты ӕмӕ уӕ фыдӕлты фӕндиаг ут, Ирыстонӕн номдзыд  лӕппутӕ  ӕмӕ чызджытӕ куыд суат, мӕ зӕрдӕ уын уый зӕрдиагӕй зӕгъы.

– скъоладзауты афæндараст кæнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок 9 класс по теме "Соединения алюминия"

Здоровьесберегающие технологии на уроках химии....

Открытй урок 7 класс по теме "Предлоги места"

Этот урок показывает применение компьютерных технологий, проектной методики и дифференцированного подхода....

открытый урок 7 класс по теме "Правописание НЕ с причастиями"

Изучение нового материала по теме "Правописание не с причастиями" 7 класс. Мини-проекты детей о частице НЕ. Сказка о частице НЕ. работа в группах....

Открытый урок. 7 класс. Алгебра. Тема : Функция у=х2 и у=х3 и их графики.

Конспект открытого урока . Алгебра 7 класс. Тема : Функция у=х2 и у=х3 и их графики....

Разработка открытого урока 3 класс по теме "Christmas is coming"

Разработка урока предназначена для использования на итоговом уроке по теме "Рождество", учебник М. З. Биболетова...