«Сыгъзæрин фæззæг-æрдзы хæзна». Номдар фæлхат кæнын
план-конспект урока на тему

Дзуцева Людмила Дохцикоевна

скъоладзаутæ номдары тыххæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон бафидар кæнын;

 хъуыдыйæдты мидæг  номдартæ иртасын зонын иннæ ныхасы хæйттæй;

скъоладзаутæм гуырын кæнын  уарзондзинады æнкъарæнтæ цæрæгойтæм, æрдзмæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nomdar.docx882.88 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ:  «Сыгъзæрин фæззæг-æрдзы хæзна».

                                     Номдар  фæлхат  кæнын.

Урочы нысан:  скъоладзаутæ номдары тыххæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон бафидар кæнын;

 хъуыдыйæдты мидæг  номдартæ иртасын зонын иннæ ныхасы хæйттæй;

скъоладзаутæм гуырын кæнын  уарзондзинады æнкъарæнтæ цæрæгойтæм, æрдзмæ.

                                                    Урочы цыд.

I.Бацæттæгæнæн хай.

-Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Нæ урок  хуымæтæджы урок нæу, фæлæ урок-балц . Абалц кæндзыстæм «Морфологийы бæстæм» . Фæндагыл ныл æмбæлдзæн алыхуызон цæлхдуртæ-хæслæвæрдтæ. Уыцы цæлхдуртæ   аиуварс кæндзыстут уæ зонындзинæдты фæрцы.Зæрдиагæй куы кусат,уæд   сæ сæрты æнцонæй ахиздзыстут.Сараздзыстæм ерыстæ «Номдары дæснытæ». Алы командæйæн дæр уыдзæнис капитан, кæцы йæ къордæн разамынд дæтдзæн.Рох уæ ма уæд, сывæллæттæ,уе ‘нтыстдзинæдтæ канд  зонындзинæдтæй аразгæ кæй нæ уыдзæнис, фæлæ ма  иумæ кусын куыд зонут, уымæй дæр.Нæ куысты девиз та у: «Иу- æппæты тыххæй, æппæт та -  иуы тыххæй». Кæрæдзимæ мидбылты бахудтыстæм.

II.Конкурсон хай.

1.Конкурс «Теоретиктæ».

(Къорды капитанæн лæвæрд цæуы хæслæвæрдтæ сыфтыл фыстæй. Скъоладзаутæ кæсынц фæрстытæ хинымæр, уый фæстæ сын дзуапп дæттынц) .

1 къорд

-Цы ныхасы хай у номдар?

-Цавæртæ вæййынц номдартæ?

- Цал хауæны ис ирон æвзаджы?

- Цæмæ гæсгæ базонæн ис, номдар кæцы хауæны æвæрд ис, уый?

2 къорд

- Цы хонæм тасындзæг?

-  Куыд ивы номдар?

- Бирæон нымæцы номдартæ куыд арæзт цæуынц?

- Хъуыдыйады цавæр уæнгтæ вæййынц номдартæ?

(Къордты уæнгтæ  уынаффæ кæнынц, уый фæстæ дзуапп дæттынц фæрстытæн)

2 конкурс «Чи фылдæр?»

Экраныл æвдыст цæуы ныв «Цæхæрадоны». Ацы дзырды дамгъæтæй  дыууæ минутмæ саразын хъæуы номдартæ.

(Цæхæр, æрх, рад, дон, рон, аходæн, хæдон, цад, хæрд, цæхдон, ард, ных,хор,цæд)

3 конкурс «Аргъауы æвзаг».

Экраныл  æвдыст цæуы æмдзæвгæ.

Ӕмдзæвгæ фыст у аргъауы æвзагæй.Фарстæн раст дзуапп раттут. Ссарут  дзы номдартæ  æмæ сæ бакæсут.

-Ис нæ бур хъугæн къæлæу.

Афтæ нæу?

-Бирæгътимæ хъазы цæу.

 Афтæ нæу?

-Пылæн,дам, йæ хуыз сырх у.

Афтæ у?

Гæды хизынмæ цæуы.

 Афтæ у?

-Кæсаг, дам, хъæрæй кæуы.

Афтæ нæу?

- Суинаг коммæгæс гуырд у.

Уый  нæ бæстæйæн фырт у.

III.Физминуткæ.

IV.Текстимæ куыст.

Бакæсут  текст. Раттут ын сæргонд.

Фæззæг – афæдзы рæсугъддæр афонтæй иу.Сырдтæ сæхи рагацау бацæттæ кæнынц зымæгмæ.Арс йæ хуыккоммæ хæссын райдайы лыстæн. Ӕхсæрæг æрæмбырд кæны æхсæртæ, гыркъотæ, хус зокъотæ…

   Хъæдхойтæ,сырддонцъиутæ,дзæгъындзæгтæ    æмæ иннæ мæргътæ æнæмæтæй минас кæнынц фæззæджы бæркадджын  «фынгыл» - хæрынц алыхуызон гагадыргътæ. Сауцъиутæ цъыбар-цъыбур кæнынц, минасмæ сæ нал æвдæлы. Сæ зæрдæ ахсайдта хъарм бæстæм æмæ сæ  дард балцы размæ  бакъордтæ-къордтæ сты!

 Фæззæг хорæрзадæй фидауы. Сцæттæ вæййынц нæмыгджын хортæ,халсартæ, дыргътæ. Адæм кусынц, æфснайынц сæ тыллæг. Скъоладзаутæ æххуыс кæнынц быдыры дæр æмæ хæдзары дæр.

Дзырдуатон куыст.

Лыстæн- хос кæнæ хъæмпæй  конд хуыссæнуат.

Тыллæг – хорæрзад.

Хуыкком –арсы лæгæт.

Дзæгъындзæг -сорока

Фæрстытæ.

-Фæззæг сырдтæ сæхи зымæгмæ куыд цæттæ к æнынц? Мæргътæ та?

Текстæй рафыссут бæрæггонд номдартæ.Фæбæрæг сын кæнут сæ нымæц æмæ сæ хауæнтæ.

4.Капитанты конкурс.

Фæйнæгыл фыст дзырдбæстытæ  цухгонд  кæрæттимæ.Чи растдæр æмæ тагъддæр ныффысдзæн номдарты кæрæттæ.

  1. Бафарстон дада…                                            

           Акастæн рудзунг…

            Ацыдтæн хъæд…

  1. Бадын бандон…

Схызтæн бæлас…

Радтой лæппу…

5.Сфæлдыстадон конкурс.

Дзырдтæй саразут дыууæрæнхъонтæ:

Кусынæн, ысты, къухтæ , бацауæрд , куысты ма, сыл.

(Къухтæ кусынæн ысты

Бацауæрд ма сыл куысты.)

Ныссагъта, Илас, бæлас,  йæ царды , ныууагъта,фæд.

(Илас бæлас ныссагъта,

Йæ царды фæд ныууагъта.)

V.Рефлекси.

-Сывæллæттæ, нæ балц кæронмæ æрхæццæ.Уæ разы къонвертты дидинджыты сыфтæ.Алы къорд дæр скæна дидинæг уæ зæрдæты уагмæ гæсгæ.Дидинæгмæ гæсгæ  базондзыстæм, урок уæ зæрдæмæ фæцыди æви нæ.Ирд хуызтæ æвдисынц  хъæлдзæг зæрдæйы уаг, тар хуызтæ та – æнкъард.

Урочы кæрон сбæрæг кæнын, хуыздæр  цы къорд куысты, уый.

Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

VI.Х.к Урочы тыххæй ныффыссын уæ хъуыдытæ цыбырæй.

        


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Литературон - музыкалон композици «Сыгъзæрин фæззæг»

Нысантæ: 1.Скъоладзаутæм  гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр  миниуджытыл.2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæ...

«Мах стæм æрдзы хъæбултæ»

Урочы  нысантæ. . Æрдзон хъæздыгдзинæдтæн аргъ кæнын, хъахъхъæнын сæ цæсты гагуыйау.Урочы хуыз.Урок - балцУрочы ахуырадон фæстиуджытæ.Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ...

Мæргътæ – æрдзы фидауц (интеграцигонд урок) 6-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Урочы темæ: Мæргътæ – æрдзы фидауцДиалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст.Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты растæвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты(фæлхат).Урочы нысантæ: Ахуырадон:фæцалх кæнын ах...

Гом урок Адӕймаг ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы . Кӕронбӕттӕны урок.

Урок во 2 классе. Тема урока :  Адӕймаг  ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы .     Кӕронбӕттӕны урок....