Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)
план-конспект занятия (6 класс) на тему

Цаликова Римма Хаирбековна

Внеклассное мероприятие  по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)

Скачать:


Предварительный просмотр:

C:\Users\Зарема Харитоновна\Desktop\Фото школы для министерства.jpg

Ирон литературӕйы урок 6-ӕм къласы

(ахуыргӕнӕг Цӕлыккаты Р.Х.)

Темǽ:

«Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау

«Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)

Урочы нысантǽ:

Равзарын уацауы мидис, ǽрдзурын уацмысы жанрыл.

Сывǽллǽтты  разǽнгард кǽнын                    рǽстдзинад, хǽлардзинадмǽ, аргъ сын кǽнын ǽмǽ сǽ цардмǽ хǽссын.

Скъоладзауты аив дзурын,æххǽст ǽмǽ  мидисджын дзуǽппытǽ дǽттыныл, фǽлтǽрын, сǽхи хъуыдытǽ ǽргом кǽныныл сǽ ахуыр кǽнын.

Урочы фǽлгонц:

Чингуыты равдыст,газетты ǽрмǽг Дǽбейы тыххǽй,фыссǽджы портрет.

2) Техникон фǽрǽзтǽ: компьютер,                                                             интерактивон фǽйнǽг, презентаци.  

                                                         

Урочы цыд.

I Организацион хай.

Скъоладзауты куысǽввонг ǽркǽнын,урочы нысантимǽ сǽ базонгǽ кǽнын

Экраныл фыст урочы эпигрǽф:

Ǽз демǽ хорзǽй иу къǽбǽр хǽрдзынǽн,

Кǽндзынǽн демǽ хаттǽй-хатт быцǽу.

Ǽз дын дǽ рǽдыд комкоммǽ зǽгъдзынǽн

Фǽсаууонмǽ та хъахъхъǽндзынǽн дǽу.

                                           (Цǽгǽраты Гиго)

  • Уǽ бон хорз, ме *рыгон хǽлǽрттǽ. Уырны мǽ, абон дǽр та кǽрǽдзи кǽй бамбардзыстǽм, уый.
  • Сывǽллǽттǽ, абон не* скъолайы ис уазджытǽ. Уазǽг та  ирон адǽммǽ кǽддǽриддǽр уыдис  «Хуыцауы уазǽг» -ыл нымад ǽмǽ сǽ мах  дǽр сбуц кǽндзыстǽм нǽ аив дзырдтǽй ,нǽ арӕхстдзинадǽй ǽмǽ нǽ зонындзинǽдтǽй.

Фǽйнǽгыл  Пухаты А. фыст ǽмдзǽвгǽ уазǽджы тыххǽй:

Ирон хǽдзармǽ-иу куы нǽ цыдис уазǽг,

Уǽд –иу  ǽй нымадтой ǽдзǽрǽгыл хъǽу.

Ирон лǽгǽй хуыздǽр фысым ма зǽгъ,

Уа хион,ǽддагон,уый хъауджыдǽр нǽу.

Ирон лǽгǽн уазǽг йǽ хуыцау,йǽ зǽд уыд,

Йǽ фарсмǽ-иу фынгыл рǽбынǽй ǽрбадт.

Цыхъармдǽр дзырдтǽй йыл зǽрдǽйǽ узǽлыд,

Ǽмǽ-иу басгуыхт  ǽфсымǽр ,ǽрвад.

Ирон хǽдзармǽ-иу куы нǽ цыдис уазǽг,

Cǽрдыгон дǽр кодта уǽд уазалы тǽф.

Зǽрватыкк ǽм мидǽмǽ никуы тахт уалдзǽг,

Уыд ахǽм хǽдзарǽн йǽ бǽркад дǽр сǽфт.

  • Алыбон ǽгас нǽм цǽут ,нǽ буц уазджытǽ.Уǽ куыстǽй райгонд ут!Царды хорздзинǽдтǽй хайджын! Рухстауджытǽ стут ǽмǽ уǽ  цǽстыты рухс ǽмǽ зǽрдǽты рухс макуы бамынǽг уǽд.Уǽ уды хъару сывǽллǽттǽн зǽрдиагǽй дǽттут ǽмǽ уын аргъгǽнǽг ǽмǽ кадгǽнǽг уǽнт уǽ хъомылгǽнинǽгтǽ.

Эпигрǽф равзарын.

1.

2.

3.

4.

Иу къǽбǽр хǽрдзынǽн ( ома, фǽстаг комдзаг дǽр дих кǽндзынǽн  демǽ).

Демǽ кǽндзынǽн быцǽу ( раст кǽм нǽ уай,уый дын ǽргом дзурдзынǽн, раст хъуыдыйыл дǽ ǽфтаудзынǽн).

Дǽ рǽдыд дын дзурдзынǽн (кǽддǽриддǽр дын дǽ рǽдыд  дзурдзынǽн  дǽхицǽн).

Фǽсаууонмǽ дǽ хъахъхъǽндзынǽн (хинǽй дыл никуы рацǽудзынǽн, дǽ кой никуы никǽмǽн              ракǽндзынǽн, искǽй цǽсты дǽ нǽ бафтаудзынǽн, искǽмǽн дǽ ǽнǽхъуаджы     ǽфхǽрын нǽ бауадздзынǽн)

II Хǽдзармǽ куыст  сбǽрǽг кǽнын

III Уацмысы мидис равзарын

  • Йǽ сǽйраг хъуыды кǽцы рǽнхъыты ǽмбǽхст ис?

(дыууǽ фǽстаг рǽнхъы)

(ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ эпигрǽфы тыххǽй)

  • Уǽдǽ куыд бамбǽрстат, афтǽмǽй абон нǽ урочы ǽрдзурдзыстǽм ирон адǽммǽ фыдǽй фыртмǽ ǽппǽтǽй бǽрзонддǽр, ахсджиагдǽр ǽгъдǽуттǽй иуыл  

Ǽрдхорддзинадыл

  • Раталмац ма йǽ кǽнǽм уырыссаг ǽвзагмǽ.

(скъоладзауты дзуǽппытǽ).

  • Равзарǽм ма йǽ дзырды хǽйттǽм гǽсгǽ. Уǽдǽ  ацы дзырд йǽ арǽзтмǽ гǽсгǽ куыд вазыгджын  у, афтǽ вазыгджын  у  йǽ хъуыдымǽ гǽсгǽ дǽр.

(скъоладзауты дзуǽппытǽ).

  • Хǽдзармǽ уын лǽвǽрд уыдис бацǽттǽ кǽнын хъусынгǽнинǽгтǽ ард хǽрыны ǽгъдау – иу куыд ǽххǽст кодтой ирон адǽм,уымǽй хистǽрты бафǽрсын , рǽстдзинады тыххǽй та - ǽмбисǽндтǽ бацагурын.

 (скъоладзауты дзуǽппытǽ).

  • Уǽдǽ ма мǽнǽ фǽйнǽгыл цы  ǽмбисǽндтǽ ныффыстон, уыдон равзарǽм ǽмǽ зǽгъǽм, нǽ абоны урочы темǽмǽ  исты бар дарынц ǽви нǽ?

(скъоладзауты дзуǽппытǽ).

  • Рǽстдзинад зǽрдǽйыл уǽз нǽ кǽны.
  • Йǽ рǽдыдыл чи нǽ сǽтты,уый рǽдигǽ кǽны.
  • Сайын ǽмǽ фǽливын чи сахуыр уа, уый бинонты дǽр сайы. 

(скъоладзауты дзуǽппытǽ).

 ( Ацы ǽмбисǽндтǽ  комкоммǽ баст сты Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»-ы сǽйраг хъайтар Малхазимǽ).

  • Малхаз ǽмǽ Викторǽн ацǽг ǽрдхǽрдтǽ схонǽн ис?

(скъоладзауты дзуǽппытǽ).

  • Куыд зонǽм, афтǽмǽй,Малхаз цыдǽр ǽвзǽр хъуыддаг бакодта,ǽмǽ цымǽ йǽ рǽдыдыл фǽсмон кǽны ǽви нǽ?

(скъоладзауты дзуǽппытǽ).

Куыд уǽм кǽм кǽсы,Виктор бирǽ уарзы Малхазы?

(скъоладзауты дзуǽппытǽ)

  • Уǽдǽ сымах та Викторы бынаты куыд бакодтаиккат?

 (скъоладзауты дзуǽппытǽ).

IV Чиныгимǽ куыст:

  • Цǽуыл фǽсмон кǽны Малхаз?

(240 фарс)

  • Ахǽццǽ кǽнут дарддǽр «Дзигула раст фǽндагыл ǽрлǽууыд»…

(242 фарс)

  • Малхаз йǽхи куыд дары,уый Викторы зǽрдǽмǽ цǽуы?

(скъоладзауты дзуǽппытǽ)

  • «Иу бон Бег ǽмǽ Виктор Бесǽтǽм куы *рбацыдысты, уǽд…

(скъоладзауты дзуǽппытǽ)

Диалог (  Малхаз ǽмǽ Виктор)

  • Виктор ард куы бахордта , йǽ ныхас ын кǽй нǽ ауǽй кǽндзǽн, ууыл , уǽд ǽй цǽмǽн фǽсайдта?

(скъоладзауты дзуǽппытǽ)

  • Сымах та куыд бакодтаиккат йǽ бынаты?

(скъоладзауты дзуǽппытǽ)

  • Бесǽ ǽппǽт хабǽрттǽ куы базыдта Малхазы тыххǽй,уǽд ын  цы загъта?

 (скъоладзауты дзуǽппытǽ)

  • Малхаз Викторы хъусы «мǽнгард» зǽгъгǽ куы бадзырдта,уǽд Виктор…

(скъоладзауты дзуǽппытǽ)

  • Кǽм фǽрǽдыд Виктор?

(скъоладзауты хъуыдытǽ)

(Ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ)

 V   Æрмǽг ныффидар кǽнын тестыты фǽрцы   

  • Цǽмǽй нǽ зонындзинǽдтǽ бǽлвырддǽр рабǽрǽг уой, уый тыххǽй бакусдзыстǽм тестытимǽ. Куы фǽуат, уǽд  экраныл ӕз равдисдзынǽн раст дзуǽппытǽ ǽмǽ алкǽмǽн дǽр йǽхицǽн бǽрǽггǽнǽн нывǽрыны бар уыдзǽн.

1.  ЦЫ-ИУ КУЫСТОЙ МАЛХАЗ ǼМǼ БЕСǼ БЫДЫРЫ?

а )   ФОС-ИУ  ХЫЗТОЙ;

ǽ )   АРГЪǼУТТǼ-ИУ   ДЗЫРДТОЙ;

б )   ЧИНЫДЖЫ-ИУ  ЫН   КАСТИС;

2.   МУСОНГ ЦǼЙ АХХОСǼЙ ССЫГЪДИ?

а )  ЧИДǼР  ЫЛ  БАРǼЙ   БАНДЗǼРСТА;

ǽ )  ТАМАКО   ТǼРХǼГǼЙ   РАХАУД;

б )  СПИЧКǼЙǼ   ЧИДǼР  ХЪАЗЫД;

3.  БЕСǼ ЦǼМǼЙ ФǼЦǼФ?

а )  ЧИДǼР  ǼЙ  БАГǼРАХ  КОДТА;

ǽ )  ТОППЫ  ЦЫ  ГИЛДЗ   БАЗЗАД, УЫМǼЙ;

б )  АРТǼЙ   БАСЫГЪД;

4.  МУСОНГ КǼЙ ССЫГЪД, УЫМ АХХОСДЖЫН УЫДИС:

а )  ДЗИГУЛА;

ǽ )  ВИКТОР;

б )  МАЛХАЗ;

5.  МАЛХАЗ ЙǼХИ КУЫД ДАРЫ МУСОНГ БАСЫГЪДЫ ФǼСТǼ?

а )  КУЫД  ДАРДТА, АФТǼ;

ǽ )  ХУЫЗДǼР  АХУЫР   КǼНЫН  РАЙДЫДТА;

б )  ЙǼ  АХУЫР  ФǼЦАУДДǼР, ЦǼМǼЙДǼР   ТЫХСЫ;

6.  ЦǼЙ ТЫХХǼЙ НǼ ХЪǼР КǼНЫ ВИКТОР МАЛХАЗ ТАМАКО КǼЙ ДЫМЫ, УЫЙ?

а )  УЫМǼН  ǼМǼ  ДЗЫ  ТǼРСГǼ  КǼНЫ;

ǽ )  АРД  ЫН  КǼЙ  БАХОРДТА, УЫЙ  ТЫХХǼЙ;

б )  УЫМǼН  ǼМǼ  ЙЫН  НИЦЫ  УǼЛДАЙ У;

7.   ВИКТОР ǼЦǼГ ǼРДХОРД КǼЙ У,УЫЙ ЦǼМǼЙ БǼРǼГ У?

а ) АЛЫ ХАТТ  ДǼР  ВǼЙЙЫНЦ  ИУМǼ;

ǽ )  СЫХǼГТǼ  КǼЙ  СТЫ, УЫМǼЙ;

б ) РǼСТДЗИНАД  РАДЗУРГǼЙǼ  ЙЕ`РДХОРДǼН  ЙǼ  УАВǼР  ФǼРОГДǼР КОДТА;

 VI Хатдзǽгтǽ.

  • Мах  абон бǽлвырддǽр базыдтам, ǽрдхордǽн цы нысаниуǽг ис, уый. Сымах та уǽхицǽн царды мидǽг ǽцǽг ǽрдхордǽн кǽй равзариккат? Цавǽр ǽхастдзинǽдтǽ уын уаид йемǽ? 

(скъоладзауты хъуыдытǽ).

  • Ныр та куыд ǽххǽст кǽнут ǽрдхорды, ǽцǽг ǽмбалы хǽстǽ? 

(скъоладзауты хъуыдытǽ)

(ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ)

VII Кǽронбǽттǽн  

  • Нǽ абоны урокǽн мǽ кǽронбǽттǽн скǽнын фǽнды таурǽгъǽй.

Дыууǽ ǽрдхорды

Уыдис дыууæ æрдхорды. Кæрæдзиуыл уыдысты тынг æнувыд мады зæнæг æфсымæртау -  Хетæг æмæ Батырадз. Иу заман Хетæг бахауд стыр фыдбылызы -  ссуд ын кодтой æртын азы ахæстоны фæбадын, стæй йын æрхаудта фынддæс азмæ, æмæ фынддæс азы фæбадтис ахæстоны. Фынддæс азы фæстæ куы рацыд ахæстонæй, уæдмæ йæ мад æмæ йæ фыд амардысты æмæ йын йæ хъæуы ничиуал уыдис. Йæхицæн загъта: « Уæддæр мæ хъæуы мæнæн ничиуал ис æмæ цон æмæ фæцæуон ме ʼрдхордмæ». Йе ʼрдхорд Батырадз цардис хъæздыг. Бахæццæ йе ʼрдхорды кæртмæ, бахоста дуар æмæ йæм ракастис Батырадзы бинойнаг. Дуар куы байгом, уæд Хетæг хæдзары ауыдта йе ʼрдхорды аууон, фæлæ йæм уый æддæмæ нæ ракаст. Йæ бинойнаг загъта, ам нæй, зæгъгæ, мидæмæ дæр ын нæ загъта, афтæмæй. Рацыд уырдыгǽй æнкъард æмæ сæргуыбырæй, ацы хъæуы дæр мын бынат нæй, зæгъгæ, кæд  мæ ме ʼрдхорд нæ бахуыдта, уæд. Хъæуы бынмæ куы ныххæццæ, уæд ыл амбæлд иу мæгуыр ус æмæ йæ фæрсы, цы кæныс, лæппу, цæй æнкъард дæ? Лæппу йын радзырдта кæрæй-кæронмæ йæ хабæрттæ, æмæ йын ус загъта.

     -Æз дæр дæн иунæг, ничи мын  ис æмæ кæд æрвæссыс, уæд цом мемæ æмæ мын фырт уыдзынæ.

     Лæппу сразы ис. Ацыд мæгуыр усы хæдзармæ æмæ цæрынтæ байдыдта йемæ. Цасдæры фæстæ æрхаста бинонтæ, фæлæ йе ʼрдхордмæ нæ фæдзырдта чындзæхсæвмæ, стæй та йын райгуырд лæппу, æмæ та ацы хатт дæр нæ фæдзырдта йе ʼрдхордмæ. Фæлæ йæм уый йæхæдæг æрбацыд.

     Куывды адæмы цурмæ куы бацыд Батырадз, уæд ракуырдта нуазæн æмæ загъта: «Хетæг уыд æмæ у мæ хуыздæр æрдхорд- æфсымæр, зындзинады куы бахауд, æртын азы йын куы стǽрхон скодтой, уæд ын баххуыс кодтон æмæ дзы фæбадтис ǽрмǽст  фынддæс азы. Куы рацыд æмæ мæ хæдзармæ куы ʼрбацыд, уæд æм нæ рацыдтæн, уый тыххæй, æмæ мæ хæдзары цæргæйæ, кодтаид æфсæрмы, ницы бакуымдтаид. Фæлæ йын йæ размæ арвыстон мæ мады æмæ ныр дæр цæры уыимæ, стæй та йын, цæмæй хорз бинонтæ уа, уый тыххæй йæ сæмбæлын кодтон мæ хоимæ æмæ ныртæккæ йæ бинойнаг чи у, уый у мæ хо. Уыцы æртæ хорздзинады йын мæ бон уыд ракæнын, æмæ йын сæ бакодтон»…

     Уæдæй фæстæмæ дыууæ æрдхорды ноджыдæр балымæн сты.

(скъоладзауты хъуыдытǽ)

(ахуыргǽнǽджы хатдзǽгтǽ)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

1.     Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2.     Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы \'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-м...

«Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд» Мамсыраты Дæбейы радзырд "Æрдхорд" – мæ гæсгæ.

Урок литературы по произведению  Д..Мамсурова  "Æрдхорд"....

Конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ

План - конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...

Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ

Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...