Открытый урок осетинского языка
план-конспект урока (5 класс) на тему

Цаликова Дзерасса Хазбиевна

Тема урока :"Прямая речь. Гом урок. Комкоммæ ныхасæй.

Урочы темæ. Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у мад! ( Джыккайты Ш)

Грамматикон темæ. Комкоммæ ныхас . ( Фæлхат кæнын «Комкоммæ ныхас» ).

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл dokument_microsoft_office_word_4.docx22.6 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урок. Комкоммæ ныхасæй.

Урочы темæ. Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у мад! ( Джыккайты Ш)

Грамматикон темæ. Комкоммæ ныхас . ( Фæлхат кæнын «Комкоммæ ныхас» ).

Урочы эпиграф:

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц

Йæ бинонтæ, йæ мад!

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы

Йæ рæзгæ бонты цард

Кочысаты М

Урочы нысæнттæ

  1. Комкоммæ ныхас зæрдыл æрлæууын кæнын
  2. Æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрын комкоммæ ныхасы
  3. Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл
  4. Ныййарæг мадмæ, æрдзмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг, карточкæтæ хæслæвæрдимæ, цæстуынгæ æрмæг,чиныгимæ бакуыст

Урочы цыд

Фæйнæгыл æмæ карточкæтыл куыст.

Дзырдуат: хоргалм, æрчъи, малусæг  

Мотиваци

Радгас дуар æрбахоста урочы райдайæны æмæ загъта: «Бахатыр кæнут. Ам чи нæй абон?».  Æз ын дзуапп радтон : « Иууылдæр ам сты». Уый  ацыд æмæ æз скъоладзаутæм дзурын : « Цæмæ æрбацыд радгæс æмæ цы фарста?». Уыдон ын рафæзмыдтой йæ ныхастæ æмæ уыдон фæйнæгыл афыссæм.

-Уæдæ абон дзурдзыстæм цæуыл ? (комкоммæ ныхасыл).

1 Уызынæн йæ хæдзар уарыны дон аласта. Хоргалм ын фæтæригъæд кодта æмæ йæ рæстæгмæ цæрынмæ æрбауагъта. Бонтæ цыдысты, уызын хоргалмы хæдзарæй цæуынвæнд нал кодта. Хоргалмы лæппынтæ сæхицæн бынат нал ардтой -  уызыны судзинтæ сæ хъыгдардтой æппынæдзух.

  Уæд хогалм загъта уызынæн: «Æз дæ ардæм æрбаугътон рæстæгмæ. Ныр дæ судзинтæй мæ лæппынты бон нал у, æмæ дæ курын, ардыгæй ацу». Уызын загъта: « Кæд искæмæй исты риссы, уæд ацæуæд. Мæнæн ам дæр æвзæр нæу».

  1. Æмбисæндтæй кæцыйæн дзуапп дæтты текст?

«Хорздзинад бæсты нæ цæуы»,

«Хорздзинад нæ рох кæны».

  1. Цавæр фауинаг миниуджытæй хайджын у уызын?
  2. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут.
  3. Текстæй раффыссын дзырдтæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ
  4. Ссарын тексты комкоммæ ныхасимæ хъуыдыйæдтæ. Фæстаг хъуыдыйадæн скæнын схемæ.

Хатдзæг – уæдæ цы у комкоммæ ныхас.

2

   Аргъау. Ахуыргæнæг кæсы аргъау иу лæппу йе’мбалмæ арвыста æнахуыр фыстæг. Йæ радзырды алы хай дæр бавæрдта хицæн вагоны, дард балцы. Фæлæ иу æрлæууæны поезды вæгæттæ æддæг –мидæг ауадысты æмæ нæ аргъау ныссуйтæ. Аргъауæн ницыуал бамбарæн уыд.

-Бæххуысс ма кæнæм дыууæ æмбалæн, цæмæй фыстæг йæ бынатыл сæмбæла. Поезды вагæттæ, куыд æмбæлы, афтæ кæрæдзийы фæдыл бабæттæм.

-Къæлæу хæдзары сæрмæ схызти æмæ йæ зонтыккæй бамбæрзта « Æз хæдзары бадын æмæ мæнæй ницы риссы, фæлæ хæдзары сæр та? Истæмæй йæ бамбарзон?» Их- иу куы уарыд, уæд иу къæлæу бамбæхсти. Рисгæ йын кодтой ихы цæфтæ. Нырдæр та бамбахсти, фæлæ ахъуыды кодта.

-Фарст. Цавæр зæрдæ уыди къæлæуæн? Уæ зæрдæмæ фæцыд къæлæуы ми?

-Ссарын тексты комкоммæ ныхас.

3

Чиныгимæ бакуыст.

Æрхæцæн нысæнттæ комкоммæ ныхасы ( роиртæст бакæсдзысты).

Ехх, мæ дыууæ æрчъыийы дæр мæ куы нæ уаиккой æмæ мæ уыцы чиныг куы уаид! – зæгъгæ хъæрæй сдзырдта Гæбил.

Хатдзæгтæ скæнын комкоммæ ныхасæй

Кæцæй ист сты ацы ныхæстæ?Цавæр радзырд кастыстут?

4

Къордгæйттæй куыст.

Æмбисæндтæ æмæ уыци- уыцитæ

  1. Хистæры буц дар- ды дæр зæронд кæндзынæ.
  2. Зымæг- урс

Уалдзæг – сау

Сæрд – цъæх

Фæззæг та – карст. (быдыр)

  1. Тагъд кæны цары ахстон сбийыныл, баныхасыныл, байсæрдыныл.

Цавæр цъиу у уый?

  1. Сæрд, зымæг вæййы йæ кæрцы,

Ис нын дарæстæ йæ фæрцы

Худæн тынг хорз у йæ царм.

Ды, æвæццæгæн, зæгъыс

«Цас базонæн у» (Фыс)

  1. Фæлмæн ныхас – зæрдæйæн æхсызгон у.

2 къорд

  1. Мадæлон æвзаг мады ад кæны.
  2. Фыццаг ахъуыды кæн стæй зæгъ
  3. Æрдз кæд ыскæны хæдон
  4. Миты бын ракалы дидинæг.

Уалдзæгыл сæмбæлы фыццаг.

  1. Мит кæд фесты иууыл дон?

Аулæфт- бæйхъуысдзысты алыхуызон уынæртæм

-Уæдæ нæ уыци – уыцитæ цавæр афæдзы афонтимæ баст сты (уалдзæгимæ).

5

Уалдзæджы цавæр бæрæгбæттæ вæййы?

Æстæм мартъийы бæрæгбон.

Мад…Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мад… уый диссаг у, æвæдза.

6

Нæ абоны урочы эпиграфы ныхæстæ ма бакæсут иу хатт.

Чи у зынаргъ сымахан дæр æмæ поэтан  дæр?(мад æмæ бинонтæ)

Афыссæм – ма цалдæр хъуыдыйадæй конд цыбыр нывæцæн ныййарæг мады тыххæй

7

Синквейн скæндзыстæм

Фыццаг къорд – синквейн аразынц мадæй

Дыккаг къорд – уалдзæгæй

8

Рефлекси

Абон æз базыдтон…

Абон урок уыд цымыдисаг…

Ныр мæ бон у…

Мæ бон  баци…

Урок мын феххуыс уыдзæн царды.

Хæдзары радзурдзынæн.

Х/к ныффыссын цыбыр фыстæджытæ уæ нанатæм,спайда дзы кæнут комкоммæ ныхасæй.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрдзынæн


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок осетинского языка в первом классе

Тематикон урок ирон æвзагæй 1 къласы. Урок – балц аргъаумæТемæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м...

Урок осетинского языка в 5 классе

Урок ирон æвзагæй 5-æм къласыТемæ: Номдарты нысаниуæг.Ныхасы темæ: Уалдзæг  у царды райгуырæн....

Урок осетинского языка в 5 классе

Урок ирон æвзагæй 5-æм къласыТемæ: Номдарты нысаниуæг.Ныхасы темæ: Уалдзæг  у царды райгуырæн....

Урок осетинского языка в 6 классе

Сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн куыстТемæ: Уалдзæг – царддæттæг....

Урок- описание картины Решетникова "Опять двойка" на уроке осетинского языка в 6 классе.

Подготовка к написанию сочинения по картине Решетникова "Опять двойка"....

Открытый урок осетинского языка

Открытый урок на тему " Человек- дитя природы"...