Темᴂ: «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…» (миногми фᴂлхатын)
план-конспект урока (7 класс) на тему

Ситохова Зара Бебоевна

Урочы хᴂстᴂ:
          1. Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын таурᴂгъ « Дада» - имᴂ. (А.Н.Толстоймᴂ гᴂсгᴂ), бакусын аив кастыл.

2. Текстмᴂ гᴂсгᴂ сфᴂлхат кᴂнын миногмийы. Ахырдзауты ахуыр кᴂнын раст хатдзᴂгтᴂ кᴂнын, хи хъуыдытᴂ  раст ᴂмᴂ аив дзурын, ныхасы рᴂзтыл бакусын.

3. Хъомыладон куыст бакᴂнын. Хистᴂрᴂн кад ᴂмᴂ ᴂгъдау кᴂнын, хорз ᴂмᴂ ᴂвзᴂр хъуыддᴂгтᴂ ᴂвзарын, иртасын.

Урочы ᴂрмᴂг: сюжетон нывтᴂ, текст, сценкᴂ, ахуыргᴂнᴂн чиныг ᴂвзагᴂй, текникон фᴂрᴂзтᴂ.

Скачать:


Предварительный просмотр:

          Гом урок

 «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…»
           (миногми фᴂлхатын)

                         15-м астуккаг скъолайы

Ирон взаг м литертурйы ахуыргнг

Ситохаты Зарйы урок. (7 КЪЛ)   

                                         Дзуджыхъу,2014 аз.

Темᴂ: «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…»
                            (миногми фᴂлхатын)

Урочы хᴂстᴂ:
         1. Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын таурᴂгъ « Дада» - имᴂ. (А.Н.Толстоймᴂ гᴂсгᴂ), бакусын аив кастыл.

2. Текстмᴂ гᴂсгᴂ сфᴂлхат кᴂнын миногмийы. Ахырдзауты ахуыр кᴂнын раст хатдзᴂгтᴂ кᴂнын, хи хъуыдытᴂ  раст ᴂмᴂ аив дзурын, ныхасы рᴂзтыл бакусын.

3. Хъомыладон куыст бакᴂнын. Хистᴂрᴂн кад ᴂмᴂ ᴂгъдау кᴂнын, хорз ᴂмᴂ ᴂвзᴂр хъуыддᴂгтᴂ ᴂвзарын, иртасын.

Урочы ᴂрмᴂг: сюжетон нывтᴂ, текст, сценкᴂ, ахуыргᴂнᴂн чиныг ᴂвзагᴂй, текникон фᴂрᴂзтᴂ.

Урочы цыд.            

                      I.Организацион хай.                                                                                                              

                       II. Ахуыргᴂнᴂджы разныхас:

- Сабитᴂ! Уᴂ бон хорз!

- Абон нᴂм ис уазджытᴂ ᴂмᴂ уыдонᴂн дᴂр салам раттут!

(Скъоладзаутᴂ салам дᴂттынц)

- Бузныг. Уᴂ салам бирᴂ.

- Рахизᴂм ныр нᴂ урокмᴂ. Абон нᴂ урочы цыд гыццыл ᴂндᴂрхуызон уыдзᴂн. Махмᴂ ис ᴂвзаджы урок, фᴂлхат кᴂнᴂм миногми ᴂмᴂ йа бабᴂтдзыстᴂм литературᴂйы урокимᴂ.

(Урочы хᴂстᴂ зᴂгъын, бакᴂсын сᴂ)

1. Ахуыргᴂнᴂджы ныхас: - Абон нᴂм ис уᴂзджытᴂ ᴂмᴂ нын равдисдзысты гыццыл сценкᴂ. Бакᴂсут ᴂм.

Сценкᴂмᴂ бакᴂсын  ᴂмᴂ йыл ᴂрдзурын:

- Цᴂуыл дзурᴂг у ацы ныв?

-  Цавᴂр цᴂстᴂй кᴂсын хъᴂуы хистᴂрмᴂ, ныййарджытᴂм?

- Мад ᴂмᴂ фыд цыфᴂнды зᴂронд куы бауой, уᴂддᴂр сᴂм  цавᴂр цᴂстᴂй кᴂсын хъᴂуы?

- Гыццыл лᴂппу йᴂ бинонты хсᴂн цы федта (ᴂвзᴂрᴂй), уый кᴂны.

- Сымах та цы уынут уᴂ хᴂдзᴂртты? Цавᴂр ахаст ис уᴂ хистᴂртᴂм?

- Уᴂ цᴂстытыл тынгдᴂр кᴂцы ныв ауадис, кᴂцы ныв уᴂм бахъардта?

( Сколадзаутᴂ сᴂ хъудытᴂ дзурынц)

2.  Дзырдуатон куыст бакᴂнын:

ᴂхсныф –

тᴂгᴂна –

хъᴂзын –

3. Текст бакᴂсын, фарстатᴂн дзуапп раттын.

- Цавᴂр цᴂстᴂй кастысты бинонтᴂ зᴂронд лᴂгмᴂ?

- Цᴂмᴂ?

- Куыд «бауайдзᴂф» кодта лᴂппу йᴂ ныййарджытᴂн?

- Сымах та куыд бакодтаиккат?

( Сколадзаутᴂ сᴂ хъудытᴂ дзурынц)

Текст

Дада

Тынг базᴂронд ис дада. Йᴂ цᴂстытᴂй хорз нал уыдта, хъустᴂй хорз нал хъуыста. Фырзᴂрондᴂй йᴂ къухтᴂ ᴂмᴂ йᴂ къᴂхтᴂ зыр – зыр кᴂнын райдыдтой. Йᴂ дзыхмᴂ - иу уидыг куы сцᴂйхаста, уᴂд – иу йᴂ хъᴂрмуыппᴂй уиджы ницыуал баззад, зᴂххы хай – иу баци.

Зᴂронд нал цыд фырт ᴂмᴂ чындзы зᴂрдᴂмᴂ: семᴂ йᴂ нал уагътой иу стъолы уᴂлхъус бадын дᴂр,бакодтой йᴂ пецы фᴂстᴂ къуымы ᴂмᴂ йын дурын къус хᴂринаг уырдᴂм лᴂвᴂрдтой.

Иухатт зᴂронды къухтᴂ базыр-зыр кодтой,йᴂ къус ᴂрхауд ᴂмᴂ асасти.Ноджы йᴂм тынгдᴂр смᴂсты сты фырт ᴂмᴂ чындз:хᴂринаг ын дᴂттын райдыдтой иу зᴂронд хъᴂзын къусы.

Зᴂронд лᴂджы фыртᴂн уыди иу гыццыл лᴂппу.Иухатт лᴂппу зᴂххы бады ᴂмᴂ ᴂхсныфᴂй цыдᴂр аразы.

- Цы ми кᴂныс уый,мае хъᴂбул?-бафарста йᴂ мад.

-Мᴂнᴂ тᴂгᴂна кᴂнын,-дзуапп радта сывᴂллон.-Ды ᴂмᴂ баба куы базаеронд уат,уаед уын ᴂз хᴂринаг ацы тᴂгᴂнайы дᴂтдзᴂн.

Мад ᴂмᴂ фыд кᴂрᴂдзимᴂ бакастысты ᴂмᴂ фᴂсырх сты.

Уымᴂй фᴂстᴂмᴂ уыдон зᴂронд дадайы пецы фᴂстᴂ нал ᴂмбᴂхстой,стᴂй йын хᴂринаг дᴂр хъᴂзын къусы нал лᴂвᴂрдтой.

(Скъоладзаутᴂ радыгай текст кᴂсынц)

4.Сюжетон нывтᴂм рахызт. (ᴂрдзурын сыл бᴂлвырдᴂй)

5. Хатдзᴂагтᴂ: Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау, уᴂд….

(адарддᴂр кᴂнут уᴂ хъуыдытᴂ)

- дᴂ адᴂм уарздзысты

- уыдзынᴂ хорзыл нымад

- кад дᴂ уыдзᴂн

- никуы фᴂрᴂдидзынᴂ……

Фᴂлᴂ куы нᴂ дᴂтта, уᴂд та…

- уыдзынᴂ ᴂвзᴂр

- ᴂгад

- ничи дᴂ уарздзᴂн

5. Эпиграфмᴂ рахызт.

- Кᴂстᴂр хистᴂры кᴂм нал зона, уым цард нᴂй.

6. Иу цалдᴂр ᴂмбисонды зᴂгъын.

- Хистᴂр адᴂмᴂй кᴂнгᴂ у.

- Хистᴂр зондамонᴂг у.

- Хистᴂр дзуры, кᴂстᴂр хъусы.

- Кᴂстᴂр хистᴂры фᴂзмаг вᴂййы.

III. Ахуыргᴂнᴂджы ныхас.- Хорз бакуыстам текстыл, фᴂлᴂ ныр рахизᴂм ᴂвзагмᴂ. Зᴂгъут ма:

- Цавᴂр ᴂвзагыл фыст у текст? (уырыссагау)

- Чи у йᴂ автор? (Л.Н.Толстой)

- Мах та йᴂ цавᴂр ᴂвзагыл бакастыстᴂм? (иронау)

- Зын ᴂмбарᴂн у,ᴂви ᴂнцон? (ᴂнцон)

- Хъᴂлᴂсы уагмᴂ гᴂсгᴂ цавᴂр хъуыдыйᴂдтᴂй арᴂзт у?

(таурᴂгъон, фарстон)

- Цы ма ис тексты? (диалог)

- Цавᴂр хъуыдыйᴂдтᴂй арᴂзт, фыст у текст? (хуымᴂтᴂг цыбыр ᴂмᴂ хуымᴂтᴂг даргъ)

- Вазыгджын хъуыдыйᴂдтᴂ дзы ис ᴂви нᴂ? (ис дзы вазыгджын хъуыдыйᴂдтᴂ)

- Зᴂгъут ма, цᴂмᴂй хицᴂн кᴂнынц  вазыгджын хъуыдыйᴂдтᴂ? (къᴂдзыгтᴂй, бᴂттᴂгтᴂй)

(Скъоладзаутᴂ алы фарстайᴂн дᴂр дᴂнцᴂгтᴂ хᴂссынц лᴂвᴂрд  текстᴂй. Дзуапп дᴂттынц иронау дᴂр ᴂмᴂ уырыссагау дᴂр)

IV.1. Нᴂ зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнᴂм, цы у миногми? (раиртᴂст, ᴂрхᴂссын дᴂнцᴂгтᴂ, йᴂ афон, нымᴂц, хауᴂн) - Хъуыдыйады уᴂнгтᴂм гᴂсгᴂ цавᴂртᴂ вᴂййынц миногмитᴂ (сᴂйрат, бᴂрᴂггᴂнᴂн ᴂмᴂ ᴂххᴂстгᴂнᴂн)

Хᴂслᴂвᴂрдтᴂ:

- саразын сᴂ миногмитᴂ;

- миногмийы раиртᴂст зᴂгъын иронау, уырыссагау;

- ссарын тексты вазыгджын мивдисджытᴂ, саразын сᴂ миногмитᴂ;

-  лᴂвᴂрд мивдисджытᴂй фᴂсᴂфтуанты руаджы саразын миногмитᴂ (дарын,хᴂрын,кᴂсын,къахын,кафын)

2. Дзырдбᴂстытᴂй саразын нырыккон афоны миногмитᴂ ᴂмᴂ сᴂ ныффыссын: дон хᴂссын, хуым кᴂнын, фос дарын, хᴂдзар аразын, уынг мᴂрзын, хос кᴂнын.

3. Текстᴂй рафыссын хъуыдыйад ᴂмᴂ йᴂ хъуыдыйады уᴂнгтᴂм гᴂсгᴂ равзарын.

4. Иу скъоладзау уыцы куыст кᴂны фᴂйнᴂгыл.

V. Хатдзᴂгтᴂ скᴂнын миногмийᴂ.

VI. Кронбттн ныхас:

- Сывᴂллᴂттᴂ, мᴂн фидарᴂй уырны, абон урочы фᴂстᴂ уᴂ удыхъᴂд, уᴂ зᴂрдᴂтᴂ кᴂй фᴂхъᴂздыгдᴂр уыдзысты, алчидᴂр кᴂй архайдзᴂн, цᴂмᴂй хайджын уа ирон лᴂджы хуыздᴂр миниуджытᴂй, уᴂ хистᴂртᴂн кад кᴂй кᴂндзыстут, фылдᴂр сᴂ кᴂй уарздзыстут ᴂмᴂ худинаг уᴂ сᴂрмᴂ кᴂй никуы ᴂрхᴂсдзыстут. Уᴂ фыдᴂлты кад ᴂмᴂ ᴂгъдау бᴂрзон цы кᴂнат, ᴂцᴂг иронау куыд цᴂрат азᴂххыл, ахᴂм амонд уᴂ уᴂд!.... Стыр бузныг уе`ппᴂтᴂн дᴂр! (Ахуыргᴂнᴂг йᴂхи номᴂй, стᴂй сывᴂллᴂтты номᴂй зᴂрдиаг арфᴂ кᴂны уазджытᴂн. Сывᴂллᴂттᴂ ацᴂуынц)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Миногми

Ход урока осетинского языка-Миногми...

Доклад: «Драмон уацмыс ахуыр кæныны методикæ хистæр кълæсты».

15- æм астæуккаг скъола                                Ситохаты З.Б....

Миногми фалхат канын.

Ӕмбалæй зынаргъдæр а дунейыл нæй...

Темæ: Номдар. Рацыд æрмæг фæлхатын.

Дунетыл нæй мæнæй фылдæр, Цæрын æмбæлттимæ æнгом. Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр, Хæссын æз предметæн йæ ном.(Номдар)....

Урочы темæ: «Хистӕрӕн кæстӕр куы дӕтта ӕгьдау…»

Урочы  нысантæ  Урочы типНыхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; миногмиты  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Скьоладзауты базонгӕ кӕнын таурӕгь «Дада»-имӕ(А.Л.Толстоймӕ...

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи"....

Хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй –æлгъыст. Беджызаты Ч. «Æлбегаты Батай ǽмǽ Барсǽгаты чындз»-мǽ гǽсгǽ.

Закъæттæ сты хæлуарæджы здыхт тынтæ, бахауынц  дзы лæмæгъдæртæ, тыхджындæртæ та сæ аскъуынынц....