Конспект к уроку осетинской литературе "Куыст – царды фæрæз (Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ)"
план-конспект урока (5 класс) на тему

Цаллагова Марина Сосланбековна

Урочы нысантæ: 1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды.

                                2.Скъоладзауты ахуыр кæнын куыстæн аргъ кæнын,       

                                   фæллоймæ уарзондзинад арфдæр кæнын.

Урочы фæлгонц: Сывæллæтты конд нывтæ радзырдмæ, чингуыты равдыст Мамсыраты  Д. уацмысты æмбырдгонд , Дæбейы тыххæй фыст чингуытæ.  Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.

Фæйнæг нывæст Мамсыраты Д. тыххæй мысинæгтæй.

   Мамсыраты Д. уацмыстæ бирæ сты. Сæ цардвæндаг даргъ  у.  Кусгæ бирæ кæй кодта, уый махæй алчидæр зыдта,  йе сфæлдыстадон куысты йæ курдиат тынг сæрттывта,  литерæтурон хæзнадонмæ стыр хуынтимæ  бацыд,  уымæн æмæ адæмы цæсты бæрзонд у йæ кад, йæ цыт.

                                                                                                          Дарчиты Д.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon konspekt_uroka_mamsyraty_d_handil1.doc89.5 КБ

Предварительный просмотр:

Муниципалон   бюджетон  иумæйагахуырадон

уагдон   Алагиры иумæйагахуырадон  астæуккаг  скъола  №2  

Гом урочы пълан

Урочы темæ: Куыст – царды фæрæз (Мамсыраты Дæбейы

радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ)

Бацæттæ йæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг  

Цæллагты М.С.

                                                2014-2015 ахуыры аз                                                              

Урочы нысантæ: 1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды.

                                2.Скъоладзауты ахуыр кæнын куыстæн аргъ кæнын,        

                                   фæллоймæ уарзондзинад арфдæр кæнын.

Урочы фæлгонц: Сывæллæтты конд нывтæ радзырдмæ, чингуыты равдыст Мамсыраты  Д. уацмысты æмбырдгонд , Дæбейы тыххæй фыст чингуытæ.  Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.

Фæйнæг нывæст Мамсыраты Д. тыххæй мысинæгтæй.

   Мамсыраты Д. уацмыстæ бирæ сты. Сæ цардвæндаг даргъ  у.  Кусгæ бирæ кæй кодта, уый махæй алчидæр зыдта,  йе сфæлдыстадон куысты йæ курдиат тынг сæрттывта,  литерæтурон хæзнадонмæ стыр хуынтимæ  бацыд,  уымæн æмæ адæмы цæсты бæрзонд у йæ кад, йæ цыт.

                                                                                                      Дарчиты Д.

  Мæ райгуырды фыццаг бог дæр мын дуне хорз æгасцуай нæ загъта: мадмæ æхсыр нæ уыд ,фыды амарды фæстæ мад бахус . Рацыд мыл 7-8 азы, хæдза-ры куыстытæн фæбæззыдтæн , хызтон фос , хъæмпы æргъæмттæ æмæ æндæр куыстытæ кодтон.

                                                                                                        Мамсыраты Д

Урочы эпиграф:                                                              

  Куыст суры нæ риутæй æрхæндæг.

Зæрдæргъæвдæй, райгæйæ кус,-

Куыст фидауц у, ̓ хсар у, лæггæнæг,

Ысрухс кæ дæ цардæн йæ фæззæг,

Дæ цард уæд уыдзæнис æнус.

                                 (Хъодзаты Æ.)

Урочы цыд: 

1. Бацæттæгæнæн  рæстæг.

2. –Куыд уæм кæсы,  абон нæ ныха сцæуыл уыдзæн ? (темæ байгом кæнын фæйнæгыл)                                                                                          

-Адæймаг кусын цы бон базыдта ,уыцы бонæй фæстæмæ цæрæгойты дуне-йæ рахицæн ,уæдæй нырмæ мах зонæм уарзын, цин кæнын, фæллой кæнын. Куыст, фæллойы руаджы та цæрæгой сси  адæймаг, лæггадгæнæг.                                                                        -Цы у лæггад? (Иу иннæйы зæрдæмæ фæндаг куы ссары фæллойы руаджы , иу иннæмæн куы баххуыс кæны , уæд уый хонæм лæггад. )                                Фæлæ, хъыгагæн , афтæ дæр вæййы , æмæ адæймагæй райгуыры æмæ цæрæгой свæййы. Æмæ ахæм цæрæгой сси  Чермен –Хъæндил дæр.

-Кæй æмæ цæй аххосæй сси Чермен Хъæндил, уый нæ урочы кæрон бамбардзыстæм!          

-Ныр та уал: хæдзармæ куыст уыд нывтæ скæнын радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ, радзырд кæронмæ бакæсын , уырыссагау æмбисæндтæ куысты тыххæй уæ тетрæдты ныффыссын.

-Фыццаг уал бакæсæм уæ нывтæм. Тынг хорз нывтæ скодтат,  фидæны уæ исчи, чи зоны, суа нывгæнæг.

   - Цæй, уæдæ уал фарстаты руаджы нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм радзырдæн йæ мидис . Уыцы иу рæстæг æй канд хи ныхæстæй нæ дзурдзыстæм , фæлæ ма йæ æвзаргæ дæр ракæндзыстæм . Фæлæ уал уый разæй нæ зæрдыл æ  зынæмбарæн дзырдтæ (интерактивон фæйнæгыл гом кæнæм дзырдтæ).

       - Цы у хъæндил? –(цæрæгой)

 -  Кæд фæзæгъæм «хъæндилы лæст кæны»; фаджысы хъæндилæн –йæ къæбиц?

     - Ныр та нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм радзырды архайæг Хъæндил-адæймаджы сурæт. Нæ дзуаппытæн феххуыс уыдзæн интерактивон фæйнæг (дзырдтæ æмбырд кæнæм

?

 –Цæуыл загъд кæны йæ ус?

    -  Радзырды архайæг йæ райгуырдæй хуындис Хъæндил?

  –Алы предметан дæр, алы цауæн дæр ис йæхи ном; алы адæймаг дæр у номхæссæг; уымæн нæ фыдæлтæ стыр аргъ кодтой; ноггуырд хъуамæ суыдаид йæ номы аккаг лæг.

     -Хъæндилыл ном куы æвæрдтой, уæд цавæр нæмтты кой кæны автор? (3 къордыл фæдих вæййынц скъоладзаутæ, æмæ сæ алы къорды дæр иу дзуапп дæтты)

    -Хъæндил дæр куы райгуырд , уæд ыл сæвæрдтой ном? Цавæр ном ыл æвæрд æрцыд?

  - Дарддæр нæ ныхас кæнæм Хъæндилы царды хабæрттыл; Хъæндил дæр куы райгуырд, уæд ын агуырдтой ном: ныфс дæр кæм уа, хъару дæр кæм уа, кад  дæр кæм уа.

 -Цавæр ном æвзæрст æрцыд?

 –Чи уыд Чермен

-Чермен ном ыл кæй сæвæрдтой, уый йæхицæй дæр ферох.

 –Куыд ферох?

- Кæйхæссинаг фæци?

 (ХОРЗ. НЫР ТА ИУ ГЫЦЦЫЛ АУЛÆФÆМ) ФИЗМИНУТКÆ.

 -    Куыд ацыдысты Хъæндилы сывæллоны бонтæ?

-Куыд уæм кæсы, йæ цардæй тыхсы?

  - Кæй аххос уыд,  Черменæй Хъæндил кæй рауад, уый? (Йæ ныййарджыты. Никуыдæм æй уагътой: нæ йе  ̓мгæрттимæ, нæ хъазынмæ, нæ найынмæ.Лæппуйы уды тас бауагътой , ницæуыл æй сахуыр кодтой, магуса , æввонгхор дзы рауад.)

- Тæппуд кæй у, уый бæрæг у, фæлæ дзы зонды хъæстæ нæй, уый та кæм рабæрæг?(Йæ мад æмæ фыд куы амардысты , уæд. Нæ бамбæрста Хъæндил, ацы царды дунейы хуыздæр æмæ зынаргъдæр лæварæй – ныййарæг  мад æмæ фыды равдыдæй – кæй фæцух, уый.)  

 - Хъæндилы зæрдæ йæхи къултыл бахойы: æмæ уæд дунейы цæрджыты

æхсæн нал уыдзынæн æз?(ссарут тексты)

   - Зæгъут-ма , Хъæндилы хуызæн ма йæ удæн тæрсгæйæ цавæр персо-нажимæ базонгæ стæм уырыссаг литературæйы? (интерактивон фæйнæгыл)      –Цы хуыйны уыцы уацмыс та,  æмæйæ чи ныффыста?

 –Куыд уæм кæсы, цы сæм ис иумæйагæй?

 - Цард Хъандил дæр , цард кæсаг дæр.  Сæ рæзты аивгъуыдта цард.  Ницы сæ хъæуы, афтиддæр хæрд, нозт.

 -  Хъæндил тæппуд у, уый кæм рабæрæг?(уæрммæ куы ныххауд, уæд)

-Чи йæ хаста?

-Цавæр мæлæт ссардта?

-Цавæр дзырдтæй фæцис радзырд?

 –Цæмæн сæвæрдта фыссæг бирæстъæлф?    (Уый тыххæй, æмæ йæ нал æмбæрста,  ахæм адæймаджы тыххæй ма цы ныффысса , цы зæгъа, уый. Æмбарын нын кæны, Хъæндил хъæндилæй кæй фæцард æмæ хъæндилæй амард.

–Адæймаг куы амæлы, уæд дзы иууылдæр хорз фæзæгъынц . Хъæндилæй та чи цы зæгъдзæн? (Уый йæ цард арвыста цæрæгойы хуызæн, фæцард йæхи-цæн хъæндилау, йæ хуыггомы æддæмæ нæ уæндыд, холымæ æнхъæлмæ каст. Адæймаг -  æдде бакæсгæйæ, йæ миниуджытæй та- цæрæгой)

 -Иунæгæй хох дæр нæ цæры. Ацы æмбисонд нын нæ фыдæлтæ ныууагътой. Хъæндилæн æмбал, æмгар куы уыдаид, уæд фæллой кæнын , куы уарз-таид, уæд Чермен Хъæндил не суыдаид.

 – Куыд уæм кæсы , чи у аххосджын ? Чермены чи хъуамæ  сахуыр кодтаид кусын , фыдæбон кæнын, лæггад кæнын?

 –Цавæр æмбисæндтæ æрхæссæн ис Хъæндилы фæлгонцмæ? (итерактивон фæйнæгыл)

-Уырыссагау та цавæр æмбисæндтæ зонæм куысты тыххæй?

- Нæурочы эпиграф дæр уымæн равзæрстон куысты тыххæй , уымæн æмæ адæймаг куысты фæрцы цæры ,æнæ кусгæйæ цæрæн нæй .

 -Куыд уæм кæсы , фыссæг цымæ ахæм æппæрццæг фæлгонц цæмæ сныв кодта?(Цæмæй нæхи хъахъхъæнæм ахæм æвзæр миниуджытæй)  Хъæндилы  миниуджытæй  кæцытæй хъахъхъæндзыстут уæхи сымах та?

 -Сымахмæ та куыд кæсы , Хъæндилы цард цард схонæн ис?

 –Уæдæ цавæр хъуамæ уа æцæг лæг?

 – Кæд фæзæгъынц кадджынæй фæцард?

 –Хъæндилæй  та ис афтæ зæгъæн ?  

РЕФЛЕКСИ

 Экраныл хъуамæ фыст уа:

-НÆ УРОЧЫ НЫСАН ЦАВР УЫД?

 –СÆХХÆСТ ÆЙ КОДТАМ?

 –ЗÆГЪУТ УÆ ХЪУЫДЫТÆ.      

 -Æз урочы базыдтон-------

Урок мæ зæрдæмæ фæцыд---------

Æз бамбæрстон-----

Æз ахъуыды кодтон-----

АХУЫРГÆНÆДЖЫ ХАТДЗÆГ

 –Фæллойуарзаг мад æмæ фыдæн сæ кæстæртæ вæййынц фæллойуарзаг . Ахæмтæ вæййынц канд мад æмæ фыды хъæбултæ нæ, фæлæ ма хъæубæс-ты, РАЙГУЫРÆН зæххы ныфс  бахъуыды сахат. Сæ бон вæййы балæггад кæнын . Фæллой æмæ Райгуырæн бæстæйы та рох кæнæн нæй:  иумæ сты. Мæн уырны, сымахæй дæр рауайдзæн Ирыстонæн аккаг лæггадгæнджытæ.

–БÆРÆГГÆНÆНТÆ СÆ КÆРÆДЗИЙÆН ÆВÆРЫНЦ --------

- АХУРГÆНÆГ ДÆР ÆВÆРЫ ====

1. Мæ зæрдæмæ фæцыд , куыд куыстой========

2.Уыдысты активон =========

3.Сымах та уæхиуыл бакусын хъæуы====


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)

Внеклассное мероприятие  по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.) ...

Конспект к уроку осетинской литературе "Арвы айдан"

Урочы нысантæ:1. Сбæрæг кæнын уацмысы ныхмæвæрд фæлгонцтæ, характеристикæсын раттын.2.Скъоладзауты ахуыр кæнын уацмыс анализ кæнын, хибарæй хатдзæгтæ  кæнын,   хъуыдытæ  раст æргом...

Конспект к уроку осетинского языка. Темæ: «Сочинени-цæрæгойы æрфыст».

Урочы нысантæ:- базонгæ кæнын цæрæгойы æрфыстимæ;- бацамонын, цы у сочинени-æрфыст;- сочинени-æрфыстæн пълан бацæттæ кæнын;- скъоладзауты  бацæттæ кæнын хæдзары сочинени-æрфыст фыссынмæ....

«Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

Урочы нысан: Бæстон æрдзурын  Мамсыраты Дæбейы радзырд  «Хъæндил»-ы сӕйраг хъуыды. Æрдзурын адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл.Бакусын ныхасы рæзтыл. 3. Сывӕ...

«Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд» Мамсыраты Дæбейы радзырд "Æрдхорд" – мæ гæсгæ.

Урок литературы по произведению  Д..Мамсурова  "Æрдхорд"....

Конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ

План - конспект урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...

Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ

Анализ урока "Хæлардзинад æви мæнгарддзинад. Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ...