Наши пернатые друзья урок осетинского языка в 1 классе
план-конспект урока на тему

Атаева Фатима  Юрьевна

урок по теме "Птицы" для 1 класса

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon plan_otkrytogo_uroka_ptitsy.doc99.5 КБ

Предварительный просмотр:

           

Урочы темæ:  Хъæддаг мæргътæ. Нæ базырджын хæлæрттæ.

Урочы нысантæ:

  1. Ахуырдзаутимæ рацыд æрмæг бафидар  кæнын. Мырты сыгъдæгдзурыныл бакусын /тагъддзуринæгтæй пайдагæнгæйæ/. Ныхасы рæзтыл бакусын
  2. Ахуырдзауты зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæнын.
  3. Хъомыладон куыст бакæнын. Æрдзы мидæг алы цæрæгой дæр хъæугæ кæй у, адæймаг хъуамæ йæ  алыварс  дунеимæ хæларæй цæра, хъахъхъæна йæ, уый æмбарын кæнын.

Урочы æрмæг:

Хъæддаг  мæргъты нывтæ – слайдтæ:  хъæдхой, булæмæргъ, хæрдмæдзог цъиу, зæрватыкк, цæргæс, дзывылдар, митмитгæнаг, сауцъиу-скворец, сырддонцъиу, уыг, халон.

Нывтæ – сывæллæттæ ауындзынц хæрæндонтæ мæргътæн, аразынц ахстæттæ.

Сыгъдæгдзуринæгтæ: 

1. Хъæдхой хъæды - хойы, хойы,

     Булæмæргъ къуыззитт кæны.

2.  Хъæдæй хъуысы цъиуты хъæр.

3.  Цъиуты цъыбар – цъыбурæй

     Хъустæ  къуырма кæнынц.

4.  Хъæуæй хъазты хъæр хъуысы,

     Хъæдхой  хъæндилмæ хъуызы.

          5.   Къупп-къупп – хъæдхой хойы,

                Къупп-къупп – тæрс рæхойы.

          6.   Цъиу цъыбырттæг цъиуцъиугæнгæ бады.

♫   Зарæг: ”Хъæдхой”,

Хъæдæй хъуысы тъупп-тъупп-тъупп,

Тулдзы цъар фæхуынчъытæ.

Хъæдхой уидзы къупп-къупп-къупп

Зæронд тулдзы зулчъытæ. 

Зарæг    ”Зæрватыкк”. Кучиты Владимир.

Уæлæ нæ цары

Зæронд хæдзары

Зæрватыкк зары

Гыццыл гагиты, гыццыл сабиты

Хъæлдзæгæй дары

Цъыбар-цъыбур, цъыбар-цъыбур

Зæрватыкк зары

Цъыбар-цъыбур, цъыбар-цъыбур

Хъæлдзæг нæ дары.

§     Текст  кæсынæн:  Цъиуты хæлæрттæ.

1. Ралæууыд уазал зымæг.

2. Сывæллæттæ цъиутæн сарæзтой хæрæндæттæ.

3. Цъиутæ æртæхынц.  

4. Дзулы муртæ рауидзынц.

5. Цин кæнынц.

6. Уалдзæджы та уыдон æххуыс кæндзысты: зулчъыты уидздзысты.

7.  Уæд бæлæстыл рæсугъд дыргътæ æрзайдзæн.

Уæлæмхасæн æрмæг:

Митмитгæнаг.    Снегирь.

Митмитгæнаг тынг рæсугъд маргъ у. Йæ гуыр сырх – сырхид, йæ къоппайыл сау худ, йæ базыртæ æмæ йæ къæдзил æрттиваг сау, йæ фæсонтæ та æрвхуыз.

Митмитгæнаг цъиутæ цæрынц тархъæдты, ахстон скæнынц заз бæлæстыл, зæхмæ  хæстæг ,   лыстæг къалиутæй, мидæгæй та йæ æрфæлмæн кæнынц  кæрдæгæй.

         Зымæджы сæхи байсынц  дыргъдæттæм, адæймагмæ хæстæгдæр. Ам сын æнцондæр вæййы мыртгæ  æмæ  цъуйы гагатæ ссарын.

Митмитгæнаг цъиутæ сты тынг сабыр. Цы кæной, уый бæстон. Митмитгæнаг тынг æнцон æрцахсæн у. Къалатийы   дæр тагъд сахуыр вæййы, фæлæ йæ рæсугъд хуыз аивы сауæй.

           Сауцъиу.  (Скворец).

Сауцъиутæ сæ ахстæттæм хæссынц бæмбæджы муртæ, бумбулитæ, хъæмп, хус кæрдæджы хæлттæ, хæцъилы гæппæлтæ.Уалдзæджы райдиан, зæххкуы  фæхус вæййы, уæд  сауцъиутæ райдайынц зæххы уаллæттæ æмæ æндæр алыхуызон хилджытæ къахын. Бæлæстæн  æмæ зайæгойтæн зиан чи хæссы, ахæм сасктæ сæрддæргъы сауцъиу тынг бирæ скуынæг кæны. Уæзмæ гæсгæ сæ куы барæм, уæд йæхи уæзæй мин хатты фылдæр!


 Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

Сывæллæтты урокмæ сразæнгард кæнын.

  1. Зонгæ æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

Ахуыргæнæг: Цъæх хуызæй цавæр дамгъæтæ ныффыстон? Æмхъæлæсонтæ.

Сырх хуызæй та? Хъæлæсонтæ.

Цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ? Æмхъæлæсонтæ уарзынц кафын, хъæлæсонтæ та зарын. Æмхъæлæсонтæ уарзынц цъæх дарæс, хъæлæсонтæ та сырх дарæс.

Бавæрут – ма  хъæлæсон дамгъæтæ сæ бынæтты. Цавæр дзырдтæ дзы рауайдзæн?

Хъ…  дд..  .г           м  …  ргът…

              æ         а                  æ              æ

Абон дæр та дарддæр ныхас кæндзыстæм хъæддаг мæргътыл.

Цавæр сыгъдæгдзуринæгтæ зонут хъæддаг мæргъты тыххæй?

1. Хъæдæй хъуысы цъиуты хъæр.

2.  Цъиуты цъыбар – цъыбурæй

     Хъустæ  къуырма кæнынц.

3.  Хъæуæй хъазты хъæр хъуысы,

     Хъæдхой  хъæндилмæ хъуызы.

4.  Цъиу цъыбырттæг цъиуцъиугæнгæ бады.

5.   Хъæдхой хъæды - хойы, хойы,

      Булæмæргъ къуыззитт кæны.

6.   Къупп-къупп – хъæдхой хойы,

      Къупп-къупп – тæрс рæхойы.

Ахуыргæнæг: Æрлæууын – ма кæнæм нæ зæрдыл нæ базырджын хæлæртты нæмттæ. Раст сæ куы зæгъæм, уæд сын се взаг æмбарын райдайдзыстæм. Æмæ цæуыл ныхас кæнынц уый дæр  базондзыстæм.

Æвдисын слайдтæ: хъæдхой, зæрватыкк, хæрдмæдзог цъиу, булæмæргъ.

Пайда кæнын ахæм хъуыдыйæдтæй:

Æз уынын нывы хъæддаг маргъ……Æз уынын …..Уый у……

Фæстаг  слайд: Булæмæргъ æмæ зæрватыкк ныхас кæнынц.


Ахуыргæнæг:  Мæргъты нæмттæ раст загътат, се взаг сын æмбарын райдыдтам. Ныр та цæуыл ныхас кæнынц, уымæ байхъусæм.

Слайд: Булæмæргъ  æмæ  зæрватыкк ныхас кæнынц.

Сценкæйы архайынц: Моргуаты Дианæ  æмæ Дзугаты Георгий.

Булæмæргъ æмæ зæрватыкк. (Атайты Ф.Ю.)

- Дæ бон хорз, булæмæргъ!

- Дæ бон хорз, зæрватыкк!

- Зæгъ – ма, булæмæргъ, цæмæн фæзæгъынц афтæ, ”Булæмæргъы, дам, йæ зарджытæ дарынц”,

- Æз æрбадын къалиуыл, мæ цыргъ бырынкъ фегом кæнын æмæ зарын райдайын. Мæ хъуырæй хъарм уæлдæф ракæлы. Уыцы уæлдæфмæ къогъотæ сæхæдæг мæ дзыхмæ тæхын байдайынц, ме взагыл аныхæсынц.

 - Гъы, ничи кæсы ацы зондабимæ, зæргæ дæр кæны йæ зæрдæйы дзæбæхæн, хæргæ дæр йæ гуыбыны æхсызгондзинадæн

- Зæрватыкк, дæу та ”уалдзæджы фидиуæг” цæмæн хонынц?

- Æз куы æрбатæхын хъарм бæстæй, уæд æй фæзонынц адæм: зымæг фæци, ралæууыд уалдзæг, амонды уалдзæг, цины уалдзæг, царды уалдзæг. Райхъал æрдз. Бæстæ дидинæг фестад. Азæлыд уалдзыгон зарæг. Зарæг бæрзонд систон мæ базыртыл æмæ фæтæхын быдырты, кæмтты, хæхты сæрты.

Зæрватыкк, æнæхъыг

Æнæмаст цæрæг.

 Дæ зарæг – нæ дарæг,

Нæ уалдзæггæнæг.    Уый мæн тыххæй фыста Къоста.

- Æз та булæмæргъы тыххæй ахæм æмдзæвгæ зонын:

                                   Булæмæргъ.(Плиты Харитон.)

Райсомæй нæ кæртмæ                  Хъусын æз йæ зардмæ

Булæмæргъ тæхы.                 Рудзынгæй дзæбæх.

Хъæлдзæг у йæ зæрдæ,       - Були – були, дардмæ

Зарджытæ кæны.                 Макуыуал фæтæх!

Ратæх – ма нæхимæ,

Ма фæтæрс мæнæй!

Ам цæрдзыстæм иумæ,

Зардзыстæм фæрнæй. 

? Уæдæ цы базыдтам булæмæргъ æмæ зæрватыччы тыххæй?

Ахуыргæнæг: - Ацы зондджын маргъæн хъуамæ мах дæр йæ зæрдæ барухс кæнæм зарæгæй. Мах дæр булæмæргъы хуызæн хинæйдзаг разындзыстæм. Иуæй зæрватыччы зæрдæ барухс кæндзыстæм, иннæмæй нæхæдæг дæр аулæфдзыстæм.

Зарæг    ”Зæрватыкк”. Кучиты Владимир.

Уæлæ нæ цары

Зæронд хæдзары

Зæрватыкк зары

Гыццыл гагиты, гыццыл сабиты

Хъæлдзæгæй дары

Цъыбар-цъыбур, цъыбар-цъыбур                    Цъыбар-цъыбур, цъыбар-цъыбур

Зæрватыкк зары                                                  Хъæлдзæг нæ дары.

Ахуыргæнæг: - Мæнæ цы фыссы хъæды газеты нæ зонынджын уыг, мæргъты царды хæбæрттæй.

Слайд: зонынджын  уыг сывæллæттæн кæсы  ног хабæрттæ.

Раздæр нырыккон боныхъæд зонæнтæ куы нæма уыди, уæд адæм мæргътæ сæхи куыд дардтой, уымæ гæсгæ зыдтой цавæр уыдзæни бон. Зæгъæм, зæрватыччытæ ныллæг куы тæхой, уæд уыдзæни къæвдабон.

Цæй тыххæй фæтæхынц ныллæг?  Уымæн æмæ, цы къогъты хæрынц, уыдонæн сæ базыртæ ныууæззау вæййынц, ныуымæл вæййынц, æмæ ныллæгдæр тæхын байдайынц, зæрватыччытæ дæр сæхи дæлдæр уымæн æруадзынц.

Ахуыргæнæг: Базонут-ма, цавæр хъæддаг маргъыл цæудзæн ныхас радзырды. Ныффыста йæ  Хъæрджынты Симæ чиныг   Мах стæм æрдзы хъæбултæ.    радзырд  ”Хъæдхой нымайын зоны”.Упрощенный вариант.

Иухатт сывæллæттæ ацыдысты зокъотæм. Бафæлладысты æмæ иу бæласы бын æрбадтысты улæфынмæ.Бæласы мæрайы мыдыбындзытæ скодтой сæ хæдзар.Сывæллæтты бафæндыд мыдæй ахæрын. Бæласы зæнг бахостой, цæмæй мыдыбындзытæ атæхой. Уыцы рæстæг иннæ бæласæй дæр райхъуыст  кæйдæр къупп-къупп. сывæллæттæ – иу цал хатты бахостой бæлас, уал хатты -иу бахоста чидæр иннæ бæлас дæр. Уый сæм диссаг фæкаст, æмæ райдыдтой хойынтæй хъазын. Стæй федтой, уый сæ фæзмыдта…….. хъæдхой.

Ахуыргæнæг: -Иубон  та хъæдхой хъæды ссардта рынчын бæлас. Хойын  æй райдыдта. Йæ къупп-къупп быдымæ дæр хъуысти. Уыцы афон иу гыццыл цъиу быдыры зæххæй зулчъытæ къахта. Базонут-ма йæ нывмæ гæсгæ. Слайд – хæрдмæдзог цъиу.

        

Тынг смæсты хæрдмæдзог цъиу хъæдхоймæ. Се   хсæн рауади ахæм ныхас.

 Хæрдмæдзог цъиу æмæ хъæдхой.     Архайджытæ: Тебиаты Артур, Хъантемыраты Кристинæ.

Хæрдмæдзог цъиу:    -  Æллæх, æллæх, хъæдхой,

дæ къупп - къуппæй та бæстæ куы байдзаг кодтай.Цымæ дæ хъæды дохтыр цæмæн хонынц?Дæ къупп - къуппæй хъустæ куы акъуырма вæййынц.

Хъæдхой:     -Ды та, хæрдмæдзог цъиу, хъæдмæ æввахс куы нæ тæхыс, уæд мын мæ къупп-къупп кæцæй хъусыс. Æдылы къоппа. Никуы фехъуыстай ахæм æмдзæвгæ, скъолайы дæр ма йæ куы ахуыр кæнынц:

 Хъæдхой-дохтыр.

 Низтæ сафы.

Бæластæн кæнын æз хос.

 Рынчын бæлас æз ссарын,

Æмæ йæм æркæсын хорз.

 

 Хъæдхой:   -    Дæуæй афтæ, дзæгъæлы тухæн кæнын райсомæй-изæрмæ. Бæлас куы фæрынчын вæййы, уæд ын йæ зулчъытæ æз асыгъдæг кæнын æмæ йæ хъæнтæ байгас вæййынц.  Ды та цы пайда хæссыс æрдзæн?

Хæрдмæдзог цъиу:    -  Ау, уый та куыд загътай, быдырты æмæ фæзты бирæ зианхæссæг зулчъытæ æмæ къуыдыркæлмытæ ис. Уыдонæй чи фервæзын кæны зæхх? Æз - хæрдмæдзог цъиу.

?           - Сымахмæ та куыд кæсы, чи сæ у хуыздæр?

  -Цæуыл быцæу кодтой цъиутæ?

                 -Цы пайда хæссынц ацы  хъæддаг цъиутæ æрдзæн?

 

Ахуыргæнæг: Ацы кусаг цъиутæ дæр нæ зарæджы аккаг сты. Æмæ сын азарæм, цæмæй кæрæдзиимæ быцæу мауал кæной.

♫   Зарæг: ”Хъæдхой”,

Хъæдæй хъуысы тъупп-тъупп-тъупп,

Тулдзы цъар фæхуынчъытæ.

Хъæдхой уидзы къупп-къупп-къупп

Зæронд тулдзы зулчъытæ. 

Ахуыргæнæг: Ныртæккæ – та ногæй байхъусдзыстæм нæ зонынджын уыг нын цы цымыдисаг хабар ракæндзæн.

                   

                  Митмитгæнаг.    Снегирь.

Митмитгæнаг тынг рæсугъд маргъ у. Йæ гуыр сырх – сырхид, йæ къоппайыл сау худ, йæ базыртæ æмæ йæ къæдзил æрттиваг сау, йæ фæсонтæ та æрвхуыз.

Митмитгæнаг цъиутæ цæрынц тархъæдты, ахстон скæнынц заз бæлæстыл, зæхмæ  хæстæг,   лыстæг къалиутæй, мидæгæй та йæ æрфæлмæн кæнынц  кæрдæгæй.

         Зымæджы сæхи байсынц  дыргъдæттæм, адæймагмæ хæстæгдæр. Ам сын æнцондæр вæййы мыртгæ  æмæ  цъуйы гагатæ ссарын.

Митмитгæнаг цъиутæ сты тынг сабыр. Цы кæной, уый бæстон. Митмитгæнаг тынг æнцон æрцахсæн у. Къалатийы   дæр тагъд сахуыр вæййы, фæлæ йæ рæсугъд хуыз аивы сауæй.

Нывмæ гæсгæ куыст:

?Цавæр афæдзы афон æвдыст æрцыд нывы?

Кæй уынæм нывы?   Раттæм сын нæмттæ.

Цы ми кæнынц?

Цавæр цъиутæ æрбатахтысты хæрæндонмæ? Кæцыты  дзы базыдтат, уыдоны нæмттæ зæгъут.

Ныр та бакæсæм текст æрдз чи уарзы, ахæм сывæллæтты тыххæй.

§     Текст  кæсынæн:  Цъиуты хæлæрттæ.

1. Ралæууыд уазал зымæг.

2. Сывæллæттæ цъиутæн сарæзтой хæрæндæттæ.

3. Цъиутæ æртæхынц.  

4. Дзулы муртæ рауидзынц.

5. Цин кæнынц.

6. Уалдзæджы та уыдон æххуыс кæндзысты: зулчъыты уидздзысты.

7.  Уæд бæлæстыл рæсугъд дыргътæ æрзайдзæн.

? Цы сарæзтой сывæллæттæ цъиутæн?

     Цы фæхæрынц зымæджы мæргътæ?

Ахуыргæнæг: Зонындджын уыг та нын æрцæттæ кодта ног хабар. Æмæ та йын ныхасы бар раттæм.

Сауцъиу.  (Скворец).

Сауцъиутæ сæ ахстæттæм хæссынц бæмбæджы муртæ, бумбулитæ, хъæмп, хус кæрдæджы хæлттæ, хæцъилы гæппæлтæ.Уалдзæджы райдиан, зæххкуы  фæхус вæййы, уæд  сауцъиутæ райдайынц зæххы уаллæттæ æмæ æндæр алыхуызон хилджытæ къахын. Бæлæстæн  æмæ зайæгойтæн зиан чи хæссы, ахæм сасктæ сæрддæргъы сауцъиу тынг бирæ скуынæг кæны. Уæзмæ гæсгæ сæ куы барæм, уæд йæхи уæзæй мин хатты фылдæр!

                

Хатдзæгтæ: 

Æрдзы мидæг алцыдæр у бæлвырд фæткæвæрдмæ гæсгæ арæзт. Уыцы фæтк куы фехæлы  истæй, кæнæ искæй аххосæй, уæд зынтæ æййафы æрдз æнæхъæнæй дæр.

 1)Куыд у уæ бон баххуыс кæнын æрдзæн?

  1. Зымæджы цъиутæн хæрæндонтæ саразын.
  2. Уалдзæджы цъиутæн ахстæттæ скæнын, базилын бæлæстæм.
  3. Сæрды зилын дыргътæм, халсартæм, бæлæстæм, æрдзы рæсугъддзинæдтæ хъахъхъæнын. Фæззæджы хистæртæн аххуыс кæнын хъæздыг тыллæг æфснайынмæ

Сæрыстыр цæргæс.  

…Цæргæстæ сæ ахстæтты нæ фæмæлынц. Ахæм хъару мА сæм разыны, æмæ фæстаг хатт арвмæ стæхынц, хæхты сæрмæ. Æвæццæгæн уымæн сæмбæлæн ис мард цæргæстылбæрзонд  хæхты. …

Дзигойы лæппынтæ /Фæрниаты Дз./ Диктанты æмбырдгонд  4-8къл.57ф.

 ”Йæ рæдыд сраст кодта”.

1. Инал   дуртæй æхста цъиуы, фæлæ – иу  цъиу атахт.

2. Лæппу тынг смæсты æмæ йын ахстонæй йæ гыццыл        

    лæппынты рахаста.

2. Цъиу йæ лæппынты ахстоны куы нæ федта, уæд  

     ныцъцъыбар – цъыбур  кодта.

3. Уалынмæ  йæ  фарсмæ абадти  иннæ  цъиу дæр.

4. Уый, æвæццæгæн, уыди лæппынтæн сæ фыд.

5. Уыдон  тарстхуызæй  цъиу-цъиугæнгæ ахстоны  

     алыварс    ратæх – батæх  кодтой, агуырдтой сæ    

     сабиты.

6. Инал сын тынг фæтæригъæд кодта.

7. Лæппынты фæстæмæ бахаста ахстонмæ.

8. ”Æз  никуыуал бахъыгдардзынæн цъиуты ахстон, иннæты  дæр нæ бауадздзынæн” – загъта   йæхинымæр   Инал.

Сырддонцъиу.   Воробей.

Сырддонцъиутæй иутæ цæрынц горæты, иннæтæ быдырты. Горæтаг   сырддонцъиутæ сты æдзæсгомдæр, хъæргæнаг, сæ базыртæ сты иухуызон донхуыз.

Быдираг  сырддонцъиутæ та сты сабырдæр, асæй дæр къаддæр, стæй рæсугъддæр æддаг бакастæй. Горæты цæрын нæ уарзынц, уымæн æмæ сын уым хæринаг нæ фаг кæны.

Сырддонцъиу  у тынг гуыбындзæл цъиу. Фæлæ  аразын æппындæр нæ уарзы. Иуæй-иу хатт кæйдæр ахстон дæр бацахсы æмæ йæ уырдыгæй ратæрын тынг зын вæййы.

Гугукгæнаг.   Кукушка.

                

Гугукгæнаг у тæхгæ маргъ. Зымæг  куы ралæууы, уæд атæхы хъарм бæстæм: Африкæмæ, Индимæ, кæнæ Китаймæ. Гугукгæнаг рæсугъд маргъ у, æрмæст тынг зивæггæнаг, йæ ахстонмæ   нæ зилы æмæ йын фæкæны хъылмайы тæф. Фæлæ   йæ гыццыл  лæппынты тынг бирæ  уарзы. Къуыртты куы фæбады, уæд йæ ахстонмæ хæстæг никæй фæуадзы.  Йæ къуырттæн искæмæй куы фæтæрсы, уæд ыл ауадзы хъылмайы тæф чи кæны ахæм тæнгъæд. Цыфæнды æххормаг тугдзых  дæр лидзæг фæвæййы.

Хæры бындзытæ, къуыдыргæмытæ, уаллæттæ, хæлуарджытæ æмæ æндæр лыстæг змæлджыты.

 Дзывылдар. Синица.

Дзывылдар тынг рæсугъд маргъ у. Рагуалдзæджы  йæхицæн саразы тынг фæлмæн ахстон бумбулитæй æмæ систæй. Сæрды фæминас кæны лыстæг хилджытæй, фæлæ  зымæджы хилджытæ миты бын бамбæхсынц, хæринаг ын нал вæййы æмæ йæхи хæстæгдæр байсы  адæмы хæдзæрттæм. Бахъæуы сæ æххуыс, уымæн æмæ дзывылдартæ хъарм бæстæм нæ атæхынц. Æмæ уæд фæхæрынц къæбæры муртæ, дзидзайы муртæ хоры гагатæ.         Митмитгæнаг.    Снегирь.

Митмитгæнаг тынг рæсугъд маргъ у. Йæ гуыр сырх – сырхид, йæ къоппайыл сау худ, йæ базыртæ æмæ йæ къæдзил æрттиваг сау, йæ фæсонтæ та æрвхуыз.

Митмитгæнаг цъиутæ цæрынц тархъæдты, ахстон скæнынц заз бæлæстыл, зæхмæ  хæстæг ,   лыстæг къалиутæй, мидæгæй та йæ æрфæлмæн кæнынц  кæрдæгæй.

         Зымæджы сæхи байсынц  дыргъдæттæм, адæймагмæ хæстæгдæр. Ам сын æнцондæр вæййы мыртгæ  æмæ  цъуйы гагатæ ссарын.

Митмитгæнаг цъиутæ сты тынг сабыр. Цы кæной, уый бæстон. Митмитгæнаг тынг æнцон æрцахсæн у. Къалатийы   дæр тагъд сахуыр вæййы, фæлæ йæ рæсугъд хуыз аивы сауæй.

Сауцъиу.  (Скворец).

Сауцъиутæ сæ ахстæттæм хæссынц бæмбæджы муртæ, бумбулитæ, хъæмп, хус кæрдæджы хæлттæ, хæцъилы гæппæлтæ.Уалдзæджы райдиан, зæххкуы  фæхус вæййы, уæд  сауцъиутæ райдайынц зæххы уаллæттæ æмæ æндæр алыхуызон хилджытæ къахын. Бæлæстæн  æмæ зайæгойтæн зиан чи хæссы, ахæм сасктæ сæрддæргъы сауцъиу тынг бирæ скуынæг кæны. Уæзмæ гæсгæ сæ куы барæм, уæд йæхи уæзæй мин хатты фылдæр!

                


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

КВН загадок "Наши пернатые друзья"

ЦЕЛИ:  Закрепить знания о  птицах , активизировать  мышление  детей, речь  ;     учить    наблюдать  за природой  ; воспитывать...

Предметная неделя искусства по теме «Птицы – наши пернатые друзья, обижать их нельзя»

План предметной недели по искусству по теме  «Птицы – наши пернатые друзья, обижать их нельзя». Отчет о проведении предметной недели учителями музыки, изобразительного искусства, технологии, орга...

Конкурсно- игровая программа « Наши пернатые друзья» для обучающихся 5-7 классов

Цели : создание условий для формирования и развития экологической культуры подростков.Задачи:Расширение  знаний учащихся о птицах.Развитие творческих способностей и познавательных интересов...

Внеклассное мероприятие по биологии 6 класс "Птицы - наши пернатые друзья!"

Внеклассное мероприятие по биологии "Птицы - наши пернатые друзья!" расчитано для учащихся 6-7 классов в ООШ. Его можно использовать для проведения праздника "День птиц"...

Урок осетинского языка 6 класс

Урок осетинского языка 6 класс НОМДАР(Сывæллæттæ, мидæмæ цæугæйæ, исынц фæткъуыты нывтæ æмæ сæ фидар кæнынц фæткъуыйыл. Хорз равгимæ чи æрбацыд, уыдон æвзарынц сырх хуыз, зивæггæнгæ – бур, æнкъард кæм...

Внеклассное мероприятие для 7-х классов «Птицы-наши пернатые друзья»

Природу нужно охранять не только потому, что она лучшая защита для человека, но и потому, что она прекрасна.(Жан Дорст) Праздник «День птиц» является ежегодным мероприя...