План открытого урока "Ахуырма тырнындзинад" по рассказу К.Дзесты "Ардхараны лавар"
план-конспект урока (5 класс)

Хуриева Нелли Суреновна

План открытого урока "Ахуырма тырнындзинад" по рассказу К.Дзесты "Ардхараны лавар"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл План открытого урока 5 класс32.4 КБ

Предварительный просмотр:

 Технологон картæ ирон литературӕйы  урокмæ 5-æм къласы

Темӕ: «Ахуырмӕ тырнындзинад» Дзесты Куыдзӕджы радзырд « Ӕрдхӕрӕны лӕвар»-мæ гæсгæ.

 Нымӕц 14. 03. 2023

Ахуыргӕнӕг: Хуриты Н.С.

Нысантӕ

1. Уацмысы мидисы бындурыл ахуыр кӕнын скъоладзауты сӕ хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕныныл, хи зонындзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кӕныныл.

2. Ахуырдзауты дзургӕ ныхасы рӕзтыл куыстыл ахуыр кӕнын.

3. Уацмысы бындурыл ӕрдзурын ахуыргӕнӕджы, ахуыры ӕмӕ чиныджы ахадындзинадыл царды мидӕг.                                                                                        

Урочы эпиграф

Ахуыр – рухс, ӕнӕахуыр– талынгдзинад .

Ученье-свет, а неученье -тьма.

Learning is light and ignorance is darkness

УАА - УУД

(Универсалон ахуырадон архайд)

Удгоймагон:

     1. Ахуырадон архайд ӕмӕ йӕ мотивы ӕхсӕн бастдзинад саразын.

     2. Ахуыргӕнинӕгты хиӕмбарынады ӕууӕлтӕ раиртасын ӕмӕ бафидар кӕнын.

Регулятивон:

      1. Скӕнын урочы архайды пълан.

      2. Урочы куысты фӕстиуджытӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Коммуникативон:

      1. Ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕмгӕрттимӕ ахуырадон ӕмгуыстдзинадӕн пълан скӕнын.

      2. Хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕнын, хи цӕстӕнгас быцӕу ныхасы фидар кӕнын коммуникацийы хӕстӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ.

Ахуырадон:

      1. Хибарӕй ахуырадон хӕс снысан кӕнын зонын.

      2. Хъӕугӕ ӕрмӕг рабӕрӕг кӕнын ӕмӕ агурын.

      3. Ӕмбаргӕ раныхас аразын хи хъуыдытӕй.

      4. Урочы хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн хъӕугӕ мадзӕлттӕ ӕвзарын уавӕртӕм гӕсгӕ.

      5. Урочы архайды фӕстиуджытӕм цӕст дарын ӕмӕ раст бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрын.

      6. Тексты ӕрмӕгӕй пайда кӕнын.

Ахуырадон фӕстиуджытӕн пълан аразын

Зонын :

     - Адӕймаджы хорз миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты нӕмттӕ базонын.

Арӕхсын:

     - Тексты хъӕугӕ ӕрмӕг агурын.

Удгоймагон

     - Мотиваци ахуырадон архайдмӕ.

      - Адӕмы тыхстдзинӕдтӕм ӕмбаргӕ ахаст.

Метапредметон:

     - Ног зонындзинӕдтӕй пайдагӕнгӕйӕ къордты кусын.

     - Урочы хӕс сӕххӕст кӕнынынӕн бӕрӕггӕнӕн ӕвӕрын.

     - Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕнынӕн сфӕлдыстадон мадзӕлттӕ ӕвзарын.

     - Ныфсджынӕй интеллектуалон къуыхцыты сӕрты хизынӕн.

     - Ахуыргӕнӕгимӕ иумӕ ахуырадон мадзӕлттӕ ӕвзарын урочы хӕстӕ сӕххӕст кӕнынӕн.

Урочы ӕрмӕг

1. 5-ӕм къласы ахуыргӕнӕн чингуытӕ; кусӕн тетрӕдтӕ ирон литературӕйӕ; чингуыты равдыст (Дзесты Куыдзӕджы уацмысты ӕмбырдгонд, Хетӕгкаты Къоста «Ирон фӕндыр», «Абетӕ»

2. Техникон фӕрӕзтӕ: компьютер, проектор, экран.

3. Презентаци;  

Урочы куысты хуызтӕ

Фронталон,  къордтӕй, проектон куыст

                               

Урочы цыд:

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

                   Ахуыргӕнӕджы архайд

                         Ахуырдзауты архайд

 - Уӕ бон хорз!

 - Сбадут!

-Радгӕс уӕ чи у?

 

- Ӕгас цу!

Радгӕсы раныхасмӕ байхъусын.

(Ном, мыггаг, нымӕц, къуырийы бон, афӕдзы афон., къласы чи нӕй, уый фӕнысан кӕнын)

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

     - Сывӕллӕттӕ, цӕмӕй фӕзӕгъӕм афтӕ «Уый у зонды суадон…»

О, раст, «Чиныг зонд у, чиныг- цард, чиныг царды уыны дард». (Епхиты Тӕтӕри)

   

  - Куыд хъуыды кӕнут, адӕймаджы царды чиныг цавӕр бынат ахсы?

     - Сымахӕн та уӕ уарзон чингуытӕ цавӕртӕ сты?

- чиныджы тыххӕй ахуыр кодтам ӕмбисӕндтӕ дӕр.

Уӕ зӕрдыл ма сӕ ӕрлӕууын кӕнут.

   

-О, раст у, зӕххон адӕймаджы зонд цы сфӕлдыста,уыдонӕн сӕ вазыгджындӕр у чиныг.

  - Куыд хъуыды кӕнут, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?

     

     

     

-Чиныг

-Ахуырдзауы дзуаппмӕ байхъусын.

Радыгай дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн.

 

Абон нӕ урочы дзурдзыстӕм чиныджы, ахуыры ӕмӕ ахуыргӕнӕджы  ахадындзинадыл нӕ царды.

Гӕбил ахуырмӕ куыд тынг тырныдта ӕмӕ райста лӕварӕн Къостайы чиныг «Ирон фӕндыр»

Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕныны этап

1-карточкӕтӕ

2- фронталон

Гӕбилӕн раттын характеристикӕ (кластерӕй)

Чиныгиӕ куыст

(Партӕтыд карточкӕтӕ. Хӕс: Сӕвӕр хъуыдыйӕдтӕ тексты мидисмӕ гӕсгӕ раст фӕткӕвӕрдыл)

-Бакӕсӕм сӕ.

Фарстыты руаджы зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм хӕдзармӕ куысты ӕрмӕг – уацмысы мидис.

     

  - Чи у радзырды сӕйраг архайӕг?

-Цал азы йыл цӕуы?

-Скъоламӕ цӕуы?

  - Гӕбил скъоламӕ цӕуылнӕ цӕуы?

Гӕбилы тынг кӕй фӕндыд скъоламӕ цӕуын, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

- Кӕй руаджы базыдта Гӕбил кӕсын ӕмӕ фыссын?

- Уӕдӕ нын Давид бацӕттӕ кодта чысыл проектон куыст , цы сты хъултӕ ӕмӕ раздӕр куыд хъазыдысты хъултӕй сывӕллӕттӕ.

   

    (Ахуырдзаутӕн фенын кӕнын ӕцӕг хъултӕ, ӕрдзурын сыл)

 

Саразӕм кластер.

Хӕс: ссарут-ма уӕ разы цы карточкӕтӕ ис, уыдонӕй Гӕбил ахуырмӕ кӕм тырны, ахӕм хъуыдыйӕдтӕ.

  ( фӕйнӕгыл саразын кластер ӕвзӕрст хъуыдыйӕдтӕй)

 

 - Цавӕр литературон хъайтартимӕ ма базонгӕ стӕм, фыййау уӕвгӕйӕ ахуырмӕ чи тырныдта?

- Цы ис иудзинадӕй ацы уацмысты ?

-Цы сӕ ис хицӕндзинадӕй та?

Ссарут-ма чиныджы, Гӕбилӕн йӕ бӕллицц кӕм сӕххӕст,уыцы бынӕттӕ.

 

   

Ахуырдзаутӕ кусынц карточкӕтимӕ, байхъусын раст фӕткӕвӕрдмӕ)

Радыгай дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн.

   

Балхӕдта лыггонд АБЕТӔ «туджы аргъӕй», ома сӕ баивта  хъултыл.

Скъоладзау дзуры лӕппуты рагон ирон хъазт – хъулты тыххӕй. 

Гӕбил -

- скъоламӕ нӕ цӕуы;

-уыд ӕххуырст фыййау кӕйдӕр фосӕн;

Ахуыр кӕнынмӕ бӕллы;

-АБЕТӔ балхӕдта «туджы аргъӕй»;

-ахуыргӕнӕгӕн ӕрбахаста алыхуызон дидинджыты куырис;

-афтӕ йӕм каст, цыма никуы бафсӕддзӕн чиныг кӕсынӕй;

-чиныг ӕмбӕхстӕй дардта сӕрвӕты, къӕдзӕхы ӕххӕлы;

-фырцинӕй йӕ мады ӕфцӕгыл атыхст ӕмӕ сдзырдта: «Нана,Къоста!Къоста!»

Тугъанты Батырбег – «Фыййау Баде»,

Цӕголты Георги – «Бецал».

Сты мӕгуыр, искӕй фосӕн фыййау цӕуынц, скъоламӕ нӕ цӕуынц.

Гӕбилӕн йӕ бӕллицц сӕххӕст, йӕ къухы бафтыд тынг цӕмӕ бӕллыд, уый.

Баде та бахаудта ахӕстонмӕ.

 

Ахуырдзаутӕ агурынц ӕмӕ кӕсынц бынӕттӕ.

Физминуткӕ скӕнын.

Видеослайдмӕ бакӕсӕм, физминуткӕ скӕнӕм .

Физминуткӕ кӕнын.

Зындгонд адӕмӕй ахуырмӕ чи тырныдта, уыдоны тыххӕй бафӕрсын…

     

   

   

 Ӕрбакӕсут- ма фӕйнӕгмӕ.

 Слайдыл - Гӕдиаты Секъа,

Максим Горький ӕмӕ Михайло Ломоносовы портреттӕ.

-Сывӕллӕттӕ, куыд уӕм кӕсы, ацы адӕмы цы иу кӕны?

(Ацы зындгонд адӕм стыр цӕлхдурты сӕрты ахызтызты ӕмӕ сӕхи хъаруйӕ схызтысты ахуырады, наукӕйы бӕрзӕндтӕм.)

-Уӕдӕ, Гӕбилы дӕр уынӕм, цы стыр зындзинӕдты сӕрты ахызти ахуырмӕ тырнгӕйӕ ӕмӕ нӕ уырны стыр лӕг кӕй сси.

   

Ахуырдзауты дзуаппытӕм байхъусын.

                                                      Урочы хатдзӕг

 

«Цы у адæймагæн йæ царды нысан?

Сымах та цæмæ бæллут царды?

Сымахӕн уӕ уавӕртӕ цавӕр сты?

Цӕмӕн схуыдта Куыдзӕг йӕ радзырд «Ӕрдхӕрӕны лӕвар»?

Сымах дӕр ӕй афтӕ схуыдтаиккат?

Скӕнӕм хатдзӕгтӕ тесты руаджы.

Ахуырдзауты дзуаппытӕм байхъусын.

Тест ӕххӕст кӕнынц.

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы  

 Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.

                                                                             

     

                                        Рефлекси

 -Абон ӕз ногӕй базыдтон…

-Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд…

 Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын…

Скъоладзаутӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынц, хатдзӕгтӕ кӕнынц.                                                                                          

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ ма сӕ цӕуыл хъӕуы фылдӕр бакусын.

Сӕ зонындзинӕдтӕн сӕхӕдӕг аргъ кӕнынц

                                                                             Хӕдзармӕ куыст                            

Ныффыссын тетрӕдты чысыл нывӕцӕн-уӕ хъуыдытӕ ахӕм темӕйыл: «Ӕз куы суаин стыр ахуыргонд, уӕд…»

Фыссынц хӕдзармӕ куыст.

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

 скъоламӕ нӕ цыд

уыд ӕххуырст фыййау кӕйдӕр фосӕн

лыггонд АБЕТӔ балхӕдта «туджы аргъӕй»

ахуыргӕнӕгӕн ӕртыдта алыхуызон

 дидинджытӕ

афтӕ йӕм каст, цыма никуы

 бафсӕддзӕн чиныг кӕсынӕй

чиныг ӕмбӕхстӕй дардта сӕрвӕты,

 къӕдзӕхы ӕххӕлы

фырцинӕй йӕ мады ӕфцӕгыл атыхст

 ӕмӕ сдзырдта «Нана,Къоста!Къоста!»

скъолайы ахуыр кӕны                 ис ын мад ӕмӕ фыд

ахуыр кӕнын ӕй нӕ фӕнды

Йӕ мады коммӕ нӕ каст              

Уыдис къӕсхуыргомау.фӕлӕ нуарджын  

Шляпӕ-худыл хӕцы йӕ дӕндӕгтӕй ӕмӕ

 йӕ цыппӕртыл сбыры фӕстӕмӕ

 бӕласы уидагыл

хуыссӕг ӕй ӕрцахста, фӕлӕ уӕддӕр

 Къостайы кой нӕ хицӕн кӕны йӕ сӕрӕй

  Никӕмӕ хъуыста ӕппындӕр

Йӕ бӕллицц уыд ӕрмӕст - «Ирон фӕндыр»

         

       

Сӕвӕр хъуыдыйӕдтӕ тексты мидисмӕ гӕсгӕ раст

1-5

  1. - Нана, Къоста, Къоста… Гӕбил райста йӕ царды ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар…

  1. Иу дзӕбӕх хур бон ныхъхъуыды кодта ахуыргӕнӕгӕн хорздзинад фӕуын.

  1. Ацы хатт дӕр та хорз «арфӕтӕ» фӕкодта Гӕбил йе’лгъин фысымтӕн.

  1. Ахуыргӕнӕг касти  « Ирон фӕндыр»…

  1. Дымгӕ фелвӕста ахуыргӕнӕджы шляпӕ-худ ӕмӕ йӕ дӕлвӕндаг амидӕг кодта…

Сӕвӕр хъуыдыйӕдтӕ тексты мидисмӕ гӕсгӕ раст

1-5

  1. - Нана, Къоста, Къоста… Гӕбил райста йӕ царды ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар…

  1. Иу дзӕбӕх хур бон ныхъхъуыды кодта ахуыргӕнӕгӕн хорздзинад фӕуын.

  1. Ацы хатт дӕр та хорз «арфӕтӕ» фӕкодта Гӕбил йе’лгъин фысымтӕн.

  1. Ахуыргӕнӕг касти  « Ирон фӕндыр»…

  1. Дымгӕ фелвӕста ахуыргӕнӕджы шляпӕ-худ ӕмӕ йӕ дӕлвӕндаг амидӕг кодта…


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Презентации к открытому уроку по рассказу К.Кудажы "Дуруяалар-эжеш куштар" ("Журавли - парные птицы")

Презентация к открытому уроку по рассказу К.Кудажы "Дуруяалар-эжеш куштар" содержит название темы урока, цели к уроку, эпиграф, рисунки, содержание заданий для учащихся. Урок посвящен рассказу тувинск...

Разработка открытого урока по рассказу И.А. Бунина "Красавица"

Данная разработка позволит учителю, работающему в 11-х  классах, провести лингвостилистический анализ художественного прозаического текста на примере рассказа Бунина.Цель работы:  убедить детей в необ...

Открытый урок по рассказу М.Шолохова "Судьба человека" 10кл

Открытый урок по рассказу М.Шолохова "Судьба человека" 10кл...

Открытый урок по рассказу Чехова "Ионыч"

Предлагаю технологическую карту урока для 10 класса по рассказу Чехова "Ионыч". Урок с использованием средств ИКТ, есть презентация....

Открытый урок по рассказу Альфонса Доде "Маленький шпион" (межпредметные связи - литература, история, математика, психология, ОБЖ).

Открытый урок по рассказу Альфонса Доде "Маленький шпион". Автор - Борисова Н.В. Межпредметные связи - история. математика, литература, ОБЖ. Можно использовать и на классных часах (после изучения прои...

Урок-исследование: "Открытие слова. По рассказу Л.Улицкой "Восковая уточка"

Урок-исследование. Входит в систему отработки навыков проблемного изучения текста в школе.  Содержание урока соответствует требованиям программы по литературе, задачам подготовки к ЕГЭ. Знания, у...