план урока в 5 классе "Добро и зло"
план-конспект урока (5 класс) на тему

Хуриева Нелли Суреновна

План урока по теме "Добро и зло" по сказке Г.Х.Андерсена "Соловей"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_otkr.-_5_v.docx23.27 КБ

Предварительный просмотр:

                                            Гом урочы пълан

                                                           Темæ:

                         

                               

                                                       (5 кълас)

Ахуыргæнæг :                        Хуриты Н.С.

                    Дзæуджыхъæу

                            2014 аз.

Урочы темӕ: Г.Х. Андерсен  « Булӕмӕргъ»

Урочы нысан:            ахуырдзауты базонгӕ кӕнын Г.Х. Андерсены цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ:;

  • равзарын аргъау «Булӕмӕргъы» мидис
  • ахуыр кӕнын ахуырдзауты сӕ хъуыдытӕ  дзурыныл, хатдзӕгтӕ кӕнын;
  • ӕрдзурын хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинадыл.

Урочы фӕлгонц:     экран, ноутбук, мультимедион проектор, ахуыргӕнӕн чиныг.

 Урочы цыд: 1. Организацион хай.

2.     Ахуыргӕнӕджы разныхас хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинадыл.

 ( Слайдмӕ № 1 - мӕ гӕсгӕ радзурын чысыл аргъау).

Хатдзаг: хорздзинад алы хатт дӕр адӕймаджы кӕны фӕлмӕндӕр, сыгъдӕгдӕр, рӕсугъддӕр…

3.  Г.Х.Андерсены царды хабӕрттыл ӕрдзурын. ( бафӕрсын ахуырдзаутӕй искӕй)

Г.Х. Андерсен райгуырд 2 апрелы 1805 азы горӕт Оденсы Данийы. Йӕ фыд уыд мӕгуыр дзабырхуыйӕг, фӕлӕ йӕ  миддуне уыд хъӕздыг: уарзта изӕрыгӕтты кӕсын Библи, радзырдтӕ. Йӕ фырт Гансӕн йӕ хӕдзары сарӕзта куклӕты театр, пъесӕтӕ та лӕппу хъуыды кодта йӕхӕдӕг. Фӕлӕ, хъыгагӕн, раджы амард дзабырхуыйӕг ӕмӕ йӕ фӕстӕ мӕгуырӕй баззадысты Ганс йӕ мад ӕмӕ йӕ хоимӕ. Гансы – иу бахъуыд уынгты              « мӕгуыргур» цӕуын дӕр. Тынг бирӕ уарзта йӕхӕдӕг аргъӕуттӕ хъуыды кӕнын. Чысыл ӕхцатӕ ӕрбамбырд кодта ӕмӕ сахуыр кодта Копенгагены университеты. Ссис ахуыргӕнӕг.  Тынг бирӕ аргъӕуттӕ фыста, йӕ чингуытӕ сты 8 стыр томӕй.

Андерсены райгуырӕн бон  - 2 апрелы – нысан кӕнынц  ӕппӕтдунейы сывӕллӕтты чингуыты бон.

4. Слайд № 3. Равдисын Андерсены аргъӕуттӕй скъуыддзӕгтӕ.

 ( ахуырдзаутӕ сӕ хъуамӕ базоной,цавӕр аргъӕуттӕй ист сты,уый).

5. Равзарын аргъау « Булӕмӕргъы» мидис. (ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕ)

(равзарын зынӕмбарӕн дзырдтӕ)

А) Аргъауы хабӕрттӕ кӕм цӕуынц? ( Китайы)

ӕ) Цӕмӕй конд у Китайы императоры галуан? ( зынаргъ фарфорӕй)

Б) Цы хуызӕн уыдис паддзахы цӕхӕрадон? (бакӕсын уыцы бынат).

В) Цы нӕ зыдта паддзах йӕ бӕстӕйы тыххӕй? (уый нӕ зыдта, йӕ бӕстӕйы кӕй цӕры диссаджы цъиу – булӕмӕргъ.)

Г)  Кӕцӕй фехъуыста уыцы хабар? (Япойнаг  императорӕй).

Д) Кӕм цард уыцы диссаджы зарӕггӕнӕг? (цъӕх  денджызы былыл,бӕрзонд бӕласы цъуппыл).

6. Ныр та байхъусӕм  аргъауӕй скъуыддзагмӕ. ( Ахуырдзауты аив каст)

Паддзах: (бады бандоныл). Министртӕ! Камергертӕ!

Камергер 1 : Цы кӕныс, нӕ цытджын паддзах?

Паддзах: Куыд дзурынц, афтӕмӕй нӕ бӕстыл ис диссаджы маргъ – булӕмӕргъ!Дзурынц ма ноджыдӕр,уымӕй диссагдӕр нӕ паддзахады ницы ис!  Цӕуылнӕ йын фехъуыстон ӕз искуы йӕ кой?!

Камергер1 : Хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтон булӕмӕргъы кой!..

Паддзах: Аизӕр ам куыд уа ӕмӕ мӕ разы куыд зара! Ӕгас дуне дӕр мын зонынц мӕ ис, мӕ бис, ӕрмӕст мӕхӕдӕг ницы зонын!

Камергер1 : Ӕмӕ, чизоны, мӕнг хабар у. Чиныджы дӕр фыссынц мӕнг хабӕрттӕ.

Паддзах: Булӕмӕргъы кой цы чиныджы бакастӕн,уый мын ӕрбарвыста Японы тыхджын паддзах, ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ,уым мӕнг хабар нӕ уыдзӕн!

Камергер 2: Цӕлгӕнӕны цы чызг кусы, уый ,дам, зоны, кӕм цӕры булӕмӕргъ.

Чызг: Уӕууа! Булӕмӕргъы та куыннӕ зонын! Йӕ зарынмӕ хъусынӕй куы нӕ фсӕдын…

Камергер:  Фенын-ма нын кӕн,уӕдӕ булӕмӕргъы бынат.

Чызг:Уӕй кӕнынц мӕнӕн сихоры уӕлдӕйттӕй: ӕз уыцы къӕбӕртӕ алы изӕр хӕссын мӕ мӕгуыр мадӕн; уый цӕры денджызы былыл; ӕмӕ куы рбацӕйздӕхын, уӕд хъӕды ӕрбадын ӕмӕ, мӕ фӕллад уадзгӕйӕ,хъусын булӕмӕргъы зарынмӕ. Мӕ цӕссыг уайын байдайы мӕ рустыл – мӕ нана мӕ ,цыма,рӕвдаугӕ фӕкӕны, уыйау мӕм фӕкӕсы.

(Сыхъуыст хъуджы уасын)

Камергер: Дӕ Хуыцауы тыххӕй,ныхы сӕры йас, афтӕмӕй йыл ханты хъуыр базад!Фӕлӕ йӕ кӕд нӕ фын нӕ сайы, уӕд ма йӕ кӕмдӕр фехъуыстам!

Чызг: Уый булӕмӕргъ нӕу, уый хъуг уасы!

(Сыхъуыст хӕфсыты хъуахъ-хъуахъ)

Камергер: Хуыцау, табу дӕуӕн, раст аргъуаны дзӕнгӕрджытӕ!

Чызг: Уыдон хӕфсытӕ уасынц… Фӕлӕ,мӕнмӕ гӕсгӕ, фӕхӕццӕ кӕнӕм.

Уалынмӕ ныззарыд булӕмӕргъ…

Паддзах :( йӕ цӕссыгтӕ сӕрфгӕйӕ) Ӕз дын балӕвар кӕндзынӕн дӕ хъуырыл дарынмӕ сызгъӕрин дзабыр…

Булӕмӕргъ: Ӕз райстон дӕуӕй стыр лӕвар. Уымӕй стырдӕр лӕвар мӕ зӕрдӕйӕн нӕй!...

7. Ахуыргӕнӕджы фарстытӕ:

 1. Цавӕр лӕвары кой кӕны булӕмӕргъ? (паддзахы цӕссыгтӕ)

2. Цы рцыд дарддӕр та? ( Японы паддзах ӕрбарвыста лӕварӕн конд булӕмӕргъ)

3. Цы  хуызӕн уыд? Цавӕр зарджытӕ кодта? ( Уый уыдис зынаргъ дуртӕй конд, зарыд ӕрмӕст иу зарӕг)

4. Цы фӕци ӕцӕг булӕмӕргъ та? (сырд ӕрцыди паддзахы арӕнтӕй)

 5. Цы рцыд дарддӕр? (Конд булӕмӕргъ асаст, уый фӕстӕ паддзах тынг фӕрынчын)

6. Паддзахӕн ма  фервӕзын ӕнхъӕл уыдысты, ӕви нӕ? Чи йӕ фервӕзын кодта?

Ахуыргӕнӕг: Бакӕсӕм-ма уӕдӕ,  уыцы бынат..

8.  ( Кӕнгӕ ӕмӕ ӕцӕг булӕмӕргъы тыххӕй таблицӕ баххӕст кӕнын)

Ӕцӕг булӕмӕргъ:йӕ зарынмӕ хъусынӕй адӕймаг не фсӕды, диссаджы хъӕлӕсӕй зарыд алыхуызон зарджытӕ: уый зарыд мӕрдты бӕсты зарӕг,урс дидинджытӕ кӕм зайынц,сӕ хорз тӕф парахатӕй кӕм пырх кӕны, ног кӕрдӕгыл  ӕгӕсты цӕссыгӕй ӕртӕх кӕм ӕрӕвӕры…

 Конд булӕмӕргъ: арӕзт уыд сызгъӕринӕй,зынаргъ дурӕй, раст зӕгъын хъӕуы, заргӕ ӕвзӕр нӕ кӕны,йӕ зарӕджы здӕхтытӕ булӕмӕргъы зарӕджы здӕхтыты ӕнгӕс, фӕлӕ ма йӕ уӕддӕр цӕмӕйдӕр нӕ ӕййафы…

Ах-ӕг: Уӕдӕ, аргъауӕн йӕ идейон мидис цӕй  мидӕг ис? (хъуамӕ адӕймаг аргъ кӕнын зона ӕцӕг аивадӕн, сӕрибар ӕмӕ ӕцӕгдзинад та хъуамӕ уой цардӕн йӕ бындур.)

Ах-ӕг: Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны аргъау? ( адӕймагӕн аргъ кӕнын хъӕуы йе ттаг бакастмӕ гӕсгӕ нӕ,фӕлӕ йӕ хорз миниуджытӕй).

9. Аргъаумӕ гӕсгӕ цавӕр ӕмбисӕндтӕ ӕрхӕссиккам?

«Хорзы кой дардмӕ хъуысы», «Адӕмыл дӕ зӕрдӕ макуы сив», «Хъӕздыг рохгӕнаг у» «Хорздзинад рох кӕнын нӕ хъӕуы» …

10. Хӕдзармӕ куыст:  Бацархайут –ма  ӕрхъуыды кӕнын чысыл аргъау, кӕцы ран хорздзинад фӕуӕлахиз уа ӕвзӕрдзинадыл.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разнообразие растений. Урок биологии в 6 классе. (план урока)

Урок биологии в 6 классе по изучению многообразия растений....

План урока "Свойство углов треугольника" (1 урок). 5класс

На уроке в 5 классе для освоения новой темы используется проблемная ситуация через выполнение практических заданий.(УМК под редакцией И.И.Зубаревой  и  А.Г. Мордковича)...

ПЛАН УРОКА (Экономическая социализация 10 класс) Тема урока: Умение вести переговоры

Курс преподавание "Экономической социализации" в основной школе -интегрированный курс, информационно насыщенный мультипредметными связями,включающими и жизненный опыт старших школьников и ранее приобр...

Сценарный план урока Тема «Уроки нравственности в рассказе В. Г. Распутина «Уроки французского».

     На уроках литературы мне интересно работать с детьми над изучением произведений художественной литературы, героями которых являются их сверстники, оказавшиеся в условиях нра...

План урока русского языка в 8 классе с казахским языком обучения. Тема урока:"Сложные прилагательные"

Урок построен на основе групповых форм организации учебной деятельности, с применением критериального оценивания...

план урока по теме "Умножение" 5 класс, урок №2

План содержит технологическую карту по ФГОС, конспект урока и презентацию....

План конспект урока. Требования к плану урока.

План конспект урока математики. Требования к плану урока.Система планирования урока включает:-годовое и полугодовое планирование;-тематическое планирование;-поурочное планирование.Необходимо уделять б...