Урок осетинской литературы в 6 классе
план-конспект урока (6 класс) на тему

Джериева Мадина Батразовна

Технологическая карта с презентацией к уроку осетинской литературы в 6 классе на тему: Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ. 

Скачать:


Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы  урокмæ 6-æм къласы

Темæ: Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Ахуыргæнæджы куысты нысантæ

Бацæттæ кæнын сывæллæтты тексты мидис æмбарынмæ, текстæн анализ  кæнынмæ

Урочы тип

Урок- дискусси

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: Тексты мидис райхалын темæйыл æнцойгæнгæйæ

Метапредметон: Арæхсын геройты архайдæн, ныхасæн аргъ кæнынмæ.

Удгоймагон: Æцæг хæлардзинады æууæлтæ бæрæг кæнынмæ арæхсын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæныныл архайын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты  метод, проектон метод, хъазты формæ, къæйттæй архайды метод

Æххуысгæнæг фæрæзтæ (ресурстæ):

 Мольберттæ, ахорæнтæ  

Техникон фæрæзтæ

 компьютерон презентаци

Цæстуынгæ æрмæг

скъуыддзæгтæ текстæй, карточкæтæ хъуыдыйæдтимæ, къордты нæмттæ: æмбал, æрдхорд, хæлар, лымæн, æмгар

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

 Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Зонындзинæдты актуализаци

Дзуры цау:

- Вьетнамы хæсты рæстæг иу чысыл хъæуы сидзæр сывæллæтты хæдзарыл сæмбæлд сармадзан. Миссионертæ  иууылдæр, стæй цæрджытæй бирæтæ фæмардысты. Цалдæр сывæллоны та цæф фесты. Уыдоны æхсæн уыд иу астаздзыд чызг.

Æххуысмæ сæм фæзындысты иу америкаг дохтыр æмæ медицинон хо. Цæфты федтой, æмæ чызгæн æнæмæнг хъуыд операци, науæд  ын тæссаг уыд мæлæтæй. Хъуыд донор туг раттынæн. Хистæрты æхсæн иуæн дæр хъæугæ туг нæ разынд. Донæрæн бæзгæ уыд сывæллæттæй цалдæры туг.

Дохтыр вьетнаймаг æвзаг нæ зыдта. Куыддæрты бамбарын кодтой тарст сывæллæттæн уавæр æмæ сæ бафарстой, туг раттыныл разы чи у, уымæй. Сывæллæттæ иууылдæр ныхъхъус сты. Уæд се 'ппæты æхсæнæй иу гыццыл къух ризгæйæ сзынд, фæстæмæ æвиппайды амбæхст, фæлæ та ногæй фидарæй разынд.

Къух чи сдардта, уыцы лæппуйы ном хуынд Хань. Ханы æрхуыссын кодтой, спиртæй йын йæ цонг асæрфтой, судзин тугдадзины бакодтой… Хань æнцад æнæдзургæйæ хуыссыд. Уалынмæ  райхъуыст йæ мынæг куыд.

- Риссы, Хань? – бафарста йæ дохтыр.

Дæппу, нагъ, зæгъгæ, йæ сæр батылдта йæ кæуын тыххæй уромгæйæ. Йæ цæстытæ ныхгæдта, йæ уæгъд тымбыл къух та йæ дзыхы бакодта, цæмæй йæ кæуын урæдтаид, уый тыххæй. Дохтыр стыхст лæппуйы уавæрмæ кæсгæйæ.

Уыцы рæстæг фæзынд вьетнаймаг медицинон хо. Лæппуйы тухæнтæ фенгæйæ йæ сæхи æвзагыл цæмæйдæр афарста. Байхъуыста йæм æмæ йын цыдæр фæлмæн ныхæстæ акодта. Хань йæ кæуынæй фенцад æмæ æдзынæг каст ветнаймаг медицинон хомæ. Уый йын йæ сæрæй ацамыдта, æмæ Хань æнцойы улæфт скодта.

Медицинон хо америкаг дохтырæн бамбарын кодта, лæппу афтæ æнхъæл кæй  уыдис, æмæ йæ йæ туг иууылдæр  раттын хъæуы, цæмæй чызг цæра, уый тыххæй. Дисгæнгæ бафарстой америкаг дохтыртæ:

- Ау, æмæ уæд цæмæн сразы?

Вьетнаймаг медицинон хо, уыцы фарст радта Ханьмæ. Лæппу сын радта хуымæтæг, цыбыр дзуапп:

- Мах æмбæлттæ стæм!

Фæрсы скъоладзауты:

- Чи уыдысты Хань æмæ чызг кæрæдзийæн?

- Цавæр дзырдтæй у нæ бон саргъ кæнын Ханы хæлардзинадæн?

Равзарут синонимтæ дзырд æмбал-мæ.

Аргъ кæны сывæллæтты дзуаппытæн.

Ахуыргæнæг хæс дæтты:

- Спайда кæнут лæвæрд эпитеттæй, уæ фарсмæ чи бады, уыцы æмбалæн хуыздæр характеристикæ кæцыйæ раттæн ис, уый равзаргæйæ. Уыцы дзырдтæй спайдагæнгæйæ баххæст кæнут уæ разы карточкæтыл фыст хъуыдыйæдтæ.

Дзырдтæ спайда кæнынæн:

Æцæг, æууæнкджын, æнувыд, аудаг, æнæфæсайгæ, иузæрдион, хæларзæрдæ, зондджын, хъæлдзæг, лæмбынæг, цымыдисаг, æргом, æргомзæрдæ, æнæхин, бæрнон, тæмæнкалгæ, зæрдæмæдзæугæ.

Хъуыдыйæдтæ:

Ме 'мбал у ….

Æппæты … у мæ хæлар.

Ме 'рдхордимæ кæрæдзиуыл стæм….

Цыфæнды уавæры дæр ме 'мбал у….

Тыхст рæстæг мæ ныфс мæ … хæларæй фæхæссын.

- Ныр та уæ алкæцы къай дæр айсæд  нæ синонимон рæнхъæй иу дзырд йæхицæн йæ хæлардзинады æвдисæндарæн, уыцы дзырды нысаниуæгмæ гæсгæ араздзыстут уæ архайд урочы (къæйттæн бæрæг кæнын нæмттæ)

Фæрсы скъоладзауты:

- Цавæр темæйыл дзурдзыстæм абон урочы?

Цавæр проблемæтæ ис рахалæн  æмбæлтты тыххæй ныхасгæнгæйæ?

Æвдисы слайдыл урочы темæ æмæ фарстытæ:

Цæвæр вæййы æцæг æмбал?

Цавæр аргъ кæнынц æмбæлттæ кæрæдзийæн?

Цавæр уавæрты рабæрæг вæййы æцæг æмбал?

Тексты скъуыддзæгтимæ куыст.

- Ацы фарстытæн цæмæй дзуапп раттæм, уымæн нын баххуыс кæндзысты, хæдзармæ цы скъуыддзæгтимæ базонгæ стут, уыдон.

Скъуыддзæгтимæ кусгæйæ хъæуы иттæг лæмбынæг архайын, уымæн æмæ нæ разы ис ноджыдæр иу вазыгджын хæс: бабæттын скъуыддзæгтæ кæрæдзиуыл, цæмæй сæ рауайа æххæст текст.

Хъусынц  цаумæ

Дзуапп: æмбæлттæ

Дзуапп: æцæг, хорз, узæлаг, æнувыд

Дзуапп: æмбал, æрдхорд, хæлар, лымæн, æмгар

Дыууæ скъоладзауы этимологион дзырдуаты бындурыл æмбарын кæнынц  дзырдтæ: æмбал æмæ æрдхорды равзæрд.

Æмбал – спутник, товарищ. Дзырд æмбалы этимологимæ куы æркæсæм, уæд арæзт у афтæ: рагон ирайнаг æвзагæй ист разæфтуан ham, ома æm + bal (къорд, бал), ардыгæй арæзт дзырдтæ: балц, балхон, ома хæстон балцы цæуæг. Ацы дзырд йæ арæзтмæ гæсгæ хæстæг лæууы уырыссаг дзырд «со+ратник»-мæ.

Аланты заман  ацы дзырдæй пайда кодтой, куыд сæрмагонд номдар, уыдис адæймаджы ном.

Абон æмбæлттæ хонынц, хæларæй чи цæры, уыдоны.

Æрдхорд- ард+хæрын, ома «связанный клятвой», названный брат. Æрдхæрдтыл нымад уыдысты, ард-иу чи бахордта, æцæг сыгъдæг æмбалдзинады тыххæй, суанг сæ амæлæты бонмæ дæр, ахæм дыууæ нæлгоймаджы. Абайты Васомæ гæсгæ ард та хордтой афтæ: сызгъæрин, кæнæ æвзист дзаума-иу нывæрдтой кувæн къусы, æмæ-иу дзы фидæны æрдхæрдтæ дыууæйæ дæр бануæзтой.

Абон æрдхæрдтыл нымад сты, æнгом хæлардзинад кæй æхсæн ис, ахæм нæлгоймæгтæ.  

Хъуыдыйæдтæ æххæст кæнынц эпитеттæй, дæттынц сæ ахуыргæнæгмæ.

Йæ ном алчидæр бæрæг ран йæ размæ йæ æвæры.

Дзуапп:

- Темæ: æмбал, æрдхорд, хæлар…

- Æмбæлттæ цавæр вæййынц, ууыл

Хъусынц ахуыргæнæджы амындмæ. Цæттæ кæнынц сæхи лæмбынæг куыстмæ.

Зонадон: æрмæгæй хъæугæ информаци исын зонын

Коммуникативон: арæхсын æрмæгæй пайда кæнынмæ урочы темæ æргомгæнгæйæ

Удгоймагон: хæлардзинадæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын

Зонындзинæдтæй пайда кæныны этап

 Дзырдуатон куыст:

Ахуыргæнæг дæтты тест алы къордæн дæр слайдыл. Къордтæй адкæцыдæр æххæст кæны йæхи тест.

1-аг хаймæ гæсгæ (3-аг къорды тест)

  1. Колхозы скъæты фарсмæ уыд

а) цатыр

æ) мусонг

б) халагъуд

  1. Мусонг ссыгъд

а) изæрдалынгты

æ) боныцъæхты

б) изæрмилты

  1. Цалынмæ Бесæ дыккаг бедра хастаид, уæдмæ

а) арт йæ куыст бакæндзæн

æ) арт йæ хъуыддаг сараздзæн

б) арт йæ фæндон сæххæст кæндзæн

  1. Малхаз рæстдзинад зæгъынмæ

а) йæ ныфс нал æвæрдта

æ) йæ ныфс нал хаста

б) йæ ныфс нал æвдыста

2-аг хаймæ гæсгæ (4-æм къорды тест)

  1. Малхазыл йæ фыды фыд цæмæй ма

а) гуырысхо кодтаид

æ) æнæууæнк кодтаид

б) дызæрдыг кодтаид

  1. Малхаз йæхи фæлитойы бынаты нæ сæвæрдтаид

а) скъоладзау уæвгæйæ

æ) ногдзау уæвгæйæ

б) кæстæр уæвгæйæ

  1. Цалынмæ арт хуыссын кодтой, уæдмæ Малхазы

а) æфсон райгуырд

æ) æфсон сирвæзт

б) æфсон сцæттæ

  1. Малхазы сæры алыхуызон хъуыдытæ

а) кæрæдзийы сырдтой

æ) кæрæдзийы ивтон

б) кæрæдзийы æййæфтой

3-аг хаймæ гæсгæ (1-аг къорды тест)

  1. Офицерты къорды кæстæр æфсæддон цин

а) майор

æ) булкъон

б) лейтенант

  1. Тæрхоны уынаффæ рогдæрæй баивыны хъуыддаг

а) репресси

æ) депортаци

б) амнисти

  1. Зæронд лæджы хуыссæнтæ æмæ дзаумæттæ

а) арты хай баисты

æ) арты дзыхы бахаудтой

б) арты цæхæрæй басыгъдысты

  1. Дзигула фырмæстæй

а) пилон калдта

æ) маст калдта

б) цæхæртæ калдта

4-æм хаймæ гæсгæ (5-æм къорды тест)

  1. Дзигула у хъæлдзæг ныхасгæнæг æмæ

а) цыргъæвзаг адæймаг

æ) цыргъзонд адæймаг

б) цыргъныхас адæймаг

  1. Дзигулайы сыгъды хъуыддаджы кæнынц

а) азымджын

æ) аххосджын

б) зылынджын

  1. Малхаз тæрсы йæ фыдæй

а) йе рагъыл æрцæуынæй

æ) йе рагъæй гæрзытæ рауадзынæй

б) йе рагъы цъар айсынæй

  1. Малхаз йе 'рдхордæн уайдзæф кæны:

а) мæнгардæй мыл уæлахиз кæныс

æ) мæнгардæй мыл тых кæныс

б) мæнгардæй мыл рацæуынмæ хъавыс

5-æм хаймæ гæсгæ (2-аг къорды тест)

  1. Закъонæй сæйраг аххосджынгæнæг

а) нотариус

æ) адвокат

б) прокурор

  1. Бесæ йæхи æруагъта

а) тъахтиныл

æ) къæлæтджыныл

б) сынтæгыл

  1. Виктор ард куы нæ бахордтаид, уæд

а) фæстæмæ дæр нæ раздæхтаид

æ) фæстæмæ дæр нæ фæкастаид

б) фæстæмæ дæр нæ разылдаид

  1. Викторæн Дзигулайыл мæтгæнгæйæ йæ

а) цæстытæ донæй айдзаг сты

æ) цæстытæ ныссырх сты

б) цæстытæ ныххуылыдз сты

Æххæст кæны сывæллæтты дзуаппытæ

Кæны хатдзæг:

- Автор тынг парахатæй спайда кодта фразеологион дзырдбастытæй. Уацмысы æвзаг у хъæздыг æндæр аивадон фæрæзтæй дæр.

Рахизын скъуыддзæгты анализмæ.

- Тексты скъуыддзæгты мидис халгæйæ бакæндзыстæм сфæлдыстадон куыст. Ис нæм дыууæ нывгæнæджы, уыдон цы æнкъарæнтæ нæм æвзæра, уыдон нын мольберттыл æвдисдзысты алыхуызон ахорæнтæй, афтæмæй сараздзыстæм фæлгонцтæ.

- Тексты анализ кæрæдзи фарстытыл æнцойгæнгæйæ(мозговой штурм)

- Алы къорд дæр бацæттæ колта, йе скъуыддзагимæ базонгæ уæвгæйæ йын цы информации нæ фаг кодта, уый базонынæн фарст иннæ къордтæм.

Сывæллæтты диалогмæ йæ хъус дары, æххæст сын кæны сæ дзуаппытæ, аразы сæ текстæй пайда кæнынмæ.

- Бацархайæм  тексты хæйттæ кæрæдзийы фæдыл равæрыныл.

- Кæцы къордмæ ис 1-аг, 2-аг… сæргæндтæ.

Спайда кæнут фæйнæгыл равдыст пъланæй:

  1. Мусонг ссыгъд æмæ йæ хуыссын кæнынц.
  2. Хъуыддаг афтæ рауад, Малхаз тамако кæй дымдта, уый аххосæй.
  3. Бег кусы, мусонг чи басыгъта, уый сбæрæг кæныныл.
  4. Малхаз Викторæн радзырдта æцæгдзинад.
  5. Рæстдзинад раргом.

Дæтты, уацау цы у, уый æмбарынад.

Уацау (повесть) – прозаикон уацмыс, асæй роман æмæ радзырды æхсæн. Архæйдтытæ  дзы æвдыст цæуынц кæрæдзи фæдыл, баст сты царды æцæгдзинадимæ.

Физминуткæ

Тагъддзуринæгтæ æмбалдзинады тыххæй.

Гъакон-макъон къахвæндаг,

Иумæ балцы цом!

Фенæм цъити, тархъæдтæ

Ноджы фенæм ком.

Фенæм хохы айнæгæй

Фæтæхгæ цæргæс.

Фенæм, чи у арвы бын

Саумигъæн сæ гæс.

Рауай, фенæм ноджыдæр

Нарты хъазæн фæз.

Демæ уадау згъордзынæн

Алкæдæмдæр æз.

(Баситы Мысост)

Фæлгонцтыл куыст

- Цавæр архайджытимæ сæмбæлдыстæм тексты?

- Чи сты сæйраг архайджытæ ацы уацауы?

- Кæцы бынæтты æмбæлæм Виктор æмæ Малхазы фæлгонцты характеристикæйыл.  

- Кæрæдзийæн цы аргъ кæнынц, уый та кæцы бынæтты æвдыст æрцыд?

Фæйнæгыл лæвæрд цæуы цалдæр æмбисонды алы æвзæгтыл.

- Равзарут, ацы æмбисæндтæй Виктор æмæ Малхазы хæлардзинадмæ кæцытæ сты хæстæгдæр, уыдон.

"My friends are my estate."

Мои друзья - мое богатство.

Æмбал ныфс у.  

Алцæмæй æххæст æмгар чи агуры, уый æнæ æмгар зайы.

Друг за друга держаться - ничего не бояться.

- Сымах та ма сæм цавæр æмбисæндтæ бафтауиккат?

- Цавæр темæ раргом кодта Мамсыраты Дæбе йæ уацауы?

- Бацархайæм сæргонд раттын ацы уацауæн.

- Автор та йын цавæр сæргонд радта?

- Цæмæ схуыдта Дæбе йæ радзырд æрдхорд?

Дзуапп дæттынц тесты фарстытæн радыгай.

Тексты скъуыддзæгтимæ кусынц.

Дæттынц фарстытæ кæрæдзимæ фыццаг къордæй райдайгæйæ:

 1-аг къорд 3-аг сæргонды бындурыл:

- Кæй аххосæй дызæрдыг кæны Бег Дзигулайыл?

 

2-аг къорд (5-æм сæргондмæ гæсгæ)

- Куыд басыгъта Малхаз мусонг?

3-аг къорд ( 1-аг скъуыддзаджы бындурыл)

- Малхазы гæды ныхас раргом?

4-æм къорд (2-аг сæргонды бындурыл)

- Виктор кæд æцæгдзинад  базыдта, уæд цы загъта Малхазæн?

5-æм къорд ( 4-æм сæргонды бындурыл)

- Схъæр кодта Виктор Малхазы сусæгдзинад?

Дзуаппытæ дæттынц радыгай, пайда кæнынц æвзаргæ кастæй дæр.

Фæлгонцты кой кæм æмбæлы, уым нывыл ахорæнтæй æвдисынц æнкъарæнтæ, характеристикæ.

Æрмæгмæ лæмбынæг хъусынц.

Архайынц тагъддзуринаг дзурыныл тагъдæй-тагъддæр.

Нымайынц уацауы архайджыты нæмттæ.

Малхаз æмæ Виктор.

Æвзаргæ каст. Кæсынц,  Викторы æмæ Малхазы фæлгонцтæ кæм бæрæг кæнынц, уыцы бынæттæ текстæй.

Алы скъуыддзаджы бындурыл дæр нывмæ æфтауынц ахорæнтæ.

Нывгæнджытæ лæууынц мольберты цур.

Æвзаргæ каст.

Кæсынц æмбисæндтæ, æмбарын сын кæнынц сæ мидис, бæттынц сæ Малхаз æмæ Викторы ахастдзинæдтимæ.

Æххæст сæ кæнынц, сæхæдæг кæй зонынц, уыцы æмбисæндтæй.

Æмбалдзинады темæ.

Дзурынц сæргæндты варианттæ.

 Чиныджы бæрæг кæнынц 234-æм фарсыл.

Зонадон: зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын

Коммуникативон:  

арæхсын тексты бындурыл фарстытæ сбæрæг кæнынмæ, хъæугæ информаци тексты сбæрæг кæнынмæ

Удгоймагон: хæлардзинады миниуджытæн аргъ кæнын, фæзминаг æмæ фауинаг миниуджытæ иртасын

.

Рефлекси. Урочы хатдзæгтæ

- Нæ бон у Малхаз æмæ Викторы æрдхæрдтæ схонын?

- Æрбакæсæм - ма, Малхаз æмæ Викторæн ахорæнтæй аргъ кæнгæйæ цы нывтæ сарæзтам, уыдонмæ.

- Нæ ныв рауад нывкæнынады аивады стильтæй иуы, хуыйны экспрессионизм. Ахæм нывы нывгæнæг ратты эмоционалон (æнкъарæнджын) характеристикæ  фæлгонцтæн, уавæртæн.

- Цавæр эмоционалон характеристикæ радтам мах та нæ нывы уацауы сæйраг архайджытæн?

- Куыд уæм кæсы, Виктор æмæ Малхазы фæлгонцтæ кæрæдзимæ дард сты æви хæстæг? Ахæм дыууæ фæлгонцæн хæлæрттæ уæвæн ис?

- Ахæм дыууæ æмбалы, Хань цы уавæры бахауд, уым куыд равдыстаиккой сæхи?

- Темæмæ здахы:

- Зæгъут  уæ хъуыдытæ, Виктор æмæ Малхазы æхсæн æцæг хæлардзинад ис æви мæнгарддзинад?

Нывтæн аргъ кæнынц, дзурынц, фылдæр цавæр ахорæнтæй пайдагонд æрцыд, ууыл. Цавæр аргъ кæнынц уыцы хуызтæ архайджытæй алкæмæн дæр.

Дыууæ нывы иумæ сфидаудзысты æви нæ, уый бæрæг кæнынц.  

Дзурынц хъуыдытæ, фидар сæ кæнынц аргументтæй.

 

Хæдзармæ куыст.

Раттын дзуапп фарстытæн текст æнæхъæнæй бакæсгæйæ.

- Бамбæрстой кæрæдзи Виктор æмæ Малхаз ацы цауты фæстæ?

Кæм фæрæдыди Виктор? 

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Æцæг, æууæнкджын, æнувыд, аудаг , æнæфæсайгæ, иузæрдион, хæларзæрдæ, зондджын , хъæлдзæг, лæмбынæг, цымыдисаг , æргом, æргомзæрдæ, æнæхин, бæрнон, тæмæнкалгæ, зæрдæмæдзæугæ. Дзырдт æ спайда к æ нын æ н:

Слайд 2

Темæ: Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Слайд 3

Цæвæр вæййы æцæг æмбал? Цавæр аргъ кæнынц æмбæлттæ кæрæдзийæн? Цавæр уавæрты рабæрæг вæййы æцæг æмбал?

Слайд 4

Колхозы скъæты фарсмæ уыд а) цатыр æ) мусонг б) халагъуд Мусонг ссыгъд а) изæрдалынгты æ) боныцъæхты б) изæрмилты Цалынмæ Бесæ дыккаг бедра хастаид, уæдмæ а) арт йæ куыст бакæндзæн æ) арт йæ хъуыддаг сараздзæн б) арт йæ фæндон сæххæст кæндзæн Малхаз рæстдзинад зæгъынмæ а) йæ ныфс нал æвæрдта æ) йæ ныфс нал хаста б) йæ ныфс нал æвдыста

Слайд 5

Малхазыл йæ фыды фыд цæмæй ма а) гуырысхо кодтаид æ) æнæууæнк кодтаид б) дызæрдыг кодтаид Малхаз йæхи фæлитойы бынаты нæ сæвæрдтаид а) скъоладзау уæвгæйæ æ) ногдзау уæвгæйæ б) кæстæр уæвгæйæ Цалынмæ арт хуыссын кодтой, уæдмæ Малхазы а) æфсон райгуырд æ) æфсон сирвæзт б) æфсон сцæттæ Малхазы сæры алыхуызон хъуыдытæ а) кæрæдзийы сырдтой æ) кæрæдзийы ивтон б) кæрæдзийы æййæфтой

Слайд 6

Офицерты къорды кæстæр æфсæддон цин а) майор æ) булкъон б) лейтенант Тæрхоны уынаффæ рогдæрæй баивыны хъуыддаг а) репресси æ) депортаци б) амнисти Зæронд лæджы хуыссæнтæ æмæ дзаумæттæ а) арты хай баисты æ) арты дзыхы бахаудтой б) арты цæхæрæй басыгъдысты Дзигула фырмæстæй а) пилон калдта æ) маст калдта б) цæхæртæ калдта

Слайд 7

Дзигула у хъæлдзæг ныхасгæнæг æмæ а) цыргъæвзаг адæймаг æ) цыргъзонд адæймаг б) цыргъныхас адæймаг Дзигулайы сыгъды хъуыддаджы кæнынц а) азымджын æ) аххосджын б) зылынджын Малхаз тæрсы йæ фыдæй а) йе рагъыл æрцæуынæй æ) йе рагъæй гæрзытæ рауадзынæй б) йе рагъы цъар айсынæй Малхаз йе 'рдхордæн уайдзæф кæны: а) мæнгардæй мыл уæлахиз кæныс æ) мæнгардæй мыл тых кæныс б) мæнгардæй мыл рацæуынмæ хъавыс

Слайд 8

Закъонæй сæйраг аххосджынгæнæг а) нотариус æ) адвокат б) прокурор Бесæ йæхи æруагъта а) тъахтиныл æ) къæлæтджыныл б) сынтæгыл Виктор ард куы нæ бахордтаид, уæд а) фæстæмæ дæр нæ раздæхтаид æ) фæстæмæ дæр нæ фæкастаид б) фæстæмæ дæр нæ разылдаид Викторæн Дзигулайыл мæтгæнгæйæ йæ а) цæстытæ донæй айдзаг сты æ) цæстытæ ныссырх сты б) цæстытæ ныххуылыдз сты

Слайд 9

Мусонг ссыгъд æмæ йæ хуыссын кæнынц. Хъуыддаг афтæ рауад, Малхаз тамако кæй дымдта, уый аххосæй. Бег кусы, мусонг чи басыгъта, уый сбæрæг кæныныл. Малхаз Викторæн радзырдта æцæгдзинад. Рæстдзинад раргом.

Слайд 10

Гъакон-макъон къахвæндаг, Иумæ балцы цом ! Фенæм цъити , тархъæдтæ Ноджы фенæм ком. Фенæм хохы айнæгæй Фæтæхгæ цæргæс. Фенæм, чи у арвы бын Саумигъæн сæ гæс. Рауай , фенæм ноджыдæр Нарты хъазæн фæз . Демæ уадау згъордзынæн Алкæдæмдæр æз.

Слайд 11

"My friends are my estate." Мои друзья - мое богатство. Æмбал ныфс у. Алцæмæй æххæст æмгар чи агуры , уый æнæ æмгар зайы . Друг за друга держаться - ничего не бояться.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок осетинской литературы в 6 классе

Урок – дискусси            Урочы темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ....

«Виды самостоятельной работы на уроках осетинской литературы в старших классах».

Доклад по теме   «Виды самостоятельной работы на уроках осетинской литературы   в старших классах»....

Интегрированный урок осетинской литературы и обществознания в 8 классе

Интегрированный урок осетинской литературы и обществознания по теме:Оценка норм морали общества по произведению К.Хетагурова «Кæуæг айнæг». Учитель истории и обществознания,Арчегова А...

Уроки осетинской литературы 6, 8, 9 классах

Уроки соответствуют ФГОС. На уроках изучается творчество К.Л.Хетагурова....

Технологическая карта урока осетинской литературы в 5 классе

Технологическая карта урока осетинской литературы в 5 классе. Урок по басне Коста Хетагурова "Волк и журавль"....

Технологическая карта урока осетинской литературы в 9 классе

Тема "Психология осетинского народа в очерке Инала Канукова "В осетинском ауле". Прилагается презентация....

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...