Хионыл аудыны темæ Гæдиаты Секъайы радзырды «Хо æмæ æфсымæр».
план-конспект урока (8 класс) на тему

Казиева Фатима Валентиновна

Конспект урока по осетинской литературе.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_gadiev.docx22.14 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: Хионыл аудыны темæ Гæдиаты Секъайы радзырды

«Хо æмæ æфсымæр».

Урочы эпиграф: «Хорз адæймаг адæмæн царды хос хæссы, йæ кой та     мыггагмæ нæ сæфы»

Урочы нысантæ: 1. Гæдиаты секъайы цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæст              саразын.

      2. Хо æмæ æфсымæры æнувыддзинад.

      3. Бинонты `хсæн аудæг ахастытæ.

Урочы æрмæг: Ирон литературæ 9-æм кълас (хрестомати æмæ ахуыргæнæн   чиныг)

Презентаци (раныхас æмæ комментаритимæ)

                              Тест

                              Сценкæ

Хуызджын нывтæ радзырды мидисмæ гæсгæ

                              Мысинæгтæ, видеоæрмæг

Урочы цыд:

I. Ахуыргæнæджы раныхас

-Уæ бон хорз, хæлæрттæ! Абон та ногæй æмбæлæм Гæдиаты Секъайы сфæлдыстадимæ. Фæнды мæ зæгъын, кæд ын кæнæм кæронбæттæн урок-хатдзæгты хуызы, уæддæр алы урочы дæр Секъайы куырыхон зондамонæн ныхас уæлдай никуы уыдзæн. Эпиграфæн дзы райстон иу, кæцы комкоммæ ахæссæн ис йæхимæ.

Абон урокмæ лæвæрд уыдис индивидуалон хæс (презентаци скæнын Секъайы цардвæндаг æмæ сфæлдыстадыл)

(Байхъусын скъоладзаутæм, æркæсын сæ презентацитæм)

Ахуыргæнæг: Зынгæ ахуыргонд Абайты Васо фыста: «Секъа уыд æцæг адæмон æмдзæвгæтæ æмæ радзырдты уæлмонц автор, ирон прозæйы бындурæвæрæг, фæлæ, фыццаджыдæр, уый уыд æрдхæрæны адæймаг. Фыссын куыст у. Фæлæ хаттæй-хатт фыссын свæййы стыр сгуыхт. Ацы хъуыддаг базонын кæй фæнды, уый лæмбынæг æркæсæд Секъайы цардмæ.»

II. Рацыд æрмæджы фæлхат.

Саразын афæлгæст Секъайы цард æмæ сфæлдыстадыл.

(Экраныл презентаци фæлдахгæйæ, ахуырдзаутæ дзурынц Секъайы царды хабæрттæ)

  • Ӕцæгдæр, Секъайы цард уыди сгуыхтдзинад.
  • Уый райгуырд Хъуды комы, Ганисы.
  • Цыди фыййау, уыди хуымгæнæг æмæ сугдзау.
  • Скъолайы къæсæрæй никуы бакаст – æнæхъæн комы дæр нæ уыди скъола.
  • Ӕстдæсаздзыдæй гуырдзиаг сауджыны æххуысæй базыдта кæсын æмæ фыссын.
  • Куыста аргъуаны сауджыны æххуысгæнæгæй, фæлæ уæддæр нæ уагъта зæххы куыст. Уыд бирæ бинонты дарæг – амал сын кодта мамæлайы къæбæр.
  • Секъа æд бинонтæ Хъудæй ралыгъдис Цæгат Ирыстонмæ. Рахау-бахау кодта хъæуты куыстагур æмæ цардагур. Уæззау уыд аргъуаны хуымæтæг кусæджы уавæр – æфхæрдтой йæ сауджынтæ, афоныл мызд нæ иста.
  • 1912 азы ныууагъта аргъуаны æнæуынон куыст.
  • Ӕрцард  Дзæуджыхъæуы. Фыссынæй уæлдай йæ уарзон куыст уыд дыргътæм зилын.
  • Секъа уыд хъаруджын адæймаг. Йæ кæстæрты сарæзта ахуыры фæндагыл.
  • Секъа йæ хæдзары кæстæрæн æмæ хистæрæн дæр йæхæдæг уыд «цумайы лæппу». «Ӕнусы кæстæр» рахуыдта йæхи иу æмдзæвгæйы.
  • Цыфæнды æнæвдæлонæй дæр, йæ фыссын никуы ныууагъта. Йæ цухъхъайы фæсмыныл, бæрцагъудты сæрмæ мидæгæй хуыд уыдис дзыпп, уым та – фыссæн чиныг. Æдзух æй йемæ хаста æмæ дзы нысæнттæ кодта йæ хъуыдытæ, йæ сагъæстæ, цæмæй йæ ма ферох уыдаиккой.
  • Секъайæн йæ чызг Верæ йæ мысинæгты куыд зæгъы, афтæмæй-иу нæ поэт, гутон даргæйæ дæр, бæхты чысыл фæуромын кодта æмæ-иу куыствæллад къухæй нысæнттæ кодта, стæй та-иу гутоны хæцæныл ныггуыбыр.
  • Секъайæн уыдис æхсæз лæппуйы æмæ иу чызг.

(мыггагон бæлас)

  • Секъа йæхи куы базыдта, уæдæй фæстæмæ йæ цард æрвыста мæгуырæй. Йæхи царды фадатæй базыдта адæмы царды уæз дæр. Йæ уацмысты бындурæн æвæрд ис царды уыцы сæйраг конфликт.
  • Секъа зæрдæ æмæ зондæй æдзухдæр у мæгуырты фарс, йæ зæрдæ риссы сæ уæззау цардыл. Адæмы хъысмæт – ууыл уыд йе стырдæр катай Секъайæн.
  • Секъа фыста таурæгътæ, æмдзæвгæтæ, баснятæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ, прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ.

2) Ӕнæнхъæлæджы къласы фæйнæфæрсты æрбацыдысты астæумæ лæппу æмæ чызг ирон дарæсы.

3)Скъоладзаутæ æвдисынц Секъайы уацмысæй инсценировкæ.

( «Азау»)

Ахуыргæнæг:

-Базыдтат сæ?

-Зæгъут-ма, цæмæн фæхицæн сты Азау æмæ Таймураз?

-Хорз. Уæдæ абон нæ иннæ таурæгъ «Хо æмæ æфсымæр»

-Цавæр рæстæг æвдыст цæуы радзырды?

III. Историйы ахуыргæнæджы раныхас.

Скъоладзауты дзуаппыты фæстæ дзырды бар раттын историйы ахуыргæнæгæн. (экраныл картæ)

IV. Уацмысы анализ.

1. Беседæ саразын:

  • Чи уыд Ахмæт? Куыд царди йæ бинонтимæ? Цы сыл æрцыд?
  • Цы фæци Ахмæт? Цы йын нæ лæвæрдта æнцой?
  • Куыд цард Хъазара Дагъистаны?
  • Тамар куы цард? Куыд æрбафтыд Наибы хæдзармæ?
  • Куыд сæмбæлдысты?

Ахуырдзауы конд ныв «Тамар æмæ Хъазарайы фембæлд»

  • Куыд рабæрæг сæ сусæгдзинад?
  • Цы сфæнд кодтой хо æм æфсымæр?
  • Куыд сæмбæлдысты сæ фыдимæ Тамар æмæ Хъазара?
  • Цæуылнæ баззад Хъазара йæ фыдимæ? Цæуыл дзурæг у уый?

2. Саразын беседæ хо æмæ æфсымæры аудындзинады тыххæй. (ссарын чиныджы: хо куыд мæт кодта)

3. Сыхаг адæмты ахастытæ (абæттын Секъа йæхæдæг дæр кæй уыд тæрхоны лæг, йæ мæлæт дæр суанг адæмы кæрæдзийыл бæттыны тыххæй æрцыд)

Наиб (лекъаг) – Ахмæт (чысан) сæ ахастытæ фæхуыздæр сты, кæрæдзимæ нал лæбурдтой.

Скъоладзаутæ хъуамæ уацмысæй рафыстаиккой æмбисæндтæ. Фæзынынц экраныл.

Ӕмбисæндтæ

  • Цард кусæг лæджы уæхскыл бады. (243ф)
  • Адæмы аразгæ дæр уарзондзинад кæны, сафгæ дæр. (246ф)
  • Диссаг хъуыддагыл адæм дис фæкæнынц.(247ф)
  • Домбайы хъæвдын хъæргæнгæ агуры йæ фыдыбæстæ. (247ф)
  • Хорз лæгæн йæ кой нæ сæфы. (247ф)
  • Хорз лæджы фæдыл мæргътæ дæр тæхынц. (247ф)
  • Теуайы уаргъ афтæ ма ныккæла, æмæ дзы бæхы уаргъ ма равзæра. (249ф)
  • Мæнгард лæг уæлæуыл дæр сæфт æмæ мæрдты дæр.
  • Хорз адæймаг адæмæн царды хос хæссы, йæ кой та мыггагмæ нæ сæфы.

Равзарын сæ, зæгъын Секъайы æвзаджы хицæндзинæдты тыххæй.

Фæстаг æмбисонды фæстæ видеоæрмæг равдисын.

Ахуыргæнæг: Ацы ныхæстæн æвдисæн у ацы видеоæрмæг (Гæдиаты Секъайы цыртдзæвæны гом).

V. Урочы хатдзæгтæ тесты хуызы.

Бæрæггæнæнтæ.

VI. Хæдзармæ куыст

Ӕрхъуыды кæнын æндæр кæрон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ УРОК «Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секъайы радзырд «Мад æмæ фырт» - ы

Темæ:«Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секайы радзырд ...

Фондз æфсымæры аргъау

повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова" ...

Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы

Открытый урок на тему: "Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Сегъайы радзырд «Азау»-ы....

Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Битарты æфсымæртæ.

Уæ, мæ хæлар, рабад. Райс дæ гæрзтæ!-Нал ис бирæ сагъæстæн рæстæг,-Сиды, хъус-ма, сиды нæм нæ бæстæ,Сау фыдгул æрбабырста хæстæг. Цом. Фæцæуæм не знагæн йæ размæ.Риуæй йын æрæхгæнæм йæ фæд:Ды куы...

Урочы темæ: « Сӕрибармӕ тырнындзинад Гӕдиаты Секьайы радзырд «Мад ӕмӕ фырт»-ы.»

Урочы  нысантæ  Урочы тип Радзырд«Мад ӕмӕ фырт»-ӕн анализ скӕнын,равзарын фӕлгонцтӕ.Равзарын темӕ,идейӕ сбӕрӕг кӕнын. Радзырды ӕвзаг.Ӕрдзы нывтӕ  радзырды,бакусын ...

: «Хӕлӕрттӕй цух чи у ,уый цины дӕр ӕмӕ зындзинады дӕр иунӕг у» (Гӕдиаты Ц. «Дыууӕ дидинӕджы») 6 кълас

Ахуыргӕнӕг : Челдыты М.К.Урочы нысантǽ:1.Скъоладзауты базонгӕ кӕнын Цомахъы цыбыр биографиимӕ. 2.Бакёсын ёмё равзарын уацмыс «Дыууё дидинёджы» сёйраг хъуыды, ǽрдзурын йӕ жанрыл3.Скъол...

Ӕрдзыл аудыны темӕ Джыккайты Шамилы ӕмдзӕвгӕ «Авдӕны зарӕг назы талайӕн».

Конспект урока по теме: "Ӕрдзыл аудыны темӕ Джыккайты Шамилы ӕмдзӕвгӕ «Авдӕны зарӕг назы талайӕн"...