Конспект к уроку осетинской литературе "Арвы айдан"
план-конспект урока на тему

Цаллагова Марина Сосланбековна

Урочы нысантæ:

1. Сбæрæг кæнын уацмысы ныхмæвæрд фæлгонцтæ, характеристикæ

сын раттын.

2.Скъоладзауты ахуыр кæнын уацмыс анализ кæнын, хибарæй хатдзæгтæ  кæнын,   хъуыдытæ  раст æргом кæнын.

3. Æрдзурын адæймаджы фæзминаг  миниуджытыл.

 

Æнцойгæнæн  дзырдтæ: хæлар,  хæрам.

Урочы пайдагонд цæуы  компьютерæй.

     

 Эпигрæф урокмæ:

          «Хæрамæй  кæсын æлгъаг  низ  у. Адæймаг хъуамæ йæ хорздзинæдтæй, йæ  хъуыддæгтæй фæуæлахиз  уа йæ  фыдгултыл». 

Цæгæраты  Максим                                                                                      

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon arvy_aydan.doc61 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ «Хæлар зæрдæйы хорзæх  æмæ хæрамы фыдæх Бицъоты Гришы роман «Арвы айдæн»-ы.

Урочы нысантæ:

1. Сбæрæг кæнын уацмысы ныхмæвæрд фæлгонцтæ, характеристикæ

сын раттын.

2.Скъоладзауты ахуыр кæнын уацмыс анализ кæнын, хибарæй хатдзæгтæ  кæнын,   хъуыдытæ  раст æргом кæнын.

3. Æрдзурын адæймаджы фæзминаг  миниуджытыл.

Æнцойгæнæн  дзырдтæ: хæлар,  хæрам.

Урочы пайдагонд цæуы  компьютерæй.

     

 Эпигрæф урокмæ:

         «Хæрамæй  кæсын æлгъаг  низ  у. Адæймаг хъуамæ йæ хорздзинæдтæй, йæ  хъуыддæгтæй фæуæлахиз  уа йæ  фыдгултыл».  

Цæгæраты  Максим                                                                                      

Урочы  цыд.

   

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Ног æрмæгыл куыст.

1. Ахуыргæнæджы разныхас.

  Цард… Зæххыл  цы  фæзындтæ  ис,  уыдонæй  æппæты вазыгджындæр,  æппæты  цымыдисагдæр. Дзаг  алы æнæнхъæлæджы  цæутæй,  алыхуызон зæрдæйыхатт кæмæн ис, ахæм  адæймæгтæй.  Уыдон  хæссынц  семæ хæлар  зæрдæйы  хорзæх  дæр  æмæ  хæрамы  фыдæх  дæр.

  Сымах,   æрыгон  фæсивæд, тагъд бацæудзыстут  уыцы царды  гуылфæнмæ. Сисдзæн  уæ йæ  базыртыл, рахæсс-бахæсс уæ кæндзæн. Авæрдзæн-иу уæ алы æмæ алы адæймæгты  ’хсæн, алыхуызон уавæрты.

  Мæн фæнды, цæмæй ма фæрæдиат, базонат,  уыцы  адæмæй  аккаг  æмбæлттæ равзарын,  сарæхсат хæлар  хæрамæй  раиртасын.

            Уымæн  та  нын  феххуыс  уыдзæн  нæ абоны  урочы темæ.

       Уый у ахæм: «Хæлар зæрдæйы хорзæх  æмæ хæрамы фыдæх Бицъоты Гришы роман «Арвы айдæн»-ы».

       Бацархайдзыстæм уацмысы персонажтæн раст характеристикæ  раттын.        Сбæрæг кæндзыстæм, романы архайджытæй фыдæх  тауджытæм чи   хауы,   кæмæй цæуы хæлар зæрдæйы хорзæх.

  Темæ хуыздæр бамбарынæн спайда кæндзыстæм æнцойгæнæн дзырдтæ «хæлар» æмæ «хæрам»-æй. Хæдзармæ куыстæн уын лæвæрд уыд ацы  дзырдты  нысаниуæг сбæрæг кæнын.  

(Скъоладзау дзуапп дæтты,  амоны ацы дзырдты нысаниуæг).

          Ныр та цыбырæй нæ зæрдыл æрлæууын  кæнæм романы сюжет.

(Скъоладзаутæй иу дзуры уацмысы сюжет цыбырæй).

2. Уацмысы бындурыл арæзт беседæ.

Фарст: Ранымайут уацмысы архайджыты æмæ зæгъут, цавæр миниуджытæм гæсгæ сæ æмбæлы кæрæдзийæ  фæхицæн кæнын.

Дзуапп: Хъайтартæ сæ митæ, сæ  хъуыдытæм гæсгæ дих  кæнынц дыууæ къордыл: æвæрццæг æмæ æппæрццæг.

Æндæр дзуапп: Æз та сæ адих кæнин хæлар æмæ хæрам зæрдæйы хицæуттыл.

Фарст: Чи дзы кæцы къордмæ хауы?

Дзуапп: Сæрæби, Ануси, Гацыр, Зæрæбег – уыдон сты хæлар зæрдæйы  хицæуттæ. Дзæмæт æмæ Борнæф та сты  хæрам зæрдæйы  хицæуттæ.

Фарст: Уæдæ-ма дзы  алкæй удыхъæдыл дæр æрдзурæм хицæнæй. Табуафси, чи кæй тыххæй зæгъдзæни?

Дзуапп: Æз зæгъдзынæн Сæбаны тыххæй.Уый мæм   кæсы æппæты хъæздыгдæр  уды хицау. Æркæсæм-ма. У хæстон лæг. Цалдæр бонæй æндæр нæма рацыд, тохы быдырæй куы сыздæхт, уæдæй. Здæхгæ дæр скодта  цæфæй, къуылыхæй. Фæлæ уыны, йæ сæр хъæуы æххуысæн æмæ йæ сæрмæ нæ хæссы иу ран бадын. Фæраст фæдисы балцы. Сæбан у, адæм сæрыстыр кæмæй вæййынц, ахæм куырыхон адæймаг.

     

Сæйраг хъайтартæ:

хæларзæрдæйы хицæуттæ

?

Сæбан                Ануси                Гацыр                    Зæрæбег

æфсармджын                хæрзконд                куыстуарзаг                      æнæхин

æхсарджын                цыргъзонд                æгъдауджын                      сыгъдæг уды хицау

куырыхон                хиуылхæцгæ                æмбалыл æнувыд              адæмæн уарзон

бæрнон                хъæлдзæг                

                        ныфсхаст

Фарст:  Уæдæ æмбæлы хатдзæг скæнын схемæмæ гæсгæ, Сæбан кæй уыди æфсармджын, æхсарджын, куырыхон, бæрнон адæймаг. Æркæсут-ма, ис дзы фарсты нысæнттæ, ома, æмбæлы ма æрдзурын Сæбаны миниуджытыл.

Цавæртæ сты?              

               

               

               

               

Дзуапп:  Æууæнкджын, барон, сыгъдæг уарзондзинады æнкъарæнты хицау. 

                          Ахуыргæнæг:  Бузныг, тынг раст. Фǽлǽ кǽм равдыста Сæбан уыцы ǽнкъарǽнтǽ? Ссарут- ма сǽ чиныджы.

Дзуапп: «Сǽбан  Анусийы…», чиныджы 288-289ф.

Ахуыргæнæг:  Раст у.Сǽбанǽн бирǽ гǽнǽнтǽ уыд йæхи æвзæрæй равдисынæн, фæлǽ йын йǽ уǽздандзинад уый бар нæ дǽтты. Ануси уымǽн у сылгоймаг, уǽларвон ǽхсинǽгау сыгъдǽг ǽмǽ адджын, амонд ын чи ’рхǽсдзǽн, ахǽм цардǽмбал дзы уыны йǽхицǽн (кæсы скъуыддзаг Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Ǽз - Сылгоймаг»-æй).  

Фарст: Кǽй ма фǽнды йǽ хъуыдытǽ зǽгъын?

Скъоладзау: Романы персонажтǽ цǽуынц мǽ зǽрдǽмǽ, фǽлǽ æз радзурдзынǽн Анусийы тыххǽй.

Ануси у ǽппǽтты  фыццаг хǽрзконд  сылгоймаг. Ирон сылгоймаджы хǽдǽфсармдзинадǽй  ǽххǽст. У хъǽлдзǽг, кǽд ǽй цард бафхǽрдта, уǽддǽр. Йǽ цыргъǽвзаг та дзурǽг у йǽ зонды фидардзинадыл. Уымǽй уǽлдай  ма  ǽз Анусийы ǽрǽвǽрин нǽлгоймǽгты ǽмрǽнхъ. Сылгоймаг  уǽвгǽйǽ нǽ фǽтарст  знагǽй, ома, Дзǽмǽтǽй  ǽмǽ йыл автомат   аскъæрдта. Райста Сǽбан, Зǽрǽбеджы туг. Ануси уарзы Сǽбаны, фǽлǽ у хиуылхǽцгǽ адæймаг.  

(чиныджы ссарын уыцы бынат).

                    ( Ǽрныхас кǽнын уарзондзинады  тыххǽй.  «Уарзт»)

Фарст:  Чи бафидар  кǽндзǽн, Гацыр ǽмǽ Зǽрǽбег хǽлар зǽрдǽйы хицǽуттǽ сты, уый?

Дзуапп: Гацыр ǽмǽ Зǽрǽбег тынг ǽнувыд сты  кǽрǽдзийыл. Сǽ хǽлардзинады бындур - куыстуарзондзинад, ǽхсǽнады фос, цыт ǽмǽ ǽгъдауыл иузǽрдион кæй сты, уый. Адæймаджы зæрдæ райы сæ ахастдзинæдтæй. Сæ дыууæ дæр, кæд хæсты нæ уыдысты, уæддæр царды бахсыстысты. Зæрæбег Гацыры афтæ уарзы, æмæ  æдзухдæр йæ цуры кæй уыдзæн, Гацыр кæм куса, уым кæй кусдзæн, уыцы хъуыдыйыл сахуыр, адæймаг боны рухсыл куыд сахуыр уа, афтæ.          

(Ахуыргæнæг скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кодта  таурæгъ æрдхорддзинады тыххæй).

Фарст: Цавæр хатдзæг скæнæн ис нæ урочы ацы хайæн?

Скъоладзау:  Уæлдæр ранымад персонажтæ  сты хæлар зæрдæйы хицæуттæ.

Ахуыргæнæг: Æркæсæм-ма  Дзæмæт æмæ Борнæфмæ.

              (цæсгæмттæм гæсгæ хъазт 308 ф.)

Скъоладзау: Мæнмæ гæсгæ,  ацы дыууæ æнаккаг адæймагыл бирæ   дзурын дæр нæ хъæуы: сты хин æмæ кæлæн, цыбыр зонды хицæуттæ. Давын, лæбурын, æхсæнадон исбонмæ ныхилын - уый у сæ сæйрагдæр нысан. Ацы дыууæ немыцæй фыддæр сты.  Æмæ диссаг: иу фæндаг сын къуындæг разынд. Борнæф Дзæмæты амæттаг фæци.

Фарст: Цавæр ирон æмбисонд æрлæууыд уæ зæрдыл  Дзæмæт æмæ Борнæфы митæм?  

Скъоладзау: Мæсыг хи дурæй хæлы.

Ахуыргæнæг:  Ам мæ сымахæн фæнды   иу хъуыддаг бафæдзæхсон.

Урочы райдайæны уын загътон, куыд ахсджиаг хъуыддаг у хорз хæлæрттæ ссарын базонын. Тынг зын у ацы  хъуыддаг. Адæмæй иутæ сты æхгæд зæрдæйы хицæуттæ. Ис  æмбисонд, калм, дам, афтæ зæгъы,  æз æдде хъулон дæн, адæм та мидæгæй хъулон сты, зæгъгæ. Уый æцæгæйдæр афтæ у. Бирæтæ дзургæ рæсугъд   фæкæнынц, æмæ уымæй сусæг кæнынц сæ сау хъуыдытæ æмæ сæ хæрам зǽрдǽтǽ. Фǽлǽ равдисын  фǽхъǽуы куырыхондзинад, къǽрцхъус уǽвын хъǽуы, цǽмǽй фǽсмойнаг ма   фǽуат  уе  ’мбǽлттǽй. Мǽ зǽрдǽ уын зǽгъы, ǽмбалы хорзǽхǽй хайджын куыд фǽуат. Уǽ зǽрдыл бǽдǽрут мǽнǽ ацы зарǽджы ныхǽстǽ.

                        (хъуысы скъуыддзаг «Ǽмбалы зарǽг»-æй).

             

Ахуыргæнæг: Мах æрныхас кодтам фǽрссаг хъайтартыл. Мǽнмǽ та цымыдисаг кǽсынц Бедза ǽмǽ Хъапары фǽлгонцтǽ. Хǽдзары  уæ  хъуыдис  уыдоны тыххǽй уǽ хъуыдытǽ ныффыссын. Табуафси, хъусын уǽм.

Дзуапп: Мǽнǽн Хъапар мǽ зǽрдǽмǽ нǽ цǽуы. Уый у  фыдзǽрдǽ, ǽгъатыр. Йǽ кǽстǽр ǽфсымǽр Бедзайǽн фидис кǽны «тǽфǽй конд», зǽгъгǽ. Гыццыл ма бахъǽуа,  амара йǽ. Мǽ  зǽрдыл мын Мулдары ǽрлǽууын кодта. Ǽз ǽй ахǽссин  ǽппǽрццǽг хъайтартǽм. Нǽ темǽмǽ гǽсгǽ та хǽрамы фыдǽх чи хǽссы,уыдонмǽ.      

Дзуапп: Ǽз разы нǽ дǽн демǽ. Хъапар у ǽвǽрццаг хъайтар. О,карз у йе фсымǽрмǽ. Фǽлǽ цǽмǽн? Нǽ йǽ фǽнды. Лǽгǽй хъуамǽ лǽджы тǽф цǽуа. Сылгоймаг, мыййаг, куы нǽ у. Хъапары фǽнды, цǽмǽй йе ’фсымǽр  зындзинǽдтǽм цǽттǽ уа. Фыдзǽрдǽ нǽу. Ǽрхъуыды-ма  кǽн, Бедза  йǽм куы фǽзынд, уǽд йǽ цǽссыг куыд калди, фыр цинǽй.

Мулдары кой    скодтай, ǽмǽ уый дǽр ǽфсымǽрмар нǽу, ома, у, фǽлǽ  йǽ сǽрибары охыл амардта. Ǽрхъуыды-ма кǽн, Мулдары  уаллоны цард нǽ хъǽуы. Мǽнǽ ма кǽс (чиныджы 302ф.) «Стыр афонтǽм… Бедзайы ма ныууадзǽн».  

Дзуапп: Алчи дǽр уǽ  раст у йǽхимǽ гǽсгǽ. Ǽхсызгон мын у,  хи хъуыдытǽ уǽм кǽй ис.   Бедзайы ахæссæн ис дыууǽ къордмǽ дǽр. У тǽппуд, мǽгуыр зǽрдǽйы хицау. Фǽлǽ йæм хорз миниуджытǽ дǽр ис. Уый дунемǽ кǽсы кусǽг лǽджы цǽстǽй. Кусǽг лǽгǽн а зǽххыл хъуамǽ уа сабыр бынат. Афтǽ хъуыды кǽны Бедза ǽмǽ чиныгкǽсǽгǽн свæййы уарзон. Хъапар та у тыхджын, фидар уды хицау. Зын фǽндǽгтыл фǽцыд, ныр дǽр рынчынǽй хуыссы, уǽддǽр бǽллы хǽстмǽ бахауыныл, иу фыдгулы фаг кǽд суаин, зǽгъгǽ,  хъуыды кǽны.

Ахуыргæнæг:  Ǽцǽгдǽр ын ис фǽлмǽн зǽрдǽ. Кǽд ǽргом ǽвдыст нǽ цǽуы, уǽддǽр. Бедза  тǽрсы, сǽхимǽ кǽй нǽ цǽуы, ууыл фǽсмон кǽны. Ǽмǽ,раст цыма уымǽ ǽнхъǽлмǽ каст, уыйау  Бедзайы фǽзындимǽ йǽ адзал ссардта, ома, йǽ мǽлǽты размǽ ма йе фсымǽры кǽй федта, уымǽй йǽ зǽрдǽ ǽрǽнцад, зǽгъгǽ,  ǽнǽмǽтǽй ацǽудзынǽн ме ’нусон дунемǽ.  

Мǽнмǽ гǽсгǽ,  сǽ дыууǽ дǽр сты хǽлардзинад тау джытǽ. Сǽ хорзǽх уыдзǽн, сǽ алыварс чи уа, уыдоны.  

Фарст:  Цымыдисаг у Дакийы фǽлгонц дǽр,  мǽнмǽ гǽсгǽ.  Сымах та куыд хъуыды кǽнут?

Дзуапп: Цымыдисаг у, ǽцǽгǽдǽр,  Даки. Хǽрз гыццыл фǽзыны Даки, фǽлǽ хорз фǽд ныууагъта. Иузǽрдион  разамонǽг, ǽхсǽнадон  хъуыддагыл йǽ уд дǽр не  ’вгъау  кǽны. Мǽнǽ ма йǽ текстǽй райсǽм.   (295ф.» Сǽбаны  размǽ…,  300ф « Цыфǽнды….)

Ахуыргæнæг:  Дакийы автор равдыста  йǽ дуджы разамонǽгǽй. Абарǽм-ма йǽ абоны дуджы разамонджытимǽ.

Скъоладзау: Кǽй зǽгъын ǽй хъǽуы, хицǽн кǽны абоны хицǽуттǽй. Абон сǽ ǽппындǽр сǽхицǽй ǽндǽр никǽй мǽт  ис. Ǽниу чи ис хицауы бынаты? Æхцаджынтǽ! Абон сǽ Хуыцау у ǽрмǽст ǽхца. Ǽз уым адǽмǽн сǽхи аххос дǽр  кǽнын. Нǽ зонынц сǽ бартыл тох кǽнын. Ǽгǽр бацыд козбаудзинад  сǽ туджы.

Ахуыргæнæг:  Хорз. Уǽдǽ Арвы айдǽнǽй Бицъоты Гриш куыд ǽркаст  зǽххон цардмǽ, афтǽ мах дǽр романы хъайтарты  зǽрдǽтǽм ныккастыстǽм  ǽмǽ равзǽрстам, чи дзы хǽссы хǽрамы фыдǽх ǽмǽ кǽмǽй цǽуы адǽммǽ хǽлар зǽрдǽйы хорзǽх. Равзǽрстам хъайтарты фǽлгонцтǽ. Ныр та ǽркǽсǽм, романы  ǽвзагмǽ. Цавæр у иумæйагæй?

Дзуапп: Автор спайда кодта хъǽздыг ǽвзагǽй. Аивадон мадзǽлттǽй ǽххǽст.. Арфǽтǽ, ǽмбисǽндтǽ, ǽлгъыстытǽ дзы бынат ссардтой.

Ахуыргæнæг: Ссарут-ма сǽ чиныджы.

Скъоладзау: Арфǽтǽ: «Дǽу немǽ цы дуаг рауагъта…(288ф.)

                                      «Стыр кадджын Хуыцау…(292).

                                      «Ǽгайтма ǽгас хǽдзар ссардта…(297ф).

Дзуапп: Ǽмбисǽндтǽ: «Мǽхъǽлон хисты дǽр ма..

                                       «Иу лǽг ǽгас ком…» 293ф.

                                       «Йǽхи удǽн чи нǽу…» 297ф.  

Дзуапп. Ǽлгъыстытǽ:

                          «Дǽ дзурǽн дзых…» 290ф.

                                       «Уас мыггагскъуыд…» 292ф.

III. Урочы хатдзæгтæ.

Ахуыргæнæг: Цавǽр хъуыдытыл уæ бафтыдта нæ абоны урок? Цавæр хатдзǽгтæ у нæ бон скæнын?

Дзуапп: Абон бǽстондǽр бамбǽрстон романы мидис. Дызǽрдыг цы фǽрстытыл кодтон, уыдонǽнǽн райстон дзуапп. Зǽгъǽм, Бедза ǽмǽ Хъапары тыххǽй.

Дзуапп: Мǽнǽн та мǽ хъуыды у ахǽм. Арвы айдǽн мǽм кǽсы Хуыцауы хуызǽн, ома, арвы айдǽны куыд фǽзынынц адǽймаджы митǽ, афтǽ Хуыцаумǽ дǽр зыны адǽймаджы цард йǽ райгуырдǽй фǽстǽмǽ. Уымǽ гǽсгǽ адǽймаг хъуамǽ архайа, цǽмǽй хǽрамǽй ма цǽра,фǽлǽ хǽларǽй, уǽд йǽ бынат уыдзǽн дзǽнǽты.

Фарст: Зǽгъут-ма, цавǽр литературон уацмысы ма фембǽлдыстǽм  хǽларзǽрдǽ ǽмǽ хǽрам хъайтартимǽ?

Дзуапп:  «Фǽстаг бǽх», «Фǽндагсар Уастырджи»…

Ахуыргæнæг:  Бузныг уе  ’ппǽтǽн дǽр. Ǽз та мǽ хатдзǽг арфǽйы  хуызы зǽгъын.  

          Хǽрам куы тауа дунейыл йǽ фыдǽх,

          Хǽрамдзинадǽй куы кǽна лǽг хуыдуг,

          О, Стыр Хуыцау, уǽд ратт хǽлар зǽрдǽйы хорзǽх,

          Цǽмǽй хǽрамǽн тагъд фǽуа йǽ дуг!

          Мǽн фǽнды, цǽмǽй сымах уат хǽлардзинад тауджытǽ, ǽмǽ уǽд дзǽмǽттǽ ǽмǽ борнǽфтǽн царды бынат нǽ уыдзæн. Зонут, царды хǽрамǽй ǽвирхъаудǽр нǽй, хǽлардзинадǽй та дзы зынаргъдǽр ницы ис.

          IY. Хǽдзармǽ куыст.

Сочиненийы темæ «Хǽрамы фыдǽх ǽмǽ хǽлары хорзǽх»-æн пълан бацǽттǽ кǽнын.

                                 

 

             

             

 

                                                                       

       

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект тематического урока по осетинскому языку в 7 классе " Друг познается в беде"

Особенность урока заключается в том, что повторение пройденного материала " Причастие" основывается на текстах, объединенных одной воспитательной темой: "Друг познается в беде".  Работа по первом...

Урок- описание картины Решетникова "Опять двойка" на уроке осетинского языка в 6 классе.

Подготовка к написанию сочинения по картине Решетникова "Опять двойка"....

Конспект к уроку осетинского языка. Темæ: «Сочинени-цæрæгойы æрфыст».

Урочы нысантæ:- базонгæ кæнын цæрæгойы æрфыстимæ;- бацамонын, цы у сочинени-æрфыст;- сочинени-æрфыстæн пълан бацæттæ кæнын;- скъоладзауты  бацæттæ кæнын хæдзары сочинени-æрфыст фыссынмæ....

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...

Конспект открытого урока по осетинскому языку "Фразеологизмы" для 6 класса

В данной работе использованы методы индивидуального подхода в обучении...