Темæ: Номдар. Рацыд æрмæг фæлхатын.
презентация к уроку (5 класс)

Дунетыл нæй мæнæй фылдæр, Цæрын æмбæлттимæ æнгом. Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр, Хæссын æз предметæн йæ ном.

(Номдар).

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл prezentatsiya_nomdar_5_klas.pptx1.7 МБ

Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Темæ: Номдар Рацыд æрмæг фæлхатын.

Слайд 2

НОМДАР Предметы ном æвдисæг ныхасы хай хуыйны Номдар. Дзуапп дæтты фарстатæн чи? , цы?

Слайд 3

НОМДАР ЧИ? ЦЫ?

Слайд 4

Дунетыл н æ й м æ н æ й фылд æ р, Ц æ рын æ мб æ лттим æ æ нгом. Ныхасы х æ йтт æ н д æ н с æ с æ р, Х æ ссын æ з предмет æ н й æ ном. ( Номдар ). Базон-базон.

Слайд 5

Хохы й æ цыбыр к æ рц дары. Быдыры – й æ даргъ к æ рц. (Фыс). «Æ рт æ æ фсым æ р æ н - иу хо» (фынг). Фыс æ й æ ппары, л æ г дзы х æ дон к æ ны. Уырызм æ гыл фондзысс æ дз к æ рцы.

Слайд 6

Дзыккутæ йыл уыди, æмæ чызг нæ уыди Тымбыл уыди, æмæ айк нæ уыди, Къæдзил ын уыди , æмæ мыст нæ уыди. Нæ чысыл мæсыг рæсугъд амад, Йæ алы дур дæр фидар æвæрд. Чысыл дурыны – урс Нæмгуытæ. Нæ сындзы къутæр куы ц æуы, куы тулы

Слайд 7

НОМДАРТЫ ТАСЫНДЗÆГ Н-чи? Цы? 2. Г – кæй? Цæй? 3.Д - кæмæн? Цæмæн? 4. А -кæмæ? Цæмæ? 5.И - кæмæй? Цæмæй? 6. Æ-б – кæуыл? Цæуыл? 7. Ц – кæимæ? Цæимæ? 8. Х – кæйау? Цæйау? Иууон Бирæон Æмбал Æмбæлттæ Æмбалы Æмбæлтты Æмбалæн Æмбæлттæн Æмбалмæ Æмбæлттæм Æмбалæй Æмбæлттæй Æмбалыл Æмбæлттыл Æмбалимæ Æмбæлттимæ Æмбалау Æмбæлттау

Слайд 8

Ацы нывы фæрсырдæм рæнхъыты бавæрут номдартæ номон хауæны. Скъоладзауы ахуыры бæрæггæнæнты авдисæндар. Мивдисæгæй арæзт хицæн формæйы ном. Фыййауы уæлæдарæн дзаума. Уаты дзаумайы ном. Ногдзауты атрибуттæй иуы ном. Хæдзары дзаумайы ном.

Слайд 9

1 2 3 4 5 6 Хынцинаг раст баххæстгæнгæйæ уæле дæлæмæ хæцæнгонд цæджындзы бакæсдзыстут сæрмагонд ныхасы хæйттæй иуы ном. (Номдар). Дзырдтæ дзуаппытæн: 1) боныг, 2) миногми, 3) нымæт, 4) айдæн, 5) барабан, 6) пирæн.

Слайд 10

Куыд зоныс дæ Райгуырæн Ирыстон! ( Дзырдбыд). Ацы нывы фæрсырдæм рæнхъыты бафысс цухгонд сæрмагонд номдартæ. Хынцинаг раст баххæстгæнгæйæ уæле дæлæмæ хицæнгонд цæджындзы бакæсдзынæ дæ райгуырæны ном (Цæгат Ирыстон). 1. Цæгат Ирыстоны хъæутæй иуы ном. 7. Хæххон хъæуы ном Цæгат Ирыстоны. 2. Цæгат Ирыстоны хъæутæй иуы ном. 8. Хæххон хъæуы ном Цæгат Ирыстоны. 3. Ирон аив литературæ æмæ æвзаджы Бындурæвæрæджы мыггаг. 9. Цæгат Ирыстоны хъæутæй иу. 4. Фæрнионы роман «Уады уынæры»-ы Сæйраг архайæджы ном. 10. Цæгат Ирыстоны иу совхозы ном. 5. Зындгонд советон ирон драматурджы ном. 11. Зындгонд советон ирон фыссæг, филологон наукæты доктор. 6. Цæгат Ирыстоны хъæутæй иу. 12. Хæххон хъæуы ном Цæгат Ирыстоны

Слайд 11

1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 Дзырдтæ дзуаппытæн: Лæц, Хуымæллæг, Хетæгкатæ, Цæрай, Дауыт, Иран, Карца Цымыти, Рассвет, Нарт, Джусойты Н., Нар

Слайд 12

«Цæхгæрæнтæ». Афтид кълеткæтæ баххæст кæнут дамгъæтæй афтæ, цæмæй дзы рауайа номдартæ номон хауæны (фæрсырдæм кæсгæйæ). А А А А А А А А А Дзырдтæ дзуаппытæн: абана, базар, Прагæ, сахат, атагъа.

Слайд 13

Номдарт æ в æ ййынц иум æ йаг æ м æ с æ рмагонд . Иум æ йаг н æ мтт æ сты, бир æ иумыггаг предметты н æ мтт æ чи нысан к æ нынц, уыдон (г æ ды, тетрад). С æ рмагонд номдарт æ сты, иугай предметты н æ мтт æ чи амонынц, уыдон (М æ скуы, Япон, Уырызмаг). Ирон, уырыссаг æ м æ бир æ æ нд æ р æ вз æ гты с æ рмагонд н æ мтт æ фыссынц стыр дамгъ æ й æ. Хъуыдыйады мид æ г номдар фылд æ р хатт в æ ййы с æ йрат к æ н æ æ хх æ ст æ г æ н æ ны ролы.

Слайд 14

Номдар хиц æ н к æ нын æ н ис æ рм æ ст семантикон æ м æ синтаксикон бындур — грамматик æ ты фыссынц номы категорийы тыхх æ й [1] . Иу дзырд æ н, й æ хъуыдыйады ролм æ г æ сг æ, ирон æ взаджы уав æ н и миногон æ м æ номдар: Арвы цъ æ х. ( цъ æ х куыд номдар ) Арв цъ æ х у. ( цъ æ х куыд миногон )

Слайд 15

НОМДАР Хæс: Дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнут. Фыццаг цæджындз – æнæуд предметты нæмттæ. Дыккаг цæджындз – удджын предметты нæмттæ. НАНА СКЪОЛА ÆФСЫМÆР ГОРÆТ АХУЫРГÆНÆГ ЖУРНАЛ ВЕТЕРАН ПОСТХÆССÆГ ФРАНК АЛТЪАМИ БÆРЗ ДЗОНЫГЪ КУЫРÆТ ФЫЙЙАУ ÆМБАЛ

Слайд 16

Æмбисæндты цухгонд номдартæ СÆ вæрут. 1 . Цæваг галæн йæ …. сæтты. 2. Æфсинты армæй …тæдзы. 3. Хæдзары ….. æфсиныл баст у. 4. Лæг – иудзырдон, .. – сæдæдзырдон. 5.Ирон … чъылдым не здахы. 6. Æнæ кæрддзæм …. згæ кæны. 7. Бæсты - фидауц ……… ( Сыкъа) (Сой) ( Бæркад) (Ус) (Лæг) (Кард) Сылгоймаг)

Слайд 17

Лингвистикон аргъау Морфологийы ал æ м æ ты б æ ст æ йы цардысты номдарт æ. Уыдон ах æ м æ мхуызон уыдысты, æ м æ с æ уыцы б æ ст æ йы инн æ ц æ рджыт æ кодтой х æ цц æ.*Æ мхуызон та уыдысты цы ас æ й, цы æ ддаг бакаст æ й. Дз æ вгар р æ ст æ г х æ цц æ кодтой номдарты. Уыцы æ мтъерыйы хъуыдд æ гт æ м нал уыд Морфологийы бон к æ сын æ м æ сфæнд кодта æ мхуызон номдарт æ н раттын н æ мтт æ. Алк æ м æ н д æ р куыд уа й æ хи с æ рмагонд ном. З æ гъ æ м, чызг Алин æ, л æ ппу Алан,газет «Рæстдзинад» æ. а.д. Уыцы номдарт æ æ в æ рд æ рцыдысты б æ рзондд æ р къ æ пх æ ныл æ м æ инн æ номдарты с æ рты с æ рыстыр æ й кастысты,уым æ н æ м æ фыст æ рцыдысты стыр дамгъ æ т æ й.

Слайд 18

Дзырдтæ фæпырх сты. Дыууæ цæджындзæй сæ ныффыссут. 1 – аг цаджындзы – сæрмагонд номдартæ. 2 – аг цæджындзы – та иумæйаг. Дзæуджыхъæу Секъа Батрадз кълас Уалдзæг Терек Нарт хох Рудзынг Ирыстон Фыссæг Дукани Сæрмагонд. Иумæйаг

Слайд 19

НОМДАРТÆ Иумæйаг Сæрмагонд Космонавт Юрий Гагарин Нау Восход - 1 Дукани Нарт Поэт Къоста Хох Казбек Цæугæдон Терек Лæппу Амыран

Слайд 20

Дзырдтæ фæпырх сты. Дыууæ цæджындзæй сæ ныффыссут. 1 – аг цæджындзы – конкретон номдартæ, 2 – аг цаджындзы – иппæрдон кæнæ абстрактон номдартæ. Æмбалад Чиныг Хæдзар Рудзынг Циндзинад Куырæт Бæлас Хæлардзинад Фæрæт Пурти Хъæдзæгдзинад Æндзæвын Мæнæргъы Адджын Конкретон Абстрактон

Слайд 21

Фыссæм æрбайсгæ дзырдтæ номдартæй Шифанер, Газет, Клуб, Библиотекæ, Поезд. Скъапп, Кърандаш, Расписани. Студент, Инæлар, Пъол, Скъола, Закъон, Булкъон, Къабуска. Картæ

Слайд 22

Дамгъæтæй сараз дзырдтæ 1. Дз æ ф б о ы у р г к д 2. Г б о æ л р гъ ц д а у н т м 3. С р дз къ ы т л о а г у н æ 4. Ф гъ у х æ а т р е б 5. Б ф дз и а д р æ ы н 6. Т г б л у р æ г а ы п и

Слайд 23

Хæдзармæ куыст. НОМДАРЫ ТЫХХÆЙ ÆРХЪУЫДЫ КÆНЫН ЧЫСЫЛ ГРАММАТИКОН АРГЪАУ (СОЧИНЕНИ-ÆРФЫСТ) НОМДАР

Слайд 24

АРФÆГОНД УТ!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темᴂ: «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…» (миногми фᴂлхатын)

Урочы хᴂстᴂ:          1. Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын таурᴂгъ « Дада» - имᴂ. (А.Н.Толстоймᴂ гᴂсгᴂ), бакусын аив кастыл.2. Текстмᴂ гᴂсгᴂ сфᴂлхат кᴂнын миногми...

Фонетикӕ (рацыд ӕрмӕг ныффидар кӕнын)

Урочы нысантӕ: Ӕрдзурын фонетикӕйы сусӕгдзинӕдтыл.Скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад ӕмӕ тырнындзинад  спортмӕ.Ныхасы рӕзтыл куыст.Урочы фӕлгонц: ахуыргӕнӕн чингуытӕ, текст, интерактивон фӕй...

Номдары тыххæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.«Мад- царддæтæг»

Грамматикон темæ: Номдары тыххæй  рацыд  æрмæг  бафидар кæнын.Урочы  нысантæ: 1.Номдарæй  рацыд  æрмæг  бафидар  кæнын....

Урок по теме"Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок"

Урок повторение по творчеству Коста Хетагурова....

Урочы нысан: Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ бафидар кӕнын,ахуыргӕнинӕгтӕ афӕдзы афонтӕй цы рацыдысты ,цы зонынц,уый.

Фæстиуджытæ Предметон Тексты номдартӕ агурын зонын.Хъуыдыйӕдтӕ интонациимӕ кӕсын зонын. ,Аив кастыл бакусын,тексты  мидис бамбарынӕн саразын уавартӕ,рӕстӕджы ӕууӕлта сывӕллӕттӕн раргом ...