Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.
методическая разработка

Елоева Алла Таймуразовна

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

Скачать:


Предварительный просмотр:

МИНИСТЕРСТВО  ОБРАЗОВАНИЯ  И  НАУКИ  РСО-АЛАНИЯ

       ГБПОУ    «СЕВЕРО – КАВКАЗСКИЙ  ЛЕСНОЙ  ТЕХНИКУМ»

Рассмотрено на заседании  цикловой  комиссией общеобразовательных и  естественно-научных дисциплин

Протокол  №   от  «____ » ________________  2016 год

Председатель  ________________ Елоева А.Т.

                                  «Утверждаю»

                      зам.  директора  по  учебной  работе

                 

                      ________________ ______2016 года                                                                                

                      ______________ ____ Селимов  Ш.А

                                                                                           

Методикон бакуыст

ирон литературæйæ.

Гом урок.

Темæ: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

                                                                           /Автор:  Елойты А.Т./

C:\Users\SFM\Downloads\Бах.jpg

2016

Темæ: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-ы.

Эпиграф: «Ацы зæххыл цыдæриддæр  равзæрд, уыдоны иууылдæр цæрын фæнды, æмæ дзы алкæмæн дæр, суанг кæрдæджы халæн дæр, зæххæй фæхицæн зын у, тынг зын. Кæрдæгæн йæ лыггом цæмæн ныддондзаст вæййы? Уый йæ хъысмæтыл фæкæуы. Алцæмæн дæр мæлæт и æмæ йæ афоныл куы æрцæуы, уæд уый Хуыцауы куывд у».

                                                          Агънаты Гæстæн. «Фæстаг бæх».

«Адæймагæн йæ намысæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ йæ хъуама макуы фесафа».

                                                                                              Æмбисонд.

Урочы нысантæ: 

1.        Базонгæ кæнын ахуырдзауты Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-имæ, раиртасын радзырды проблематикæ.

2. Ӕрдз æмæ адæймаджы 'хсæн цы удхæстæгдзинады хъуыды ис, уый     бамбарын кæнын.

Урочы хуыз: Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Урочы хæстæ:

  1. Раргом кæнын Хъуыдайнаты рæсугъд миддуне æмæ йæ дунеæмбакаст, уый фæрцы хъомыладон куыст бакæнын.
  2. Райхалын æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды уацауы.
  3.  Хатдзæгтæ скæнын фыссæг уацауы цы проблемæтæ æрæвæрдта, уыдонæй æмæ сæ бабæттын  абоны цардимæ.

Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.

Урочы фæлгонц: видеофрагмент, эпигрæф, нывтæУрочы цыд:

Ахуыргæнæг (мотиваци):

Сымах мæ къухты уынут зæронд газет, кæцы уыди  газет «Рæстдзинадæн»  йæ сæрмагонд рауагъд «Иры ном», зæгъгæ æмæ рухс федта 2002 азы, уыцы аз цирчы  бæхылбадджыты бындурæвæрæгыл Хъантемыраты Алибекыл сæххæст 120 азы.

Байхъусут уацхъыдыйæ скъуыддзæгмæ:

  «Æвæццæгæн ахæм адæймаг Ирыстоны нæй æмæ бæхты цирчы зындгонд Хъантемыраты, чи нæ зоны. Сæ диссаджы аивад æмæ арæхстдзинадæй зæрдæскъæфт фæкодтой æнæхъæн дуне.

 «Ницы ис зæххыл тагъд уайаг бæх æмæ денджызы науы ленкмæ кæсынæй рæсугъддæр» - дзырддта  францаг зындгонд фыссæг Оноре де Бальзак. Ахæм хъуыдымæ цæмæ ‘рцыдис, уый мах нæ зонæм, фæлæ ивгъуыд заманты бæх адæймагæн йе’стырдæр ныфс кæй уыди цы хæдзары, цы балцы, уый иууылдæр зонæм. Сабийæ Алибечы йæ ныййарджытæ семæ стыр бæрæгбонмæ акодтой. Уым бæхтæ куы федта, уæдæм афтæ кастис, цыма дугъы барджытæ Нарты кадджыты хъайтартæ сты. Уæдæй фæстæмæ чысыл лæппуйы зардæмæ бахъуызыд бæллицц, йæ ном дунейыл кæмæн айхъуыса, ахæм бæхылбадæг суæвын. Уый йæ фыды хæдзарæй куы цыд, уæд ын йæ мад фæдзæхста: «Кæм фæнды куы уай, лæппу, алкæд дæр дæ зæрдыл дар, адæймагæн йæ намысæй зынаргъдæр ницы ис æмæ йæ макуы фесаф».

 Алибек йæхицæн æнцон фæндæгтæ никуы ардта, царды рæстдзинадыл хъомыл кодта йæ фыртты дæр Хасанбег, Ирбег æмæ Мухтарбеджы дæр. Уæлдай зæрдиаг йæ куыстыл уыди Ирбег. Уый-иу арæх дзырдта, цæмæй дын дæ фæнд бæх сæххæст кæна, уый тыххæй йæ зæрдæбынæй уарзын хъæуы. Фæлмæн, рæдау ныхас сырд дæр æмбары».

  Æмæ уымæн æвдисæн трейлер «Прощай, Асуан» документалон кинонывæй «Когда уходят кумиры», зæгъгæ, кæцы æрцыди ист Хъантемыраты Ирбеджы ном мысгæйæ. Бакæсæм.

Ахуыргæнæг:

  1. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы видеоскъуыддзæг?
  2. Цавæр уацмыс уын  æрлæууын кодта  уæ зæрдыл?
  3. Куыд уæм касы, цы ис иумæйагæй видеоæрмæгмæ æмæ уацау «Фастаг бæх»-мæ.
  4. Сымахмæ гæсгæ куыд схонæн ис нæ урочы темæ?

Ахуырдзауты дзуæппытæ:

1.

Бæх ама йа хицау  кæрæдзийыл сты тынг æнувыд.

Бæх тынг æмбары йæ хицауы.

Раст дыууæ хæлары ‘хсæн цавæр ахастдзинæдтæ вæййы, ахæм ахастдзинæдтæ ис се’хсæн.

2.

Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»

3.

Дыууæ йы дæр æвдыст цæуы бæх æмæ адæймаджы бастдзинад.

4.

Хъуыдайнат æмæ Зыгъары  бастдзинады темæ уацау «Фæстаг бæх» - ы.

Ахуыргæнæг:

Урочы темæ - 1 слайд (темæ тетрæдты ныф.)

Эпигрæфтæ - 2 слайд (Æмбисонд ныф.)

Урочы хæстæ - 3 слайд;

  1. Бафæлварæм раттын характеристикæ Хъуыдайнатæн. Цавæр  адæймагай  йæ æвдисы автор?

Ахуырдзау:

Хъуыдайнат у зæронд лæг. Кусы къолхозы бæхтæрæгæй. Уыди хæстон лæг, хасты фыдвандагтыл фæцыд, хæсты ахауд йæ къах дæр, фæла уæддæр на фæцудыдта.  Адæмæн хорз фæуыныл архайы, лæггад сын кæны. У рæстыл дзурæг, адам уарзон,  кæдфæндыдæр йæ ныхас æргом фæзæгъы. Йа бинонты æхсан у фæзминаг хистар. Фæла йыл йа фырты фырт Ирбегæй   сæмбæлд æвзæр хабар: зоотехник Мишæ сфæнд кодта амарын Зыгъары. Йа ныхæстам гæсгæ галта æмæ бæхтай кусæн рæстæг нал у, уæлдайдæр та Зыгъары хуызæн зæронд бæх. Йа дзидза йын кæрчытан ратт, йа царм та – паддзахадма. Фæлæ уыман уæван нæй. Хъуыдайнат никуы сразы уыдзæн Зыгъары марыныл, цы фæнды ног дуг æмæ ног цард куы уа, уæддæр адæймагдзинад хъуамæ сæфт ма уа.

Ахуыргæнæг:

Ссарут тексты æмæ бакæсут автор Хъуыдайнаты  цавæр адæймагæй æвдисы, уый.

Ахуырдзаутæ кæсынц текстæй (378-379).

Ахуыргæнæг:

Автор нын æргом кæны Хъуыдайнаты миддуне, йæ зæрдæйы хорз уаг. Уымæн царды мидаг сæйрагдæр  у хорз уды хъæд. Цы фæнды ахуыргонд куы уай, фæлæ дæ зæрдæйы уаг куы нæ бæзза, уæд ницæй аргъ дæ.

Ахуырдзаутæ кæсынц текстæй (382)

Ахуыргæнæг:

Хъуыдайнатæн йæ цавæр миниуæгыл дзураг у ацы скъуыддзæг?

Ахуырдзау:

Хъуыдайнат у раст адæймаг, æргомдзырд, дæлгоммæ ныхас нæ уарзы æмæ йæм афтæ кæсы, цыма се’ппæт кусджытæ Мишайы фарс никуы  æрлæудзысты, уымæн æмæ æгомыг хайуаны амарын, адаймаджы хуызæн адæймагæн йа зæрда никуы  бакомдзæн. Хъуыдайнаты та фæнды æууæндын хорз адæм фылдæр кæй ис, ууыл.

Ахуыргæнæг:

Æрдз æмæ адæймаджы ‘хсан удхæстæгдзинад кæй ис, уый мах бафиппайдтам Ирбег æмæ йа бæх Асуанма гæсга дæр. Ацы дунейы алцы дар арызт у уарзондзинады бындурыл. Мæнгæй нæ загъта Ирбег: «Фæлмæн, рæдау ныхас сырд дæр æмбары зардабынай йа куы уарзай, уад» . 

Бафалварам Хъуыдайнат æмæ Зыгъары удхæстæгдзинад цæй мидæг ис, уымæн дзуапп ссарын тексты, цыма сæ цы иу кæны? Текстæй бафидар кæнут уæ хъуыдытæ.

Ахуырдзау кæсы( ф.380)

Ахуырдзау кæсы( ф.376)

Ахуырдзау кæсы( ф.393)

Ахуырдзау кæсы( ф.393-394)      

Къордты куыст:     Ныр та акусæм къордтæй. Саразæм синквейн -

                   фондзрæнхъон æмдзæвгæ, уый фæрцы скæндзыстæм хатдзæгтæ                          

                            1 – аг рæнхъ – номдæр (тема);

                            2 – аг рæнхъ – дыууæ миногоны (сбæрæг кæнын темæ);

                            3 – аг рæнхъ – æртæ мивдисæджы ( темæйы архайд);

                            4 – аг рæнхъ – хъуыдыйад (дæ ахаст темæмæ);

                            5 – аг рæнхъ – резюме , иу дзырд (темæйы синоним).

1 – аг къорд

  1. Хъуыдайнат.
  2. Уæззаузонд, æгъдауджын.
  3. Кусы, уарзы, æмбары.
  4. Йæ царды нысан æххæст кæны.
  5. Раст.

2 - аг къорд

  1. Зыгъар.
  2. Кусаг, æмбаргæ.
  3. Пайды хæссы, æмбары, кусы.
  4. Бацæуы адæмæн хæрзты.
  5. Рæузæрдæ.

3 - аг къорд

  1. Миша.
  2. Цыбырзонд, марæг.
  3. Не’мбары, хъуыды нæ кæны, нæ уарзы.
  4. Лæджы ном æгад кæны.
  5. Æвзæр.

Къорды сæргълæууæг амоны синквейн.

Ахуыргæнæг:

Цы Синквейнтæ сарызтат, уыдоны фæрцы бæрæг у æрдзы минæвар Зыгъар æмæ Хъуыдайнаты’хсæн цы удхæстæгдзинад ис, уый. Куыд уынут, афтæмæй адæймагæй адæймаджы ‘хсæн (ацы ран Миша) ахæм удхæстæгдзинад нæй.

Презентаци: «Зыгъар æмæ Хъуыдайнаты  удхæстæгдзинад»

слайд 5 - 9 (5 слайд ныф.)

Ахуырганаг: Цавæр проблема нын æрæвæрдта нæ разма фыссæг йæ уацмысы?

Ахуырдзау:

Мæнмæ гæсгæ фыссæг йæ уацмысы æвдисы мæнгдзинады, æгъатырдзинады ныхмæ тох. Уыцы тохы бацыди Хъуыадайнат Мишæйы ныхмæ, æфсарм кæмæ нæй, хистæр кæмæн нæй, тæригъæд чи нæ зоны, сау фæндта кæма ис, æрдзы ныхма чи цæуы. Уыцы тохы иуырдыгæй сты Хъуыдайнат æма Зыгъар, иннæрдыгæй та Мишæ æмæ йæ фарсмæ цы мадзуратæ лæууыд, уыдон. Мишæйæ хуыздар не сты уыдон дæр. «Раст æмæ зылын бæрæг сты, æмæ кæд раст адæймаг дæ, уæд рæстдзинады фарс æрлæуу», - загъта Хъуыдайнат.  Фæлæ уыдонмæ ахæм хъару нæ разынд.

Ахуырганаг: Куыд уæм кæсы, абон нæ царды ахæм проблемæта ис æви нæй?

Ахуырдзау: Дзуапп

Ахуыргæнæг:

Хъыгаган «Мишæхуызтæ» нæ алыварс бирæ ис. Æрмæст йæхи пайдайæн чи цæры, æгъдау æмæ æфсарм кæмæ нал ис. Дуг куыд фанды куы ива, цардмæ цы фæнды ногдзинæдтæ куы хæсса, уæддæр лæг цæры йæ кад æмæ йæ намысæн.

(Урочы эпигрæфмæ аздæхын).

«Адæймагæн йæ намысæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ йæ хъуама макуы фесафа».

                                                                                              Æмбисонд

Гæстæн йæ уацаы равдыста æртæ фæлтæры минæвары: Хъуыдайнаты, Мишæйы æмæ Ирбегы. Автор нын Ирбеджы æвдисы куыд ног царды минæвары. Уый у йæ фыды фыды хуызæн: ныфсхаст, æргомдзырд. Хистæры фарн дæлæма не ‘рудздзæн.  Цалынмæ Ирыстоны фæрнджын зæххыл Хъуыдайнаты хуызæн хистæрта æмæ Ирбеджы хуызæн кæстæртæ уа, уæдмæ нæй фесæфæн ирон адæймагæн, ирондзинадæн.

      Презентаци: слайд – 10; слайд – 11

Ахуыргæнæг:

Ирон литературæйæ уацмыстæй ма кæцыйы цæуы ныхас бæх æмæ йæ хицауы тыххæй? Чи у уацмысæн йæ автор æмæ куыд у йæ сæргонд?

Ахуырдзау: Дзуапп: Плиты Грисы æмдзæвгæ «ÆРТХУТÆГДОН» Инæлар Плиты Иссæйы æмæ йæ бæхы тыххæй.

Ахуыргæнæг:

Мæн фæнды цæмæй байхъусат куыд кæсы æмдзæвгæ «ÆРТХУТÆГДОН» ирон поэт Хъодзаты Æхсар» æмæ ма иу хатт банкъарат куыд арф бастдзинад ис адæймаг æмæ æрдзы ‘хсæн. Байхъусæм.

Видеофрагмент: Хъодзаты Æхсар кæсы æмдзæвгæ «ÆРТХУТÆГДОН»

Рефлекси: Абоны урокæй уæ чи цы ахæсдзæн? слайд - 12

  1. Æбон æз базыдтон…Хъантемыраты цирчы бахылбаджджыты  тыххай)
  2. Æз бамбæрстон …Цай мидаг ис ардз ама адаймаджы хсан удхастагдзинады хъуыды уацауы.
  3. Мæнæн рауади… синквейн саразын
  4. Мæн бафандыд…дыккаг хат бакасын «Фастаг бах»
  5. Æз бафæлвардзынæн… Хъуыдайнатау хорз адаймаг суавын.
  6. Æз базонгæ дæн... Поэт Хъодзаты Æхсаримæ.
  7. Мæнмæ диссаг фæкаст...Æрдз æмæ адæймаг куыд æнгом баст сты кæрæдзийыл.
  8. Абоны урок мæнæн радта... Царды скъола.

Хæдзармæ куыст:

Нывæцæн «Æрдз æмæ адæймаджы ‘хсан удхæстæгдзинады хъуыды уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

методическая разработка открытого урока по английскому языку тема:"Деньги" для специальности "экономика и бухгалтерский учёт" по отраслям

Вид урока:Комбинированный    Методы обучения:Словесный, наглядный, практический, исследовательский. Форма проведения урока:классно-урочная, групповая, индивидуальная, работа в парах. Пре...

Методическая разработка открытого урока по истории на тему: "Спартанский полис" для учащихся 5 классов.

 Урок по типу комбинированный, в форме беседы, с использованием технологии дифференцированного обучения....

Методическая разработка открытого урока производственного обучения на тему "Приготовление бутербродов"

В разработке представлена история происхождения бутербродов, виды, способы украшения и подачи. Материалы можно использовать не только для проведения открытого урока, но и во внеклассной работе. Красоч...

Методическая разработка открытого урока по истории на тему: "Путешествие по Древней Греции" для учащихся 5 классов.

Методическая разработка открытого урока по истории на тему: "Путешествие по Древней Греции" для учащихся 5 классов с использованием технологий: игровая, ИКТ, групповая деятельность, сотрудничеств...

Методическая разработка открытого урока. Обобщающее занятие по теме "Неопределенный интеграл. Спобы вычисления"

Открытый урок "Неопределенный интеграл. Спобы вычисления" разработан для студентов 2 курса, учитывая основные положения коллективного способа обучения, объяснительно-иллюстративной технологии, т...

МЕТОДИЧЕСКАЯ РАЗРАБОТКА ОТКРЫТОГО УРОКА Учебная дисциплина: «Литература» Тема: «Лирический герой поэмы А.Т. Твардовского «Василий Теркин»

Раскрыть гражданское мужество поэта; показать роль поэмы и героя в годы войны; помочь обучающимся осознать истоки нашей победы....

Методическая разработка Интегрированный урок истории и литературы. Тема урока «Начало Великой Отечественной войны и отражение этого периода в литературе»

Методическая разработка Интегрированный урок истории и литературы. Тема урока «Начало Великой Отечественной войны и отражение этого периода в литературе»...