Темæ: Афæдзы афонтæ"
план-конспект урока (5 класс) по теме

Цховребова Медея Суликоевна

Предварительный просмотр:

Гом урочы пълан

5 къласы (уыр.къорд)

ТЕМÆ:

«АФÆДЗЫ АФОНТÆ».

15-æм скъолайы

ирон æвзаджы ахуыргæнæг

Цхуырбаты М.С.

Дзæуджыхъæу 2013 аз.

Урочы темæ: Афæдзы афонтæ.

Урочы нысан:

  1. Сбæрæг кæнын æмæ ныффидар кæнын, ахуыргæнинæгтæ афæдзы афонтæй цы рацыдысты цы зонынц, уый
  2. Ирыстоны æрдзмæ уарзон цæстæй кæнын.
  3. Аив æмæ раст кæсын, диалогтæ аразын ирон æвзагыл.

                              Эпиграф: «Цыппар æфсымæрæй иу

                         кусын кæны, иннæ рæвдауы, æртыккаг фæллой                         хæссы, цыппæрæм сæ бахæрын кæны».

Урочы хуыз: Алы мадзæлтæ

C:\Users\User\Desktop\vesna8.jpg
C:\Users\User\Desktop\зима (26).jpgC:\Users\User\Desktop\0b24c17ff8193e2e3384dfb8c2896c56.jpgC:\Users\User\Desktop\лето.jpg

Урочы цыд:

I.  Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Фонетокин зарядкæ.

а) – Куыд уазал у абон. Зæхх скодта йæ урс кæрц. Фæндæгтæ ныссалдысты, арæх вæййы хъызт бон. Бæлæстæ лæууынц бæгънæгæй. Дæттæ ныййих сты.

- Цавæр афæдзы афоныл цæуы дзырд?

- Зымджы афоныл.

æ) Фæйнæгыл фыст æмхъæлæсон дамгъæтæ:

гъ – дзоныгъ

къ – къуыбар

цъ – цъиу

- Нæ æххуысгæнæн дзырды ис дзырдтæ ацы мыртимæ?

- Бакæсут ма сæ.

III. Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст.

- Цал афæдзы афон зонут?

- Цавæртæ сты?

- Къæлиндары цал мæйы ис?

- Ныртæккæ афæдзы кæцы афон у

- Афæдзы афонтæй кæцы у ныр?

- Зымæг.

- Бацамонут ма фæйнæгыл зымæджы ныв.

- Зымæджы бæрæггæнæнтæ ма радзурут?

- Чи уæ уарзы зымæджы афон?

- Чи уæ бакæсдзæнис зымæгыл йæ сочинении?

(Кæсынц сæ сочиненитæ зымæгыл).

- Чи уæ зоны ирон æмбисæндтæ æмæ уыци - уыцитæ зымæгыл?

(дзурынц ирон æмбисæндтæ зымæгыл).

- Чи радзурдзæнис ирон æмдзæвгæтæ зымæгыл?

(дзурынц).

- Сывæллæттæ, сымах хорз зонут ирон æмбисæндтæ, уыци - уыцитæ, æмдзæвгæтæ зымæгыл. Ныр та сбæрæг кæнæм, куыд зонут уырыссаг æмбисæндтæ, уыци – уыцитæ æмæ æмдзæвгæтæ зымæгыл.

- Уæдæ сывæллæттæ зымæджы фæстæ  цавæр афæдзы афон ралæууы?

Уалдзæг.

- Уаид, æдзухдæр, куы, уалдзæг!

- Уалдзæг, цæй, у, дзæбæх, диссаджы.

- Кæны, Азæмæт, фæратул – батул, сæрды, кæрдæгыл, цъæх.

- Уыгæрдæнтæм, Сослан, ацыди, йæ, фыдимæ.

- Сæрды, къаба, æрдз, йæ, къаба, цъæх, скæны.

- Халсартæ, адæм, дыргътæ, кæнынц, фæззæджы, æмбырд, цæхæрадæтты.

- У, фæззæг, хуыздæр, азы, сæ, афонтæн.

Ахуыргæнинæгтæ раст кæнынц кæрæдзийы куыстытæ.

Ацы куысты рæстæджы хъуысы рог музыкæ.

IV. Физминуткæ: «Чи тагъддæр».

 

Интерактивон фæйнмгыл

- Фæйнæгыл хæццæйæ конд сты. Ацы дзырдты уæнгтæй чи тагъддæр сараздзæнис дзырдтæ.

Зы – маг, къуы – быр, ди – ди – нæг, кæр – дæг, су – сæ – ны.

V. Аудирование

- Æмдзæвгæ дзуры ахуырдзау

- Кæцы афæдзы афоныл цæуы дзырд?

- Чи ныффыста ацы æмдзæвгæ?

- Цавæр гагадыргътыл цæуы дзырд?

VI. Къухмæдæттгæ карточкатыл бакуыст.

Ахуыргæнинæгтæм дæттын карточкатæ хæслæвæрдимæ.

- Дзырдтæй аразут хъуыдыйад.

- Къуыбырæй, Сослан, фæбырыд, бирæ, дзоныгъыл.

- Зымæг, куыд, у, хъæлдзæг!

- Уаид, мæн, куы, фæнды, æдзухдæр, зымæг.

- Дидинджытæ, æз, кæнын, уарзын, æмбырд, уалдзæджы.

VII. Диалог.

Баххæст кæнут диологтæ.

  1. – Дæ бон хорз, Заринæ!

- Знон изæр мах бынатæхсæв бæрæг кодтам. Сымах йæ скодтат?

  1. – Æгас цу, Марат!

- Къахдзоныгътыл хъазынмæ цæуыс?

VIII. Раст у æви нæ? (фæйнæгыл)

- Афæдзы афонтæй уазалдæр у сæрд.

- Зымæджы мит нæ уары.

- Ахуыры аз райдайы фæззæджы.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Афæдзы афонтæ

Урочы нысантæ:1.Ахуырдзауты хæстæгдæр базонгæ кæнын афæдзы афонты миниуджытимæ.Сбæрæг кæнын цавæр хицæндзинæдтæ ис афæдзы афонты æхсæн.Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын2.Æрдзæн аргъ кæнын , хъахъхъæнын æ...

«Æгас нæм цу, зымæг!» (Афæдзы афонтæ)

Урочы  нысантæ.1. Сфæлхат кæнын афæдзы афонтæ, номдарты тасындзæг.2. Бæлвырддæр æрдзурын зымæгыл. Бакусын Цæгæраты Г.    æмдзæвгæ «Зымæг» - ыл. Аив кастыл бакусын, дзыр...

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

Урочы нысан: Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ бафидар кӕнын,ахуыргӕнинӕгтӕ афӕдзы афонтӕй цы рацыдысты ,цы зонынц,уый.

Фæстиуджытæ Предметон Тексты номдартӕ агурын зонын.Хъуыдыйӕдтӕ интонациимӕ кӕсын зонын. ,Аив кастыл бакусын,тексты  мидис бамбарынӕн саразын уавартӕ,рӕстӕджы ӕууӕлта сывӕллӕттӕн раргом ...

Ирон æвзаджы урок 6-æм къласы. Темæ: Афæдзы афонтæ Грамматикон темæ: Миногоны бæрцбарæнтæ.

Открытый  урок по теме "Степени сравнения имен прилагательных. речевая тема: "Времена года"...