Урок 5 къласы. Темæ: "Антонимтæ".
видеоурок (5 класс)

Битарова Вера Муратовна

Тоны мад йæ пакъуы хъазæн

Райста саби дæр йæ….. (хъазæн)


 

Сарæзта цæрæнуат халон

Цæй, ныр æй æз куыд….. (халон)

Де мгæрттимæ сабыр хъаз

Хондзысты дæ кæннод….. (хъаз)


 

Саби айвæзта йæ ком

Мигъты фæстæ разынд… (ком)

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_5_klasy.docx97.63 КБ

Предварительный просмотр:

УРОК  5 къласы. Темæ: «АНТОНИМТÆ».

Нысан: 1. Синонимтæ æмæ омонимтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

2. Ног æрмæг бацамонын æмæ йæ практикон æгъдауæй ныффидар кæнын.

3. Фæхъæздыгдæр кæнын æвзаг ног дзырдтæй æмæ сæ зонын ныхасы мидæг пайда кæнын.

Урочы цыд:

  • Бацæтæггæнæн рæстæг.
  1. Урочы нысантæ зæгъын.
  2. Цы хонæм лексикæ? Цал нысаниуæджы вæййы дзырдæн? Зæгъын сæ лексикон нысаниуæг дзырдтæн: авдæн, хос, скъæт, хæдзар, къона, хæдзаргæс, къæбиц.
  3. Цы хонæм синонимтæ æмæ омонимтæ?


  • Ссар дзырдтæн се , мбæлтты (синонимты).


Сис фад

Зæронд тæхын

Стъол къул

Дымгæ къæрных

Лидзын ацæргæ

Цырд уддзæф

Къах тагъд

Абырæг фынг


  • Куыд зоныс омонимтæ?


Лæмбынæг бакæс дыууæрæнхъонтæ æмæ цухгонд омоним бафысс бирæстъæлфыты бæсты:


Тоны мад йæ пакъуы хъазæн

Райста саби дæр йæ….. (хъазæн)


Сарæзта цæрæнуат халон

Цæй, ныр æй æз куыд….. (халон)

Де мгæрттимæ сабыр хъаз

Хондзысты дæ кæннод….. (хъаз)


Саби айвæзта йæ ком

Мигъты фæстæ разынд… (ком)


Цадмæ баппæрстон æз хъазы

Зымæджы дæр уым куы …..(хъазы).


  • Базонут уыци-уыцитæ. Ссарут дзы ныхмæвæрд дзырдтæ


1.Сæрд уæлæмæ цæуы, зымæг дæлæмæ (кæрдæг)

2. Æхсæв афтид вæййы, бон-дзаг (дзабыр)

3. Зымæг-дæлгоммæ, сæрд-уæлгоммæ (гутон)

4.Зымæг уæларвæй хауы, зæххыл-тайы (миты гæлæбу)

5. Дæлгоммæ-дзаг, уæлгоммæ-афтид (худ)

6. Разæй-фæстæмæ баст,

Фæстейæ-размæ баст,

Бынæй-уæлæмæ баст,

Уæле-бынмæ баст. (идон ).

(Сæрд-зымæг, уæлгоммæ-дæлгоммæ, æхсæв-бон, афтид-дзаг, уæларв-зæхх. Уæлæмæ-дæлæмæ, разæй-фæстæмæ, бынæй-уæлæмæ, уæле-бынмæ).

Адон сты антонимтæ. Скæнæм хатдзæг.

Цы хонæм антонимтæ?


  • Ног æрмæг ныффидар кæнын.


  1. Фæйнæгыл куыст. Куыд зоныс антонимтæ? Æмбисæндтæ антонимæй баххæстт кæнут.

Хуыцау-уæлейы, зæхх…..(бынæй).

Хорзæн бын ма скæн,….(æвзæрæн) бын ма ныууадз.

Уазæг цæттæ, …..(фысым) æдзæттæ.

Хорз мад арфæйаг у,…..(æвзæр) мад æлгъыстаг.

Сау хохæй…..(урс) дурр нæ хауы.

Хъæздыг цы нæ кæны,…..(мæгуыр) цы нæ бары.


  1. Хъазт: «Чи фылдæр?»

Скъоладзаутæ фыссынц æртæ вариантæй антонимтæ, кæцытæ æвдисынц рæстæг, тыгъдад, адæймаджы удыхъæд.


1) 2) 3)

Раджы (æрæгмæ) дард-хæстæг хивæнд-коммæгæс

Райсом (изæр) ныллæг-бæрзонд хъæлдзæг-æнкъард

Зымæг (сæрд) нарæг-фæтæн зондджын-æнæзонд

Талынг (рухс) уæле-дæле зæрдæхæлар-æдзæстуарзон

Мæйрухс (мæйдар) рухс-аууон. чъынды-рæдау

Уазал (тæвд) хурæндзаст-тарæрфыг.

Къæвда (хур)



  1. Бирæ фысджытæ æмæ поæттæ сæ уацмысты спайда кæнынц антогнимтæй, уыдон ныхас кæнынц хъæздыгдæр, ирддæр æмæ аивдæр.

Райсæм нæ гении Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Мæгуыры зæрдæ». Раффыссæм дзы антонимтæ.


  1. Хъазт «Чи тагъддæр!»

Ахуыргæнæг дзуры дзырд, скъоладзау-дзырд-антоним.


Знаг – лымæн къаддæр -стырæр

Знон – абон къæвда –хур бон

Æфснайд –змæст рог -уæззау

Зылын -раст аразын –сæттын.

кæнын– халын

Кæстæр хистæр.


  1. Байдзаг кæн таблицæ хъæугæ синонимтæ æмæ антонимтæй.


Синонимтæ

Антонимтæ

Зæронд

Æмбал

Уазал

Хъыг

Дзурын

Гыццыл

Уæрæх

Уæлæмæ

Хъарм


  1. Ахуыргæнæг: Сывæллæтæ! Акæсæм ма нæ алыварсмæ. Лæмбынæг куы, ркæсæм, уæд дзы ссардзыстæм бирæ антонимтæ. Æркæсæм ма афæдзы афоны нывтæм æмæ дзы ссарæм антонимтæ.

hello_html_711b072.jpghello_html_35ea839a.jpg


  1. Алчидæр нæ уарзы музыкæ. Уый вæййы алыхуызон. Байхъусæм ма цалдæр музыкалон скъуыддзагмæ æмæ сын ссарæм дзырдтæ-антонимтæ.
  2. Х\К. Æрхъуыды кæнын гыццыл сочинени-аргъау. Спайда дзы кæнын антонимтæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ирон авзаджы урок 10-ам къласы

Мивдисæджы грамматикон категоритæ.Фæлхат....

Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»                        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

Ирон æвзаджы урок 6-æм къласы. Темæ: Афæдзы афонтæ Грамматикон темæ: Миногоны бæрцбарæнтæ.

Открытый  урок по теме "Степени сравнения имен прилагательных. речевая тема: "Времена года"...

Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Нысантæ: хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæахуы...

Темæ: « Антонимтæ». Ныхасы темæ: «Музыкæйы дуне».

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы...