Ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытæ
план-конспект урока (5 класс) на тему

Битарова Светлана Шамильевна

 

Урочы хуыз: урок-хъазт.

Урочы нысантæ

ахуырадон:

- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ,          базон-базонтæ, æнгом дзырдбæстытæ, дзырдмæ-дзырд, тагъддзуринæгтæ);

рæзын кæныны:

- къордты куыстмæ арæхстдзинад,

- райрæзын кæнын сфæлдыстадон гæнæнтæ,

- бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл;

хъомыладон: 

- мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.  

 

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon tsykurayy_faerdguytae.doc104 КБ

Предварительный просмотр:

5-æм кълас

Темæ: Ирон æвзаджы  цыкурайы фæрдгуытæ.

Урочы хуыз: урок-хъазт.

Урочы нысантæ:  

ахуырадон:

- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ,         базон-базонтæ, æнгом дзырдбæстытæ, дзырдмæ-дзырд,         тагъддзуринæгтæ);

рæзын кæныны:

- къордты куыстмæ арæхстдзинад,

- райрæзын кæнын сфæлдыстадон гæнæнтæ,

- бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл;

хъомыладон: 

- мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.  

Урочы фæлгонц:  слайдтæ æмбисæндтимæ, базон-базонтæ æмæ фразеологион дзырдбæстыты хъуыды бацамонынæн.

Скъоладзаутæ кусынц къордты. Алы къорды раз дæр – чысыл шкатулкæ фæрдгуытимæ, судзин æндахимæ, лыггонд тымбыл карточкæтæ.

   I. Ног æрмæгмæ бацæуæн.

Ахуыргæнæг:

        Зæгъут-ма, нæ бафæлладыстут уæ дард балцы фæстæ? Равдисут-ма уæдæ уæ зæрдæйы уаг. (Смайлики). Куыд кæсын, афтæмæй нæ бафæлладыстут. Æмæ цæмæй хъуамæ бафæлладаиккат,  лексикон (зымæгон) хъæды сыгъдæг уæлдæфы тезгъо кæнгæйæ?

Абон нæ урочы базонгæ уыдзыстæм,  ирон адæм цæрæнбонты кæй æмбырд кодта, æмæ нæм афтæмæй нæ фыдæлтæй чы ‘рхæццæ, уыцы  ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытимæ.

Цы у цыкурайы фæрдыг,  цы нысан кæны, кæм фембæлæн ис цыкурайы фæрдыгыл, уыцы фарстатæн нын дзуапп ратдзысты

нæ чысыл иртасджытæ……. Бацæттæ  кодтой презентаци раныхасимæ.

Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады: кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, æмбисæндты.

        Нарты кадджыты разныхасы нын амонынц: «Зынаргъ дуры мыггаг. Ам: мард æгас кæныны, цæфтæ дзæбæх кæныны тых кæмæ ис, ахæм фæрдыг. Ома, цы курай, уый дæтты». Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ цыкурайы фæрдыг байсынц калмы дзыхæй, вæййы афтæ дæр æмæ йæ калм йæхæдæг адæймаджы къæсæрыл ныууадзы.

Цыкурайы фæрдыджы  кой  æрмæст адæмон сфæлдыстады нæй, таурæгъон сты  йæ фылдæр миниуджытæ. Æнæ уый та уыд æмæ ис Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр кæмæдæрты.

        «…Цыкурайы фæрдыг  хæдзарæн  у йæ ахсджиаг хæзна æмæ йæ амонд… Уыцы дур вæййы тымбыл, хъæдуры гагайы кæнæ бæлоны айчы йас, хуызæй чысыл бурбын æмæ рæсуггомау, талынджы дæтты тынг фосфорон рухс. Рагон таурæгътæм гæсгæ, бафты æрмæст «амондджын адæймаджы къухы», - фыссы Къоста йæ этнографион очеркы.

        Цыкурайы фæрдыджы фылдæр хуызтæ сбæлвырд кодта Ручъы цæрæг Дауыраты Н. Сырх фæрдыг – æрвхуыз, сау æмæ урс тæлмытимæ; Урс  - æрвгъуыз фæлтæмæнимæ – æхсыры бæркады Цыкурайы фæрдыг; Сау – æнæзæнæг устытæн цотдæттæг фæрдыг; Бургонд – хæдзары фосы бæркадыл æфтауæг; Урс – тар фæлтæмæнимæ, уыд хъæздыг тыллæджы фæрдыг; иухуызон сырх – дæсны фæрсынæн.

        Алы аз дæр иу хатт, Цыкурайы фæрдыг кæй хæдзары уыд, уый йæ номыл сæрмагондæй кодта æртæ уæливыхы, фылдæр хатт  - Ногбоны. Æвæрд  уыд тарф бынаты, æцæгæлоны цæст ыл куыд никуы аныдзæвдаид, ахæм ран, къоппы хуылфы, цыллæ кæнæ урс бæмбæджы тыхтæй. Хæдзары хистæр-иу æй æртæ чъирийы сæрыл æрæвæрдта. Æрмæстдæр уыцы бон уыд фадат бинонтæн йæ фенынæн. Скуывтой йын-иу, стæй йын йæ хуыз, йæ уагмæ гæсгæ бæрæг кодтой, афæдз сыл куыд ацæудзæн, уый. Кæд райдзаст хуыз æвдыста, уæд бинонтæ æнхъæлмæ кастысты амондджын, цинаг хъуыддагмæ, тар хуыз-иу куы æвдыста, уæд та – æнамонддзинадмæ. Зæгъынц, Цыкурайы фæрдыджы, дам-иу, дурыны царвыл æрæвæрдтой: кæд-иу йæ бынмæ ацыд, уæд афæдз нымадтой амондджыныл.

        Зæгъынц, Ирыстоны, дам, цас фылдæр Цыкурайы фæрдгуытæ уа, уый бæрц ыл Стыр Хуыцау фылдæр ауды. Уæлдайдæр та кувæндæтты куы уой, уæд.

        Цыкурайы фæрдыджы цаутæ баст сты абоны цардимæ дæр. Хъахъхъæдуры цæрæг ус Гæджынонæн йæ цæстыты раз кæлмытæ кæрæдзиуыл стыхстысты æмæ къуыбылойæ дæлæ фæтулынц. Йе ‘муд куы æрцыд, уæд кæсы, æмæ йæ разы Цыкурайы фæрдыг. Хуыцауæй лæвæрд ын уыд,  æмæ нæ фæтарст, систа йæ æмæ йæ рахаста. Йе ‘гъдау ын скодта.  Уыцы Цыкурайы фæрдыг, дам, Ирыстонæн амонды нысан у.

        Бузныг уæ раныхасæй. Цы цыкурайы фæрдыджы кой ракодтат, уый та нæ Ирыстонæн æцæгæйдæр амонды хос уæд.

    II. Ног æрмæгыл куыст.

        Хуымæтæджы уæ не сбадын кодтон æртæ  къордæй. Балцы æмзондæй, æмвæндæй, хæларæй архайдтат. Ныр та æртæ къордæй ерыс кæндзыстут. («Нанайы къонатæ», «Нанайы хуртæ», «Нанайы бæдултæ»).

Алы къорды раз дæр – аив къопп фæрдгуытимæ, судзин æндахимæ, тымбыл лыггонд карточкæтæ. Уæ дзуæппытæм гæсгæ æндахыл кæнындзыстут фæрдгуытæ.  Хъазты кæронмæ кæй фæрдгуытæ даргъдæр уыдзысты, уыцы къорд фæуæлахиз уыдзæн. Уым нын феххуыс кæндзысты жюрийы уæнгтæ.

Уæдæ райдайæм нæ ерыс.

        1. Ирон ныхасы цыкурайы фæрдгуытæн сæ фыццаг цы у, уый

базондзыстут нывмæ гæсгæ.

Дзуапп: Хæфсæн йæ лæппын – хуры тын.

 Цы у уый? Куыд схондзыстæм фыццаг цыкурайы фæрдыг?

1-аг цыкурайы фæрдыг у æмбисонд.

Беседæ: Цы у æмбисонд?

        Æмбисæндтæ сты ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады зынгæ æвæрæн.

Зæгъут-ма цы хонæм æмбисæндтæ?

Æмбисонд у чысыл зондамонæн хъуыды.

 Уыдон сты цыбыр уацмыстæ, фæлæ сæ хъуыдымæ гæсгæ та сты арф æмæ ахадгæ.

 Æвдисынц адæмы цард, зонд, хъуыдытæ, бæллицтæ æмæ сæ цæстæнгас цардмæ.

1) Хъазт «Æмбисæндтæ нывмæ гæсгæ базонын».

«Иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны».

«Уасаг гæды мыст нæ ахсы».

«Урс хохæй сау дур нæ ратулдзæн».

«Мыст къахта, къахта æмæ йæхицæн гæдыйы сæр ракъахта».         (выключить компьютер)

2)  Хъазт    «Чи фылдæр».

Ахуыргæнæг: Фылдæр æмбисæндтæ уæ чи зоны, уый сбæрæг уыдзæн ацы хъазты фæрцы. Æмбисæндтæ райсдзыстæм  ахæм  темæтыл «Хистæр æмæ кæстæр», «Бинонтæ», «Зонд», «Хæдзар».

Алы æмбисондæн дæр  уæ халыл  иу фæрдыг кæндзыстут.

                Бинонты цард.

        Хæдзары ‘гъдау хистæрæй цæуы.

        Хæдзарæй хæдзармæ дæр хицæн æгъдау ис.

        Ногбонæхсæвы йæ хæдзар чи нæ ‘рцагура, уый бинонтыл

        нымад нæ вæййы.

        Адæймагмæ хæдзары цы номæй дзурой, æдде дæр æм уыцы         номæй дзурынц.

        Бинонтæ ‘мзонд куы нæ уой, уæд сæ хæдзар уазалы смаг         кæны.

        Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ Хуыцау дæр уарзы.

        Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ бæркад бирæ у.

        Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц.

                Хæдзар

        Хæдзар цы хъæуы нал и, уый хъæууат у.

        Зæрватыкк дæр ма йæхицæн хæдзар кæны.

        Хæдзаргæнæг йæхи дæр нæ уарзы.

        Бындур фидар куы уа, уæд ыл сис æнцон амайæн у.

        Фæздæг цы хæдзарæй нæ цæуы, уый – лæгæт.

        Мыст, гæды, куыдз цы хæдзары нæй, уый хæдзар дæр нæу.

                Хистæр æмæ кæстæр.

        Хистæрæн – хистæры ран, кæстæрæн – кæстæры ран.

        Хистæр – зондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.

        Хистæрæн йæ фындз асæрф, æмæ йæ зондæй бафæрс.

        Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны фæтк нæй.

        Кæстæры лæггад – хистæрæн зæрдæрухс.

        Хистæр зондамонæг у.

        Æнæ хистæрæй æмæ æнæ кæстæрæй хæдзарæн цæрæн нæй.

                Зонд

        Стыр зонды стыр тых и.

        Зонд дуне йæхи бакодта..

        Зонд тыхæн æмбал нæу.

        Зондджын сæрæй архайы,  æдылы та – тыхæй.

        Зонд хурæй рухсдæр у.

        Искæй зондæй цæрæн нæй.

        Зондджын лæг йæ ныхас дыууæ хатты нæ кæны.

3)  Хъазт    «Цавæр æмбисонд у?»

Къордтæ кæрæдзийæн рагацау бацæттæ кодтой хæс: нывтыл æнцой кæнгæйæ, къухты змæлдæй, мимикæйы фæрцы, пантомимийæ иу командæ иннæмæн архайы æмбисонды хъуыды бацамоныныл. Иннæ командæйы уæнгтæ хъуамæ базоной, цавæр æмбисонд у, уый. Ацы хъазтæн аргъ скæндзысты жюрийы уæнгтæ. (алы раст дзуаппæн дæр – иу фæрдыг)

«Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты».

«Судзины фындзæй зæрдæ скъах,                                 1 къорд

 судзины бынæй – зæрдæ балхæ».

                        

      «Йæ иу къухæй кæрдгæ кодта,                                                2 къорд

        иннæ къухæй- хуыйгæ».

      «Зæрдæйæн дæр зæрдæ ис».

«Фæткъуы бæласыл кæрдо нæ зайы».

«Цы байтауай, уый æркæрддзынæ».                                   3 къорд        

                                                                        

4)   Æмбисæндты хъуыды бацамонын.

        ( Æмбисæндтæ карточкæты фыст алы къордæн дæр)

«Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы».

«Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы».                                1 къорд

«Бæласы фидауц йæ сыфтæртæ сты,

адæймагæн та – йæ удыхъæд»                                        2 къорд

«Æнæ дон ранæй дон рауадздзæн».

«Кæстæрæн хистæры раз дзурыны фæтк нæй»

«Куыстæн йæ сæр – сындз, йæ бын – сой».                        3 къорд

Æмбисæндты тыххæй хатдзæгтæ скæнын.

Æмбисæндтæ нæ цæуыл ахуыр кæнынц?

Ахуыргæнæг: Бакæсут-ма ахуыргæнæгмæ. Цымæ цæмæн ныххæцыд йæ дыууæ къухæй йæ дзыхыл? Цы нын зæгъынмæ хъавы уымæй? Цавæр дзырдбаст зæгъæн ис ацы архайдмæ? Дзыхыл хæцын. Æмæ кæд фæзæгъынц ацы дзырдбаст?

        Искæдæм  тагъд чи фæкæны, фæлæ ацæуыны фадат кæмæн нæма вæййы, уымæй та куыд фæзæгъынц? Сындзытылл бадæгау (ныв).

Ацы дзырдбæстытæ та куыд схонæн ис? Уыдон дæр æмбисæндтæ сты?

Дзуапп: Нæ, уыдон  та  сты фразеологизмтæ. 

Фразеологизмтæ сты æнгом дзырдбæстытæ, вæййынц дыууæ кæнæ фылдæр дзырдæй конд, кæцытæ нæй кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн.

Фразеологизмты нысаниуæг  комкоммæ не ‘мбарæм, ис сын ахæсгæ нысаниуæг. Фразеологизмтæ ахуыргæнгæйæ рæзы нæ ныхасы хъæд, хъæздыг кæны нæ дзырдуат, ома нæ æвзаг рæсугъддæр æмæ аивдæр кæны.

2. Ахуыргæнæг: Уæдæ нæ дыккаг цыкурайы фæрдыг – æнгом дзырдбæстытæ (фразеологизмтæ)

Ерыс кæнынмæ дарддæр цæттæ стут? (выключчить компьютер)

        1) Ацы æнгом дзырдбæстытæ баивут синонимтæй. (карт.)

Мæ къæхтæ мæ быны нал цыдысты. (бафæлладтæн)

Йæ фæрсчытæ йын банымадтой. (фæнадтой)

Авд хохы фæстæ (дард).

Зæххы скъуыды ныххауд (æрбайсæфт).

Цæсты фæныкъуылдмæ (тагъд).

Лæппуйæн йæ цæстытæ рабырыдысты (тынг бадис кодта)

2) Ныр та ирон фразеологизмтæм уырыссаг æвзаджы эквивалент ссарын. (сæ хъуыдымæ гæсгæ ссарын æнгæс æнгом дзырдбæстытæ). Ныффыссын сæ карточкæты æмæ сæ раттын жюрийы уæнгтæм) – уыцы рæстæг слайд фæйнæгыл раст дзуæппытимæ. Зарæг «Цыкурайы фæрдыг».

Фындз  æруадзын -  вешать нос.

Цæхæртæ калын – метать громы и молнии.

Арсы хъуыны мæлдзыг. – капля в море

Худæгæй мæлын - Помирать со смеху

Цæсты гагуыйау        - как зеницу ока.

Æмæ иннæрдæм – уырыссаг фразеологизмтæм ирон æвзаджы эквиваленттæ ссарын.

         Плечом к плечу –  уæхски-уæск

Попасть на язык –  искæй  дзыхы бахауын;

Яблоку негде упасть –  къух бакæнæн нæй, æрлæууæн дзы нæй

Сидеть как на иголках –  сындзытыл бадæгау

Только пятки засверкали – цыппæрвадыгæй ныййарц уæвын.

         

3) Фразеологион дзырдбаст нывмæ гæсгæ базонын.

                Сæрыл хъен лæууын.

                Куыдз æмæ гæдыйы цард кæнынц.

                Йæ уд йæ къæхты бынæй атахт.

                Хъустæ фæхъил кæнын.

                Бабуцайы ныхæстæ.

                Йæ фæрсчытæ  йын банымадтой.

4. Ныр та хылтæ æмæ нæмыны тыххæй чысыл нывмæ бакæсыны размæ  аулæфæм.

1 – лæууæм рæвдзæй,

2 – къухтæ хæрдмæ,

3 – ныр та фæрсмæ,

4 – нæ къухтæ ‘руадзæм,

5 - нæ сæртæ хæрдмæ сисæм.

6 – фæстæмæ сæ æруадзæм.

Куы уæм кæддæриддæр æмвæнд,

Цæудзæн нæ хъуыддаг размæ уæд.

 Ныр та кæсæм, хъусæм æмæ улæфæм.

        Урокты астæу фæлладуадзæн рæстæг фæбыцæу сты дыууæ лæппуйы, иу дзы хъæр кæны:

- Æз дын бацамондзынæн, къухтæ куыд суадзын хъæуы, уый.

Уæд ын иннæ афтæ зæгъы:

- Бакæс-ма йæм, йæ уд æрдуйæ нарæгдæр куыд ссис.

        Уæд сæм хистæркъласон бацыд æмæ сæ иргъæвы. Лæппутæ уымæ фесты.

- Ам дæуæй лæгдæр нæй? Æви ды æппæты къæрцхъусдæр дæ?

        Уый сæм сабыр хъæлæсæй дзуры:

- Фæлæуут-ма, лæппутæ! Мæнæ-ма ацы уыци-уыцитæ базонут. Уæд лæппутæ фæдисхуыз сты, сæ къухтæ æруагътой æмæ хъусынц:

1) Цы нысан кæны, «йæ къухтæ суагъта». (Цы не ‘мбæлы, уый кæны, къухæй æвналы, цæвы)

2) Йæ уд æрдуйæ нарæгдæр кæмæн свæййы? (Тыхсгæ чи фæкæны,  чи фæтæрсы, уымæн.)

3) Къæрцхъус у кæмæй фæзæгъæм? (Алцыдæр афоныл чи базоны).

Ахуыргæнæг. Кæсут-ма, хистæркъласон куыд зондджын ми бакодта. Фыдуаг сывæллæттæн уыци-уыциты руаджы сæ хыл баурæдта.

        Æмæ  æцæгæйдæр уыци-уыцитæ сты? (Фразеологон дзырдбæстытæ)

        Уæдæ ма мæнæ фæйнæгмæ ракæсут.

Ахуыргæнæг: «Талынджы уыны, рухсы – нæ» (уыг). Цавæр маргъæй фæзæгъынц афтæ?

«Сау дæн, æмæ сынт нæ дæн, урс дæн æмæ цыхт нæ дæн». (Булкъ).  Цы сты адон та? (Уыци-уыцитæ)

        Уыци-уыцитæ дæр сты адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæй иу.

Уыци-уыциты тыххæй æрмæг ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм. Уыдон дæр сæ асмæ гæсгæ сты цыбыр, фæлæ æвдисынц адæмы цыргъзонддзинад. Ахуыр кæнынц лæмбынæг хъуыды кæныныл, дзырдарæхст уæвыныл. Уыци-уыци у дæлгоммæ ныхас. Ныхас цæуыл фæцæуы, уымæн февдисы йæ миниуæг,  йæ формæ кæнæ та йæ архайд. Уыци-уыцитæ ма ноджыдæр куыд хонынц? (Базон-базонтæ).

 

3.      Æртыккаг цыкурайы фæрдыг – базон-базонтæ.

1)   Базон-базон цы нысан кæны, уый рæвдздæр чи сбæрæг кæна, уый иу фæрдыг халыл бакæндзæн.

«Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны» (чиныг)

 «У дæ фыссæнгæрзтæй иу,

   Базон-ма йæ, уый та циу?» (Кърандас)

«Цæй, уæдæ, уыциу-уыциу,

Базон  ноджы, уый та циу:

Къулыл ауыгъдæй лæууы,

Хъæлдзæг зарджытæ кæны,

 Зоны хабæрттæ æппæтдæр

Авд æфцæгæй дæр æддæдæр

Æмæ, чи бады йæ цуры,

Уыдонæн сæ уый фæдзуры». (радио)

 «Бирæ рæтты зайы,

   Зæрдæ дзы фæрайы» (бæлас).

«Сыгъдæг у, æмæ дон  нæу, урс у æмæ мит нæу, хæрзад у, æмæ мыд нæу, чысылтæн царды хос у». (æхсыр)

 «Сау цæргæс базыртæ цъæх арвыл райтыгъта, хуры цæст  бамбæрзта». (Мигътæ).

 «Æнæ фæрæт, æнæ дзæбуг хæдзар скæны». (цъиу)

2) Базон-базонтæ  æрхъуыды кæнын.

 Ахуыргæнæг: Базонгæ стут ирон адæмон уыци-уыцитимæ.  Ныр та уæхæдæг æрхъуыды кæнут базон-базонтæ.

(Командæтæ кæрæдзийæн  дзурынц уыци-уыцитæ. Чи аивдæр бацæттæ кæна, чи хуыздæр базона, уымæн – цыкурайы фæрдыг).

(Рувасы тыххæй, заз бæласы тыххæй, судзин æмæ æндах, бирæгъ, стъол, фыстхалæн,  бæлас, скъола, дзырдуат, æрвхуыз экран æмæ а.д)

  Цыппæрæм цыкурайы фæрдыг хъуамæ уæхæдæг базонат. Ис ын ахæм миниуджытæ:

- йæ фæрцы не ’взаг кæны рæвдздæр,

- фæзæгъæм æй рифмæйы хуызы, фембæлы дзы уыцы иу мыр,

 - хорз æххуыс у зындзурæн мыртæ сахуыр кæнынæн.

4. Цыппæрæм цыкурайы фæрдыг -  тагъддзуринаг.

        Уырыссагау та куыд хуыйны?

1) Тагъддзуринаг рæвдздæр æмæ аивдæр чи бакæсдзæн. (Карточкæтыл) Хъазтæн аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ.

1 къорд.        Чъилон-миллон худинаг,

Чъизи саби дзуринаг.

Хъамылæй хъазты хъа-хъа хъуысы.

Хъыбыл хъæмп къахы.

Хиуа худы халоныл: «Хорз фæцалх дæ уаллоныл»!

Хиуа худы халоныл: «Хорз фæцалх дæ уаллоныл»?

 Тæрхъусы хуыст хъилхъусæй!

 Тæрхъусы хуыст хъилхъусæй?

Кукла базыл бафынæй,

Кукла бастад кафынæй?

                Æлдараты Гæбæци.

                Иууыл хæрзтæй нæ фæци!

2 къорд.         Уæртт-уæртт!

                Джын-джын!

                Хæфс-хæфс!

                Дынджыр!

                Сæр ын,

                Кæс-кæс!

                Уæртджын –

                Хæфс-хæфс!

Хъæдуры хъилыл хъулон хъæдуртæ.

Хъыдырты къæпи – хæдхъуыр къæлæт.

 Хъарм хъæццулæн хъæдабæ хъуымац.

Уæлæ цары дидитæ.

Нана кæны чъиритæ.

Цæттæ лæг у Бæттæлæг.

Æркæс-ма йæм дæхæдæг!

3 къорд.        Карк-хъуыдатт,

                Карк-хъуыдатт,

                Айк мын ратт,

                Айк мын ратт!

                Фыдæбон – каркæн,

                Айк – мæхицæн.

                Ахсадтон æй æмæ -

                Хъуылыпп!

Хъæдгæс хъуамæ хъæд хъахъхъæна.

Хъыбыл Хъæлты комы хъæмп къахы.

Хъæбæр галæн хъæбæрхъæдæй хъæбæр къæлæт.

Зæгъ кæны сæх-сæх,

Цъыфы сæгъ ныддæргъ.

Тæх, цъæх бæх,

Сæфы сæгъ.

5. Уæдæ ма нæм баззади фæстаг, фæндзæм цыкурайы фæрдыг «Дзырдмæ-дзырд». Дзырд ыссарынмæ дын хуыцау ахæм авæра!

Рифмæгонд ныхæстæй ахъаздзыстæм.

        Ацы ерысы та равдисдзыстут уæ арæхстдзинад аив дзурынмæ, ома актеры дæсныйад.

1 къорд

«Цы ми кæныс?» — «Мæнæ хохмæ быцæу лæууын, куы мыл рафæлдæха.»

 «Цы дын загътой?» — «Ницы. Къуыри, дам, авд боны.»

«Куыд ыстут?» — «Куыд æмæ лæдæрст.»

 «Уары, уары...»

-Цы уары?»

-Хидыхъусы цæхх уары.»

 О, Тепса-Тепсырычъи,

Дæ худ хъæдмæ ныббызычъи.

Зæгæл æмæ жест, фæкæл æмæ фест.

2 къорд

«Сахары цы хабар ис?» — «Цы хабар ис, цы — тамакойыл арт æндзарынц, сæкæр доны калынц».

«Кæцы дæ хъæуы?» — «Кæцы ныууаса, уый.»

 «Куыд ыстут?» — «Куыдæй фыддæр.»

Ацонæга — Гулимæ,

Еууын кæрдзын дзулимæ.

Ох æмæ ’рдæг,

Дæ быны — кæрдæг,

Дæ уæлæ — хъисын,

Æри мын мисын...»

3 къорд

«Хæрæджы дымæг!» — «У’арынг мæрзæн!»

«Куыд дæ?» — «Куыд фæдæн. Æрдиаг ма мыл хъæуы.»

«Цы ми кæнут?» - «Цыми конд фестæм æмæ Бæлтамæ бавнæлдтам.»

«Джитъри ’мæ дам нас уыди.

Йæ фындзы къоппа басыди».

«Чи дæ, чи?» — «Чичинаты Бечи!»

«Табуафси» — «Дæ былæй мын æртæ уафсы и»

«Кæд нæ комы — дур йæ комы».

        Рифмæгонд ныхæстæй хъазт уæ зæрдæмæ фæцыди? Цæмæй? Цы уын дæттынц? (Не ‘взаг сæ хъæздыгдæр кæны, дзырдарæхстыл нæ ахуыр кæнынц. Адæймаг сæ руаджы цыргъзонддæр кæны).

 III. Кæронбæттæн..

1. Ахуыргæнæг: Æмбисонд куыд зæгъы, афтæ «Алы хъуыддагæн дæр кæрон вæййы».  Уæдæ мах дæр  нæ ерысы кæронмæ æрбахæццæ стæм.  Абон базонгæ стут ирон ныхасы цыкурайы фæрдгуытимæ. Куыд уæм кæсы, цæмæн сæ афтæ хонынц? (Уыдон дæр æцæг фæрдгуытау цæхæртæ калынц, хъæздыг нын кæнынц нæ æвзаг, нæ литературæ, нæ миддуне, ахуыр нæ кæнынц хъуыды кæныныл).

Ныр та уæ хъуыдытæ урочы фæдыл куы зæгъиккат, уый мæ фæнды.

 

Рефлекси (фæйнæгыл)

1. Урочы æз куыстон …                        

2. Мæ куыстæй  урочы дæн …                

4. Урок мæм фæкаст…                  

5. Урочы рæстæг æз…        

6. Мæ зæрдæйыуаг у (уыд)

7. Урочы æрмæг мæнæн уыд…

8. Цымыдисаг уыдысты…  

9. Цымыдисаг уыд…  

2. Ахуыргæнæг: Кæй фæрдгуытæ рауадысты даргъдæр (хæрдоджытæ)?

Чи уæ хуыздæр зоны ирон адæмон сфæлдыстад,

кæй æвзаг хъæздыгдæр у, уый нын сбæрæг кæндзысты жюрийы уæнгтæ æмæ уæ фæрдгуыты хæлттæ. (Сбæрæг кæнын рамбулæджы).  Тедеты В. зарæг «Цыкурайы фæрдыг».

(Бæрæггæнæнтæ сæвæрын)

Ахуыргæнæг: Ахуыр кæнут уæ фыдæлты æвзаг.   Æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, æнгом дзырдбæстытæ, тагъддзуринæгтæ, дзырдмæ-дзырдтæ цас фылдæр зонат, уый бæрц хъæздыгдæр кæндзæн уе ’взаг. Арæхстджын куы уат рæсугъд, аив дзурынмæ, ныхас кæнынмæ, уæд сымах дæр цыкурайы фæрдгуытау цæхæртæ калдзыстут нæ адæмы ‘хсæн æмæ фидæны Ирыстонæн уыдзыстут амондхæссæг уæ рæсугъд хъуыддæгтæй.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Что есть любовь? (по стихотворению Н.Некрасова "Я не люблю иронии твоей")

В уроке испльзована методика лингвистического анализа текста, исследовательского метода обучения, а также элементы концептного подхода (каким предстает данное понятие « любовь как противоречие» в худо...

ирония и апатия - формы профессионального предательства в образовании

Эссе на тему "Взгляд на образование" раскрывает авторскую точку зрения на сегодняшнее отношение педагогов к своему делу....

Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.

История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты

В работе говорится о  жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства...

Анализ урока Ирон адæмы психологи «Ирон хъæуы»

Анализ урока  Ирон адæмы психологи  «Ирон хъæуы»...