Урок-презентаци: "15 - май ирон æвзаджы æмæ литературæйы бæрæгбон".
презентация к уроку (11 класс)

Битарова Вера Муратовна

Ирон æвзаг, ирон фарн. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ. Нæ ирон фарны ис нæ удыхъæды адæймагдзинад æмæ нæ рæстдзинад. Ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзиуыл, ирон æгъдæутты бындуртæ сты нæ рагфыдæлты ариаг дины, Заратустра кæй бабæстон кодта, уым. Раздæр адæм хъуыды кодтой зæхх – лæууы æртæ пылыл. Зæхх нæ, нæ ирондзинад лæууы æртæ пылыл: ирон æвзаг, ирон фарн, ирон æгъдау.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok-prezentatsi.docx838.77 КБ

Предварительный просмотр:

Урок-презентаци: «15 – май ирон  æвзаджы æмæ литературæйы бæрæгбон».

1 слайдНæ рæсугъд мадæлон æвзаг.

Описание слайда:

Нæ рæсугъд мадæлон æвзаг.

2 слайдТемæ: Литературон-музыкалон изæр. «Нæ рæсугъд мадæлон æвзаг». Нысан: 1. Скъол

Описание слайда:

Темæ: Литературон-музыкалон изæр. «Нæ рæсугъд мадæлон æвзаг». Нысан: 1. Скъоладзаутæн бамбарын кæнын мадæлон æвзаджы ахадындзинад царды. 2. Ахуыргæнинæгты зæрдæты райхъал кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад, аудындзинад æмæ йæ сомбоныл хъуыды кæнын. 3. Зонын æмæ аргъ кæнын æвзагзонынады ахуыргæндты, фысджыты, поэтты. Эпиграф: Ирон æвзагыл равдисæн ис тæккæ уæздандæр, арфдæр æмæ тыхджындæр хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Уыцы хорз æууæлтæй хайджы цы æвзаг уа, уымæн мæлæн нæй» ( Плиты Грис).

3 слайдИрон æвзаг, ирон фарн. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы, сæрыстыр кæмæй с

Описание слайда:

Ирон æвзаг, ирон фарн. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ. Нæ ирон фарны ис нæ удыхъæды адæймагдзинад æмæ нæ рæстдзинад. Ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзиуыл, ирон æгъдæутты бындуртæ сты нæ рагфыдæлты ариаг дины, Заратустра кæй бабæстон кодта, уым. Раздæр адæм хъуыды кодтой зæхх – лæууы æртæ пылыл. Зæхх нæ, нæ ирондзинад лæууы æртæ пылыл: ирон æвзаг, ирон фарн, ирон æгъдау.

4 слайдФыдыбæстæ… Ныййарæг зæхх… Мадæлон æвзаг! Фыдæлтæй нын цы стыр хæзнатæ баззад,

Описание слайда:

Фыдыбæстæ… Ныййарæг зæхх… Мадæлон æвзаг! Фыдæлтæй нын цы стыр хæзнатæ баззад, уыдон. Куыд адджын æмæ кыд хæстæг сты зæрдæмæ ацы ныхæстæ! Цыдæр хъармдзинад бауадзынц адæймаджы буары, цæстытыл ауайынц бæрзонд хæхтæ, дидинæгджын фæзтæ, хæл-хæлгæнаг дæтты уынæр, цъиуты зард. Уый Ирыстоны алæмæты æрдз. Уый Иры зæххыл хъуысынц нæ рæсугъд ирон æвзаджы мыртæ. Зарæг: «Мæ Ирыстон».(Слайдтæ).

5 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img4.jpg

Описание слайда:

6 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img5.jpg

Описание слайда:

7 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img6.jpg

Описание слайда:

8 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img7.jpg

Описание слайда:

9 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img8.jpg

Описание слайда:

10 слайдХъæздыг æмæ æвидигæ у мадæлон æвзаг ирон адæмæн. Мадæлон æвзаджы ахадгæ къæби

Описание слайда:

Хъæздыг æмæ æвидигæ у мадæлон æвзаг ирон адæмæн. Мадæлон æвзаджы ахадгæ къæбицæй айдæнау зынынц адæмы æппæт культурæ æд цин, æд маст, къуыхцытæ æмæ æнтыстытимæ. Ныййарæджы номимæ баст у алы адæмон æвзаг дæр. Ирон адæм æй хуымæтæджы йæ номæй нæ рахуыдтой. Уымæй йæ базонæм, æппæты фыццаг уымæй фехъусæм йæ зæлланггæнаг мырты зард. Уый фæрцы сын банкъарæм сæ тых, сæ намыс. Æмдзæвгæ: «Мадæлон æвзаг».

11 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img10.jpg

Описание слайда:

12 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img11.jpg

Описание слайда:

13 слайд1899 азы, 15 майы Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нæ уарзон п

Описание слайда:

1899 азы, 15 майы Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт – Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр». Сæдæ азы фæстæ та – 1999 азы нæ республикæйы президент Дзасохты Алыксандр рауагъта Указ, 15 май куыд суа- ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон.

14 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img13.jpg

Описание слайда:

15 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img14.jpg

Описание слайда:

16 слайдУалдзæг нæм фарны къах куы æрбавæры, уæд Ирыстоны дзыллæтæ 15 майы кадджын уа

Описание слайда:

Уалдзæг нæм фарны къах куы æрбавæры, уæд Ирыстоны дзыллæтæ 15 майы кадджын уавæры сбæрæг кæнынц- Ирон æвзаджы бæрæгбон. Цалынмæ адæм нæ фесæфта йе взаг, уæдмæ йæ фарн цæры. Йæхи æцæг ирон чи хоны, йе взаг стыр хæзнайыл чи нымайы. Йæ сыгъдæгдзинадыл тох чи кæны, цытджын Къоста фидар бындур кæмæн сæвæрдта, уыцы æвзаг æмæ литературæ никуы фесæфдзæн. Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы æвзæгтæ Нæ дзы æвзарын хæстæг æмæ дæрддаг. Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ, Æрмæстдæр ды- нæ мадæлон æвзаг! Æмдзæвгæ: «Ирон æвзаг».

17 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img16.jpg

Описание слайда:

18 слайдАбон бæрæг кæнæм ирон æвзаджы бæрæгбон. Уæдæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ фæндыр

Описание слайда:

Абон бæрæг кæнæм ирон æвзаджы бæрæгбон. Уæдæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ фæндырæй, æнæ зарæгæй. Æмдзæвгæ: «Фæндыр- фыдæлты хæзна». Видеоклип. Зарæг: «Æз ирон чызг дæн». (Слайдтæ).

19 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img18.jpg

Описание слайда:

20 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img19.jpg

Описание слайда:

21 слайдÆвзаг у царды ахсджиагдæр фæрæз, нæ ирон адæмы иузæрдиондзинады æвдисæн, райг

Описание слайда:

Æвзаг у царды ахсджиагдæр фæрæз, нæ ирон адæмы иузæрдиондзинады æвдисæн, райгуырæн бæстæмæ нæ зæрдæйы цин, нæ уарзондзинады æвдисæн. Мадæлон æвзаг! Цас рæсугъд æмæ аив хъуыдытæ сæвзæрын кæны адæймаджы зæрдæйы. Куыд зынаргъ у. Цы диссаг у йæ ахадындзинад. Адæймаг æцæгæлон ран куы фехъусы йæ мадæлон æвзагыл ныхас, уæд ыл цыма æнтæф бон сатæг дымгæ сæмбæлд, цама йыл ныййарæг мад баузæлыд, уыйау æхсызгон вæййы. Æвзаг у не стырдæр аудинаг нæ нацийы историон æмæ ирон адæмы культурон хæзна. Æмдзæвгæ: « Нæ рæсугъд мадæлон æвзаг».

22 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img21.jpg

Описание слайда:

23 слайдИрон æвзагыл цæрæнбонты фыстой æмæ фысдзысты сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ фысджытæ æ

Описание слайда:

Ирон æвзагыл цæрæнбонты фыстой æмæ фысдзысты сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ фысджытæ æмæ поэттæ. Уыдоны æмрæнхъ лæууынц æвзагзонынады ахуыргæндтæ. Ирон æвзагыл бирæ бакуыста академик Андрей Шегрен. Цард 1794-1855 азты. Шегрен дыууæ азы фæцар Ирыстоны. Æмæ сахуыр кодта ирон æвзаджы диалекттæ Сæрдæй-зымæгæй зылди ирон хъæутыл, ахуыр кодта ирон адæмы истори æмæм æвзаг. Ныффыста чиныг «Ирон грамматикæ».

24 слайдИрон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл ноджы фылдæр хæрзты байыд академик Всеволод

Описание слайда:

Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл ноджы фылдæр хæрзты байыд академик Всеволод Миллер. Цард 1848-1925 азты. Фыццаг хатт Ирыстонмæ сæфтыд 1979 азы хæрз æрыгонæй. Уæдæй фæстæмæ Ирыстоныл фæзылд цыппар сæрды дæргъы. Ирон адæмы цардыуаг Миллеры зæрдæмæ ноджы тынгдæр бахызт. Не взагимæ ахуыр кодта фольклор, этнографи, археологи. Истори. Тынг хорз базыдта ирон æвзаг æмæ æнцонæй дзырдта ирон куырыхон хистæртимæ, лæмбынæг хъуыста кадджытæм, аргъæуттæм. æмбисæндтæм.

25 слайдФрацузаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль Ирыстоны зæххыл никуы рлæууыд, фæлæ бын

Описание слайда:

Фрацузаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль Ирыстоны зæххыл никуы рлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, уыдонимæ туркаг ирæтты æвзаг, истори æмæ адæмы сфæлдыстад, уæлдайдæр та нарты кадджытæ. Нарты кадджыты кæд ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл , уæд Жорж Дюмезиль загъта: « Уыцы диссаг дзырддаг нæу. Уымæн нæу, æмæ æвзаг æмæ фольклорæй ирæттæ индоевропейаг адæмты традицитæ бахъахъхъæныгмæ.

26 слайдАбайты Васо уыд стыр ирон ахуыргонд, лингвист. Райгуырд 1900 азы хæххон хъæу

Описание слайда:

Абайты Васо уыд стыр ирон ахуыргонд, лингвист. Райгуырд 1900 азы хæххон хъæу Къобы, Арвыкомы фæндаджы был. 1925 азы каст фæци Ленинграды университет. Уæдæй фæстæмæ куыста æвзагзонынады æмæ ахуыры алы къабæзты. Раиртæста бирæ ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстатæ. Йæ куыстытæй уæлдай ахадгæ дæр сты6 «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты эпос», «Уырыссаг ирон дзырдуат», «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат». Васойы зонынц алы бæстæты дæр æмæ йын стыр аргъ кæнынц йæ зонадон куысты тыххæй. Абайты Васо нымад у ирон æмæ ирайнаг æвзагзонынады тæккæ зындгонддæр æвзагиртасæгыл.

27 слайдИрон удыхъæдæй уынгæг хæхты цъассытæй бирæ дарддæрмæ чи касти æмæ нæ фидæн чи

Описание слайда:

Ирон удыхъæдæй уынгæг хæхты цъассытæй бирæ дарддæрмæ чи касти æмæ нæ фидæн чи уыдта, ахæм куырыхонтæ уыдысты: Æгъуызаты Иуане, Хъаныхъуаты Инал, Хетæгкаты Къоста. Гæдиаты Секъа, Дзасохты Гиго, Гæдиаты Цомахъ, Нигер æмæ бирæ æндæртæ. Мах абон ныллæг кувæм нæ сæртæй, не взаг абон кæй руаджы зæлы, нæ уыцы разагъды лæгтæн. Зарæг: «Ирон дзырд».

28 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img27.jpg

Описание слайда:

29 слайдАхсджиаг у мадæлон æвзаг, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг.

Описание слайда:

Ахсджиаг у мадæлон æвзаг, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг. Уый афтæ куы нæ уаиæ, уæд мах абон куыд хъусиккам, æмбариккам ирон адæмы уарзон фырт, нæ сæрхъуызой- Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ? Æвæдза ирон адæм тынг амондджын сты , уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса – Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста Кады тырысайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ уыдзæн æмæ искуы тырыса дæлæмæ куы руадзæм. Æмдзæвгæ: «Нæ Иры намыс». (Слайдтæ Къостайы къамтæ).

30 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img29.jpg

Описание слайда:

31 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img30.jpg

Описание слайда:

32 слайдАлы æвзаджы хъысмæт дæр аразгæ у йæ адæмæй. Уыдон сты йæ сафæг дæр æмæ йæ ара

Описание слайда:

Алы æвзаджы хъысмæт дæр аразгæ у йæ адæмæй. Уыдон сты йæ сафæг дæр æмæ йæ аразæг дæр. Видеоклип: Кæд дæхи хоныс ирон, уæ дæ мадæлон æвзаг зон». Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм цæсты гагуыйау нæ фыдæлты хæзна – нæ мадæлон æвзаг, уæм сæрыстыр нæ Ирыстонæй, не гъдау, нæ адæмæй. Æмдзæвгæ: « Ирон æвзаг».

33 слайдДЗУРУТ Н Æ ФЫДÆЛТЫ ÆВЗАГЫЛ.

Описание слайда:

ДЗУРУТ Н Æ ФЫДÆЛТЫ ÆВЗАГЫЛ.

34 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img33.jpg

Описание слайда:

35 слайдФæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Уыдон сты æнæфенд, цы

Описание слайда:

Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Уыдон сты æнæфенд, цыбыр зонды хицау. Йе взагыл былысчъил чи кæны, уымæй хорз адæймаг никуы рауайдзæн., уымæ хорз фидæн не нхъæлмæ кæсы, мæнæ бæласыл бадгæйæ, къалиу йæ быны, чи лыг кæны, уый хуызæн. Æмдзæвгæтæ; «Уайдзæф». « Не взаг – нæ хæзна». « Сагъæс». Сценкæ.

36 слайдАбон мах куыд бамбæрстам, афтæмæй « Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй». Афтæ фыс

Описание слайда:

Абон мах куыд бамбæрстам, афтæмæй « Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй». Афтæ фыста Айларты Михал. Афтæ хъуамæ хъуыды кæна алы æцæг ирон дæр. Æмдзæвгæ: «Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй». Видеоклип: «Хистæрты ныстуан». Уæдæ не взаджы хъысмæт аразгæ у не ппæтæй дæр æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм. Уарзæм нæ мадæлон æвзаг, мадæй зынаргъдæр нæй, мады руаджы базонæм, цы взагыл дзурæм, уый æмæ йын кад кæнын хъæуы цæрæнбонты. Æппæт архайджытæ дæр рацыдысты æмæ иумæ дзурынц радгай куплетгай ирон æвзаджы тыххæй.

37 слайдО, ме сфæлдисæг, стыр Хуыцау! Æз арфæгонд фæдæн дæуæй- Кæй мæ раттай зæххыл И

Описание слайда:

О, ме сфæлдисæг, стыр Хуыцау! Æз арфæгонд фæдæн дæуæй- Кæй мæ раттай зæххыл ИРОНÆЙ.

38 слайдhttps://ds01.infourok.ru/uploads/ex/0a9b/00001e22-22bddc0f/310/img37.jpg

Описание слайда:


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджы уроктæм.

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджыуроктæм.Ныхасы культурæ æмæ коммуникативон этикæ....

Ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытæ

Урочы хуыз: урок-хъазт.Урочы нысантæ:  ахуырадон:- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ,          базон-базонтæ, æнгом дзырдбæстытæ, дзырд...

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат иннæ ‘взæгты ‘хсæн.

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат  иннæ ‘взæгты  ‘хсæн....

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Урок-презентация в 11 классе по татарской литературе для русскоязычных детей

Тема. Фоат Садриевның Әлмәт дәүләт татар драма театры белән эшчәнлеге. Максат: бер төбәктә яшәүче  һәм иҗат итүче  күренекле прозаик, драматург, Г. Тукай исемендәге Дәүләт премиясе лауреаты ...

Ирон æвзаджы урок

Ирон æвзаджы урок 7 «Г» къласы    Темæ: «Хъæбатыртæ нæ мæлынц»      Ахуыргæнæг:Цæлыккаты Дзерассæ   Урочы темæ:Хъæба...

Хæслæвæрдтæ ирон æвзаджы уроктæм.

Бакæс æмдзæвгæйæ скъуыддзаг. Базон авторы? Бахахх кæн æмхъæлæсонтæ æзылангон цы дзырдты сты, уыдон.Дæумæ дзурын мæ бæлас,Мæ цард æмæ мæ дарæг.Фехъус, мæ хур, мæ ныхас.Радзурон дын мæ зарæг....