Использование интерактивных методов обучения на уроках осетинского языка и литературы
учебно-методический материал
В данной работе я описала несколько интерактивных методов, которые использую на уроках.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
inter.metod_.pptx | 524.84 КБ |
faestag_azty_birae_ivddzinaedtae_aertsyd_ahuyrady.docx | 25.94 КБ |
Предварительный просмотр:
Подписи к слайдам:
Пассивон метод Ахуыргæнæг Ахуыргæнинаг Ахуыргæнинаг Ахуыргæнинаг
активон метод Ахуыргæнæг Ахуыргæнинаг Ахуыргæнинаг Ахуыргæнинаг
интерактивон метод Ахуыргæнæг Ахуыргæнинаг Ахуыргæнинаг Ахуыргæнинаг
Интерактивон метод „ Интер ‟– к æ р æ дзи , „акт‟ – архайд - к æ р æ дзиим æ архайын , Иск æ им æ ныхас к æ нын , диалог „ Зæгъ мын – æмæ йæ ферох кæндзынæн , Фенын мын кæн – æмæ йæ бахъуыды кæндзынæн , Бауадз мæ саразын – æмæ йæ бамбардзынæн “. Китайаг æмбисонд
Цæмæй сывæллон йæ хъуыдытæ рæвдздæр æ й дзура , уый тыххæй ахуыргæнæгæн йæ бон у пайда кæнын ахæм хъæугæ фæрæзтæй : « Бузныг » зæгъ йæ хъуыды кæй загъта , уый тыххæй . Кæд раст нæу , уæддæр ын æй æргомæй ма зæгъ , фæлæ иннæ сывæллæтты бафæрс , разы сты ахæм хъуыдыимæ æви нæ . Арæхдæр фæрс пассивон сывæллæтты . Иуæй-иутæ сæхи афтæ дарынц , фæлæ сæ куы бафæрсай , уæд сæм разыны тынг цымыдисон æмæ оригиналон хъуыдытæ .
Интерактивон методтæ нын æххуыс кæнынц ахæм хæстæ сæххæст кæнынæн : ----Алы сывæллон дæр хъуамæ : активон хайад иса ног æрмæг ахуыр кæныны процессы; къорды æмæ къордимæ кусын зона . ---- Ахуыргæнæг хъуамæ : предметмæ цымыдис æвзæрын кæна ; раздзоджы миниуджытæ хъомыл кæна .
М æ педагогон практик æ йы пайда к æ нын ах æ м интерактивон методт æ й «Интервью» «Телеграф» «Р æ хыс » «З æ гъ д æ хъуыды » «Ф æ нды м æ баф æ рсын » « Иртасджыт æ » «Аквариум»
Предварительный просмотр:
Интерактивон методтæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктыл.
Фæстаг азты бирæ ивддзинæдтæ æрцыд ахуырады.
«Куыд скæнон мæ урок ирддæр, хуызджындæр, цымыдисагдæр? Сывæллæттæн куыд бауарзын кæнон мæ предмет? Куыд саразон урокыл алы сывæллонæн дæр æнтыстдзинады уавæр?»
Абон ахæм ахуыргæнæг нæ разындзæн, ацы фарстатыл чи нæ ахъуыды кæны. Алы ахуыргæнæгæн дæр йæ бæллиц у, цæмæй йæ уроктыл сывæллæттæ кусой барвæндонæй æмæ тырной ног зонындзинæдтæ райсынмæ.
Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Æхсæнады ног арæзт, цардмæ ног ахаст скъолайы раз æвæры ног домæнтæ. Абон ахуырады сæйраг хæс у, æрмæст зонындзинæдтæ раттын нæ, фæлæ ма бацæттæ кæнын ахуыр кæныны процессы хæдхъом субъект.
Нырыккон ахуырады бындуры æвæрд ис куыд ахуыргæнæджы разæнгарддзинад, афтæ ахуыргæнинаджы разæнгарддзинад дæр.
Абон ахуырады сæйраг хæс у схъомыл кæнын хæдхъом, ахуыр кæнын чи зоны, йæхиуыл кусын чи зоны, æхсæнады ахæм иуæг. Адæймагæн йæ гæнæнтæ раргом кæныны фæрæз та у хибар, иртасæн æмæ хъуыды кæныны архайд. Ахуыргæнæджы хæс та у – урок сифтонг кæнын ахæм архайдæй. Афтæмæй сывæллон йæхæдæг гом кæны фæндаг зонындзинæдтæм. Зонындзинæдтæ райсын у йæ архайды, йæ куысты фæстиуæг.
Бæрæг куыд у , афтæмæй скъолайы зонындзинæдтæ раттынæн ис бирæ мадзæлттæ, методтæ, урокты алыхуызон хуызтæ. Уыдонæн ис иу хæс – алкæцы сывæллон дæр бамбара æрмæг.
Алкæцы ахуыргæнæгæн дæр ис йæхи мадзæлттæ, методтæ. Ахуыргæнæг йæ урок аразы , алы къласæн дæр йæ индивидуалон хицæндзинæдтыл æнцойгæнгæйæ.
Ахуыр кæныны методтæй рахицæнгæнæн ис æртæ :
Пассивон (1 слайд) ---
Ахуыргæнæг – сæйраг архайæг, ахуыргæнинæгтæ та – пассивон хъусджытæ.
Активон (2 слайд)---
Ахуыргæнинæгтæ пассивон хъусджытæ не сты, фæлæ урочы активон архайджытæ.
Интерактивон (3слайд) ---
Ахуыргæнæгæй дарддæр ма сывæллæттæ архайынц, кеусынц кæрæдзиимæ.
«интер» -кæрæдзи, «акт» - архайд --кæрæдзиимæ архайын, искæимæ ныхас кæнын, диалог.
Ацы мадзалæй пайда кæнын дзурæг , ахуыргæнæгæн йæ инновацион архайдыл.
Раздæр ахыргæнæджы кредо уыди: «Æз - уæ сæрмæ». Абон æй раивта «Æз – уæ фарсмæ».(4 слайд )
Ам цæвиттонæн æрхæссæн ис китайаг æмбисонд:
«Зæгъ мын – æмæ йæ ферох кæндзынæн,
Фенын мын кæн – æмæ йæ бахъуыды кæндзынæн,
Бауадз мæ саразын – æмæ йæ бамбардзынæн».(5 слайд)
Цыма цы хъуамæ араза сывæллон, цæмæй сæххæст уа нырыккон скъолайы сæйраг хæс – схъомыл кæнын удыхъæдæй рæсугъд адæймаг.
Ахуыргæнæг хъуамæ йæ куыст афтæ сараза, цæмæй ахуыргæнинаг хибарæй бæлвырд уавæртæ æмæ проблематæ скъуыдздзаг кæна , йæ гæнæнтæ æмæ зонындзинæдтыл æнцойгæнгæйæ.
Ацы хъуыддаджы та стыр ахъаз сты интерактивон методтæ.
Арæх афтæ вæййы , æмæ дзуапп фæдæттынц æрмæстдæр тыхджын скъоладзаутæ, лæмæгътæ та æнцад фæбадынц. Афтæ сахуыр вæййынц, æмæ сæ кæд истытæ фæфæнды, уæддæр нал фæуæндынц. Уымæ гæсгæ, ахуыргæнæг хъуамæ архайа, цæмæй йыл сывæллæттæ афтæ æууæндой, æмæ сæ хъуыдытæ зæгъын ма тæрсой, цæмæй барвæндонæй дзуапп дæттой, кæд раст дзуапп нæ вæййы алыхаттдæр, уæддæр. Уый тыххæй та хуыздæр уыдзæн, цæмæй сывæллæттæ арæхдæр архайой къорды. Æмæ нын ам та стыр ахъаз сты интерактивон методтæ.
Цæмæй сывæллон йæ хъуыдытæ рæвдзæйдæр дзура, уый тыххæй ахуыргæнæгæн йæ бон у пайда кæнын ахæм хъæугæ фæрæзтæй:
- «Бузныг» зæгъ йæ хъуыды кæй загъта, уый тыххæй.
- Кæд раст нæу, уæддæр ын æй æргомæй ма зæгъ, фæлæ иннæ сывæллæтты бафæрс, разы сты ахæ хъуыдыимæ æви нæ.
- Арæхдæр фæрс пассивон сывæллæтты. Иуæй-иутæ сæхи афтæ дарынц, фæлæ сæ куы бафæрсай, уæд сæм разыны тынг цымыдисаг æмæ оригиналон хъуыдытæ. (6 слайд)
Интерактивон методтæ нын æххуыс кæнынц ахæм хæстæ сæххæст кæнынæн:
----Алы сывæллон дæр хъуамæ:
активонæй архайа ног æрмæг ахуыр кæныны процессы;
къорды æмæ къордимæ кусын зона.
----Ахуыргæнæг хъуамæ:
предметмæ цымыдис æвзæрын кæна;
скъоладзаумæ раздзоджы миниуджытæ хъомыл кæна. (7 слайд)
Интерактивон методтæ бирæ сты, æмæ сæ пайда кæнын гæнæн ис урочы алы этапыл дæр.Алы ахыргæнæгæн дæр йæ бон у æрхъуыды кæна къласимæ кусыны ног хуызтæ .
Фæнды мæ æрдзурын цалдæр интерактивон методыл:
«Интервью»
Ацы методæй хорз вæййы спайда кæнын афæдзы райдайæны. Ахыргæнинаг ныхас кæны йæ фарсмæ чи бады уыимæ. Уый фæстæ радзуры, сæрд куыд арвыста йе мбал.
«Телеграф»
Æртæ къорды фæстейæ размæ сыф радæттынц, алчидæр дзы дзуапп фысгæйæ.
«Рæхыс»
Ахуыргæнинаг йæ сыхагмæ фарст дæтты. Сыхаг дзуапп ратты. Стæй та уый ратты фарст йæ сыхагмæ æмæ а.д.
«Аквариум»
Иу къорд астауæй сбады æмæ йæ иннæтæ куыд хъусой, афтæ цавæрдæр æвзарынц æмæ дзуапп агурынц иумæйагæй. Иннæтæ сæм хъусынц æмæ сын аргъ кæнынц.
«Фæнды мæ бафæрсын»
Иу къорд рахизы, иннæтæ сæм фарстатæ дæттынц. Фарстатæ æмæ хæслæвæрдтæ вæййынц алыхуызæттæ: ссарын хъуыдыйады грамматикон бындур, тексты сæйраг хъуыды æмæ а.д.
«Зæгъ дæ хъуыды»
Фæйнæгыл фыст исты актуалон хъуыды. Зæгъæм:
«Ныры рæстæджы фæцæрæн ис æнæ интернетæй æви нæ?»
Цæуынц радгай фæйнæгмæ æмæ дзурынц сæ хъуыдытæ.
«Иртасджытæ»
Ацы метод у текстимæ куыст. Зæгъæм: бакæсын текст æмæ зæгъын, цал хатты дз æмбæлы цавæрдæр дзырд; кæнæ цавæрдæр ныхасы хай; исты афыст дзы ссарын æмæ а.д. (8 слайд)
Уалыты О.А.
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
ИСПОЛЬЗОВАНИЕ ИНТЕРАКТИВНЫХ МЕТОДОВ ОБУЧЕНИЯ НА УРОКАХ РУССКОГО ЯЗЫКА
обобщение опыта работы...
Использование интерактивных методов обучения на уроках русского языка и литературы с целью развития творческих способностей учащихся
Интерактивные методы ориентированы на более широкое взаимодействие учеников не только с учителем, но и друг с другом и на доминирование активности учащихся в процессе обучения....
ЭФФЕКТИВНОСТЬ ИСПОЛЬЗОВАНИЯ ИНТЕРАКТИВНЫХ МЕТОДОВ ОБУЧЕНИЯ НА УРОКАХ АНГЛИЙСКОГО ЯЗЫКА.
Эффективность использования интерактивных методов обучения на уроках английского языка....
Использование интерактивных методов обучения на уроках английского языка как средство формирования коммуникативно-речевой и социокультурной компетентности школьников
Знание иностранных языков сегодня - не только культурная, но и экономическая потребность, условие успешной деятельности человека в самых разных сферах производства, бизнеса.Коммуникативно-речевое и со...
«Эффективность использования интерактивных методов обучения на уроках русского языка: возможности интерактивной доски» (из опыта работы)
Одной из главных задач на уроке остаётся формирование у обучающихся прочных знаний, умений и навыков. Её решению способствуют возможности интерактивной доски, позволяющие сочетать традиционные и...
ИСПОЛЬЗОВАНИЕ ИНТЕРАКТИВНЫХ МЕТОДОВ ОБУЧЕНИЯ НА УРОКАХ РУССКОГО ЯЗЫКА И ЛИТЕРАТУРЫ С ЦЕЛЬЮ РАЗВИТИЯ ТВОРЧЕСКИХ СПОСОБНОСТЕЙ УЧАЩИХСЯ
В статье рассматриваются основные виды интерактивных методов и приёмов обучения, раскрывается содержание понятия «интерактивные методы». Обобщается практический оп...
Использование интерактивных методов обучения на уроках английского языка в условиях реализации ФГОС
Актуальность данной работы в том, что в отличие от традиционного, интерактивное обучение позволяет более полно реализовать целый комплекс методических, дидактических, педагогических и психологических ...