вечер памяти Коста
методическая разработка по краеведению (6 класс) на тему

Саламова Земфира Татариевна

к юбилею Коста Хетагурова

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon vecher_po_kosta.doc47 КБ

Предварительный просмотр:

Муниципальное казенное образовательное учреждение

« Средняя общеобразовательная школа с . Новый Батако»

Литературон – музыкалон композици

«Нӕ Иры лӕппутӕ! Къостайыл ныззарӕм!»

Саламаты З.

Октябрь 2014 аз.

      1. Хъуысы «Къостайы зарӕг».

2. Зарӕг ӕрмынӕг.

      Къостайы зарӕгӕй скъуыддзаг.

Нӕ Иры фӕсивӕд!Къостайыл ныззарӕм,

Ирон лӕг кӕй уарзы фылдӕр?

      Нӕ хуыздӕр ныхӕстӕй йӕ хорз ном ыссарӕм,

      Уый махӕн ӕгас у нырдӕр.

     3. Хорз адӕймагӕн мӕлӕт нӕй фӕзӕгъынц. Ис ын ӕрмӕст райгуырӕн бон. Уый свӕййы Адӕмон бӕрӕгбон. Ахӕм кадджын ӕмӕ цытджын бон  Ирыстоны дзыллӕтӕн ссис 15 октябрь – Къостайы райгуырӕн бон. Уый у иттӕг хорз ӕвдисӕн, йӕ кадджын ном кӕй нӕрдзӕн Ирыстоны кӕмтты, уымӕн.

     

     4.

Дардӕй мӕ салам ӕрвитын ӕз Нарӕн,

Нарӕн-хӕххон хъӕуӕн, амонды ранӕн!

Кувын мӕ сӕрӕй ӕз уыцы хӕдзарӕн

Саби кӕм райгуырдис иухатт Леуанӕн!

Зарӕг «А-лол-лай!»

    5. Адӕмы рыст ӕмӕ циныл йӕ цард ӕвгъау чи нӕ кодта, уый ӕнӕныгуылгӕ хур у адӕмӕн .

О, ахӕм гуырд рантыст Хетӕгкатӕм, сау айнӕджы рындзыл, Нары хъӕуы, сыгъзӕрин  бӕркадджын фӕззӕджы 1859 азы, Леуаны хъӕдкъул скъӕты. Иры хӕхтӕй Иры кӕмттӕм, тыгъд былыртӕм схъиугӕ ‘хсӕрдзӕнтӕ хӕрзӕггурӕггаг тахтысты: Ирыстоны арвыл хур сталы ссыгъдис, ӕнустӕм иу уысм ӕрхуыссӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм нӕртон стъалы.

    6.  

Къоста…

Ацы ном тӕмӕнтӕ калы, зӕлдаг тырысайау пӕр-пӕр кӕны, фӕйлауы нӕ сӕрмӕ нӕ райгуырӕнӕй нӕ амӕлӕты бонмӕ.

Экраныл Къостайы портрет.

    7.

Кӕсын дӕ хуызистмӕ ӕдзынӕг.

Хъуыдыты аныгъуылди сӕр,

Фӕтагъд мыл, цыма их тӕдзынӕг,

Ӕз афтӕ баризын куыддӕр.

Ӕмӕ дыл уымӕн ризы зӕрдӕ

Кӕй уыд дӕ царды дуг ӕфхӕрд,

Кӕй калдта рӕстӕгӕн цӕхӕртӕ,

Кӕй нӕу дӕ кад та ‘хцайӕ лхӕд.

   8.

Къостайы фыд зӕгъы иу ӕхсӕв йӕ паддзахадон службӕ ӕрвитгӕйӕ федта арвы дуар гомӕй. Бадыну дауджытӕ ӕмӕ тӕрхон кӕнынц. Леуан йӕ фыд Елызбарӕй зыдта, арвы дуар куы фенай гомӕй, уӕд дӕ зӕрдӕ цы хорздзинад агура дауджытӕй, уый сӕ бацагур, ӕмӕ дзы хайджын уыдзынӕ.  Леуан бафӕдзӕхста Къостайы, цӕмӕй хорз лӕг суа, адӕмӕн уарзон. Афтӕ кӕй рауад, уымӕн ӕвдисӕн стӕм неппӕт дӕр. Кхостайы цард ӕгасӕй дӕр ссис Кавказы мӕгуыр дзыллӕтӕн ныфсдӕттӕг гений.

Киноныв «Возвращение Коста»-йӕ скъуыддзаг.

Экраныл бандзыг Къостайы портрет.

   

     9.

Рагон нӕртон лӕгау зарын куы зонин,

Арвмӕ куы хъуысид мӕ фӕндыры цагъд,

Дунеты сеппӕт мӕхимӕ ӕрхонин,

Радзурин уыдонӕн зӕрдӕйы маст.

Если б запеть мне, как нарту, умело,

Если б звучал до небес мой фандыр,

Я бы позвал всю вселенную смело,

Пусть мое горе услышит весь мир.

Стихотворение Коста «Мне вашего счастья не нужно».

    10.

Ӕвӕдза, куыд зын ӕмӕ уӕззау цард бавзӕрста  ирон адӕмы сӕууон стъалы, Иры цӕугӕ мӕсыг, мӕгуыр адӕмы сӕрибарыл тохгӕнӕг, Ирыстоны зындгонддӕр фырттӕй иу-Хетӕггаты Леуаны фырт Къста.

    11.

Да, действительно, тяжелая и полная борьбы жизнь выпала на долю великого сына осетинского народа, основоположника осетинской литературы-Коста Левановича Хетагурова.

    12.

Нӕ фӕци амонд Иры уарзон хъӕбулы ныййарӕгӕй дӕр.

Зарӕг «Ныййарӕгӕй амонд».

    13.

Мах амондджын стӕм нӕ рагфыдӕлтӕй, ис нын ӕмбисонды тырыса-Къоста.

 

    14.

У истоков осетинской литературы возвышается могучая фигура ее родоначальника и первого классика Коста Левановича Хетагурова, чья литературная и общественная деятельность составила целую эпоху в истории культуры Осетии.

Коста-знамя перед которым мы преклоняем колени.

Коста-горная лира горной страны.

Ӕмдзӕвгӕ Айларты Михал «Къостамӕ».

 

 

 15.

Къоста йӕ фыдӕлты фӕтк нӕ хӕлдта, куывта Хуыцаумӕ, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕм: «Хетӕджы уастырджи! Табу дӕхицӕн! Де ‘фсургъы барцӕй мын иу сыгъзӕрин ӕрду ме ‘взӕр фӕндырӕн куы ратонис хъисӕн».

    16. Уастырджи балӕвар кодта иу сыгъзӕрин ӕрду Къостайӕн ӕмӕ дзы сарӕзта «Ирон фӕндыр». Бӕлцӕттӕ сӕ дойны цы «Ирон фӕндыр»- ӕй уадзынц!

Хъуысы æнкъард музыкæ

   17.  Хӕххон адӕммӕ ис ахӕм таурӕгъ .Цардис иу мӕгуыр лӕппу. Хъӕздыгдзинадӕй йын Хуыцау балӕвар кодта ӕрмӕст ӕхсарджын зӕрдӕ.На бауарзтой лӕппуйы фыдгуултӕ, гадзрахатӕй йӕ багӕрах кодтой, йӕ риуӕй йын стыдтой йӕ зӕрдӕ, фехстой  йӕ зӕхмӕ ӕмӕ йыл стыр дурр ныффӕлдӕхтой. Дыккаг бон  хъӕуы цӕрджытӕ кӕсынц ӕмӕ  дур йӕ бынаты нал ис. Дур кӕм уыд, уым дымгӕ фӕйлауы диссаджы рӕсугъд дидинджытӕ. Ӕхсӕвы тары  та фыдгултӕ дидинджытӕ сӕ бындзарӕй срӕмыгътой  ӕмӕ

сӕ сӕ къӕхты бын ныккодтой.

       О, фӕлӕ диссаг! Райсомӕй дидинджытӕ, цы уыдысты, уымӕй авд ахӕмы хуыздӕр

фестадысты. Сӕ сырх-сырхид сӕртӕ сӕрыстырӕй хӕрдмӕ ивӕзтой. Адӕм дидинджытӕ

рахуыдтой «ӕхсӕрджын зӕрдӕ».

        Балцы цӕуӕг лӕппу-иу уый балӕвар кодта йӕ уарзон чызган. Ахӕм ардӕй карздӕр

нӕ уыдис хӕхты адӕммӕ.

Ацы тауырӕгъ у Хетӕгкаты Леуаны фырт Къостайыл.

Цал ӕмӕ цал ирон лӕппуйы  балӕвар кодта йӕ уарзон чызгӕн Къостайы ӕмдзавгӕты чиныг. Цал ирон гуыппрсары ахаста тохы быдырмӕ Къостайы ӕнӕмӕлгӕ «Ирон фӕндыр».

Æхсарджын зæрдæйæ æвзæрынц æхсардын рæнхъытæ:

Мæ аргъуан – зæхх,

Мæ дзуар у уарзондзинад,

У Дун-дуне Фыдыбæстæ мæнæн!

    18. Къостайӕн йе сфӕлдыстады ныхасы сӕр сты хохаг мӕгуыртӕ, урссӕр цъититӕ, ӕмыр бӕлӕстӕ. Поэтӕн кӕнынц сӕ зарджытӕ ӕмӕ йын дӕттынц ныфс.

Бӕрзонд урс хӕхтӕ,

Ӕнкъард къӕдзӕхтӕ,

Ӕгомыг бӕлас,

Фыййауы уарзынц,

Ӕмӕ йын  зарынц сӕ сусӕг ныхас.

Ӕмдзӕвгӕ «Чи дӕ».

    19.

IV ӕнусы скифаг паддзахы фырт Анахарсис афтӕ загъта: «Мадау уарз дӕ Райгуырӕн бӕстӕ». Къоста йӕ райгуырӕн бӕстӕ бирӕ кӕй уарзта, уымӕн стахтысты йӕ зӕрдӕйы арфӕй мӕнӕ ацы ныхӕстӕ:

Люблю я целый мир, люблю людей бесспорно,

Люблю беспомощных, обиженных сирот,

Но больше всех люблю, чего скрывать позорно,-

Тебя, родной аул, и бедный наш народ.

За вас отдам я жизнь, все помыслы и силы,-

Всего себя лишь вам я посвятить готов…

Вы так мне дороги, так бесконечно милы,

Что сил нет выразить, что высказать нет слов!

    20.

Къоста ӕнувыд уыд йӕ ирон адӕм ӕмӕ  йӕ уарзон Ирыстоныл. Уымӕн-иу ыл сӕмбӕлд йӕ алы ӕрбаздӕхты дӕр цӕссыгтимӕ:

Фӕххӕссон ма,- загътон,- уӕддӕр

Фӕстӕмӕ мӕ иунӕджы сӕр

Нӕ Ирмӕ, мӕ райгуырӕн бӕстӕм!..

Мӕ цмстысыг донау мызти,

Мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй рызти,-

Куы скастӕн нӕ цъитиджын хӕхтӕм.

   

 21.

Къостайӕн йе стыр уарзондзинад къаддӕр нӕ, фӕлӕ тыхджынӕй тыхджындӕр кодта. Ирыстонӕй дард уӕвгӕйӕ, йӕ зӕрдӕ кӕуӕгау уымӕн дзуры.

Ӕмдзӕвгӕтӕ «Ӕнӕ хай», «Додой».

    22.

Къоста уарзта йӕ адӕмы, уарзта ирон аив дзырды ныхас, уарзта ирон кафт ӕмӕ зард.

Кафт «Хонгӕ».

Ӕмдзӕвгӕ «Друзья, истощилось терпенье».

       

    23.

Къоста йе ‘мдзӕвгӕ «Зонын»-ы фыста:

Занын ӕфсӕрмӕй кӕудзыстут,

Бавӕрдзыстут мын мӕ мард,

«Рухсаг у, рухсаг,-зӕгъзыстут,-

Ницӕмӕн уыл уыд дӕ цард!»  

Иу бон ӕгъгъӕд у мысынӕн,

Иу бон кӕндзыстут мӕ дзырд,

Уыйфӕстӕ ферох уыдзынӕн,-

Ничиуал зондзӕн мӕ цырт.

    24.

Къоста йӕ цыбыр царды рӕстӕджы йӕ куырыхон зонды руаджы рӕдийгӕ никуы кодта. Ӕрмӕстдӕр фӕрӕдыд иу хъуыддаджы.

Фӕрӕдыд. Ирон адӕм нӕ ферох кодтой сӕ уарзон хъӕбулы.

Ӕнкъард музыкӕйы мелодии.

     25.

Бирӕ хъуыддӕгтӕ нал бантысти Къостайӕн: йӕ хӕдзар ӕрдӕг арӕзтӕй баззад, йӕ уарзон чызг – куырдуаты, йе скъола - ӕхгӕдӕй, фӕлӕ йе ‘ппӕт сфӕлдыстадӕй абон дӕр лӕггад кӕны Иры дзыллӕтӕн, рухс кӕны фӕлтӕрты фӕндӕгтӕ кад ӕмӕ намысай.

    Азтӕ цӕудзысты, ӕнустӕ цӕудзысты, ирон аив литературӕйы бындурӕвӕрӕг Хетӕггаты Къостайӕн йӕ ном кӕндзӕни кадджынӕй-кадджындӕр, намысджынӕй-намысджындӕр, цытджынӕй-цытджындӕр.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Вечер памяти Владимира Высоцкого « Такую жизнь нельзя назвать короткой».

Материал может быть использован на уроке литературы, а также при разработке классного часа. Желательно использовать диск с песнями Высоцкого....

Презентация для проведения вечера памяти Владимира Высоцкого

Данная презентация может быть использована при проведении вечера памяти Владимира Высоцкого....

Сценарий. Вечер памяти жертв политических репрессий.

С модернизацией российского государства и общества в нашем календаре появляются новые даты. По указу президента Российской Федерации 30 октября отмечается, как День памяти жертв политических реп...

Вечер памяти А.Вампилова

Литературный вечер с показом презентации, чтением воспоминаний родственников, друзей о поэте позволит углубиться в мир писателя....

Сценарий внеклассного мероприятия - вечера памяти "Вечной памятью живы"

Сценарий внеклассного мероприятия – вечера памяти "Вечной памятью живы" разработано для учащихся от 11 до 18 лет, их родителей и ветеранов Великой Отечественной войны. Представляет собой музыкально-ли...

Сценарий внеклассного мероприятия – вечера памяти "Вечной памятью живы".

Сценарий внеклассного мероприятия – вечера памяти "Вечной памятью живы" разработано для учащихся от 11 до 18 лет, их родителей и ветеранов Великой Отечественной войны. Представляет соб...