Миногми фалхат канын.
план-конспект урока (7 класс) на тему

Кайтмазова Марина Беказаевна

Ӕмбалæй зынаргъдæр а дунейыл нæй

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon ambaly_khorzakh_alkay_dar_uad_tematikon_urok.doc77.5 КБ

Предварительный просмотр:

27.11.2015.

Урочы темӕ: Ӕмбалы хорзӕх алкӕй дӕр уӕд

Урочы нысан:

1.Миногмитыл рацыд ӕрмӕг фӕлхат

кӕнын, тексты сӕ ӕвзарын, хъуыдыйӕдты

сӕ пайда кӕнын.

2.Дзырдты растфыссынадыл ӕмӕ ныхасы

рӕзтыл кусын.

3.Сывӕллӕтты удварны рӕзын кӕнын хъыг,

рисс ӕмбарыны ӕнкъарӕнтӕ, ӕмбалӕн

аргъ кӕнын зонын ӕмӕ хъомыл кӕнын

адӕмуарзондзинад.

                                         Урочы цыд.

1.Организацион хай.

2.1.Скъоладзаутӕн зӕгъын урочы темӕ ӕмӕ  хъомыладон хӕс.

2.2.Хӕдзармӕ куыст равзарын. Скъоладзаутӕй 3-4 кӕсынц сӕ радзырдтӕ ӕмбалы тыххӕй.

 Фӕрстытӕ бакаст куыстытӕм.

       1.Цавӕр тексты хуызӕй спайда кодта ахуыргӕнинаг?

       2.Йӕ радзырды сӕйраг хъуыды цӕимӕ баст у?

       3.Кӕцы радзырд фӕцыд уӕ зӕрдӕмӕ? Цӕмӕй?

2.3.Ног темӕмӕ рахызт.

-Куыд ӕмбарут, афтӕмӕй уын хӕдзармӕ  ахӕм куысты хуыз уымӕ гӕсгӕ радтон, ӕмӕ уый ӕнгом баст у нӕ абоны урочы темӕимӕ.

Адӕймаджы царды ацы фӕзынд у кӕддӕриддӕр ахсджиаг, актуалон, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн ӕнӕ ӕмбал цӕрӕн нӕй.

-Куыд ма схонӕн ис ӕмбал ӕндӕр хуызон?

-Куыд хуыйнынц ахӕм дзырдтӕ лексикон ӕгъдауӕй?(синонимтӕ)

Бӕрӕг у уӕ хӕдзармӕ куыстытӕй, сымах хорз кӕй ӕмбарут ӕмбалдзинад ӕмӕ лымӕндзинад, аргъ ын кӕй кӕнут. Уӕ алфамблай цы адӕм ис,уыдон цы цӕстӕнгас дарынц ацы рӕсугъддзинадмӕ.Суанг ма рагон таурӕгътӕй дӕр бӕрӕг у, хӕлардзинадӕн цы тых уыди, уый.

-Ныртӕккӕ уӕ базонгӕ кӕндзынӕн нӕ рагфыдӕлтӕ-скифты цардӕй ист цауимӕ.Сымах лӕмбынӕг байхъусут ӕмӕ мын-иу зӕгъут, цавӕр аргъ кодтой уыдон та ӕмбалӕн.Таурӕгъ хуыйны «Амизок   ӕмӕ Дандамид”

Дзырдуатон куыст: балхон-раздзӕуӕг

                                  Фырадӕргӕй-тынг фӕтӕрсгӕйӕ

                                        (Кӕсын таурӕгъ)

 

   

                                   Амизок   ӕмӕ Дӕндӕмид.

      Иу рӕстӕджы скифты иу хай цӕугӕдон Доны фӕйнӕфарс ӕрбынат кодта. Уӕд  ӕнӕнхъӕлӕджы галиуварсы  цӕрджытӕм ныббырста фыдызнаг.

Тынг фыдбылызтӕ сын скодта: иутӕ дзы мард фесты, иннӕтӕ уацары бахаудтой, аннӕтӕ фырадӕргӕй Доны иннӕ фарсмӕ лидзӕг фесты.

             Уацайрӕгтима уыд Амизок дӕр.Цыппар боны йедтӕмӕ нӕ рацыд, Дӕндӕмидимӕ сӕ тугӕй ард куы бахордтой, ӕрдхӕрдттӕ кӕрӕдзийӕ куы загътой , уӕдӕй. Амизоччы ӕххуысмӕйы хъӕр фехъусгӕйӕ, Дӕндӕмид донӕн йӕ фаллаг фарсмӕ баленк кодта.

            Фындгӕнджытӕ йӕ ӕрцахстой. Сӕ балхонмӕ йӕ куы бакодтой, уӕд дзы лӕппу куырдта йе  ,рдхорд Амизоччы уацарӕй суӕгъд кӕнын. Цы ратдзынӕ йӕ  сӕрмӕ, зӕгъгӕ, йӕ знаг куы бафарста, уӕд ын Дӕндӕмид загъта:  «Цы мӕм уыд, уыдон мын сымах байстат. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд мӕн йӕ бӕсты бауром». «Ды курӕг ӕрбацыдтӕ,ӕмӕ дӕ нӕ бауромдзынӕн,- загъта балхон,- фӕлӕ мын дӕ цӕстытӕ ратт.»  Дӕндӕмид дызӕрдыг дӕр нӕ акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йӕ цӕстытӕ ӕмӕ йын радтой йе ,рдхорды.

           Тыхгӕнджытӕ уыцы цау фенгӕйӕ, бамбӕрстой, цы адӕмимӕ сӕ схӕцын бахъӕудзӕн, уый, ӕмӕ ӕхсӕвы лидзӕг фесты.

           Амизок та, ме ,рдхорд мӕн тыххӕй бакуырм,ӕз та цӕстырухсимӕ куыд цӕрон, зӕгъгӕ, йӕ цӕстытӕ скъахта.

                                                                                 

-Таурӕгъ уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд?

-Цы уӕм фӕкаст тексты диссаг?

-Амизок ӕмӕ Дӕндӕмиды ӕцӕг ӕмбӕлттӕ схонӕн ис?

-Цӕмӕн?

                  (Таурӕгъ кӕсынц скъоладзаутӕ хинымӕры.)

-Чи радзурдзӕн таурӕгъ хи ныхӕстӕй? (Фӕрсын 2 скъоладзауы).

-Уӕдӕ цавӕр аргъ кодтой скифтӕ ӕмбалӕн?

-Цавӕр у таурӕгъы темӕ?Ома,цы ӕвдыст цӕуы таурӕгъы?

-Цавӕр дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ ӕргом кӕнынц уацмысы темӕ?

-Уӕдӕ таурӕгъӕн йӕ сӕйраг хъуыды та цавӕр у?

  • Таурӕгъӕн йӕ сӕргонд йӕ темӕйыл дзуры ӕви сӕйраг хъуыды ӕвдисы?
  • Тексты хуызтӕй йӕ цавӕр хуызмӕ ахӕсдзыстӕм? Цӕмӕн?
  • Цавӕр бастдзинадӕй баст ӕрцыдысты хъуыдыйӕдтӕ?
  • Цавӕр бастдзинады хуызтӕ ма зонут ноджыдӕр?
  • Рафыссут нысангонд дзырдтӕ уӕ тетрӕдтӕм ӕмӕ сӕ равзарут дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ.

                       (Дыууӕ скъоладзауы кусынц фӕйнӕгыл).

-Ныр та ацы дзырдтимӕ саразут хъуыдыйӕдтӕ (дзургӕ куыст).

-Цал хайы ис тексты? Куыд хонӕм уыцы хӕйттӕ?

-Куыд баст сты абзацтӕ грамматикон ӕгъдауӕй?

-Ссарут тексты миногмитӕ ӕмӕ сӕ рафыссут.

-Цавӕр дзырдтӕ рафыстат?

-Ацы дзырдты ӕхсӕн синонимтӕ ис? Кӕцытӕ сты?

-Ныр та сын ссарут антонимтӕ.

-Скӕнут ацы дзырдтӕн морфологион ӕвзӕрст.

(Иу скъоладзау кусы фӕйнӕгыл, иннӕтӕ тетрӕдты).

-Цавӕр бирӕнысанон дзырдтӕ ӕмбӕлы тексты?(Цӕст,фарс,сӕр).

-Зӕгъут- ма сын сӕ иннӕ нысаниуӕг.

-Ссарут ма тексты ӕнӕхалгӕ дзырдбӕстытӕ(ард бахордтой,ӕрдхӕрттӕ кӕрӕдзийӕ загътой, сӕрмӕ раттын,цӕсты рухсимӕ цӕрын).

-Куыд хонӕм ахӕм дзырдбӕстытӕ?(фразеологон дзырдбӕстытӕ, фразеологизмтӕ).

-Цавӕр нысаниуӕг сын ис ӕвзаджы?

-Ныффыссӕм- ма фӕйнӕгыл фразеологизм «ӕрдхӕрттӕ кӕрӕдзийӕ загътой» ӕмӕ сбӕрӕг кӕнӕм дзырд «ӕрдхӕрттӕ»-йы арӕзт.

(ард + хӕрын).

-Уӕдӕ ныр фразеологизмтыл нал дзурдзыстӕм,уымӕн ӕмӕ ма семӕ кусдзыстӕм  фӕстӕдӕр.

-Ныр та ссарут тексты бӕрӕггонд хъуыдыйад.Бакӕсӕм ӕй ӕмӕ йӕ равзарӕм.

-Цавӕр хъуыдыйад у йӕ загъды нысан мӕ гӕсгӕ?

  Равзарут хъуыдыйад уӕнгтӕм гӕсгӕ.(Фӕйнӕгыл кусы1скъ.)

Цавӕр дзырдбӕстытӕ ис рахицӕн кӕнын ацы хъуыдыйады?

 Ныр та тексты фӕстаг хъуыдыйадӕй саразут комкоммӕ ныхас

 ӕмӕ йӕ ныффыссут тетрӕдты.(Фӕрсын 2скъоладзауы)

-Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, текстыл куыд бакуыстам, уый. Уӕдӕ ма

 иу хатт зӕгъӕм нӕ уацмысӕн йӕ сӕйраг хъуыды.

 -Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны скифаг таурӕгъ?

-Цавӕр уацмыстӕ зонут ӕмбалы тыххӕй? Ӕмбисӕндтӕ та?

 Фӕлладуадзӕн минут.Уыци-уыци: гыццыл чызгӕн йӕ бинонтӕй чидӕр афтӕ:»Ды мӕ чызг дӕ, фӕлӕ ӕз дӕ фыд нӕ дӕн»Чи дзырдта

 чызгимӕ?(Мад)

-Скифаг ӕмбалдзинады хуыз нӕ царды,ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ арӕх не мбӕлы,тынг стӕм хатт ис фехъусӕн абон нӕ царды ахӕм диссаджы цау.Фӕлӕ,мӕнмӕ гӕсгӕ,тыхджын уа, лӕмӕгъ ӕмбалдзинад,

 уӕддӕр йӕ ахадындзинад егъау у царды.Арӕх афтӕ рауайы,

 ӕмӕ 2 лымӕнӕй иу удыхъӕдӕй вӕййы лӕмӕгъдӕр.Чи зоны,

 ӕмӕ хорз ӕмгары аккаг дӕр нӕ вӕййы,фӕлӕ йе мбалы руаджы-

уый хуыздӕр кӕй вӕййы,хӕларзӕрдӕ, цӕстуарзон,уымӕ гӕсгӕ

рӕствӕндагыл ӕрлӕууы,схорз вӕййы.

 Ахӕм дыууй ӕмбалы сты Ӕхсарбег ӕмӕ Тузар,нӕ ног радзырды архайджытӕ.Фразеологизмтимӕ уын зӕрдӕ цы куыстӕй бавӕрдтон,

Уый кӕндзыстӕм ацы тексты.

 -Фыццаг уал мӕ фӕнды сбӕлвырд кӕнын, куыд дарут уӕ хъуыдыйы,

цы дзырдбӕстытимӕ стут зонгӕ, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Ӕз уын ӕвдисдзынӕн нывтӕ,кӕцытыл ӕвдыст ис фразеологизмтӕн сӕ комкоммӕ нысаниуӕг.Сымах ӕй хъуамӕ базонат. Уый фӕстӕ сӕ спайда кӕнын хъӕудзӕн тексты.

Ӕвдисын нывтӕ иугай, сывӕллӕттӕ фразеологизмтӕ фыссынц

  Тетрӕдты(1скъ. фӕйнӕгыл):

 -сӕрмӕ хӕссын

-фындз ӕруадзын

-йӕ цӕсгом бахордта,

-хъуын арц абады.

Уарын ахуырдзаутӕн радзырды текст.

Бакӕсут,табуафси,текст.(съоладз. йӕ иу кӕсы хъӕрӕй)

-Сӕмбӕлыдыстут дзы,миййаг, зынӕмбарӕн дзырдтыл?

-Цавӕр у тексты хуыз?

-Уырны уӕ, Тузар Ӕхсарбеджы ххуысӕй кӕй схорз уыдзӕн,уый?

-Ӕцӕг уымӕн цы хъӕудзӕн?(Цӕмӕй йæ Тузар ӕмбара)

-Уӕдӕ ныр спайда кӕнут фразеологизмтӕй-сӕвӕрут сӕ хъуыдыйӕдты,кӕм фидауынц, гӕнӕн кӕм ис,уыцы дзырдты бӕсты.

Дзургӕ куыст у,фыссын ӕй нӕ хъӕуы.

-Цавӕр ивддзинад ӕрцыд тексты?

-Уӕдӕ ма мын зӕгъут,цавӕр нысаниуӕг ис фразеологизмтӕн?

Цӕмӕн хъӕуынц,цы пайдайӕн?

-Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ архайджыты фӕлгонцтӕ фӕхуызджындӕр сты?

-Ахъуыды кӕнут,ӕмӕ зӕгъут,цавӕр миниуджытӕй хайджын хъуамӕ уа ӕцӕг ӕмбал?(зӕрдӕхӕлар,рӕстуд,тӕригъӕдгӕнаг,ныфсджын,

фӕразон.)

-Ӕмӕ уӕд ахӕм адӕймагӕн та йӕ ныхасы культурӕ,йӕ ныхасы хъӕд?

(аив,сыгъдӕг.)

Ахӕм адӕймагмӕ  хъусгӕйӕ,йемӕ ныхасгӕнгӕйӕ,лӕг,ӕвӕццӕгӕн,

разӕнгард кӕндзӕн уый хуызӕн аив дзурыныл.Фӕлӕ, хъыгагӕн,ӕз зонын ахӕм дыууӕ ӕмбалы,кӕцытӕн сӕ ныхасы уаг у ӕнаив,ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ.Сымах дӕр ӕй ныртӕккӕ бафиппайдзыстут,фӕйнӕгыл цы ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодтон,уымӕ гӕсгӕ. Бакӕсут ӕй хинымӕры(1скъ.кӕсы хъӕрӕй)

 -Аслан,цом-ма райсом быдырмӕ,футболӕй агонят кӕнӕм.

-Ӕмӕ ма немӕ чи рабырдзӕн?

-Хечъо,Сос ӕæ Туаты близнецты фӕбырын кӕндзыстӕм.

-О,йед. Кӕд федтай футболӕйӕæхсӕзӕй хъазгӕ,дебильный дӕ?

-Цӕй,исчи та хъеллау кӕндзӕн уым,ӕмӕ йӕ рацахсдзыстӕм.

-Омӕ хорз,мӕнуылты-иу рабыр дӕ мячимӕ.

-Куыд хуыйны ахæм текст?

-Искуы фехъуыстат ахæм диалог уе мбæлтты хсæн, искæй зонут, афтæ чи дзуры?

-Ссарут тексты, æвзаг чи чъизи кæны, уыцы дзырдтæ æмæ сæ баивут раст. (кæсынц текст аивгондæй.)

-Ныффыссут диалог тетрæдты.

-Цавæр лæппутæ-скъоладзаутæ ауадысты уæ цæстытыл,текстмæ аивгондæй куы байхъуыстат,уæд?

-Цы дзырдтæ баивтат,уыдонæй æрбайсгæ дзырдтæ кæцытæ сты?

-Уыдонæй кæцыйæн нæй зæгъæн иронау?(футбол)

-Уæдæ цы хатдзæг скæндзыстæм нæ куысты кæрон?(Адæймаг канд

 йæ хъуыддæгтæй,æгъдауæй нæу рæсугъд,фæлæ йæ дзыхы ныхасæй дæр)

3.1. Кæронбæттæн.

-Уæдæ скæнæм хатдзæг нæ урокæн дæр.

-Цы базыдтат абон урочы ногæй?

-Цы куыстам урочы дæргъы?

-Цæуыл архайдзыстут амæй фæстæмæ?

-Уæдæ царды стыр амондыл цы нымайæн ис?

-Тынг хорз.

3.2. Бæрæггæнæнтæ.

3.3.Хæдзармæ куыст. Иннæ урокмæ дзурынмæ бацæттæ кæнын

таурæгъ кæнæ цау хæлардзинады темæйыл; ныффыссын 6-7æм-

бисонды æмбалы тыххæй.

-Æмæ-ма уын фæстагмæ æрцæттæ кодтон зарæг, байхъусут æм, табу-

афси.(Аразын зарæг «Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд.»)

-Ныр та уал хæрзбон,æмæ уæ алчидæр хорз æмбалæн бæззæд,

хорз æмбалæй хайджын уæд!

 

                                   Амизок   æмæ Дæндæмид.

      Иу рæстаджы скифты иу хай цæугæдон Доны фæйнæфарс æрбынат кодта. Уæд  æнæнхъæлæджы галиуварсы  цæрджытæм ныббырста фыдызнаг.

Тынг фыдбылызтæ сын скодта: иутæ дзы мард фесты, иннæтæ уацары бахаудтой, аннæтæ фырадæргæй Доны иннæ фарсмæ лидзæг фесты.

             Уацайрæгтима уыд Амизок дæр.Цыппар боны йедтæмæ нæ рацыд, Дæндæмидимæ сæ тугæй ард куы бахордтой, æрдхæрдтæ кæрæдзийæ куы загътой , уæдæй. Амизоччы æххуысмæйы хъæр фехъусгæйæ, Дæндæмид донæн йæ фаллаг фарсмæ баленк кодта.

            Фындгæнджытæ йæ æрцахстой. Сæ балхонмæ йæ куы бакодтой, уæд дзы лæппу куырдта йе  ,рдхорд Амизоччы уацарæй суæгъд кæнын. Цы ратдзынæ йæ  сæрмæ, зæгъгæ, йæ знаг куы бафарста, уæд ын Дæндæмид загъта:  «Цы мæм уыд, уыдон мын сымах байстат. Кæд дæ фæнды, уæд мæн йæ бæсты бауром». «Ды курæг æрбацыдтæ, æмæ дæ нæ бауромдзынæн,- загъта балхон,- фæлæ мын дæ цæстытæ ратт.»  Дæндæмид дызæрдыг дæр нæ акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йæ цæстытæ æмæ йын радтой йе ,рдхорды.

           Тыхгæнджытæ уыцы цау фенгæйæ, бамбæрстой, цы адæмимæ сæ схæцын бахъæудзæн, уый, æмæ æхсæвы лидзæг фесты.

           Амизок та, ме ,рдхорд мæн тыххæй бакуырм, æз та цæстырухсимæ куыд цæрон, зæгъгæ, йæ цæстытæ скъахта.

                                   Амизок   æмæ Дæндæмид.

      Иу рæстаджы скифты иу хай цæугæдон Доны фæйнæфарс æрбынат кодта. Уæд  æнæнхъæлæджы галиуварсы  цæрджытæм ныббырста фыдызнаг.

Тынг фыдбылызтæ сын скодта: иутæ дзы мард фесты, иннæтæ уацары бахаудтой, аннæтæ фырадæргæй Доны иннæ фарсмæ лидзæг фесты.

             Уацайрæгтима уыд Амизок дæр.Цыппар боны йедтæмæ нæ рацыд, Дæндæмидимæ сæ тугæй ард куы бахордтой, æрдхæрдтæ кæрæдзийæ куы загътой , уæдæй. Амизоччы æххуысмæйы хъæр фехъусгæйæ, Дæндæмид донæн йæ фаллаг фарсмæ баленк кодта.

            Фындгæнджытæ йæ æрцахстой. Сæ балхонмæ йæ куы бакодтой, уæд дзы лæппу куырдта йе  ,рдхорд Амизоччы уацарæй суæгъд кæнын. Цы ратдзынæ йæ  сæрмæ, зæгъгæ, йæ знаг куы бафарста, уæд ын Дæндæмид загъта:  «Цы мæм уыд, уыдон мын сымах байстат. Кæд дæ фæнды, уæд мæн йæ бæсты бауром». «Ды курæг æрбацыдтæ, æмæ дæ нæ бауромдзынæн,- загъта балхон,- фæлæ мын дæ цæстытæ ратт.»  Дæндæмид дызæрдыг дæр нæ акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йæ цæстытæ æмæ йын радтой йе ,рдхорды.

           Тыхгæнджытæ уыцы цау фенгæйæ, бамбæрстой, цы адæмимæ сæ схæцын бахъæудзæн, уый, æмæ æхсæвы лидзæг фесты.

           Амизок та, ме ,рдхорд мæн тыххæй бакуырм, æз та цæстырухсимæ куыд цæрон, зæгъгæ, йæ цæстытæ скъахта.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Миногми

Ход урока осетинского языка-Миногми...

Темᴂ: «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…» (миногми фᴂлхатын)

Урочы хᴂстᴂ:          1. Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын таурᴂгъ « Дада» - имᴂ. (А.Н.Толстоймᴂ гᴂсгᴂ), бакусын аив кастыл.2. Текстмᴂ гᴂсгᴂ сфᴂлхат кᴂнын миногми...

План-конспект открытого урока в 6 классе «Миногонты дзырдарæзт фалхат кæныны урок.»

laquo;Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæдæр у Мад!»                                         ...