ГОМ УРОК «Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секъайы радзырд «Мад æмæ фырт» - ы
план-конспект урока (6 класс) на тему

Ситохова Зара Бебоевна

 

Темæ:

«Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секайы радзырд     

                             «Мад æмæ фырт» - ы.

Урочы нысан:

1. Радзырдæн анализ скæнын. Фæлгонцтыл æрлæууын. Радзырды темæ, идейæ сбæрæг кæнын. Радзырды æвзаг. Æрдзын нывтæ.

2. Сывæллæтты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурын. Хатдзæгтæ кæнын зонын. Текстыл зонын куысын.

3. Царды сæйрагдæр нысан æрмæст мулкæй, хъæздыгдзинадæй кæй нæу, уый бамбарын кæнын. 

 

Скачать:


Предварительный просмотр:

ГОМ УРОК

«Сæрибармæ   тырнындзинад

     Гæдиаты   Секъайы  радзырд

           «Мад æмæ фырт» - ы

        

                                             15-æм астæуккаг скъола

        Ситохаты Зарæйы урок

        (6-æм кълас)

Темæ:

«Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секайы радзырд    

                             «Мад æмæ фырт» - ы.

Урочы нысан:

1. Радзырдæн анализ скæнын. Фæлгонцтыл æрлæууын. Радзырды темæ, идейæ сбæрæг кæнын. Радзырды æвзаг. Æрдзын нывтæ.

2. Сывæллæтты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурын. Хатдзæгтæ кæнын зонын. Текстыл зонын куысын.

3. Царды сæйрагдæр нысан æрмæст мулкæй, хъæздыгдзинадæй кæй нæу, уый бамбарын кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг:  чингуытæ, сюжетон нывтæ.

 Техникон фæрæзтæ: музыкæ (хъисынфæндыр)

Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

2. Ахуыргæнæджы разныхас:

- Уæ бон хорз!

- Æгас цу!

- Бузныг, уæ салам бирæ. Фæлæ нæм абон ис уазджытæ æмæ уæ хорзæхæй, уыдонæн дæр салам раттут. (салам раттой)

- Бузныг, сбадут.

- Абон нæ урочы хæс у радзырд «Мад æмæ фырт» - анализ скæнын. Секъайы радзырд бакастыстæм, иууылдæр ын йæ мидис зонæм, фæлæ ма йыл иу хатт æрлæудзыстæм æмæ йыл бакусдзыстæм: фæлгонцтыл, сбæрæг кæндзыстæм  радзырды темæ, идейæ, æвзаг, бакусдзыстæм æрдзы нывтыл

1. Цæмæй нæ урок мидисджын дæр ацæуа уый тыххæй спайда кæндыстæм коллективон куыты хуыз. Ногдзинад – цый МИДæг ис, æмæ нырмæ уæ хæдæг, кæна æз уыдтæн эксперт. Абон та нæ уазджытæм бахатæм, цæмæй нын уыдон уой экспертæ.

- Уæ хорзæхæй, 1 – 2 адæймаджы. (эксперттæ æвзæрст æрцыдысты, сæ хæс сын бамбарын кæнын)

(Скъоладзаутæ дих кæнынц цалдæр къордыл)

2. Фæйнæгыл ис уæхи сюжетон нывтæ конд æмæ ма иу хатт радзырды мидис нæ зæрдыл æрлæууын кæнæн

- Табуафси. (2-3 скъоладзауы дзурынц радзырды мидис, иннæтæ хъусынц)

3. Ныр алы къорд дæр хæлтты руаджы раиртасдзæн йæ фарстатæ æмæ кусæм. Рæстæг 3-5 минуты.

4. Музыкæ хъазы.

5. Кæцы къорд у цæттæ, уымæй райдыдтам. Иннæтæ дæр лæмбынæг хъуысынц æмæ сæ бон у дзуапп æххæст кæнын

- Эксперттæ, сымахæн дæр уæ бон у фарстатæ дæттын.

II. Фарстатæн дзуапп лæвæрд куы фесты, уæд æнæхъæн къласмæ дæр дæттын фарстатæ – иумæйагмæ радзырды мидисмæ гæсгæ.

- Цавæр рæстæг æвдыст цæуы радзырды?

-Цæуыл дзурæг у, радзырды æрдзы нывтæ æнкъард кæй сты, уый? (ссарын ахæм бынæттæ тексты æмæ сæ бакæсын)

- Кæимæ базонгæ стæм радзырды? (Адих сæ кæнут къорттыл, радзурын сæ)

- Ссарын радзырды æмбисæндтæ æмæ сын сæ хъуыды бамбарын кæнут.

- Радзырды темæ æмæ идейæ

-Радзырды æвзаг

6. Мæ ахаст Ерыстау – æлдармæ. (кæд æм исты хорзæй фæдтат)

Марине

  1. Цæмæн сфæнд кодтой фондз æфсымæры Секъойы амарын?
  2. Радзурут æлдар Цомахъы фырт цы æвирхъау митæ кодта мæгуыр адæмæн?
  3. Рдзурут Маринæйы тыххæй.
  4.  Мад æмæ фырты цард лæгæты.
  5.  Мæ ахаст Маринемæ (куыд мадмæ, сылгоймагмæ)

Тугъан

  1. Цавæр миниуджытæ уыд Тугъанмæ? (Æрхæссын дæнцæгтæ)
  2. Ссарын радзырды Тугъан сæрибары царды тыххæй цы хъуыды кæны, уый. (бакæсын)
  3. Тугъаны тырнындзинад сæрибармæ (тексты ссарын, бакæсын)
  4. Марине æмæ Тугъаны ахастытæ.
  5. Куыд базыдта Тугъан йе фсымæры хабæрттæ?

III. Абарут абоны цардимæ (зæгъæм, сидзæрты цард, скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц)

IV. Урочы кæрон хатдзæгтæ скæнын.

-Кæй зæгъын æй хъæуы , Секайы фæндыди, цæмæй нæ ирон адæм цæрой сæрибарæй , амондджынæй.

       Нæ урочы темæ дæр у сæрибардзинадмæ тырнындзинад. Ныххатыр нын кæнæд Секъа æмæ мад æмæ фырты фенæм сымах, сывæллæтты, руаджы сæрибарæй, амондджынæй.

- Уæ хорзæхæй , бацархайут, æмæ сæ фенæм амондджынæй æмæ сæрибарæй. Дæттын уын рæстæг 3-5 минуты. Бакæнут фыссæджы куыст. (2-3 скъоладзауы дзуаппмæ байхъуысын)

V. Скъоладзауты хъуыдытæ, эксперты аргъ къордтæн.

VI. Ахуыргæнæджы разныхас: Бузныг, уæ цæрæнбон бирæ. Нæ урок фæцис, уырны мæ, хатдзæгтæ кæй скæндзыстут, уый. Хуыцау уæ амондджынæй æмæ сæрибарæй бирæ фæцæрын кæнæд! Уæ ныййарджыты фæдзæхст ут!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Хионыл аудыны темæ Гæдиаты Секъайы радзырды «Хо æмæ æфсымæр».

Конспект урока по осетинской литературе....

Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы

Открытый урок на тему: "Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Сегъайы радзырд «Азау»-ы....

Урочы темæ: « Сӕрибармӕ тырнындзинад Гӕдиаты Секьайы радзырд «Мад ӕмӕ фырт»-ы.»

Урочы  нысантæ  Урочы тип Радзырд«Мад ӕмӕ фырт»-ӕн анализ скӕнын,равзарын фӕлгонцтӕ.Равзарын темӕ,идейӕ сбӕрӕг кӕнын. Радзырды ӕвзаг.Ӕрдзы нывтӕ  радзырды,бакусын ...

: «Хӕлӕрттӕй цух чи у ,уый цины дӕр ӕмӕ зындзинады дӕр иунӕг у» (Гӕдиаты Ц. «Дыууӕ дидинӕджы») 6 кълас

Ахуыргӕнӕг : Челдыты М.К.Урочы нысантǽ:1.Скъоладзауты базонгӕ кӕнын Цомахъы цыбыр биографиимӕ. 2.Бакёсын ёмё равзарын уацмыс «Дыууё дидинёджы» сёйраг хъуыды, ǽрдзурын йӕ жанрыл3.Скъол...

План открытого урока "Ахуырма тырнындзинад" по рассказу К.Дзесты "Ардхараны лавар"

План открытого урока "Ахуырма тырнындзинад" по рассказу К.Дзесты "Ардхараны лавар"...