"Хорз лаг адамай хас дары" Дзесты Куыдзаджы радзырд "Тегайы балас" - ма гасга
план-конспект урока

Лазарова Альбина Александровна

Тахуды мы йы адамы ыхсан

анусма хорз ном чи сканы цахицан!

Заххыл йа цардай чи аразы цард,

Анусондзинад уыман ис армастдар

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл lazarova.docx22.37 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темӕ: «Хорз лӕг адӕмӕй хӕс дары» Дзесты Куыдзæджы радзырд «Тегайы бӕлас»- мӕ гӕсгӕ.

Урочы эпиграф:»… Тӕхуды мӕ йӕ адӕмы æхсӕн

                                     Ӕнусмӕ хорз ном чи скӕны йӕхицӕн !                  

        Зӕххыл йӕ цардӕй чи аразы цард,

        Ӕнусондзинад уымӕн ис ӕрмӕстдӕр…»

Урочы нысантӕ: 1. Дзесты Куыдзæджы радзырд «Тегайы бӕлас»- ӕн скӕнын анализ.

2. Адӕймаг йӕ фӕстӕ хорз ном куы ныууадза, уӕд уымӕй сӕйрагдӕр кӕй ницы ис, уый сывæллæттæн бамбарын кӕнын.

3. Сывӕллæттæм гуырын кӕнын уарзондзинад сæ райгуырӕн зӕхмӕ, сӕ адӕммӕ.

4. Хистӕрӕн кад кӕнын, ӕххуыс кӕнын алкӕйы хӕс дӕр кӕй у, ууыл ӕрдзурын .

5. Ныхасы рæзтыл  бакусын.

Урочы фӕлгонц: нывтӕ, таурӕгъ, ӕмбисӕндтӕ,интерактивон фæйнæг.

Урочы цыд:  

I. Организацион куыст.  Скъоладзауты куыстӕввонг скӕнын.

II. Ахуыргӕнӕджы раныхас.

Адӕймаг. Ӕвӕдза, цас тых, цас хъару ис ацы дзырды. Алы адӕймагӕн дӕр ис нысан йӕ царды. Йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ сывӕллонӕн йӕ мад бауарзын кӕны йӕ райгуырӕн зӕхх, йӕ адӕмы. Ӕмӕ уыцы  амындимӕ райдайы фыццаг къахдзӕфтӕ кӕнын царды фӕндагыл. Тынг дӕрзӕг,гуыргъахъхъ, уӕззау ӕмӕ даргъ у уыцы фӕндаг. Ӕмӕ алкӕйы хӕс дӕр у раст, ӕнӕфӕцудгӕйӕ, йӕ сомбоныл хъуыдыгӕнгӕйӕ, йӕхицӕн йӕ адӕмы хсӕн рӕсугъд, хорз ном скӕнын, йӕ фӕстӕ ныууадзын хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фарны фӕд.

- Зӕгъут- ма, мӕ чысыл хуртӕ, куыд ӕмбарут ацы хъуыды «Йӕ фӕстӕ хорз фӕд ныууагъта»?

-Дзуӕппытӕ.

- Цавӕр зондыл хъуамӕ уа хӕст адӕймаг ӕмӕ цавӕр хӕстӕ ӕвӕра йӕ размӕ?

- Дзуӕппытӕ.

- Цӕмӕн?

Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ нӕ абоны урочы мах бӕлвырдӕй ӕрдзурдзыстӕм ӕмӕ раргом кӕндзыстӕм ацы хъуыды нӕ диссаджы уацмыс «Тегайы бӕлас» - ы фӕрцы.

- Кӕдӕм фӕцӕйцыдысты бӕлццӕттӕ ӕмӕ кӕуыл амбӕлдысты?

- «Дыууӕ мбалӕй араст стӕм хохмӕ. Дыккаг бон бахӕццӕ стӕм, Нӕзыты рагъ» кӕй хонынц ,уырдӕм.

- Цы куыста зӕронд лӕг ? (Уисӕйттӕ баста)

- Тегайы бӕласы тыххӕй куыд базыдтой лӕппутӕ?

- Куыд баххуыс кодтой лӕппутӕ зӕронд лӕгӕн?

- Ӕххуыс кӕнын хъӕуы хистӕр кары адӕмӕн? Цӕмӕн?

Ахуыргӕнӕг:   Тынг хорз, мӕ къонатӕ. Раст дзурут, хистӕртӕн ӕххуыс кӕнын хъӕуы,уымӕн ӕмӕ райсом уӕхӕдӕг дӕр хистӕры бынаты уыдзыстут. Ӕмӕ абон куыд кӕстӕриуӕг кӕнат, сымахӕн дӕр афтӕ кӕндзысты сомбон. Ӕмбисонд зӕгъы: «Цы байтауай, уый ӕркӕрддзынӕ».

- Тегайы бӕласы тыххӕй лӕг цы радзырдта бӕлццӕттӕн?

- Чи уыд Тега? Цавӕр лӕг уыд?

- Фыццаджыдӕр ӕй цӕй тыххӕй бауарзтой адӕм?

- Куыд ӕххуыс кодта адӕмӕн?

- Бӕлас куыд ныссагъта ӕмӕ йӕм куыд зылд?

- Цы йын скодта йӕ быны, цӕмӕн?

- Цӕмӕн цӕры абон дӕр йӕ ном? Рох ӕй цӕуылнӕ кӕнынц?

-  Уӕдӕ уӕм цавӕр адӕймаджы хуызӕн кӕсы Тега?

- Ныр ма мын зӕгъут, цавӕр адӕймæгты ма зонут сымах, кӕцытӕн сӕ ном баззад уӕлӕуыл, кӕцыты нӕ рох кӕнӕм ӕмӕ никуы ферох кӕндзыстӕм?

- Фыццаджыдӕр мӕ фӕнды зӕгъын, мӕ чысыл хуртӕ, дзырд «бӕгӕны» кӕимӕ баст  у ирон адӕммӕ?

- Сатанаимæ.Чи уыд Сатана?

-Нарты мад.

- Тынг хорз . Ӕмӕ нӕ бӕгӕны  цӕмӕн æмæ кæд фæхъæуы?

- Кувынмæ Стыр Хуыцау  æмæ йæ зæдтæм.

 Дуар æрбахостæуыд.

- Мидæмæ, мидæмæ!

Уазæг-Хуыцауы уазæг.

«Мæ чысыл къонатæ, мæнæ нæм уазæгуаты  дард балцæй æрбацыдысты Сатана æмæ Сырдон»

- Сырдоны ном та цæимæ баст у?

- Фæндыры фæзындимæ ирон адæммæ.

 Ӕнæ фæндыр нæй махмæ аивад. Йæ рæсугъд зæлтæ адæймаджы бауадзынц ног хъарутæ, уæнгрог кæнынц фæллад адæймаджы. Цыфæнды маст дæр ферох вæййы æмæ адæймаджы ахæссы  йæ уæлныхтыл рæсугъд хъуыдытæм.

- Кæй зонут , фæндырдзагъды дæсныйады аивады бæрзæндтæм чи схызт, уыдонæй?

- Гæздæнты Булат, Мыстулаты Ирæ, Хуытыгаты Маринæ, Туаты Светланæ, Дзуццаты Сослан, Хадыхъаты Аллæ æмæ æндæртæ.

-Уæдæ  ма мын зæгъут, не скъола кæй ном хæссы,уый?

-Джыбылаты  Заур.

- Тынг хорз. Абонмæ ма уын уыд хæслæвæрд: скæнын нывтæ уацмысмæ гæсгæ (æвдыст цæуынц нывтæ комментаритимæ)

- Ныр та, мæ хуртæ, ракæсут фæйнæгмæ. Ацы æмбисæндтæ куыд æмбарут:

1. Лæг куы бæзза, уæд адæм иууылдæр уый сты.

2. Хорз лæджы  фæд зæйы бын дæр нæ сæфы.

3. Адæмæн хорз чи кæны, уый æфстау уары.

- Ныр та ма мæм лæмбынæг æрбайхъусут. Ӕз уын бакæсдзынæн таурæгъ .

Таурæгъ.

Ис иу ахæм таурæгъ.

Кæддæр нæ адæмæн сæ цард тынг фæцудыдта. Зондджын  адæмы руаджы базыдтой, сæ къахыл та кæй слæудзысты  æрмæстдæр уæд, æмæ сæхицæн куы ссарой, йæхицæй фылдæр йæ адæмы чи уарза, ахæм паддзахы. Бирæ йæ фæцагуырдтой, фæлæ ничи разы кодта. Фæстагмæ фембæлдысты иу мæгуыр хохаг лæппуйыл. Бамбарын кодтой уымæн дæр хабар. Лæппу уайтагъд сдзырдта. «Уæдæ ма уæ каст цæмæ у, æз цæттæ дæн». Афтæ, йæ адæмы йæхицæй фылдæр чи уарзта, ахæм паддзахы фæрцы та адæм сæ къахыл слæууыдысты.

- Фæцыд уæ зæрдæмæ?

- Цæмæй?

- Сымах дæр фæндид Тегайау уыл хорз ном куы сбадид, уый?

- Дзуæппытæ.

Урочы хатдзæг: Мæ чысыл хуртæ, æз абон бамбæрстон, сымахæй алчидæр куыд æмбары йæ нысан царды, уый. Ӕмæ мæ уырны , сомбон сымах кæй уыдзыстут, йæ адæмы йæхицæй фылдæр чи уарзы,  йæ уд сын нывондæн чи хæссы, ахæмтæ. Сымах фæрцы нæ цард кæндзæн хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр . Мах, хистæрты, уырны: Тегайы хуызæттæ Ирыстоны фылдæр кæй уыдзæн, æмæ сыл кæй кæндзысты зарджытæ, радзырдтæ.

Уадз, нæ чысыл Ирыстон фылдæр кæна сахъ фæсивæдæй, æмæ уæд бонæй- бон рæсугъддæр æмæ амондджындæр кæндзыстæм.

Сымахæн та стыр бузныг.

Хæдзармæ куыст: Ныффыссут  уæ хъуыдытæ ахæм темæйыл:

«Фæнды мæн дæр Тегайау

А дунейыл номимæ цæрын».

 Ныр та мæ фæнды, нæ уазджытæн кафты бар куы раттиккам, уый!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка интерактивного урока по осетинской литературе в 8 класс е("Нарты симдма" гасга)

Урок построен на анализе сказания о Батразе по Нартскому эпосу. Присутствуют элементы исследовательской работы, интегрированного урока, урока саморазвития, используются проблемный метод, объяснительно...

Нывма гасга куыст

Хетагкаты КЪ. "Хохы ком"....

Хъомыладон сахат. "Ирон адамы удварны хазната"

Воспитательный час. " Духовные  ценности осетинского народа".Обучающиеся высказывают свою точку зрения по данному вопросу. Звучат стихи, показывают сценки.......

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе на тему "Мады харзтан бафидан най"-историон-хъайтарон зараг "Задалески Нана"-ма гасга

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе на тему "Мады харзтан бафидан най"-историон-хъайтарон зараг "Задалески Нана"-ма гасга....

Тест 5 класс Нигер " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"- ма гасга

Тест по сказке Нигера " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"-ма гасга. Самоанализ по произведению...

Нывма гасга куыст

Базонга канын нывганаджы сфалдыстадима ама саразын нывы арфыст...