Урок осетинской литературы в 6 классе
план-конспект урока (6 класс) на тему

Джериева Мадина Батразовна

Урок – дискусси

            Урочы темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.

Скачать:


Предварительный просмотр:

Ахуыргæнæг: Джериаты Мæдинæ

Урочы темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау

                           «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.

Урочы хуыз: урок – дискусси.

Спайдагонд ахуырадон технологитæ: литературæ амоныны системæ – адæймаг рæзын кæныны фæрæз;

   ахуырадон дискуссийы технологи.

Урочы нысан: рæзын кæнын сывæллæтты логикон æмæ критикон      хъуыдыкæнынад литературон уацмысы мидисыл æнцойгæнгæйæ.

Урочы хæстæ:  1. Уацмысы мидис райхалын, сбæрæг кæнын йæ

                               сæйраг  хъуыды.

                            2. Фæлтæрын скъоладзауты, архайджыты

                               фæлгонцтæ æвзаргæйæ  текстæй пайда

                               кæныныл.

                            3. Хъомыладон хæс - адæймаджы зондахасты-

                             амонды æмбарынад.

Урочы фæлгонц: Фыссæджы портрет, уацмысты æмбырдгæндтæ,     иллюстрацитæ уацмысмæ, скъоладзауты нывтæ уацмысы мидисмæ  гæсгæ, техникон фæрæзтæ, цитатæтæ уырыссаг æвзагыл.

Фæйнæджы фæлыст: Темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты         Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.

Эпиграф: Нæ цæрын æз мæхи тыххæй æрмæстдæр,

                  Æз хъуамæ кусон адæмæн, нæ бæстæн.

                  Æз уаллонау зæххыл куырмæй нæ хилын,

                  Æхсæвыгæтты, бирæгъау нæ зилын…

                  Æз –адæймаг. Сæрыстыр дæн мæ номæй.

                                                                       Тохты Иван.

Æмбисæндтæ: Бæлас дæр иунæгæй хъæдбыны нæ фидауы.

                           Иуы цæстæй сæдæйы цæст уынагдæр у.

                           Адæм кæрæдзи фæрцы цæрынц.

Урочы цыд.

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

         - Абон махмæ ис уазджытæ, æмæ сыл нæ арфæйаг салам æмбæлæд.  Нæ абоны урочы темæ раргом кæнгæйæ,  сæйрагдæр цы фехъусой, уыцы хъуыддагæй сæ алкæцыдæр хайджын уæд.    

         -Нæ урочы темæ у «Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ. Равзардзыстæм уацмысы  мидис, сбæрæг ын кæндзыстæм йæ сæйраг хъуыды. Цавæр фæлгонцтæ сарæзта автор, сæ саразынæн цавæр мадзæлттæй спайда кодта, ууыл æрдзурдзыстæм.

2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Хæдзармæ хæс: Барахъты Гино. «Бæстырæсугъд».

Тексты мидис æвзæрст цæуы фарстытæм гæсгæ:

- Цæмæй хъуыстгонд уыд Бæстырæсугъд?

- Цавæр усгуртæ фæзынд иу бон Бæстырæсугъдмæ?

- Ссарут æмæ бакæсут, цавæр цæстæй ракастысты фысымтæ Канаты Афæхъомæ?

     Баххæст кæнын сывæллæтты дзуаппытæ.

- Кæд ыл зæрдæйæ тынг нæ бацин кодтой, уæддæр ирон адæмæн се 'гъдау куыд амоны, уый равдыстой. Æвæндонæй кæд уыд, уæддæр ын  «æгас цæуай» загътой, йæ бæх ын бабиноныг кодтой.

- Куыд суазæг кодтой кæсгон æлдары та?

- Сæ дыууæйæ чи басаста Бæстырæсугъды зæрдæ? Цæй руаджы?

- Цæмæн равзæрста Канаты Афæхъойы?

- Цавæр миниуджытæн кæны стыр аргъ Бæстырæсугъд?

- Цæмæ гæсгæ равзæрста Афæхъойы?

     

     Баххæст кæнын сывæллæтты дзуаппытæ.

- Бæстырæсугъд æй йæхицæн саккаг кодта амондæн йæ миниуджытæ хынцгæйæ.

- Сымахмæ гæсгæ, цы нымайы амондыл?

3. Ахуыргæнæджы бацæттæгæнæн ныхас.

   

      - Алы адæймаг дæр бæллы амонды ад банкъарынмæ. Фæлæ иууылдæр æмхуызон не 'мбарынц, амонд цæй мидæг ис , уый. Ацы ахсджиаг фарст бирæты æфтауы хъуыдытыл, хъуыды йыл кодта Хетæгкаты Къоста дæр. Мæнæ куыд зæгъы йæ иу æмдзæвгæйы:

     

      Амонд… Æрра дæн, цæй амондмæ дзурын?

      Ацы рæстæджы та амондджын чи у?

      Нæ, æз хуыцауæй æндæр цыдæр курын,

                 Базон-ма циу?

- Цæуылнæ нымайы Къоста, цы рæстæджы цæры, уый амондджыныл?

- Уыцы фарстæн дзуапп дæтты Къоста йæ иннæ æмдзæвгæйы рæнхъытæй.

         

          Нæ федтон амонд æз, фæлæ мæ уды бартæ,

          Кæд мын зынаргъ ысты раст амондау, уæддæр,-

          Мæ мæгуыр адæмæн рæсугъд сæрибар цардмæ

          Æз иу къахдзæфыл дæр дæн раттынмæ цæттæ.

     -Къостайæн амондау зынаргъ цы у, уый у разы йæ адæмы сæрибарыл раттынмæ. Йæхи уд дæр амонд уый тыххæй нæ бавзæрста, уымæн æмæ стыр амондыл нымадта æрмæстдæр йæ дзыллæйы сæрибар. Иу дзырдæй, йæ уд баст уыд йæ адæмимæ. Æрмæстдæр йæ дзыллæйы амондæй уыдаид амондджын.

4. Ног æрмæг.

     - Уæдæ цы нымайынц цымæ амондыл Гæдиаты Цомахъы аргъауы архайджытæ та?

      Текстимæ базонгæ уæвыны агъоммæ, равзарæм, рагагъоммæ уын цы дзыруатон куыст бахæс кодтон, ууыл æнцойгæнгæйæ, цы æнæзонгæ дзырдтæ дзы æмбæлдзæн, уыдоны нысаниуæг.

 

Дзырдуатон куыст.

      Скъоладзаутæй алкæцы дæр æмбарын кæны, цы дзырд ын хæсгонд уыд, уый лексикон нысаниуæг алыхуызон фæрæзтæй пайдагæнгæйæ.

Дзырдтæ: фæлм, сфæлыстай, стауынц, лæзæрыс, уæлвонгæй фæлгæсын, æхсæрфæрстæ, ирдгæ, дари.

Ахуыргæнæджы хуызæгæвдисæг каст.

 

     Касты фæстæ сывæллæттæ дзуапп дæттынц рагагъоммæ лæвæрд фарстæн. (Архайджытæ сты æнæуд предметтæ, фæлæ хайджын сты адæймаджы миниуджытæй).

     -Чи сты архайджытæ?

     - Хуымæтæджы нæ равзæрста йæ уацмысы хъайтартæн дидинджыты. Мæнæ уый фæдыл куыд зæгъынц С. Маршак æмæ Н. Заболотский.

Бакæсын æмæ равзарын цитатæты сæйраг хъуыды.

Мысль некогда была простым цветком,

Поэма шествовала медленным быком;

А то, что было мною, то, быть может,

Опять растет и мир растений множит.

                                       Н. Заболоцкий.

Человек – хоть будь он трижды гением –

Остается мыслящим растением.

С ним в родстве деревья и трава.

Не стыдитесь этого родства!

                                     С. Маршак.

- Куыд æвдыст цæуы æрдз æмæ адæймаджы хæстæгдзинад ацы æмдзæвгæты рæнхъыты?

- Цæмæн равзæрста Цомахъ йæ аргъауы сæйраг хъайтартæн дидинджыты, С.Маршакы æмдзæвгæйы рæнхъыты хъуыдымæ гæсгæ?

     - Цавæр адæмон æмæ литературон аргъæуттимæ ма стут зонгæ? Цæй мидæг ис сæ хицæндзинад?

Скъоладзауты каст цæгæй.

Уацмысы анализ æвзаргæ кастæй пайдагæнгæйæ.

- Цавæр æрдзы хъæбысы рæзыд хæххон дидинæг? Бакæсут уыцы бынат.

- Цы ран рæзы быдырон дидинæг та? Бакæсут уыцы бынат.

- Куыд схонæн ис литературæйы ацы æрфыстытæн, цавæр аивадон фæрæзæй      пайда кæны автор?

Байхъусын дыууæ дидинæджы диалогмæ (аудио-æрмæг).

- Бафæлварæм ма мах дæр артисты хуызæн уыцы диалог бакæсын.

- Йæ цавæр миниуджытæ æргом кæны йæ ныхæстæм гæсгæ хæххон дидинæг?

- Цавæр адæймаджы миниуджытæ ис быдырон дидинæгмæ та?

Ахуыргæнæджы хатдзæг.

 

  - Адæмимæ йæ цард чи сбаста, адæмæн хорздзинæдтæ аразынæй  амондджын чи у, ахæм адæймаджы хуызы æвдыст цæуы быдираг дидинæг.

- Кæцы ныхæстæй бæрæг у, цы у йæ царды бæрзонддæр нысан быдираг дидинæгæн, цы хоны амонд? Бакæсут уыцы бынат. ( Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у.)

- Уæ цæстытыл куыдæй ауад, быдырон дидинæджы хуызы æвдыст чи æрцыд, уыцы адæймаг?

- Цавæр хорздзинæдтæ æрхæссид, сымахмæ гæсгæ, адæмæн?

- Ирон адæмы æхсæн фыдæй-фыртмæ уыд куырыхон лæгтæ. Дзыллæйы хорз цардыл чи тох кодта, сæ рæсугъд фидæнмæ сын чи бæллыд, рæстдзинадыл сæ чи арæзта. Уыцы куырыхон адæмы æхсæнæй никуы сцух уыдзæн  Хетæгкаты Къоста – ЙÆ РÆСТДЗÆВИН НЫХАСÆЙ, Абайты Васо – ЙÆ БИРÆ ЗОНАДОН ФÆЛЛОЙÆ,  Тлаттаты Чермен- ЙÆ УДУÆЛДАЙ ТОХÆЙ, СЫЛГОЙМАГ, ИРОН ДЗЫЛЛÆЙЫ ИРВÆЗЫНГÆНÆГ- Задалески Нана…

- Сæ удвæллой уыд сæ амонды хос!

 

 - Абоны царды та не 'хсæн, йæ дзыллæйы амондæй чи цæры, ахæм адæмæй кæй зонут?

  - Уæдæ хæххон дидинæг та йæхи амондджын цæмæй хоны? Бакæсут уыцы бынат.

  -Сымахмæ гæсгæ, уый амонд у?  

  - Цæй аххос у йе 'намонддзинад? (Уый у иунæг).

Бакусын пейзажон нывтыл.  

- Куыд æвдыст æрцыд нывы та дыууæ дидинæджы уавæр?

Ахуыргæнæджы хатдзæг.

- Иунæг адæймагæн нæй амондджын уæвæн. Уымæн æвдисæн сты ацы æмбисæндтæ дæр.

 Æвзæрст цæуы æмбисæндты хъуыды.

- Ацы хъуыды бирæ фысджытæ бавæдтой сæ уацмысты бындуры, хистæр кълæсты дæр ма базонгæ уыдзыстут, иунæджы æнамонддзинад æвдисæг уацмыстимæ.

     Скъоладзаутæ кæсынц æмæ æмбарын кæнынц, цы цитатæтæ сахуыр кодтой, уыдон. Цы нывтæ скодтой, уыдонмæ гæсгæ алчидæр æмбарын кæны йæ æнкъарæнтæ.

5. Урочы кæронбæттæн.

 -Цавæр у аргъауы сæйраг хъуыды?

 -Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы уацмыс?

Ахуыргæнæджы хатдзæг.

  - Адæмимæ чи нæ цæры, адæмы æхсæн йæхи хъалæй чи æвдисы, адæмы амонд         йæхи амонд чи нæ хоны, уый сæфгæ кæны, уымæн æмæ ИУНÆГ у.

- Уæдæ ма раздæхæм, нæ урокæн эпиграфæн кæй райстам, уыцы ныхæстæм.

- Цы зæгъинаг у поэт æмæ куыд баст у йæ хъуыды нæ аргъауы мидисимæ?

- Радæхæм нæ урочы темæмæ:

- Цы у царды бæрзонддæр нысан?

Æппæт дзыллæйы амонд!!!

    6. Хæдзармæ куыст.

   

    Аргъау кæсын, мидис хи ныхæстæй дзурын, йæ сæйраг хъуыдыимæ æнгом баст     æмбисæндтæ равзарын æмæ ныффыссын.

   7. Бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.

   


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 2

Уацмысы мидис райхалын, сбæрæг кæнын йæ сæйраг хъуыды. Фæлтæрын скъоладзауты, архайджыты фæлгонтæ æвзаргæйæ текстæй пайда кæныныл. Хъомыладон хæс - адæймаджы зондахасты- амонды æмбарынад.

Слайд 3

Нæ цæрын æз мæхи тыххæй æрмæстдæр, Æз хъуамæ кусон адæмæн, нæ бæстæн. Æз уаллонау зæххыл куырмæй нæ хилын, Æхсæвыгæтты, бирæгъау нæ зилын… Æз –адæймаг. Сæрыстыр дæн мæ номæй. Тохты Иван.

Слайд 4

Бæлас дæр иунæгæй хъæдбыны нæ фидауы. Иуы цæстæй сæдæйы цæст уынагдæр у. Адæм кæрæдзи фæрцы цæрынц.

Слайд 5

Амонд… Æрра дæн, цæй амондмæ дзурын? Ацы рæстæджы та амондджын чи у? Нæ, æз хуыцауæй æндæр цыдæр курын, Базон-ма циу? Къоста

Слайд 6

фæлм - мгла

Слайд 7

Ирдгæ - утренний ветерок

Слайд 8

сфæлыстай – сарæзтай, нарядился стауынц – змæнтынц, (здесь) восхвалять лæзæрыс – æнæпайдайæ лæууыс уæлвонгæй фæлгæсын – æнæфыдæбонæй кæсын æхсæрфæрстæ – рустæ, щеки дари -шелк

Слайд 11

Мысль некогда была простым цветком, Поэма шествовала медленным быком; А то, что было мною, то, быть может, Опять растет и мир растений множит. Н. Заболоцкий.

Слайд 12

Человек – хоть будь он трижды гением – Остается мыслящим растением. С ним в родстве деревья и трава. Не стыдитесь этого родства! С. Маршак.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Виды самостоятельной работы на уроках осетинской литературы в старших классах».

Доклад по теме   «Виды самостоятельной работы на уроках осетинской литературы   в старших классах»....

Урок осетинской литературы в 6 классе

Технологическая карта с презентацией к уроку осетинской литературы в 6 классе на тему: Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ....

Интегрированный урок осетинской литературы и обществознания в 8 классе

Интегрированный урок осетинской литературы и обществознания по теме:Оценка норм морали общества по произведению К.Хетагурова «Кæуæг айнæг». Учитель истории и обществознания,Арчегова А...

Уроки осетинской литературы 6, 8, 9 классах

Уроки соответствуют ФГОС. На уроках изучается творчество К.Л.Хетагурова....

Технологическая карта урока осетинской литературы в 5 классе

Технологическая карта урока осетинской литературы в 5 классе. Урок по басне Коста Хетагурова "Волк и журавль"....

Технологическая карта урока осетинской литературы в 9 классе

Тема "Психология осетинского народа в очерке Инала Канукова "В осетинском ауле". Прилагается презентация....

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...