уроки литературы в 10класе
план-конспект урока (5, 10 класс) на тему

Аккацева Людмила

Творчество М.Дзасохова и Г.Баракова

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon uroki.doc161 КБ
Файл урок в 5 классе.Времена года32.12 КБ

Предварительный просмотр:

 

Урочы темæ.        Дзыцца мæнæн у мæ хур дæр, мæ дон дæр, мæ уæлдæф дæр.

        

                              (Мады фæлгонц Дзасохты Музаферы тетралогийы фыццаг дыууæ чиныджы «Уалдзыгон стъалытæ» æмæ «Урсдоны былыл Бæрæгъуын»-мæ гæсгæ).

Урочы нысан.        1. Райхалын мады фæлгонц уацмысы.

        2. Скъоладзауты фæцалх кæнын темæимæ баст сæйраг æрмæг иртасын, сæйраг фæлгонцтæн характеристикæ дæттын.

        3. Ахуырдзаутæм æвзæрын кæнын уарзондзинад ныййарæг мадмæ, йæ кад, йæ ном ын бæрзонд хæссыны æнкъарæнтæ.

Урочы фæлгонц.        1. Цитатæ:

        Куыд зын вæййы ныййарæгæй фæхицæн,

        Мæ уадултыл цæйбæрц цæссыг фæуад!

        Æнусты бонмæ дзурдзынæн мæхицæн:

        О ма амæлæд калмæн дæр йæ мад.         

                                Дзасохты Музафер.

        

                               2. Мады тыххæй зарджытæ, æмдзæвгæтæ.

        3. Фыссæджы чингуытæй æркаст.

        4.Стенд, иллюстрацитæ, буклеттæ фыссæг æмæ уацмыстимæ баст æрмæгæй.

        5. Магнитофон.

        6. Хæстон фыстæг.

Урочы пълан.

  1. Фыстæг хæсты быдырæй.
  2. Фыссæджы царды хаббæрттæ æмæ сфæлдыстадон фæндаг.
  3. Музаферы æмдзæвгæ «Бæрæгъуын».
  4. Викторинæ.
  5. Тетралогийы 1-аг чиныг «Уалдзыгон стъалытæ»-йы мидис цыбырæй.
  6. Тетралогийы 2-аг чиныг «Урсдоны былыл Бæрæгъуын»-ы мидис.
  7. Хуырымты Аллæйы æмдзæвгæ «Мады мысгæйæ» æмæ Уалыты Лавренты æмдзæвгæ «Мады зарæг» аив кæсын.
  8. Ахуыргæнæджы ныхас.
  9. Дзыццайы фæлгонц райхалын. Йæ уыдыхъæды сæйраг миниуджытыл æрныхас кæнын:

                    а) куыстарзаг;

                    б) хъæбултыл æнувыддзинад, уыдоныл аудын;

                    в) сыхбæстимæ æнгомæй цæрын;

                    г) лæг æмæ мыггагæй сæрыстыр уæвын;

                    д) бæркадкъух;

                    е) дзыхылхæст, æууæнкджын.

  1. Сыхæсты ахаст Таучелаты бинонтæм.
  2.  Хъазыбеджы æнувыддзинад йæ мадыл.
  3.  Дзыццайы мæлæт.
  4.  Нывтæ æмæ иллюстрацитыл бакуыст.
  5.  Ахуырдзауты хатдзæг.
  6.  Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас.
  7.  Мады зарæгмæ байхъусын.

Фыстаг хæсты быдырæй.

Мæ зынаргъ Нана, мæ цардæмбал Маня, мæ гыццыл худаг чызг Рая, курын хатыр, æгæр æрæгмæ уæм кæй фыстон, уый тыххæй. Фыссын уæм Белорусæй, Бресты гореты госпиталæй. Мæ галиу къах фæцæф. Уæ зæрдæ мæм ма  хсайæд, фæдзæбæх дæн. Тагъд мæ рафысдзысты. Фæлæ мæ зæрдæ сымахмæ æхсайы. Æнæ лæгæй цытæ кæнут? Æртæ лæгæй иу уæ фарсмæ нал ис.

Мæ мады рынчынæй ныууагътон, æмæ мæ уый бынтон мары. Æппæт куыстытæ дæр уæхимæ æрхаудтой.

Маня, æм мад де уадзæг. Ныфсытæ-иу ын æвæр. Æдзух йæ ныхæстæ мæ зæрдыл лæууынц: «Мæ фырт, æгæр фæлмæнзæрдæ дæ. Лæг хъуамæ фидар уа. Ды та æппæтæн дæр тæригъæд кæныс «Зæгъ-ма Нанайæн, ам, зæгъ, дæ фыртмæ куы   рбакæсис». Æппынæдзух уайут мæ цæстытыл. Сымах мын дæттут ног тыхмæ, ног хъарутæ. Ис мын, кæй сæраппонд тох кæнон, уыцы адджын бинонты къорд, райгуырæн уæзæг.

        Ехх ныр мæхи Нанайы конд арахъхъæй иу ныццæв! Абад уæ фарсмæ, уарзон сыхæгтимæ. Дæлдзæх фæуæнт ацы сау халæттæ.

        Цæй хæрзбон уал ут. Адрис уæм нæ фыссын. Хъуамæ нæ Польшæмæ аппарой. Цалынмæ æз здæхон, уæдмæ фидар фæлæуут. Маня, нæ бинонты нымац кæй номæй фæфылдæр? Мæ фынтæм гæсгæ лæппу у. хæрзбон. Уæ хи Гаги.

Цæй ныр та уал байхъусæм, абон нæ ныхасы сæр кæй уацмысы сæйраг æрхайæг уыдзæн, уыцы куырыхон Бæрæгъуынаг фыссаг Дзасохты Музаферы цард æмæ йæ сфæлдыстады хабæрттæм цыбырæй.

(Скъоладзау).

Диссаг уæм ма фæкæсæд, æз мæ ныхас хæстон фыстæгæй кæй райдыдтон, уый. Урок равзарыны фæстæ æппæт дæр уыдзæн æмбæртгонд.

Ныр та уал чысыл викторинæ.

Бирæ уарзы Музафер йæ райгуырæн Бæрæгъуыны. Уыимæ баст сты йæ рагбонты хъыгтæ æмæ цинтæ.

Кæсын æмдзæвгæ «Бæрæгъуын».

  • Цы зæгъы йæ хъæуæй?
  • У дæ кой мæнæн зынаргъ, нæй дæ иунæг фендæн аргъ.
  • Цавæр ном ис ныртæккæ Бæрæгъуынæн?
  • Красноир.
  • Цы амоны дзырд Бæрæгъуын?
  • Рахиз фарс.
  • Бæрæгъуынæн кæд æрцыд комæй ралидзæгæ сты?
  • Уæлладжыры комæй.
  • Дзасохтæ цавæр хæххон хъæуæй ралыгъдысты?
  • Бадыхъæуæй.
  • Цы хонæм тетралоги?
  • Иу сюжет æмæ иу архайджытæ кæм ис, ахæм цыппар хайæ конд уацмыс.
  • Куыд хуыйнынц йæ хæйттæ?
  • «Уалдзыгон стъалытæ», «Урсдоны былыл Бæрæгъуын», «Менджы сой», «Мысыры сыджыт».
  • Цы амоны дзырд Бичет?
  • Ныхас. Хъæуы-иу цыппар фæндаджы астæу зæрæдтæ кæм бадтысты, уыцы бынат.
  • Аджын уидаг та циу?
  • Хуыскъæл – репа.
  • Ранымайын «Урсдоны былыл Бæрæгъуыны» сæйраг архайджыты.

Байма – Бæппу, Дзыллæ – Дзыцца, Хъазыбег – Гæбул, Нана, Бæди, Дунихан æмæ иннæтæ.

  • Цавæр зындгонд адæм ма рацыд Бæрæгъуынæй?
  • Чехойты Сæрæби – фыссæг; Тохты Иван – поэт; Беккуызарты Алик – Уæрæсейы хуыздæр тренертæй иу дзюдойæ: Путин æй йæхæдæг схорзæхджын кодта медолæй; Уырымты Тамерлан – акционерон æхсæнад «Казахцветмет»-ы президент; Реуазты Светланæ – СССРы Цæдисы Сæйраг Советы депутат, Коммунистон партийы 27 съезды делегат (1986 аз); Годжиты Æхсарбег Тæтæрхъаны фырт – дзæуджыхъæуы 46 скъолайы директор; Годжиты Ларисæ Упрысбийы чызг – артист; Годжиты Ритæ Упрысбийы чызг – Дзæуджыхъæуы 3 поликникæйы стоматологон хайады разамонæг (сæргълæууæг).

Ныр та байхъусæм тетралогийы 1-аг чиныг «Уалдзыгон стъалытæ»-йы мидисмæ. (Скъоладзау).

«Уалдзыгон стъалытæ»-йы мидис. (Скъолдзау).

Ам æвдыст цæуы хæсты рæстæг æмæ фæстæ азтæ. Чиныджы ныхас цæуы Хъазыбеджы номæй. Цæуы йыл æртындæс азы. Уый цæстæй аргъгонд цæуы æппæт цаутæн дæр. Хъазыбеджы фыд Байма-Бæппу ацыд хæстмæ. Баззадысты сидзæрæй æртæ сывæллоны сæ мад Дзыццаимæ. Уæззау уаргъ æвæрд æрцыд ацы бинонты уæхсчытыл. Фæлæ зондджын Дзыццайы фæрцы нæ бакуымдтой сæбтын царды зындзинæдтæн. Мад æмбары, æнæ фыдæй лæппуйæн тас кæй у æвзæр фæндагыл слæууынæй.

Дзыцца, карк йæ цъиуты куыд хъахъхъæна, афтæ хъахъхъæны ие   ртæ   рттиваг стъалыйы. Мад бон кусы быдыры, æхсæв та сывæллæтты кой кæны. Хъазыбæг æрæгмæ куы фæцæуы, уæд æй агуры. Тæрсы йын æвзæртимæ баивзæй. Раджы фæцалх лæппу кусыныл. Кусы колхозы хæринаггæнæг Зæлинæимæ. Ласы дон кусджытæн. Базыдта бæхимæ архайын. Ис ын æмбæлттæ. Немыцæй сæ хъæу куы байдзаг, уæд сæ зонгæтæм рæстæгмæ Ставд-Дуртæм алыгъдысты. Фæлæ уым дæр йедзаг уыд немыцæй.

Цалынмæ фæстæмæ здæхтысты, уæдмæ сæ хæдзар пырхгонд æрцыд, сæ муртæ ныххæлæйфаг сты. Къæвда боны-иу сæм мызт, куыд æфпи, афтæ. Адæймагфæрæзджын у. Дзыцца сылгоймаджы куыстытæм куыд арæхст, афтæ арæхстг нæлгоймаджы куыстытæ дæр.

Сæ хæдзары сæрæн хъæз æркарстой æмæ хорз сыхæгты æххуысæй уайтагъд арæвдз. Бæппу дæр хъæубæстимæ цард хæларæй, кадджынæй, æмгарджынæй, къæбæрдæттонæй. Зын сахат-иу алкæй фарсмæ дæр æрбалæууыд. Хæстмæ ацæуыны фæстæ йын йæ цотыл аудыдтой йæ хорз хæлæрттæ, уæлдайдæр Тæтæрхъан. Арæх-иу арæвдыдта хъазыбеджы къаффеттæй. Бæппу хæсты быдырæй фыста, цæмæй йын йæ сывæллæттæм хъус фæдарой. Хæсты размæ тынг хорз цард сæ хъæуккаг Гадаццимæ. Фæлæ йын йæ сывæллæттæн æххуысы сæр куы бахъуыди, уæд йæхи иуварс аласта. Иу лæгъз ныхас никуы фæхъуыстой Баймайы сывæллæттæ Гадаццийæ. Дзыцца зыдта, ацы фæтасæн рæстæг йæ сывæллæттæн фæрæдийынæй тас кæй у. иу хатт Хъазыбег кæйдæр хъазы лæппын сæхимæ куы   рбахаста, уæд ын Дзыцца тынг бауайдзæф кодта æмæ йын æй фæстæмæ ахæссын кодта, кæм æй æрцахста, уырдæм.

Дзыцца разынд дæсны хъомылгæнæг. Йæ кæстæрты хъаргæ уайдзæфæй рæдийын нæ уагъта. Хъазыбегмæ тынг хъардта йæ мады уайдзæф. Дзыцца йæ сывæллæтты хоны уалдзыгон стъалытæ.

Тетралогийы 2-аг чиныг «Урсдоны былыл Бæрæгъуын»-ы мидис.

Ацы чиныджы ныхас цæуы Таучелаты сидзæр бинонтыл. Дзыцца-Дзыллæ – Хъазыбеджы мад, идадзæй баззайгæйæ, сфæлтæрдта зындзинæдтæн.

Бон колхозы кусы, æхсæв та сылгоймаджы митæ кæны: хуыйы, æмпъузы. Æмхуызон арæхы куыд сылгоймаджы, афтæ нæлгоймаджы куыстытæм дæр. Хъæубæсты, сыхæгты фарн бирæ у. Æххуысы сæрæй куы бахъæуы, уæд сæ фарсмæ æрбалæууынц сыхæгтæ Газмæт, Бимболат, стæй мадыфсымæр Алмхситт. Цæры хохы, ис ын бирæ сывæллæттæ, фæлæ нæ рох кæны йæ иуæдз хойы сидзæрты.

Æрцæуы, фены сæ, сæ куыстытæ сын фæрогдæр кæны. Хохæй ма сын сугдæр æрласы. Æвæры сын ныфсытæ. Сæ алыварс ис дурзæрдæ æдæймæгтæ дæр, фæлæ Дзыцца уыдоны хъуыды дæр нæ кæны. Сабыргай хизы царды къæпхæнтыл уæлæмæ, зындзиæндтыл уæлахизгæнгæйæ. Хъазыбегæн дæр ис хорз æмбæлттæ, уæлдайдæр Тæтæрхъан. Хорз æфсымæрау йæ фарсмæ фæлæууы бахъуаджы сахат. Фæлæ æрцыд бæллæх. Быдыры куысты фæцæф Дзыцца æмæ амард. Баззадысты сывæллæттæ бынтон сидзæрæй, фæлæ нæ ныппырх сты. Сыхæгтæ, хионтæ сæм фæкастысты. Хъазыбег ма институтмæ дæр бахаудта.

        Мады фæстæ сæ йæхимæ æрбахъарм кодта Дзыццайы мад Нана. Уый сын каст сæ алы къахдзæфмæ дæр. Земфирæйы уарзондзинад ын йæ мады маст фæсабыр кодта. Диссаг у, æвæдза, уарзондзинады тых!

        Скъоладзау кæсы Хуырымты Аллæйы æмдзæвгæ «Мады мысгæйæ».

Дæ цæстæнгас æз уалдзæгимæ барын,

Хыссæвдылд къухтæ – фæззæджы бæркад…

Ныр дæр дыл маргъ нæ дыргъдоны фæзары,

Æмæ нæ кæрты бахуды нæ цард.

Фæзæгъын уæд: «Дæ къух та мыл æрхастай, -

У ногуард митау рухс æмæ фæлмæн…

Æнæ дæу та зæххæй вæййын хастау,

Ныр дæр дæ рæвдыд хурыскаст мæнæн.

Ныййарæг мад мæ тарф фынты – мæ уазæг…

Дæ фенынмæ, дæ рацыдмæ бæллын.

Дæ буц митæй та базмæлыд нæ уæзæг…

Цæй зын у, цæ æнæ дæу уым цæрын.

Дæ коимæ мæм ферттивы ыстъалы,

Фæлæ дæуыл нæ хæст кæны мæ цæст.

Нæ кæрты дын дæ ног фæдтæ нæ арын…

Куы ма дæ фенин иунæг хатт æрмæст».

Ахуыргæнæг. Ацы тетралогийы бмирæ ахсджиаг фарстатыл ис адзурæн: хъæубæстæ, бинонты фарныл, æмбалдзинадыл, сыхæгтыл, æодзыл, уацмысы æвзаг æмæ æндæртыл.

Абон махæн нæ ныхасы сæр у, фыссæг йæ уацмысы куыд сныв кодта, дунейы мидæг тæккæ зынаргъдæр, æнкъарагдæр, адджындæр, тыхджындæр фæлмæндæр, æввахсдæр адæймаг – мад, ныййарæджы фæлгонц.

Ныййарæг мад – нæ размæйы фæкаст, нæ фæстæмæ фенцойы цæджындз.

Ныййарæг мад – хъæбулты ныфс, сæ даргъ фæндæгты æмбæлццон. Зын сахат фесты арт, джебогъ, уарт. Базыртыгъ цæргæсау йæ царды кæронмæ хъахъæнæны йæ кæстæрты.

Ныййарæг мад, дунейы маст, дунейы хъыгтæ, дунейы цинтæ йæ зæрдæйыл кæмæн цæуынц.

Цы у хур йæ разы? Хур зæххы уæлцъар куы иуырдыгæй бахъарм кæны, куы иннæрдыгæй. Уымæ хъулон миттæ ис. Мад- зæххон хур. Диссаг уымæй у, æмæ йæ хъарм æххæсы Цæгатæй Хуссармæ, Скæсæнæй Ныгуылæнмæ. Уый уарзт, уый зæрдæйы куыст нæ уромынц æрдзы стыр тыхтæ: уадтымыгътæ, зæххæнкъуыстытæ, донивылдтæ, æртсирвæзтытæ. Хуыцау нын цæрынæн цы зæххы къори сфæлдыста, уый алы къуымæй дæр хъуысы ныййрæг мады зæрдæйы куыст. Уый зæрдæйы маст нæ уромынц тъæнджы мæйы хъызтытæ, сусæны мæйы тæвд бонтæ. Уый йæ уарзт таугæ цæуы алы къуымты, алы зæрдæты. Йæхæдæг куы нал вæййы, уæддæр йе   рдзон хъарм, йæ фæлмæн уарзт цæргæйæ баззайы йæ хъæбулты зæрдæты. Уый  та мады номимæ, мады зондамыдтимæ семæ фæхизы царды къæпхæнтыл иуæй иннæмæ.

Мад, ныййарæг мад свæййы нæ цардвæндаг рухсгæнæг стъалы. Уый номимæ баст сты не сгуыхтытæ, уый нæ ракæны зындзинæдтæй. Уымæн æвдисæн нæ адæмы хъæбатырдзинад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Ныййарæг мад, ныййарæг зæххы сæрвæлтау нæ хæстонтæ цыдысты иу сгуыхтæй иннæмæ æмæ æвæрдтой сæ риутæ нæмыгмæ.

Уалыты Лавренты æмдзæвгæ «Мады зарæг» кæсы скъоладзау аив.

Ахуыргæнæг. Уæдæ цы ныффæрæзтой нæ адæм хæсты рæстæг. Иу бон иннæмæй тæссаг – дæр, иу бон иннæмæй диссагдæр 1418 æгъуыссæг боны. Уыдонимæ Таучелаты Байма дæр, йæ сывæллæттæ сидзæрæй кæмæн баззадысты, йæ ус – идæдзæй. Дзыццаты хуыздæртæй иу баззад æртæ æнахъом сабиимæ. Дæлзæхх фæуæд, фыццаг хæст кæй дзыхæй схауд, кæй къухтæй рацыд.

Зын уавæрты бахауд Таучелаты Дзылла – æртæ сидзæры мад, фæлæ уый разынд стыр хъаруйы хицау. Хъæубæсты иннæ сылгоймæгтæй хицæн кодта бирæ хорз миниуджытæй. Зæгъут-ма, цавæртæй?

Скъоладзау. Дзыцца уыд куыстуарзаг адæймаг. Уый хорз æмбæрста, царды бындур куыст кæй у, уый. Уыцы хорз миниуæгыл æй сахуыр кодтой йæ ныййарджытæ. Уыдысты æхсæз сывæллоны. Дзыцца уыд хистæры кæстæр. Хистæр чындзы куы ацыд, уæд цотæй тæккæ стырдæр уæз уый æккойыл æрæнцад. Уый бæрæг у йе   фсымæр Алмахситты ныхæстæй.  

«Уастырджийы стæн, Дзыллæмæ цы ныфс ис, уый мæнмæ ныртæккæ дæр нæй.

Мæнæй æхсæз азы хистæр уыд. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы. Саумæрайсом … Уазал къæрццытæ кæны. Дзыллæ бæх аивтыгъта æмæ æмæ кæрты æнхъæлмæ кæсы. Æз уыцы æвæндонæй сыстадтæн. Мæхи гæды æхсæдтытæ акодтон. Нанв мын зæрдæтæ æвæры «Дыууæйæ уын æнцондæр уыдзæн, кæнод уый йæхæдæг куыд ацæуы». Рухс ма-иу уыд, афтæ-иу фæстæмæ сыздæхтыстæм. Ф. 165.

Ахуыргæнæг. Сылгоймаджы куыстытæм та куыд арæхст?

Ахуырдзау. Сылгоймаджы куыстытæй алцыдæр зыдта. Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæц йæ фырт Хъазыбæг.

«Уæвгæ мыл æлхæнгæ дзаумæттæй та, цы уыд?! Мæ дзабыртæ – кæйдæр батикæйы хъустыл уæфстæ хуыдæй, мæ худ, мæ къандзол, мæ хæдон, мæ цъындатæ – иууылдæр Дзыццайы хуыд æмæ конд». Сылгоймаджы куыстытæй алцы дæр кæны, фæлæ нæлгоймаджы куыстытæ дæр æнæмæнг йæхимæ хауынц. Фынæйæ дæр йæ къухтæ куы рувгæ кæнынц, кæнæ дзабыртæ хуыйынц. Æмæ фынæй та кæд фæкæны? Бонæй колхозы куыстыты ис, æхсæвы та хæдзары куыстытæ кæны. Фыны дæр-иу цыдæртæ архайдта. Куы-иу къæпийыл хæцыд, куы фæрæтыл, куы арынгхафеныл. Йæ куыствæлад къухты æнгулдзты фæтасæнтæ – скъуыдтæ, уæлкъухтæ – цъæррæмыхстытæ, ныхтæ-цæфтæ.

2-аг ахуырдзау. Дзыццайæн йæ къухты судзинæй фæрæт фылдæр вæййы.

Ахуыргæнæг. Зонут, мæ хуртæ, хъæбул мады зæрдæйы уидаг у. Ахъуыды-ма кæнут, сылгоймаæгæн æнцон кæд уыдысты лæджы куыстытæ кæнын. Фæлæ Дзыцца, куыд мад, афтæ цух ницæмæй уагъта йæ кæстæрты. Йæ бон куыд уыд, афтæ сын амæлттæ кодта. Уæдæ куд тынг тарст Дзыцца йæ хъæбултæн.

Скъоладзау.

Бæрæгъуыны цæрджытæй бирæтæ, немыцæй тæрсгæйæ, лыгъдысты Ставд-Дуртæм. Дзыцца дæр иу дзæкъул айдзаг кодта дзаумæттæй, йæ сывæллоны фелвæста йæ хъæбысы æмæ иннæтимæ араст Ставд-Дуртæм. Фæндагыл сæ æрбаййæфта иу немыцаг. Тынг фæтарстысты сылгоймæгтæ. Сывæллон йæ къухты йæ кæуынæй нал æнцад. Немыцаг цыд семæ. Амыдта голлагмæ. Дзыцца йæм, йæ сывæллонæн тæрсгæйæ йæ голлаг авæрдта уайтагъд, кæд нæ ныууадзид, зæгъгæ. Немыцаг цыдæртæ дзырдта, фæлæ йын ничи ницы æмбæрста. Стæй та бацамыдта сывæллонм. Дзыллæ фæтарст æмæ сдзырдта: «Æнхъæлдæн, æмæ мæ бон бакалд. Мæ хъæбулы мын бахъахъхъæнут!» Немыцаг къам систа æмæ йæ æвдисы. Бæрæг уыд, къамы йæ бинонтæ кæй сты. Уыдысты цыппарæй. Йæ лæппу уыд йæхи хуызæн. Лидзæг адæмæн сæ тарст фæсабырдæр. Æвæццæгæн, йæ бинонты æрымысыд. Немыцаг Бæдийы йæ хъæбысмæ систа æмæ йæмæ хъазы. Стæй йæ систа бæхмæ. Фæцыдысты сахаты æрдæгæй фылдæр. Терчы бынмæ семæ фæцыд, стæй фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта. Æвæццæгæн, тарсти, сæхионтæй йæ исчи куы фена, уымæй.

Немыцаг Дзыццамæ æрлæвæрдта бæдийы, стæй та голлаг æмæ фæтары.

«Сырдты æхсæн дæр разыны зæдтæ», - загъта Дзахирæт.

Ахуыргæнæг. Дзыццайæн æппæтæй зынвргъдæр йæ хъæбултæ уыдысты. Барста сæ уæларвон стъалытимæ.

Скъоладзау. Иу рæстæджы Хъазыбег фæрсы Дзыццайы:

  • Дзыцца, цыма уалдзæг стъалытæ фылдæр вæййынц, афтæ дæм нæ кæсы?
  • Мæнæн уæлдай нæу. Уалдзæг дæр æмæ мæм сæрд дæр æртæ стъалыйы йедтæмæ нæ фæкæсы.
  • Æмæ ныртæккæ нæ зынынц?
  • Зынынц, Дзыццайы хур, зынынц.
  • Мæнæ дзы иу мæ фарсмæ бады.
  • Æцæгæй зæгъыс?
  • Æз дæр дын æцæгæй зæгъын.
  • Уæдæ иннæ дыууæ та?
  • Фынтæ уынынц нæ хъæдын сынтæгыл.

Ахуыргæнæг. Хæсты фæстæ мæ кæрдзын кæмæ уыд? Искуы иутæм. Дзыццатæ уыдонæй нæ уыдысты. Нæ сæм уыд иу гага дæр хор. Куыд ирвæзын кодта Дзыцца йæ цоты?

Скъоладзау. Уый Бесланы базарæй сойæйы змих æрхаста æмæ йæ сывæллæттæн уымæй фыхта гыццыл гуылгæндтæ.

Дунетхан æй хæргæ дæр нæ кодта, сусæгæй-иу æй куыдзæн радта. Уый æххормагæй рынчындонæ бахауд. Бæрæгъъуынаг Хъаллæйы мад уыд Таучелаты хæрæфырт. Дзыцца æрыхъуыста, уыдонæн, дам, Къорайæ Хъаллæйы æфсымæр дыууæ путы фуллаг ссад æрласта. Дзыцца йæм сныццыд, æмæ йын уый раздарæны дзаг радта ссад. Уыймæй йын уæлибæх скодта æмæ йын æй æхсыримæ ахаста. Фенцондæр Дунетханæн.

Ахуыргæнæг. Куыд хъомылгæнæг, афтæ цы зæгъдзыстут Дзыццайæ?

Скъоладзау. Дзыцца уыд хорз хъомылгæнæг.

Уый хъаргæ уайдзæфæй йæ сывæллæтты рæдийын нæ уагъта. Иу хатт Хъазыбег йе   мбæлттимæ уыд найынмæ. Уым æрцахстой кæйдæр хъазы лæппынтæ. Хъазыбег дæр дзы иу æрбахаста хæдзармæ. Дзыцца йæ куы ауыдта, уæд ын афтæ: «Ныр дæм Бæппу афтæмæй куы   рбакæсид. Хæсты быдырæй æппæты фыццаг йæ писмоты кæй кой фæкæны, уыцы лæппу йын давынхъом фæци.

Абон уал хъазы лæппын, райсом-гогыз, иннæбон галтæ æмæ фыстæм бавналдзынæ. Абонæй фæстæмæ ма искуы истæмæ куы бавналай, уæд мын над нал ис, зæгъгæ, нымай». Хъазыбег ма йæхи рæстытæ кодта. Ахаста хъазы лæппыны, æмæ йæ кæм æрцахста, уыи ауагъта.

Ахуыргæнæг. Куыд æхсызгон вæййы ныййарæгæн, йæ уарзон хъæбултæ ахуыры фæндагыл куы слæууынц æмæ царды хорзырдыгæй сæхи куы равдисынц, уæй.

Скъоладзау. Хъазыбег йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæныны тыххæй Джермецыччы скъоламæ куы цыд, уæд Дзыццайы цинæн кæрон нал уыд. Фæдзæхста йæ Ирыстоны тæккæ кадджындæр дзуар – Уастырджийыл. «Лæгты дзуар дæ фæндараст фæкæнæд! Йæ фæдзæхст, йе уазæг у!»

2-аг скъоладзау. Дзыцца Гæбулы уацхъуыды рацыды кой куы фехъуыста, сæ хъæуы хицауады бинонтæ колхозы кæй нæ кусынц, уый тыххæй, уæд ын афтæ: «Гæбул, цытæ ныффыстай газеты? Цæмæн адæмы дæхиуыл арауыс?»

Гæбулæн йæ бон нæ уыд йæ мады ныхмæ сдзурын, æмæ загъта, раст мын зæгъы, зæгъгæ. Фæлæ бамбæрста, Дзыццайæн йæ зæрдæйы арф къуымы хуымæтæджы цæстæй зын раиртасæн чи у, ахæм ран æмбæхстæй кæй тæлфыд йæ хъæбулæй сæрыстыр уæвыны рухс.

Ахуыргæнæг. Цы ма зæгъдзыстут ноджы Дзыццайы тыххæй.

Скъоладзау. Дзыцца хъахъхъæдта йæ сидзæрты нæфæтчиæгтæй дæр. Гадзаццийы мад Хадзыгуассæ Хъазыбеджы куы фелгъыста, сæ фæткъуытæй сын кæй рæтыдта, уый тыххæй, уæд Дзыцца бынг смæсты æмæ загъта: «Æлгъыст – æлгъитæджы, фарн - хъусæджы».

Фæдзæхста сæ:

  1. Тетрæдтæй арт кæнын нæ фæтчы.
  2. Худ хуыссæныл æвæрæн нæй, рисдзæн сæр. Хуыссæныл марды дзаумæттæ февæрынц.
  3. Кæрдзын куы басудза, уæд æй ахсæр æмæ æхца ссарай.
  4. Изæрыгон сындз ма ис къухæй, дæлæмæ быры.
  5. Æхсæвыгон кæсæнмæ кæсын, аджы цыргъаг тъыссын, хæдзары æхситт кæнын не   мбæлы – бæркад, дам, алидзæн.
  6. Дзулы хом зæнджы магъз у.

Скъоладзау. Дзыццамæ хистæртæн кад кæнын бæрзонд æвæрд уыд. Уый домдта йæ хъæбултæй дæр. Зонæм, сылгоймаг цы мыггагмæ æрцæуы, уыцы мыггаджы хистæрæн хъуамæ мæрдтæм дæр кад кæна, ома, сæ кой исчи йæ разы куы, уæд хъуамæ сыста. Байхъусæм-ма уый тыххæй. Дзыцца Дунетханæн цы уайдзæф бакодта уымæ.

Чысыл равдыст.

Дзыцца хуыд фæци дзабыры уафс æмæ дзуры Гæбулмæ:

- Гæбул, кæм дæ, акæн-ма дæ дзабыртæ фенон сæ.

Гæбул æрбатахт æмæ йæ мады æрбахъæбыс кодта. Акодта дзабыртæ æмæ сдзырдта:

  • Дзыцца, мæ тæккæ аакаг сты.
  • Ауай дæ ног дзабырты æмæ фæдзур дæ хотæм. Худгæ фæзынд Дунетхан.
  • Цы та уыди? Иу йæ хиуыл фæхуды.
  • Мæхиуыл нæ худын.
  • Радзур ма цы   рцыди, уый.
  • Агуыбе та Хадзыгуассæмæ цæуылдæр смæсты æмæ…
  • Æмæ цы?
  • Æмæ йæ цуры мыггаджы лæгты кой райдыдта.
  • Куыддæр ма уыдонмæ бацæуауат, афтæ цы æнхъæл стут!

Дунетхан йæ худын нæ уромы

  • Дзыцца, хъус-ма, хъус.
  • Хъусын дæм.
  • Хадзыгуассæ йæхи фæлладæ         бандоныл æруагъта. Бафæллад сæ бабызтæ ратæр-батæрæй. Йæ фарсмæ йæ фырты фырт Агубе æрбадт æмæйын афтæ:
  • Бабайы фыд хъамболат хуыид?
  • О, рухсаг уæд уый дæр.
  • Хъамболатæн, дам, йæ хистæр æфсымæр Лæджи арс æрцахста?
  • О, рухсаг уæд.
  • Æви уый йæ кæстæр æфсымæр Хъасай уыди?
  • О, рухсаг уæд.
  • Чи уыди, Дæджи æви Хъасай?

Афтæ цалдæр хатты сыстын кодта Агуыбе Хадзыгуассæйы, цæуылдæр æм кæй смæсты, уый тыххæй. Мæ худын нал баурæдтон æмæ ратахтæн нæхимæ. Дзыцца йæм тызмæгæй бакаст æмæ сдзырдта:

- Уæ дыууæйæн дæр худинаг нæу. Агуыбе хистæрæй хынджылææгаг сарæзта, ды та йыл худæгæй мæлыс.

Уый йын хъуамæ æгъдау дæттид, хъазгæ нæ, фæлæ. Ахæм хъуыддæгтыл кæуын хъæуы худын бæсты.

  • Дзыцца, бахъардта мæм дæ уайдзæф. Бахатыр мын кæн, афтæ никуыуал бакæндзынæн. Барыс мын мæ рæдыд?
  • Барын дын æй, мæ карк, кæд æй бамбæрстай, уæд.

Ахуыргæнæг. Цы фæдзæхсита Дзыцца йæ мæлæты размæ?

Скъоладзау. Дзыцца йæ уды катæйтты уыд, афтæмæй дæр ма Хъазыбегæн ныфсытæ сæвæрдта. Йæ сæр ын йæ къухæй æрсæрфта æмæ йæм сдзырдта: «Гæбул, ницы мын уыдзæн, ма тæрс».

Йæ удисгæйæ дæр ма йæ сывæллæтты кой кодта æмæ фæдзæхста сыхæгты, цæмæй йын йæ мæлæт æхсæвы ма схъæр кæной. Йæ зæрдæ, дам, исты кæндзæн.

Ахуыргæнæг. Уæдæ сыхбæстæ, хъæубæстæ мыггагимæ дæр æвзар нæ цард.

Скъоладзау. Раст у уый. Дзыццайы хуызæн хæларæй ничи цард сыхбæстимæ. Исты-иу сæм куы фæзынд хæринагæй, уæд æй æнæ уарзон адæм никуы бахордта. Иухатт Хъазыбег æмæ йе   мбæлттæ æрцахстой кæсæгтæ. Уый Дзыццамæ цингæнгæ йæ хай æрбахаста. Куы сæ сфыхтой, уæд дзы фыццаг сæ сыхаг Хадизæты лæг Бимболатæн арвыста. Йæхи хай дæр уыдонæн радта. Гуыбынтæ, дам, æфсымæртæ сты, зæгъгæ.

Ахуыргæнæг. Цымæ куыд аргъ кодта Дзыцца йæ лæг æмæ йæ лæджы мыггагæн та?

Скъоладзау. Æнувыд уыдысты кæрæдзийыл Байма-Бæппу æмæ Дзыллæ-Дзыцца. Байма нымад лæг уыд. Бæрæгъуыны фыццагдæр агуыри дурæй хæдзар чи сарæзта, уыдонæй иу уыд Байма.

Хæларæй цард хæсты размæ сæ хъæуккаг Гадацциимæ. Арæх-иу цæл кодтой иумæ. Æхсæвы-иуæнафонтæм дæр бадтысты. Æгъдаумæ гæсгæ-иу æфсин, цалынмæ йæ лæг æрбацыдаид, уæдмæ æнхъæлмæ каст. Иу хатт схæснаг кодтой, кæддæра йæ ус æнафоны кæмæ æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ. Гадацци фембылд.

Скъоладзау. Байма дæр рæдау æмæ зæрдæхæлар адæймаг уыд. Худ дæттын искæмæн нæ фæтчы, фæлæ йæ уый балæвар кодта йæ хъæуппæгтæй иуæн. Дзыцца сæрыстырæй дзырдта: «Нæ мыгаг дæр нæхиуыл». (Таучел-рæдау). Уый тынг буц уыд йæ лæджы мыггагæй.

Ахуыргæнæг. Дзыццайы къух Хъазыбег бæркадджын хоны.

Скъоладзау. Дзыцца Джеуæргуыбамæ дынджыр тъæпæнджы бæгæны сфыхта æмæ ййын фæуæн нал уыд. Хъазыбег зæгъы: «Дзыццайы къух бæркадджын у, «нал и» зæгъынæй йæм зындæр ницы кæсы». Нæ нæ уадзы афтæ дзурын, уый бæсты, дам, «дзаг у» дзурут. Йæ конд бæгæны йын æхсызгонæй фæнызтой Хъазыбеджы æмбæлттæ. Сæхи дзыхæй дæр ма-иу дзы ракуырдтой.

Ахуыргæнæг. Дзыхылхæст, æууæнкджын адæймаг кадджын у адæмы цæсты. Дзыццайы тыххæй та цы зæгъдзыстут?

Скъоладзау. Дзыцца дзыхылхæст адæймаг уыд. Сыхæгтæ-иу сæ сусæгдзинæдтæ æрмæст уымæн дзырдтой.

Хъызмыдæ диссагау дзуры Дзыццайæн йæ чындз Айсадуйы тыххæй. (Чиныгæй)

«Нæ сарамæ мыстытæм рауадтæн. Чындзы сусæгттæн къодахы цур цыдæртæ архайгæ баййæфтон. Хæстæгдæр æм бацыдтæн, æмæ фæлтау мæ цæстытæ куы рахаудтаиккой, мæ бæрзæй дыууæ куы фæуыдаид æмæ уыцы æбуалгъ ми куы нæ федтаин. Йæ иу къахæй дын каркæн йæ базыртыл æрлæууыд, иннæмæй – йæ къæхтыл.

Фæрæт бæрзонд фæхаста æмæ йын йæ сæр ахауын ласта. Уырдыгæй лидзæг фæдæн. Цалдæр боны ме   муд нал æрцыдтæн».

Ахæм хабар никуы ма фехъуыстон. Сылгоймаг кусартгæнджыты раз лæугæ дæр нæ фæкæны. Уый та карк æргæвды! – сдзырдта Дзыцца.

«Хуыцау, табу дæхицæн фæуæд, - йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта Хъызмыдæ.

Иры дзыхъхъы цы хабæртæ нæма æрцыд, уыдон мæ хæдзары цæуынц, æмæ сын се   буæлгъ митæ ныббар. Æлгъыст адæмыл сыкъатæ никæмæ æрхауид.

Фæдзæхста йæ, цæмæй йæ зæххы гуыбынмæ дæр ма ныуулæфа, кæд Дзыццайæн уымæй тас нæ уыд, уæддæр.

Ахуыргæнæг. Цы ма бафтаудзыстут ацы фарстмæ?

Скъоладзау. Гæзмæт уыд колхозы фыййау, Замирæт та – кæрдзынгæнæг.

Дзыццайæ раздæр ничи базыдта уыдоны уарзондзинад, фæлæ йæ никæмæн схъæр кодта. Уый бамбæрста, дыууæ дæр кæрæдзийы аккаг кæй сты, уый, æмæ бацархайдта сæ баиуыл. Кæрдзынгæнæг дæр ма уыд сæ чындзæхсæвы.

Ахуыргæнæг. Цымæ куыд аргъ кодтой Дзыццайæн та йæ цот?

Скъоладзау. Дзыцца адджинæгтæй халвайæ фылдæр ницы уарзта. Бæппу-иу ын арæх æлхæдта. Æнæхъæн асыччы дзæгтæ, дам-иу схаста дуканийæ. Абон хъуамæ æз дæр Дзыццайæн йæ кæддæры амондджын бонтæй иу йæ зæрдыл æрлæууын кæнон». Æнæхъæн килойы æрдæг ын гæххæты Тотырбег батыхта, æмæ йæ Хъæзыбен йæ мадмæ цингæнгæ ахаста.

2-аг скъоладзау. Хъазыбегæн йæ хорз куысты тыххæй хæдойнаг куы балæвар кодтой, уæд æй цингæнгæ йæ мадмæ бахаста, цæмæй дзы уый йæхицæн кофтæ бахуыйа.

Фæлæ йын æй уый нæ райста. Æмæ уæд йæхицæн бахуыйын кодта. Йæ дыстæ фæдаргъ сты, фæлæ сæ Дзыцца йæ арæхстджын къухтæй фæцыбыр кодта.

3-аг скъоладзау. Хъазыбегмæ тынг хъардта йæ мады уайдзæф. Никуы йæ батыхсын кодтой, никуы дзы бацагуырдтой, сæ зæрдæ цы зæгъы, ахæм хæринаг дæр.

Тынг хорз æмбæрстой сæ царды уавæртæ.

Æнæ Дзыццайæ мæ иунæг бон дæр цард нæ хъæуы. Уæд ахуыр кæнын дæр мæ бон не суаид. Изæрæй ма-иу «фондз райстон», зæгъгæ, кæй размæ тæхин. Хъуамæ дæр нал ацæуин Ныййарæджы фæстæ ма мæ фæллой кæй цæсты сахадид?

Фæцудын мæ нæ уадзы, æппæтæй растдæр зонд нын уый бацамонг.

Цы фæнды рæстæг дæр Дзыцца нæ фарсмæ вæййы. Куы нæ йæм байхъусæм, уæд мæхæдæг фæсмонгонд фæвæййын. Дзыццайы та масты баппарын.

                                        Чиныг «Уалдзыгон стъалытæ»-йæ.

Дзыцца быдыры куысты  куы фæцæф, уæд ма кæм уыд кæрон Хъазыбеджы зæрдæйы мастæн.

(Чиныгæй)

дзыццайы чи фервезын кæна, уымæн мæ бонтæ иууылдæр ратдзынæн. Нæ дыууæ хъугæй нæм стырдæр хæзна нæй, æмæ йын уыдон сæ кæртмæ баскъæрдзынæн. Кæд хъуццытæ не сфаг уой, уæд ма сæм уæлæфтуан нæ сæгъ æмæ дыууæ фысы дæр бафтаудзынæн. Стæй ма нæм цы ис, уый. Хуыйæн машинæ. Хадзымуссæтæ нын йæ сæр нал радтой, фæлæ хуыйынмæ бæззы.

Æллæх, Дзыцца нын дзæбæхæй баззайæд, æндæр нæ ницыуал хъæуы. Æнæ хæдзарæй дæр фæцæрдзыстæм, æнæ Дзыццайæ – нæ.

Дзыцца мæнæн у мæ хур дæр, мæ дон дæр, мæ уæлдæф дæр. Æнæ Дзыцца цæстæй нал уыдзынæн, хъусæй нал хъусдзынæн. Æнæ Дзыцца зæхх мæ бынæй алидзæн, хур баталынг уыдзæн. Дзыцца куынæуал уа, уæд æз дæр нал дæн. Æз Дзыццайы æдн, æмæ сын æнæ Дзыцца цæрæн нæй.

Скъоладзау. Æгъатыр разынд хъысмæт. Нал фервæзт Дзыцца. Сыхæгтæ сæххæст кодтой Дзыццайы фæдзæхст. Цалынмæ æрбабон, уæдмæ кæрты æнхъæлмæ кастысты. Æмуд цы сыхæгтимæ цард, уыдон ын æхсæвы йæ арахъхъаг рауагътой. Чызджыты сæ сыхаг Хæдизæт акодта. Газмæт та сын сæ хъом хъомгæсыл сæмбæлын кодта.

Скъоладзау. Тынг агайынц адæймаджы зæрдæ хъазыбеджы ныхæстæ. Хъæуы сæ бакæсын.

Дзыцца нал ис, амард. Фæлæ мæ зæрдæйы цы Дзыцца ис, уый амарын никуы никæй бон бауыдзæн, уымæн æмæ уый мæхи Дзыцца у, æппæты фылдæр кæй уарзын, æппæты фылдæр мæ чи уарзы, цæрæнбонты мæ йæ комулæфтæй чи хъарм кæны, йæ фæстаг къæбæр дæр мæ комы чи тъысы, мæ цæрайæ чи цæры, уыцы Дзыцца амарыны тыххæй мæн дæр амарын хъæуы.

Æз нырма æгас дæн, уæдæ мæхи Дзыцца дæр æгас у, æгас у мæ зæрдæйы, мæ зонды, мæ хъуыдыты, мæ бæллицты.

Цалынмæ мæ зæрдæ мæ риу тæлфа, уæдмæ Дзыццайæн мæлынæй тас нæу, уымæн æмæ æгас зæрдæйы мæрдтæн бынат нæй.

Бавæрдтой Дзыццайы. Дыккаг бон ма хæстджытæй чи баззад, уыдонмæ Дзыццайы æфсымæр Алмахситт тæрхоны бацыд. Сæ ныхасы уыдысты уæлих-уæлкъæй чи аззад, уыцы æртæ сидзæры. Цы уыдзысты? Куыд уыдзысты? Куыд цæрдзысты дарддæр?

Чи сæм зилдæн? Хæринаг сын чи кæндзæн? Дыууадæсаздзыд Бæди æви æртындæсаздзыд Дунетхан? Уæд се скъола та? Фосмæ чи кæсдзæн? Цæхæрадоны чи кусдзæн?

Бирæ фæрстытæн раттын хъуыд дзуапп хæстæджыты. Дзыцца та сын иунæгæй дзуапп лæвæрдта. Семæ сын ныууагътой Нанайы – Дзыццайы мады. Æрмæстдæр Нанайы бон уыд сывæллæтты æрбахъарм кæнын, раст фæндагыл саразын, ныфс сын раттын.

Нæ цæст ма ахæссæм урочы æрмæгыл. Цы бынæттæ нын æвдисынц иллюстрацитæ, хуызистытæ, хиконд нывтæ.

  • Уæдæ уæм цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта Дзыццайы фæлгонц?

Скъоладзау. Мæнмæ гæсгæ, не хсæн иу дæр ахæм нæ разындзæн, æмæ Дзыццайы фæлгонц, Дзыццайы ном чи нæ бахъуыды кæндзæн. Бузныг Музаферæн!

Ахуыргæнæг. Фæдзурынц, æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц. Цы диссаджы рæсугъд æмæ амондджын фидæн æнхъæлмæ каст ацы æногм, хæлар æмæ хъарм бинонтæм. Хæсты азар бæсыгъта нæ тетралогийы автор Дзысохты Музаферы бинонты дæр. Нал сыздæхст уымæн дæр йæ фыд хæсты быдырæй, колхозы куысты фæцæф æмæ амард йæ мад.

Бирæ иудзинæдтæ ис Музафер æмæ Хъазыбеджы цардвæндаджы. Æввæццæн ахæм зæрдиаг фыст дæр уымæн у.

Æмæ цас уыдысты, уыцы фыдбоны хæсты азарæй æнæнхъæлæджы кæй амондджын цард фехæлд, ахæмтæ:

Нæй сын нымæц дæр.

Нал сыздæхт мæ фыд дæр хæсты быдырæй йæ дыууæ æфсымæримæ.

Мæ фыд баззад Польшæйы зæххыл. Йæ ном Алыксандр – Гаги.

Афтæ мæм фæкаст, цыма Дзыцца йæ уæззау тухитйæ, йæ фыдæбæттæй, йæ сывæллæттыл аудындзинадæй мæ мады хуызы бацыд.

Цы фæстæг уын бакастæн, уый уыд мæ фыды фæстаг фыстæг Бресты горæтæй Дæлдзæх фæуæд, фыццаг хатт лæгмарынмæ хæцæнгарз чи райста, хæст амонды сæр чи хоны, уыцы дурзæрдæ адæм!

Мады зарæг магнитофоны касетæйыл фыстæй. Нысæнттæ нывæрын, урочы чи куыд бакуыста, уымæ гæсгæ.

Бузныг уе   ппæтæн дæр.

Хæдзармæ куыст. Сочинени ныффыссын ахæм темæйыл: «Мады ныхас амонды сæр чи хоны – хæссы йæ зæрды æппæт дунемæ уарзт».

 

10 кълас. Литературæ.

Урочы темæ:        Барахъты Гинойы радзырд «Цæр!»

Урочы нысан:        1. Байхъусын Гинойы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй скъоладзауты рефераттæм.

        2. Равзарын новеллæ «Цæр!» æмæ раиртасын йæ фольклорон бындур, йæ сæйраг идейæ – зын уавæрты дæр адæм сты æхсыст, цардхъом, сæ зонд – рухс, сæ зæрдæрæдау, сæ тых-дидар.

        3. Ахуыр кæнын скъоладзауты нозтæй хи хизын, куы смæсты уæй, уæд дæ рахиз къухæй галиуыл ныххæцын. Рæдыд куы   руадзай, уæд цæф цæфæй ничи фиды, фæлæ фидыдæй.

Урочы фæлгонц:        1. Фыссæджы къам, альбом.

        2. Цитатæтæй иу.

        3. Æмбисæндтæ.

        4. Таурæгъ «Гуццаты Найфат».

Цитатæтæ:        Ныббар! Дæ масты фæдыл ма цу…

        1. Дзæгъæлы макуы слас дæ кард.

        «Лæгдзинад мастисын у», - ма дзур .

        Зон: фидыд – фарны стыр хæзнадон,

        У маст та судзгæ рын, фыдæх…

                                        Хæмыцаты Албег.

        2. Гино фольклоры норст цæхарæй иста зынджытæ æмæ сæ æндзæрста ног æртытæ.

Пълан.

1. Гинойы цард сфæлдыстады хабæрттæ (рефераттæ).

2. Новеллæ «Цæр!»-ы мидисыл бакуыст.

3. Раиртасын новеллæйы сæйраг идейæ.

4. Нæ цæстæнгас нозт æмæ тугисыны хабæрттæм.

5. Абон уыцы фарстаты актуалондзинад.

Дзырдуат.

Изгарддзинад – æнæуынондзинад.

Тбау – Хъæрмыдонырдыгæй хохы ном, Дæргъæвсгомы.

Æвгъил – лæдзæг, хъил, дзуары кусæрты царм-иу кæуыл ауыгътой сыгъдæгдæрæн, уый.

Мæскъ – лæнкау.

Фидауцы тыххæй.

Байхъусын рефераттæм.

1. Гинойы царды хабæрттæ, йæ царды трагикон кæрон.

2. Йе сфæлдыстады сæйраг миниуджытæ.

Уацмыс «Цæр!» æвзарын.

1. – Кæм цæуы архайд?

- Дæргъæвсгомы.

2. – Цавæр зындгонд бынæттæ ис ацы комы?

- Дзæппæзтæ, улæфæн бынат «Хъæрмæдон», Уациллайы кувæндон, стæй бирæ æндæр улæфæн бынæттæ.

3. – Уацилла ирон мифологимæ гæсгæ цавæр бæрæгбон у?

  • Хор, фосы.

4. Куыд равзæрд ацы бæрæбон?

Таурæгъ «Гуццаты Найфат».

Иу заманы ардæм кæсæг æрцыдысты æмæ Гуццатæй иу лæппуый хъалон ахастой æмæ йæ Кæсæджы зæххыты фыййау скодтой. Гыццыл лæппу куыдта уыцы ран. Гъемæ йæм, зæгъы, уæд цæргæс æртахти æмæ йæ дзырдта лæджы дзыхæй:

  • Цæуыл кæуыс?
  • Мæ уæрыччытæй иу фесæфт æмæ ууыл кæуын.
  • Уæхимæ цæуын дæ нæ фæнды?
  • Æмæ уæд мæ уæрыччытæ та цы фæуыдзысты?
  • Дæ уæрыччытæн хицау уыдзæн, фæлæ ды ме   ккой сбад, æмæ дæ æз уæхи бæстæм ахæссон.      

Цæргæс лæппуйы йе   ккой скодта æмæ йæ уæлæ Гуццаты Къæдзæхыл æрæвæрдта.

Æмæ йæ уæд бафарста: «Ныр уæ хъæу кæм ис, уый нæ зоныс?»

«Уæлæ ахæм хъæдрæбын цардыстæм. Стæй уым цы мæсыг зыны, мах дæр ахæм мæсыджы раз цардыстæм».

Стæй йын уæд фыс радта цæргæс лæппуйæн æмæ йын загъта: «Уæдæ уæлæ уый уæ хъæу у, æмæ уырдæм цу. Ацы фысæн цы уæрыкк райгуыра, уымæй та мын алы аз дæр ацы афон ардæм куывды куыд цæуай, афтæ. Ууыл цæуы цыппарфондзыссæдз азæй фылдæр». Уæдæй нырмæ йын Гуццатæ кувынц, æмæ уыцы кувæндон хонынц Гуццаты Найфат. Уациллайы рæстæджы йын фæкувынц. Уый вæййы июлы мæйы райдайæны фыццаг къуырисæры.

        Æркæсæм иа, куыд бабаста, йæ новеллæйы Гино таурæгъимæ

- Уæдæ уыцы кувæндон кæй ном хаста?

- Гуццаты Найфаты.

- Ныр найфат цы амоны?

- Кувæн бынат.

- Иннæ дзуæртимæ абаргæйæ ацы бæрæгбон куыд фæбæрæг кæнынц?

Цы иу куырдтой Уациллайæ?

- Хор, хос, цард, амонд, бæркадæн цы хуыздæр уыдзæн, ахæм аз нын ратт, ахæм аз нын æй фæкæн.

- Цæмæн сæ хъуыд Уациламæ кувыны сæр?

- Хæххон царды уавæртæ уыдысты уæззау æмæ карз. Уыдон бырстой адæмы ныфс, адæмы цонджы хъару æмæ сæ зонды хъару, æмæ сæ зонды æхсар. (Чиныгæй)

Адæймаг хæххон уавæрты уыд иудадзы тæсаг уаврты, тарст æрдзы тыхтæй. Уый тыххæй табу кодта, куывта Хуыцау æмæ йæ зæдтæм.

- Цавæр хорз нысаниуæг уыд бæрæгбонтæн, кувдтæн?

- Цæххз, кæрдзын лæвæрдтой кæрæдзийæн. Уымæ гæсгæ зæрдæйæ кæрæзимæ кодтой æввахсдæр.

- Фæлæ ирон куывды кæддæриддæр вæййы нозт. Нозт та æркны фыдбылыз, трагикон фæстиуджытæм бирæ хатт.

- Цавæр трагикон цау ис ацы новеллæйы сюжеты-цауты равæрды?

- Уациллайы стыр бон фæбыцау сты Пхæлæгаты Къомбох æмæ Уæлладжырон куывддон Тæхонты Мысырби.

- Куыд уæм кæсы, новæллæйы ацы трагикон хабар сæйрагдæр у?

- Нæу. Уый у æрмæст архайды цырв.

- Мысырби кæд фæмард, уæддæр ын, æвæццæгæн, йæ туг чи райста, ахæмтæ ис?

- Баззад ын æфсымæртæ: сæ иу – Мулдан, кæцы бæззыд туг исынæн.

- Туг – иу чи иста?

- Æфсысмæр, фыд, фырт, мыггаг.

- Къомбохы йæ рæдыд цæмæ æркодта?

- Тбауп хохы фахсыл самадта йæхицæн мæсыг æмæ бадти уым адæмæй хицæнæй. Йæ хъарутæ, кусæн уæнгтæ баст æрцыдысты. Æнхъæлмæ каст мæлæтмæ. (Чиныгæй)

- Æрдз архайд. Йæ бастдзинад цаутитæ.

- Дымгæ-иу баниудта хъизæмаргæнджы ниуд. Къомбох-иу дзырдта, уый мæныл кæуы, зæгъгæ, мæныл,  мæ хъарутыл, æнæхайырæй чи фæсæфти, стæй мæн хуызæттыл. (Чиныгæй)

- Тугисæг Мулданы тыххæй та фыссæг цы зæгъы? (Чиныгæй)

- Мулданы къухы Къомбох куы нæ æфтыд, уæд цавæр фæид æрымысыд? Куыд æй   расайдта Мæсыгæй?

- Къомбохы дзуапп.

- Цæмæн æрфæлмæн Мулдан ?

- Къомбох бæллыд фидауынмæ, уымæн та хъуыд куырыхон зонд.

(Кæсæм чиныгæй Къомбохы ныхас).

- Цавæр уынаффæмæ æрцыд Мулдан?

- Йæ туджджынæн радта æуунк, кæрæдзийæ загътой æфсымæртæ.

- Куыд ын загъта Мулдан?

- Цæр, мæ хур, цæр! Æз федтон дæ зындзинад æмæ дын дæттын ме   ууæнк. Цæр! У мын æфсымæр!

- Фидыды фæстæ куыд цардысты?

- Кæрæдзийæн кодтой уæздандзинады хæйттæ.

- Мæсыджы тыххæй цы зæгъдзыстут?

- Къомбохы мæсыг æвдисæн у уыцы дыууæ лæджы сæ фæстагæттæн цы фидауц ныууагътой, уымæн.

- Уæдæ цæй мидæг ис «Цæр!»-ы мидис?

- Зын уавæрты дæр адæм сты æхсыст æмæ цардхъом, сæ зонд-рухс, сæ зæрдæрæдау, сæ тых-фидар.

Ома, мастисыны монцæй бæрзонддæр разынд ныббарыны æнкъарæн.

Цавæр æмбисæндтæ зæгъæн ис уацмысы тыххæй?

  1. Цæф цæфæй ничи исы.
  2. Æнустæм мастæй æнустæм хæлар цард – хуыздæр.
  3. Æфсымæры туг æфсымæр исы.
  4. Цæф цæфæй  ничи исы, фæлæ фидыдæй.
  5. Дæ мастæй хъуамæ дæ зонд фæфылдæр уа.
  6. Сагъæсыл сси: бон æм арвы рухс нал зынди, æхсæв æй хуыссæг нал ахста.
  7. Фыдæхæй фыдæмпъызт хуыздæр.
  8. Туджджынæй тугагурæй уæлдай нæй.
  9. Туг тугæй  не   хсадæуы.
  10.  Фидауынмæ цæуынмæ йæ хъамайы сæрыл ничиуал фæхæцы.

Нозты тыххæй дæр ма зæгъут æмбисæндтæ:

  1. Арахъхъ кæм уа, уым кад æмæ намыс мауал агур.
  2. Арахъхъ гаджидауæй райдайы, фæугæ гамаст, хылæй.
  3. Нозт æррагæнæг æмæ хылкъахæг у.
  4. Нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары.
  5. Нозт йæ лымæны сæфтмæ тыры.
  6. Бирæ нуазын зондцух кæны.
  7. Хорз хъуыддаг – æмбисондаг.

Ахуыргæнæг. Уацмыс фыст æрцыд 1927 азы. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд. Уый равдыста фыдæлты карздæр æгъдæуттæй иу- тугисын, кæцы фæци фидыдæй.

- Абоны цардæй та цы зæгъдзыстут?

Абон дæр марынц. Хылтæ цæй бындурыл рацæуынц? Цæуыл фæвæййынц?

- Нозтмæ цæстæнгас абон. Цы зиан хæссы?

- Змæнты бинонты, сæфы æнæниздзинад адæймаджы хъуыдыкæнынад, кæцы æгад, нуазæг, лæджы сывæллæттæ рацæуынц сахъат.

- Уæдæ нæ уацмыс цæуыл ахуыр кæны?

- Нозтæй дард лæууын. Зонын барын, куы бахъæуа, уæд.  Зæрдыл дарын-туг сайы туг.

Ахуыргæнæг.

Хуыцауæй хызт ут æвзæр хъуыддæгты, фæлæ цард вазыгджын у. Искуы уæм искæимæ æнæбары хъаугъа куы рацæуа, уæд-иу уæ зæрдыл æрлæууæд Гинойы «Цæр», фæуæлахиз-иу уæд куырыхон бафидауыны зонд.

Скъоладзауты хатдзæгтæ. Мæхъæлимæ фидыд. Гуырдзыйæн ныббарст.

Хæдзары ныффыс сочинени мæнæ ацы темæтæй иуыл:

                        «Туг тугæй не   хсæдæуы».

                        «Хорз хъуыддаг - æмбисондаг».

                        «Нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бæры».



Предварительный просмотр:

                                         3bbe0e40e225d1278934b19861c07a3e      Урочы цыд:    3bbe0e40e225d1278934b19861c07a3e

1. Организацион хай.    

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ. (Сывæллæттæ сæ сæртæй кувынц.)

- Сывæллæттæ, абон нæм æрбацыдысты уазджытæ, раттæм ма сын салам.

  Æгас нæм цæут, нæ буц уазджытæ!!!

- Сбадут.  

                (Хъуысы дымгæйы ниуын)

- Сывæллæттæ, уый цымæ цæй ниуын у? (Дымгæ)

-Мæнæ мын ме стъолыл  цыдæр сыф авæрдта фыдуаг дымгæ.

-Байхъусут-ма, цыма дзы цы фыст ис, уымæ.                                                        

 3bbe0e40e225d1278934b19861c07a3e

Ахуыргæнæг кæсы (Презентации 1,хай):

Хуры цæст æрныллæг,  

Нал ис тафс йæ тынты.                                          

Рабæлццон та зымæг

Хъавгæ хохрæбынты.

 

Хъæууынгты дыууæрдæм  

Дымгæ кафы, симы.

Бон кæны куыддæртæ,

                      3bbe0e40e225d1278934b19861c07a3eУад рæстæггай ниуы.

 

-Рацу, зымæг махмæ,-

Саби дзыхæй сиды. –

Рауадз тымыгъ рагъмæ,

Стух æй ног уард миты.              

 

Дзоныгътæ цæттæ сты,

Алкæмæн дæр кæрты,

Ацафон хæхбæсты,

Мит цæмæн нæй рæгътыл?

- Ацы рæсугъд рæнхъытæ ныффыста Мæргъиты Венерæ. Цæй кой дзы

ракодта автор? Уæдæ уæм куыд кæсы, цæуыл ныхас кæндзыстæм абон

нæ урочы?

 

2.   Ног æрмæг.  

Ахуыргæнæджы ныхас:

–Сымах уæхæдæг уарзут зымæг? Цæмæн?

Афтæ, сывæллæттæ, алкæмæндæр ис йæхи ахаст зымæгмæ. Байхъусут

ма Багаты Ладийы æмдзæвгæмæ:

  • Хъызт ныссæлын кодта

Рудзгуыты æвгтæ.

Ихæй сыл ыскодта

Диссаджы нывтæ.

     -Цавæр дзырд дзы не æмбарут.

                Дзырдуат:     ХЪЫЗТ-тынг уазал. Мороз, холод, стужа.

                                       Хъызт бон- морозный день.

  • Уары мит, сыгъдæг мит уары,

Æрдз у урс – урсид, сыгъдæг.

Чидæр дард кæмдæр ныззары,

Миты цинæй зары лæг

     -Куыд æмбарут дзырд – æрдз?

                Дзырдуат:       Æрдз - природа

  • Урс миты хъæпæнтæ

Сайынц дардмæ цæст.

Зымæджы кæлæнтæ

Алы ран - æмбæхст.

     -Куыд æмбарут дзырд – миты хъæпæнтæ?

                 Дзырдуат:  Хъæпæнтæ – миты тъыфылтæ, миты гæлæбуте.

     -Бахъуыды кæнут ацы дзырдтæ: ХЪЫЗТ, ÆРДЗ, МИТЫ ХЪÆПÆНТÆ

3.  Ахуыргæнæджы ныхас:

   Æрдз ахæм диссаджы арæзт у, æмæ дзы хуымæтæджы ницы цæуы. Ирон лæг рагæй æрæгмæ дæр бафиппайдта(бамбæрста), йæ цард æмæ æрдзы ивддзинæдтæ  æнгом баст кæй сты, уый. Æмæ нæ къалиндар дæр арæзт уыд уыцы æрдзон  ивддзинæдтæм гæсгæ.

-Нæ иртасæн куысты объект сты афæдзы мæйты нæмттæ.

-Нæ куысты нысан у базонын мæйты нæмтты варианттæ, уыдонæн сæ равзæрд æмæ сæ мидис.

-Нæ фыдæлтæ афæдзы афонтæ мах куыд сахуыр стæм, афтæ нæ, фæлæ дих

кодтой æндæр хуызы. Афæдзы дих баст уыд сæ цард,  сæ куыстимæ, æрдзон

фæзындтимæ. Уымæ гæсгæ алы мæйы ном дæр баст уыд бæрæгбонимæ, кæнæ йын уыд бæлвырд мидис, хъуыды.  

Зауырбег, Марат æмæ Сабинæйы  бафæндыд  уыцы  мидис раиртасын.  

4.      Проект-презентация (отрывок).

         Зымæг нæм æрбацæуы йæ æртæ хъæбулимæ, уыдон сты æртæ зымæгон мæйы.

         Ныртæккæ уын радзурдзыстæм зымæгон мæйты тыххæй.  

  • Декабрь - цыппурсы мæй .

Зымæджы фыццаг мæй. Джеуæргуыбайы стыр бæрæгбоны фæстæ цыппар

къуырийы хордтой урссаг, ома, æхсырæй конд хæринаг. Фос  не ргæвстой,

цæмæй сбирæ уой. Ног азыл уыд сæ мæт.  

  • Январь –тъæнджы мæй.

Ирон адæм афæдзы фыццаг мæй хуыдтой тъæнджы мæй. Йæ кой нæ ферох абон дæр. Арæх æй фехъусæн ис зæронд адæмæй. Дзырд тъæнг не взаджы фæзынд, нæ раг

фыдæлтæ хæхбæстæм куы балыгъдысты, уæд. Тыхджын уазал бонтæ-иу Кавказы бæрзонд хæхты арæхдæр скодта зымæджы астæу, ома афæдзы райдайæн. Фыруазалæй –  иу зæхх æмæ бæлæстæ скъуыдысты, ома тъæнг кодтой. Æвæццæгæн,мæйыл дæр ахæм ном уымæн сæвæрдтой.

  • Февраль-æртхъирæны мæй.

Афтæ хонынц ирон адæм зымæджы фæстаг мæй. Дзырд æртхъирæн цы амоны, уый иууылдæр зонут. Цыбырдæр у, æмæ æртхъирæн кодта, зæгъгæ, мæм фылдæр бонтæ куы хауид, уæд иу адæймаджы комулæфт асæлын кæнин. Нæ фыдæлтæ та-иу загътой  «галы комы тæфы йас рахъарм».

   Ахуыргæнæджы ныхас:

-Ныртæккæ сын сымах иронау базыдтат сæ нæмттæ. Заур, иу хатт ма нын сæ зæгъ, мах та сæ иумæ дæ фæстæ дзурдзыстæм.

ДЕКАБРЬ - ЦЫППУРСЫ МÆЙ .

ЯНВАРЬ –ТЪÆНДЖЫ МÆЙ.

              ФЕВРАЛЬ-ÆРТХЪИРÆНЫ МÆЙ.

 6. УЛÆФТЫ РÆСТÆГ.

Къухтæ! Къухтæ!

Айрæзут!

Къухтæ! Къухтæ!

Атæхут!

Къухтæ! Къухтæ!

Амбæхсут!

Къухтæ! Къухтæ!

Мæнæ стут!

7.  - Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, зымæгон хъæды цæрæгойтæ та куыд цæрынц?

     - Ныртæккæ сын сæхи бафæрсдзыстæм.

     - Мæнæ нæм цас уазджытæ æрбацыд! Уæхи ма нын бацамонут.

                 (Тæрхъус, мыст, æхсæрæг, фыранк, гæркъæраг)

  • Æз дæн тæрхъус. Сæрды вæййын фæныкхуыз, зымæг та скæнын

урс кæрц. Свæййын митæнгæс, æмæ мæ нæдæр рувас не

ссардзæн, нæдæр бæрæгъ, цуанонæй дæр

бамбæхсдзынæн.Боныгон фынæй кæнын нæзы бæласы бын,

æхсæв та рацæуын æмæ мæхи хорз фенын бæласы æрыгон

къалиутæй кæнæ йæ цъарæй. Ноджы ма бирæ уарзын уырыдзы

æмæ къабуска. Тынг зын мын вæййы зымæгон.  

  • Æз та дæн мыст. Æз сæрд-сæрддæргъы кодтон æвæрæнтæ:

æмбырд кодтон æнгузтæ, гыркъотæ. Цæрын бæлæсты бын,

мæхицæн дзы цы хуынкъ скæнын, уым. Мæ æвæрæнтæ дæр

уырдæм бамбырд кæнын. Уазалæй бæргæ нæ тæрсын, фæлæ мæм

рувас æдзух æртхъирæн кæны.  

  • Æз дæн тыртына - хонынц ма мæ æхсæрсæттæг дæр. Зымæгмæ

мæхи цæттæ кæнын райдайын фæззæджы: бæласы мæрайы

мæхицæн хъарм цæрæнбынат скæнын фæхæссын æм фæлмæн

хъуына æмæ сыфтæр. Мæ зымæгон æвæрæнтæ дзаг вæййынц

æнгузтæй, зокъотæй. Æз зымæгæй æппындæр нæ тæрсын!  

  • Мæ ном у фыранк.  Сымахимæ рагæй зонгæ стæм. Æнæмæнг мæ федтат нæ Республикæйы гербыл. Æз зымæгмæ æвæрæнтæ нæ фæкæнын. Æз цуанæй

цæрын. Мæ цæрæнбынат уæлиау хæхты, уым мæхи бахъахъхъæнын хъызт

зымæгæй. Боныгон арæхдæр уылæфгæ кæнын, цуаны æхсæв цæуын. Зымæг

мæнæн тæссаг ницæмæй у! мах бирæ уарзæм сыгъдæг миты хъазын, равдул-

бавдул дзы кæнын. Фæсхъазт та нæхи хурмæ фæхъарм кæнæм.  

  • Уæдæ мæн дæр иууылдæр зонынц! Уымæ æмæ æз алцыдæр

зонын! Æз дæн гæркъæраг! Зымæджы уазæлтты мах нæхи  адæммæ хæстæгдæр байсæм æмæ кæддæриддæр вæййæм  æфсæст. Мæ ахстон та аразын бæласыл, йæ къалиутæй.  

   - Мæнæ диссаг! Сеппæт дæр уæхи хъызт зымæгмæ барæвдз кодтат.

  • Зымæджы хъызт чи ницæмæ дары, уый у арс. Уый æнæхъæн зымæг

кæны фынæй. Сæрды йæхи бафсады, фæззæджы йæ хуыгком фæлмæн

хъуына æмæ сыфтæрæй байдзаг кæны, æмæ уалдзæгмæ вæййы  æнæмæт.  

-Сæ зæрдæмæ цæуы хъæды цæрын ?

-Хъæд йæ зымæгон дарæсы у аргъауы бæстæйау. Зымæгон хъæды кæд уазал у, уæддæр дзы у тынг рæсугъд.

-Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Зымæг куы нæ уаид, уæд  уалдзæджы  хъуыды  дæр ничи ‘ркæнид».

  - Нæ зынаргъ уазджыте, сымах та уарзут зымæг, цæмæй цæуы уæ зæрдæмæ?

  - Стыр бузныг уеппæтæн дæр, тынг цымыдисаг дзуæппытæ нын раттат.

 

8.  УЛÆФТЫ МИНУТ.

Иу мæ сæр,

Дыууæ мæ къухтæ.

Иу мæ фындз,

Дыууæ мæ хъустæ.

Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,

Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.

 

9.  Ног æрмæг ныффидар кæнын.

Интерактивон  фæйнæгыл куыст.

Сывæллæттæ, нæ уазджытæ фæцыдысты уæ зæрдæмæ? Зымæгон кæм æмæ куыд цæрынц, уый бахъуыды кодтат? Ныртæккæ йæ сбæлвырд кæндзыстæм.  

Нæ алæмæт хъæды цæрджытæ фæдзæгъæл сты, сæ цæрæнбынæттæ нал арынц.

Чи сын аххуыс кæндзæн равзарын, чи сæ кæм цæры?

Æнæ хæдзарæй та нын чи баззад? (арс) Цæмæн? Нæ цæрæгойтæн хъарм хæдзæрттæ ссардтам, фæлæ зымæг даргъ у. Хæринагæй  дæр ма сæм фæкæсæм. Айуарут - ма нæ Ногазы лæвæрттæ, чи сæ цы уарзы?

-Чи нын баззад æнæ лæварæй? Цæмæн?

Гъе ныр сын ницыуал тас у, зымæджы хъызт сæ ницæмæй бахъыгдардзæн.

10.  Хатдзæг. Цы базыдтат нæ абоны урочы ногæй? Уæхимæ уæ

ныййарджытæн  дзы цы радзурдзыстут?

 

11.  Хæдзармæ куыст.

Хæдзары бацæттæ кæнут чысыл радзырд:  «Зымæг хъæды». Скæнут æм

ныв.  

12.  Рефлексия «МИТЫ  ГÆЛÆБУТЕ»

Сабитæ, фæйнæгмæ ма бакæсут, цы диссаджы ныв дзы ис - «Зымæгон

хъæд». Мах абон нæ урочы ныхас кодтам зымæджы тыххæй: куыд рæсугъд у

зымæгон хъæд, куыд æнкъарынц цæрæгойтæ сæхи . Ныр нæ разы ис

зымæгон ныв, бауадзæм  ма дзы уд, сдзурын æй кæнæм. Кæд дæхимæ гæсгæ

хорз бакуыстай, алцыдæр бамбæрстай, дæ зæрдæмæ фæцыд урок, уæд  ма дзы миты гæлæбу аныхас.  

- Кæд дæхимæ гæсгæ  цыдæр нæ бамбæрстай,  уæд та дзы аныхас къæвдайы

æртæх.  

13.  Сывæллæттæ тынг хорз бакуыстат абоны урочы. Бузныг. Нæ урок

кæронмæ æрхæццæ. Баулæфут.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект урока литературы в 9 классе. Литература Древней Руси. «Слово о полку Игореве» - величайший памятник древнерусской литературы.

Цели:1. Повторить изученные ранее жанры древнерусской литературы;2. Познакомить учащихся с периодами развития древнерусской литературы.3  Воспитывать любовь к литературе.4 Познакомить с историей ...

Конспект урока литературы по теме: "Литература как искусство слова. Учебник литературы и работа с ним." для 5 класса

Цель: познакомить учащихся со структурой и особенностями учебника-хрестоматии, заинтересовать предметом – литературой....

Статья по литературе "Общая характеристика русской литературы XIX века (материал к уроку литературы в 10 классе)"

История русской литературы XIX века неотделима от истории освободительного движения, которое прошло три главных периода....

Урок литературы для 9 класса «Древнерусская литература. Слово о полку Игореве – величайший памятник древнерусской литературы»

Данная презентация предназначена для проведения урока в 9 классе по теме «Древнерусская литература. Слово о полку Игореве – величайший памятник древнерусской литературы». В през...

Презентация к уроку литературы в 10 классе "Введение. Русская литература XIX века в контексте мировой культуры. Основные темы и проблемы русской литературы XIX века".

Презентация к уроку литературы в 10 классе "Введение.  Русская литература XIX века  в контексте мировой культуры.  Основные темы и проблемы русской литературы XIX века"....