Конспект тематического урока по осетинскому языку в 7 классе " Друг познается в беде"
план-конспект урока (7 класс) на тему

Особенность урока заключается в том, что повторение пройденного материала " Причастие" основывается на текстах, объединенных одной воспитательной темой: "Друг познается в беде".  Работа по первому тексту идет структурно. Второй и третий разбираются по теме, виду и стилю.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon ambaly_khorzakh_alkay_dar_uad_tematikon_urok.doc83.5 КБ

Предварительный просмотр:

                         

           Урочы темё: Ёмбалы хорзёх алкёй дёр уёд

           Урочы нысан:1.Миногмитыл рацыд ёрмёг фёлхат

                                      кёнын, тексты сё ёвзарын, хъуыдыйёдты

                                      сё пайда кёнын.

                                    2.Дзырдты растфыссынадыл ёмё ныхасы

                                      рёзтыл кусын.

                         3.Сывёллётты удварны рёзын кёнын хъыг,

                                  рисс ёмбарыны ёнкъарёнтё, ёмбалён

                               аргъ кёнын зонын ёмё хъомыл кёнын

                                           адёмуарзондзинад.

Урок ифтонггонд цёуы: хицён текстытёй, нывтёй,  ахуыргёнён чингуытёй, техникон фёрёзтёй.

                                         Урочы цыд.

1.Организацион хай.

2.1.Скъоладзаутён зёгъын урочы темё ёмё  ёмё хъомыладон хёс.

2.2.Хёдзармё куыст равзарын. Скъоладзаутёй 3-4 кёсынц сё радзырдтё амбалы тыххёй.

 Фёрстытё бакаст куыстытём.

       1.Цавёр тексты хуызёй спайда кодта ахуыргёнинаг?

       2.Йё радзырды сёйраг хъуыды цёимё баст у?

       3.Кёцы радзырд фёцыд уё зёрдёмё? Цёмёй?

2.3.Ног темёмё рахызт.

-Куыд ёмбарут, афтёмёй уын хёдзармё ахём куысты хуыз уымё гёсгё радтон, ёмё уый ёнгом баст у нё абоны урочы темёимё.

Адёймаджы царды ацы фёзынд у кёддёриддёр ахсджиаг, актуалон, уымён ёмё лёгён ёнё ёмбал цёрён нёй.

-Куыд ма схонён ис ёмбал ёндёр хуызон?

-Куыд хуыйнынц ахём дзырдтё лексикон ёгъдауёй?(синонимтё)

Бёрёг у уё хёдзармё куыстытёй, сымах хорз кёй ёмбарут ёмбалдзинад ёмё лымёндзинад, аргъ ын кёй кёнут. Уё алфамблай цы адём ис,уыдон цы цёстёнгас дарынц ацы рёсугъддзинадмё.Суанг ма рагон таурёгътёй дёр бёрёг у, хёлардзинадён цы тых уыди, уый.

-Ныртёккё уё базонгё кёндзынён нё рагфыдёлтё-скифты цардёй ист цауимё.Сымах лёмбынёг байхъусут ёмё мын-иу зёгъут, цавёр аргъ кодтой уыдон та ёмбалён.Таурёгъ хуыйны «Амизок   ёмё Дандамид”

Дзырдуатон куыст: балхон-раздзёуёг

                                  Фырадёргёй-тынг фётёрсгёйе

                                        (Кёсын таурёгъ)

 

   

                                   Амизок   ёмё Дёндёмид.

      Иу рёстаджы скифты иу хай цёугёдон Доны фёйнёфарс ёрбынат кодта. Уёд  ёнёнхъёлёджы галиуварсы  цёрджытём ныббырста фыдызнаг.

Тынг фыдбылызтё сын скодта: иутё дзы мард фесты, иннётё уацары бахаудтой, аннётё фырадёргёй Доны иннё фарсмё лидзёг фесты.

             Уацайрёгтима уыд Амизок дёр.Цыппар боны йедтёмё нё рацыд, Дёндёмидимё сё тугёй ард куы бахордтой, ёрдхёрдтё кёрёдзийё куы загътой , уёдёй. Амизоччы ёххуысмёйы хъёр фехъусгёйё, Дёндёмид донён йё фаллаг фарсмё баленк кодта.

            Фындгёнджытё йё ёрцахстой. Сё балхонмё йё куы бакодтой, уёд дзы лёппу куырдта йе  ,рдхорд Амизоччы уацарёй суёгъд кёнын. Цы ратдзынё йё  сёрмё, зёгъгё, йё знаг куы бафарста, уёд ын Дёндёмид загъта:  «Цы мём уыд, уыдон мын сымах байстат. Кёд дё фёнды, уёд мён йё бёсты бауром». «Ды курёг ёрбацыдтё, ёмё дё нё бауромдзынён,- загъта балхон,- фёлё мын дё цёстытё ратт.»  Дёндёмид дызёрдыг дёр нё акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йё цёстытё ёмё йын радтой йе ,рдхорды.

           Тыхгёнджытё уыцы цау фенгёйё, бамбёрстой, цы адёмимё сё схёцын бахъёудзён, уый, ёмё ёхсёвы лидзёг фесты.

           Амизок та, ме ,рдхорд мён тыххёй бакуырм, ёз та цёстырухсимё куыд цёрон, зёгъгё, йё цёстытё скъахта.

                                                                                 

-Таурёгъ уё зёрдёмё фёцыд?

-Цы уём фёкаст тексты диссаг?

-Амизок ёмё Дёндёмиды ёцёг ёмбёлттё схонён ис?

-Цёмён?

                  (Таурёгъ кёсынц скъоладзаутё хинымёры.)

-Чи радзурдзён таурёгъ хи ныхёстёй? (Фёрсын 2 скъоладзауы).

-Уёдё цавёр аргъ кодтой скифтё ёмбалён?

-Цёвёр у таурёгъы темё?Ома,цы ёвдыст цёуы таурёгъы?

-Цавёр дзырдтё ёмё дзырдбёстытё ёргом кёнынц уацмысы темё?

-Уёдё таурёгъён йё сёйраг хъуыды та цавёр у?

  • Таурёгъён йё сёргонд йё темёйыл дзуры ёви сёйраг хъуыды ёвдисы?
  • Тексты хуызтёй йё цавёр хуызмё ахёсдзыстём? Цёмён?
  • Цавёр бастдзинадёй баст ёрцыдысты хъуыдыйёдтё?
  • Цавёр бастдзинады хуызтё ма зонут ноджыдёр?
  • Рафыссут нысангонд дзырдтё уё тетрёдтём ёмё сё равзарут дзырды хёйттём гёсгё.

                       (Дыууё скъоладзауы кусынц фёйнёгыл).

-Ныр та ацы дзырдтимё саразут хъуыдыйёдтё (дзургё куыст).

-Цал хайы ис тексты? Куыд хонём уыцы хёйттё?

-Куыд баст сты абзацтё грамматикон ёгъдауёй?

-Ссарут тексты миногмитё ёмё сё рафыссут.

-Цавёр дзырдтё рафыстат?

-Ацы дзырдты ёхсён синонимтё ис? Кёцытё сты?

-Ныр та сын ссарут антонимтё.

-Скёнут ацы дзырдтён морфологион ёвзёрст.

(Иу скъоладзау кусы фёйнёгыл, иннётё тетрёдты).

-Цавёр бирёнысанон дзырдтё ёмбёлы тексты?(Цёст,фарс,сёр).

-Зёгъут- ма сын сё иннё нысаниуёг.

-Ссарут ма тексты ёнёхалгё дзырдбёстытё(ард бахордтой,ёрдхёрттё кёрёдзийё загътой, сёрмё раттын,цёсты рухсимё цёрын).

-Куыд хонём ахём дзырдбёстытё?(фразеологон дзырдбёстытё, фразеологизмтё).

-Цавёр нысаниуёг сын ис ёвзаджы?

-Ныффыссём- ма фёйнёгыл фразеологизм «ёрдхёрттё кёрёдзийё загътой» ёмё сбёрёг кёнём дзырд «ёрдхёрттё»-йы арёзт.

(ард + хёрын).

-Уёдё ныр фразеологизмтыл нал дзурдзыстём,уымён ёмё ма семё кусдзыстём  фёстёдёр.

-Ныр та ссарут тексты бёрёггонд хъуыдыйад.Бакёсём ёй ёмё йё равзарём.

-Цавёр хъуыдыйад у йё загъды нысан мё гёсгё?

  Равзарут хъуыдыйад уёнгтём гёсгё.(Фёйнёгыл кусы1скъ.)

Цавёр дзырдбёстытё ис рахицён кёнын ацы хъуыдыйады?

 Ныр та тексты фёстаг хъуыдыйадёй саразут комкоммё ныхас

 ёмё йё ныффыссут тетрёдты.(Фёрсын 2скъоладзауы)

-Мё зёрдёмё фёцыд, текстыл куыд бакуыстам, уый. Уёдё ма

 иу хатт зёгъём нё уацмысён йё сёйраг хъуыды.

 -Цёуыл нё ахуыр кёны скифаг таурёгъ?

-Цавёр уацмыстё зонут ёмбалы тыххёй? Ёмбисёндтё та?

 Фёлладуадзён минут.Уыци-уыци: гыццыл чызгён йё бинонтёй чидёр афтё:»Ды мё чызг дё, фёлё ёз дё фыд нё дён»Чи дзырдта

 чызгимё?(Мад)

-Скифаг ёмбалдзинады хуыз нё царды,ёвёццёгён ёмё арёх не мбёлы,тынг стём хатт ис фехъусён абон нё царды ахём диссаджы цау.Фёлё,мёнмё гёсгё,тыхджын уа, лёмёгъ ёмбалдзинад,

 уёддёр йё ахадындзинад егъау у царды.Арёх афтё рауайы,

 ёмё 2 лымёнёй иу удыхъёдёй вёййы лёмёгъдёр.Чи зоны,

 ёмё хорз ёмгары аккаг дёр нё вёййы,фёлё йе мбалы руаджы-

уый хуыздёр кёй вёййы,хёларзёрдё, цёстуарзон,уымё гёсгё

рёствёндагыл ёрлёууы,схорз вёййы.

 Ахём дыууё ёмбалы сты Ёхсарбег ёмё Тузар,нёног радзырды архайджытё.Фразеологизмтимё уын зёрдё цы куыстёй бавёрдтон,

Уый кёндзыстём ацы тексты.

 -Фыццаг уал мё фёнды сбёлвырд кёнын, куыд дарут уё хъуыдыйы,

цы дзырдбёстытимё стут зонгё, уыдонёй иуёй-иутё. Ёз уын ёвдисдзынён нывтё,кёцытыл ёвдыст ис фразеологизмтён сё комкоммё нысаниуёг.Сымах ёй хъуамё базонат. Уый фёстё сё спайда кёнын хъёудзён тексты.

Ёвдисын нывтё иугай, сывёллёттё фразеологизмтё фыссынц

  Тетрёдты(1скъ. фёйнёгыл):

 -сёрмё хёссын

-фындз ёруадзын

-йё цёсгом бахордта,

-хъуын арц абады.

Уарын ахуырдзаутён радзырды текст.

Бакёсут,табуафси,текст.(съоладз. йё иу кёсы хъёрёй)

-Сёмбёлыдыстут дзы,миййаг, зынёмбарён дзырдтыл?

-Цавёр у тексты хуыз?

-Уырны уё, Тузар Ёхсарбеджы ххуысёй кёй схорз уыдзён,уый?

-Ёцёг уымён цы хъёудзён?(Цёмёй йё Тузар ёмбара)

-Уёдё ныр спайда кёнут фразеологизмтёй-сёвёрут сё хъуыдыйёдты,кём фидауынц, гёнён кём ис,уыцы дзырдты бёсты.

Дзургё куыст у,фыссын ёй нё хъёуы.

-Цавёр ивддзинад ёрцыд тексты?

-Уёдё ма мын зёгъут,цавёр нысаниуёг ис фразеологизмтён?

Цёмён хъёуынц,цы пайдайён?

-Уёдё зёгъён ис, ёмё нё архайджыты фёлгонцтё фёхуызджындёр сты?

-Ахъуыды кёнут,ёмёзёгъут,цавёр миниуджытёй хайджын хъуамё уа ёцёг ёмбал?(зёрдёхёлар,рёстуд,тёригъёдгёнаг,ныфсджын,

фёразон.)

-Ёмё уёд ахём адёймагён та йё ныхасы культурё,йёныхасы хъёд?

(аив,сыгъдёг.)

Ахём адёймагмё хъусгёйё,йемё ныхасгёнгёйё,лёг,ёвёццёгён,

разёнгард кёндзёнуый хуызён аив дзурыныл.Фёлё, хъыгагён.ёз зонынахём дыууё ёмбалы,кёцытён сё ныхасы уаг у ёнаив,ёнёзёрдёмёдзёугё.Сымах дёр ёй ныртёккё бафиппайдзыстут,фёйнёгыл цы ёрмёг ёрцёттё кодтон,уымё гёсгё. Бакёсут ёй хинымёры(1скъ.кёсы хъёрёй)

 -Аслан,цом-ма райсом быдырмё,футболёй агонят кёнём.

-Ёмё ма немё чи рабырдзён?

-Хечъо,Сос мё Туаты близнецты фёбырын кёндзыстём.

-О,йед. Кёд федтай футболёй ёхсёзёй хъазгё,дебильный дё?

-Цёй,исчи та хъеллау кёндзён уым,ёмё йё рацахсдзыстём.

-Омё хорз,мёнуылты-иу рабыр дё мячимё.

-Куыд хуыйны ахём текст?

-Искуы фехъуыстат ахём диалог уе мбёлтты хсён,искёй зонут, афтё чи дзуры?

-Ссарут тексты, ёвзаг чи чъизи кёны, уыцы дзырдтё ёмё сё баивут раст. (кёсынц текст аивгондёй.)

-Ныффыссут диалог тетрёдты.

-Цавёр лёппутё-скъоладзаутё ауадысты уё цёстытыл,текстмё аивгондёй куы байхъуыстат,уёд?

-Цы дзырдтё баивтат,уыдонёй ёрбайсгё дзырдтё кёцытё сты?

-Уыдонёй кёцыйён нёй зёгъён иронау?(футбол)

-Уёдё цы хатдзёг скёндзыстём нё куысты кёрон?(Адёймаг канд

 йё хъуыддёгтёй,ёгъдауёй нёу рёсугъд,фёлё йё дзыхы ныхасёй дёр)

3.1. Кёронбёттён.

-Уёдё скёнём хатдзёг нё урокён дёр.

-Цы базыдтат абон урочы ногёй?

-Цы куыстам урочы дёргъы?

-Цёуыл архайдзыстут амёй фёстёмё?

-Уёдё царды стыр амондыл цы нымайён ис?

-Тынг хорз.

3.2. Бёрёггёнёнтё.

3.3.Хёдзармё куыст. Иннё урокмё дзурынмё бацёттё кёнын

таурёгъ кёнё цау хёлардзинады темёйыл; ныффыссын 6-7ём-

бисонды ёмбалы тыххёй.

-Ёмё-ма уын фёстагмё ёрцёттё кодтон зарёг, байхъусут ём, табу-

афси.(Аразын зарёг «Ёмбалы хорзёх алкёй дёр уёд.»)

-Ныр та уал хёрзбон,ёмё уё алчидёр хорз ёмбалён бёззёд,

хорз ёмбалёй хайджын уёд!

 

Рахизфарсы районы Цёлычы астёуккаг скъола

7 къласы гом тематикон урочы

конспект ирон ёвзагёй

    Ёмбалы хорзёх алкёй дёр уёд

(Текст ёвзарын)

               

                                         Ахуыргёнёг: Боциты Альбинё  В.

   

Раздаточный материал

                                   Амизок   ёмё Дёндёмид.

      Иу рёстаджы скифты иу хай цёугёдон Доны фёйнёфарс ёрбынат кодта. Уёд  ёнёнхъёлёджы галиуварсы  цёрджытём ныббырста фыдызнаг.

Тынг фыдбылызтё сын скодта: иутё дзы мард фесты, иннётё уацары бахаудтой, аннётё фырадёргёй Доны иннё фарсмё лидзёг фесты.

             Уацайрёгтима уыд Амизок дёр.Цыппар боны йедтёмё нё рацыд, Дёндёмидимё сё тугёй ард куы бахордтой, ёрдхёрдтё кёрёдзийё куы загътой , уёдёй. Амизоччы ёххуысмёйы хъёр фехъусгёйё, Дёндёмид донён йё фаллаг фарсмё баленк кодта.

            Фындгёнджытё йё ёрцахстой. Сё балхонмё йё куы бакодтой, уёд дзы лёппу куырдта йе  ,рдхорд Амизоччы уацарёй суёгъд кёнын. Цы ратдзынё йё  сёрмё, зёгъгё, йё знаг куы бафарста, уёд ын Дёндёмид загъта:  «Цы мём уыд, уыдон мын сымах байстат. Кёд дё фёнды, уёд мён йё бёсты бауром». «Ды курёг ёрбацыдтё, ёмё дё нё бауромдзынён,- загъта балхон,- фёлё мын дё цёстытё ратт.»  Дёндёмид дызёрдыг дёр нё акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йё цёстытё ёмё йын радтой йе ,рдхорды.

           Тыхгёнджытё уыцы цау фенгёйё, бамбёрстой, цы адёмимё сё схёцын бахъёудзён, уый, ёмё ёхсёвы лидзёг фесты.

           Амизок та, ме ,рдхорд мён тыххёй бакуырм, ёз та цёстырухсимё куыд цёрон, зёгъгё, йё цёстытё скъахта.

                                   Амизок   ёмё Дёндёмид.

      Иу рёстаджы скифты иу хай цёугёдон Доны фёйнёфарс ёрбынат кодта. Уёд  ёнёнхъёлёджы галиуварсы  цёрджытём ныббырста фыдызнаг.

Тынг фыдбылызтё сын скодта: иутё дзы мард фесты, иннётё уацары бахаудтой, аннётё фырадёргёй Доны иннё фарсмё лидзёг фесты.

             Уацайрёгтима уыд Амизок дёр.Цыппар боны йедтёмё нё рацыд, Дёндёмидимё сё тугёй ард куы бахордтой, ёрдхёрдтё кёрёдзийё куы загътой , уёдёй. Амизоччы ёххуысмёйы хъёр фехъусгёйё, Дёндёмид донён йё фаллаг фарсмё баленк кодта.

            Фындгёнджытё йё ёрцахстой. Сё балхонмё йё куы бакодтой, уёд дзы лёппу куырдта йе  ,рдхорд Амизоччы уацарёй суёгъд кёнын. Цы ратдзынё йё  сёрмё, зёгъгё, йё знаг куы бафарста, уёд ын Дёндёмид загъта:  «Цы мём уыд, уыдон мын сымах байстат. Кёд дё фёнды, уёд мён йё бёсты бауром». «Ды курёг ёрбацыдтё, ёмё дё нё бауромдзынён,- загъта балхон,- фёлё мын дё цёстытё ратт.»  Дёндёмид дызёрдыг дёр нё акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йё цёстытё ёмё йын радтой йе ,рдхорды.

           Тыхгёнджытё уыцы цау фенгёйё, бамбёрстой, цы адёмимё сё схёцын бахъёудзён, уый, ёмё ёхсёвы лидзёг фесты.

           Амизок та, ме ,рдхорд мён тыххёй бакуырм, ёз та цёстырухсимё куыд цёрон, зёгъгё, йё цёстытё скъахта.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Школа - это весело. Конспект открытого урока по английскому языку 5 класс.

Школа - это весело. Конспект открытого урока  по английскому языку 5 класс....

Конспект открытого урока по немецкому языку 2 класс

План/конспект открытого урока по немецкому языку 2 класс "Что мы можем уже сообщить о себе?"...

Урок литературы в 7 классе "Друг познается в беде"

                            Тема:      «Друг познается в беде»    ...

план-конспект открытого урока по английскому языку 6 класс

открытый урок по английскому языку 6 класс...

Конспект открытого урока по русскому языку 6 класс "Буквы Ы и И после приставок"

Конспект открытого урока  по русскому языку в 6 классе с использованием технологии развития критического мышления.На уроке используются все этапы технологии критического мышления. Указываются фор...

Конспект открытого урока по осетинскому языку "Фразеологизмы" для 6 класса

В данной работе использованы методы индивидуального подхода в обучении...