Миногми
план-конспект урока (7 класс) на тему

Черчесова Альбина Георгиевна

Ход урока осетинского языка-Миногми

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon urochy_tsyd.doc34 КБ

Предварительный просмотр:

Фæйнæгыл: « Уазæг- хуыцауы  уызæг»

1. Сыхæгтæ: « Мидæмæ- мидæмæ».

2. « Ссар ма мæ».

3. « Сараз ма мæ».

4. « Уæд иумæ, уæд хиц=н».

5. « Иу, уæд та дыууæ».

6. « Уæлдай нæу».

Автобусы ныв. Хъуысы зарæг: « Бæлццоны зарæг»

Урочы цыд:

Ах. Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ!

Ах.Уазæгуаты цæуын уарзут?

Дзуапп:

Ах. Абон уазæгуаты ацæудзыстæм Миногмимæ.

Уæ тетрæдтæ байгом кæнут æмæ абоны нымæц ныфыссут.

Ах. Цы у Миногми?

Дзуапп:

Ах. Уæдæ ма уæд байхъусæм таурæгъмæ. Иубон фембæлдысты æртæ æмбалы: Мивдисæг( глагол) Миногми( прилаг) æмæ Миногми( причастие) Спъор кæнын байдыдтой кæрæдзиимæ: чи нæ у тыхджындæр? Æппæты тыхджындæр æз дæн, - загъта Мивдисæг. – Æз ацы зæххыл алцы дæр сызмæлын кæнын. Æнæ мæн иу хабар дæр йæ бынатæй нæ фезмæлдзæн.

Миногон дзуры:- Æнæ мæн та, иууылдæр уыдзысты æнæ цæсгом, уымæн æмæ сын сæ хуызтæ æвдисын.

Миногми йæ сæр аныхта: Уыдон цы зонынц, уый мæнæн дæр мæ бон у. Уымæн æмæ Мивдисæджы æмæ Миногоны тыхтæ мæ къухты сты.

Ах. – Сывæллæттæ, сымахæн зонгæ стут  ацы 3 хæларимæ?

( сыфæй конд фæндырыл хæслæвæрдтæ)

  1. Цы у Миногми?.
  2. Цал хуызы вæййы Миногми?
  3. Цæмæй æнгæс сты Миногон æмæ Миногми?
  4. Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ цавæртæ вæййынц Миногмитæ?
  5. Æрхæссут дыууæ дæнцæджы ныр. Аф. Миногми дзы куыд уа афтæ?
  6. Саразут ивгъ. Аф. Миногми: хауын, къахын, барын.
  7. Саразут суин. Аф. Миногми: кæрдын, сафын, хæссын.

Ах. – Ама, сбæрæг сæ кæнæм, кæд раст сты, уæд уæм фысымтæ хорз цæстæнгасæй ракæсдзысты æмæ уын уæ зæрдæтæ адджинагæй арæвдаудзысты.

( раст дзуæппытæ кæмæн уой, уымæн къафеттæ)

Ах. - Бахæццæ стæм нæ дыккаг сыхагмæ. Хъуамæ æмдзæвгæйы ссарат Мивдисджытæ. Саразут сæ суинаг афоны Миногмитæ æмæ сæ уæ тетрæдты ныффысут.

Фæлт. 108. Цырыхъхъ æмæ къалос.

                                                        Улæфты рæстæг

Ах. Ахæм хорз уазджытæ стут æмæ уæм иннæ сыхаг йæхæдæг рацыд. Мидæмæ уæ хоны. Йæ кулдуар уын уæрæх байгом кодта.

Саразут мивдисджытæй æртæ афоны Миногмитæ æмæ сæ уæ тетрæдты рафыссут.

Фæлт. 121.

Ах.-  Мæнæ цы диссаджы уазджытæ стут. Алы хæдзарæн дæр бæркад хæссут.

- Сыхагæй ницæййаг дæр вæййы, уыдон мæ хауы, мæнæ ацы хæдзар дæр.

( хойынц дуар, фæлæ сæм ничи кæсы) Йæ хъус дуарыл авæрдта. Ацы сыхæгтæ мæсджын сты. Хабар, уый мидæг ис æмæ сæ ныхас кæрæдзийыл нæ бады. Алкæй дæр хицæнæй цæрын фæнды. Аххуыс сын кæндзыстут?

Фæлт. 91

Ах. - Иттæг хорз!. Слестгæнджытæн бæззут. Баззад ма уын иу хæдзар. Цæмæй уыцы хæдзарæн бæркад æрхæссæм, уый тыххæй, сæвæрын хъæуы æрхæцæн нысæнттæ.

Впечатать текст.

Ах. - Уыйадыл сыхæгтыл зылд фестæм. Хорз сыхæгтæ уын ис. Кæцы сыхаг  тынгдæр фæцыд

Уæ зæрдæмæ? Цæмæй? Уæдæ, уæд сывæллæттæ дзырд радтæм уæ сыхæгты кæй нæ рох кæндзыстут.

                                 «ХОРЗ СЫХАГ-ХОРЗ  ХИОНÆй ХУЫЗДÆР У!»

Сыхаджы тыххæй цалдæр ныхасы.( æмдзæвгæ)

 Ацы сыхæгтимæ хорз куы цæрат, уæд никæм æмæ никæд фесæфдзыстут. Уыдон та уыл хадзрахатæй нæ рацæудзысты.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темᴂ: «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…» (миногми фᴂлхатын)

Урочы хᴂстᴂ:          1. Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын таурᴂгъ « Дада» - имᴂ. (А.Н.Толстоймᴂ гᴂсгᴂ), бакусын аив кастыл.2. Текстмᴂ гᴂсгᴂ сфᴂлхат кᴂнын миногми...

Миногми фалхат канын.

Ӕмбалæй зынаргъдæр а дунейыл нæй...