Амонд- хиирхæфсынæн кæнæ мулк амалгæнæн мадзал нæу,уæхскуæз фæллой дзы хъæуы удуæлдайæ
план-конспект урока

Качмазова Фатима Хестановна

Урочы эпигрæф:  «…Æддаг бакаст ницы мары, лæгдзинад хъуыддаджы рабæрæг вæййы,цæмæй дæ адæм уари рахоной, уый тыххæй хъуамæ арвмæ стæхай..»

 

Урочы темӕйы проблемӕ: « Адæймаг сфæлтæры зындзинæдты , йæ ном æнусон свæййы сыгъдæгзæрдæ фæллойы  руаджы …».

 

Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ  «Амонд»-мæ гæсгæ.

 

Скачать:


Предварительный просмотр:

Муниципалон Бюджетон

Иумӕйаг Ахуырады  Алагиры

2-ӕм астӕуккаг скъола

E:\Ф.Х\Рисунок1.jpg

Гом урочы пълан

Темӕ: « Амонд- хиирхæфсынæн кæнæ мулк амалгæнæн мадзал нæу,уæхскуæз фæллой дзы хъæуы удуæлдайæ ».

                                                                  Ахуыргӕнӕг: Хъӕцмӕзты Ф.Х.        

                                                                                                                                                                                                                                                                        2019 аз

Урочы эпигрæф:  «…Æддаг бакаст ницы мары, лæгдзинад хъуыддаджы рабæрæг вæййы,цæмæй дæ адæм уари рахоной, уый тыххæй хъуамæ арвмæ стæхай..»

Урочы темӕйы проблемӕ: « Адæймаг сфæлтæры зындзинæдты , йæ ном æнусон свæййы сыгъдæгзæрдæ фæллойы  руаджы …».

Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ  «Амонд»-мæ гæсгæ.

  

Урочы нысантæ:

  1. Сбӕрӕг кӕнын уацмысы сӕйраг хъуыды. Скъоладзауты фӕцалх кӕнын хи хъуыдытӕ ӕмӕ цӕстӕнгас ӕргом кӕныныл.
  2. Равдисын лирикон хъайтары уæлмонц æнкъарæнтæ  æмæ йæ уды сыгъдæгдзинад.
  3. Скъоладзауты зӕрдӕты гуырын кӕнын тырнындзинад куыстуарзон, æнæзивæг æмæ сыгъдæгзæрдæ уовынадмæ .

Универсалон ахуырадон архайдтытӕ урочы: удгоймагон, логикон ӕмӕ регулятивон.

Урочы нырыккон технологитӕ: проблемондзинад, хъазт, информацион технологитӕ.

Урочы хуыз: урок-беседæ, урок-хъазт.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг:

1. Ахуыргæнæджы разныхас: Иу райсом мæ куыстмæ рабалц кодтон.   Фæндагыл мыл нæ сыхаг ус амбæлыд æмæ мæм дзуры:

- Фирузæты федтай?

- Цы хабар у? – афарстон æй уыцы тарстхуызæй æз.

- Йæ фырт æфсадæй æрыздæхт! Зæххыл, дам, фыр цинæй нал хæцы,фæлæ хæрдты тæхы.

Куыд нæ йыл бацин кодтаин æз дæр. Уайтагъд мæ зæрдыл æрлæууыдысты, афæдзы размæ фидарæй цы ныхæстæ дзырдта, уыдон. Æз, дам, мæ лæппуйы никуыдæм уадзын, гуры æфсад мæм куы’рлæууой, уæддæр. Иунæг мын у, сидзæрæй йæ  схастон… мæнæн,дам, æфсадæн лæппу нæй. Бирæтæ  йын бауайдзæф кодтой уæд. Лæппу йæхæдæг лæгъзтæ кодта, ма мæ  худинаг кæн, æз  уæддæр алидздзынæн, зæгъгæ. Ныр кæсыс, афæдз кæуылты аивгъуыдта, уый   æмбаргæ дæр  нæ  бакодтам.

Уый цины хъуыддаг у, Фирумæ дæр амонд æркаст йæ лæппуйæ : йæ хæдзарыл сæмбæлд сæрæгасæй.

Цалынмæ тæрхæдтæ кодтон, уæдмæ мæ автобус мæ  уæлхъус æрбалæууыд, æмæ дзы æз дæр фæмидæг дæн. Ноджы диссагæн дæр  хабар та уым фехъуыстон. Нæ уæлейы уыдоны чындзæн, дам, сывæллон райгуырд. Ацал-ауал азы цы Хуыцаумæ  куывтой, уый сын фырыхъулы хуызæн лæппу балæвар кодта. Уыцы бонмæ  æнхъæлмæ  гæсгæйæ сæ зæронд лæг нывондæн цы гал хаста, уый уасын, дам, сыхаг куиты сагайдта  æмæ, дам, сæ рæйынæй иу цасдæр нал  æмæ нал  æнцадысты.Æвæццæгæн, уыдон дæр цин кодтой…

Ирон адæммæ фыдæлтæй цы хорз æмбисонд баззад:«Хуры разæй дæр адæймаг йæ сыхаджы фены»… Æмæ æцæг,цæй æмондджын  хабæрттæ хæссæг фæци нæ сыхаг!

 

Ахуыргæнæг:  Сымахмæ та куыд кæсы,цы у амонд? Куыд æмбарут ацы нахæстæ, «амондджын» у ,зæгъгæ?

Ахуыргæнæг: Хӕдзармӕ уын лӕвӕрд  уыди ныффыссын сочинении- миниатюрæ (нывæцæн) «Цы хонын æз амонд?».

Сывӕллӕттӕ   дæттынц алыхуызон дзуæппытæ.Сæ хъуыдытæ  раргом кæнынæн  æвдисынц бацæттæгонд презентацитæ:

нывацæн-миниатюрæтæ;

видио-презентацитæ музыкалон хуызы;

интервью исыны хуызы;

æмбисæнттæ амонды тыххæй;

телеуынынады програмон равдыстæй скъуыддзаг;

Ахуыргæнæг сывæллæтты куыстытæй фæбузныг ис.

Ахуыргæнæг:  Уа хъуыдытæ æцæг зæрдæ агайынц, равдыстат сæ алыхуызæн мадзæлттæй пайдагæнгæйæ…æмæ,кæй зæгъын æй хъæуы,раст стут.Уымæн,æмæ  амондаразаг  адæймаг йæхадæг у,мæнæ Азæмæт куыд загъта,афтæ  «…Человек сам кузнец своего счастья…»

Ахуыргæнæг: Зæгъут-ма, амонд аразынæн  цавар миниуджытæй хъуамæ  уа хайджын адæймаг? 

Сывӕллӕттӕ:адæймаг хъуамæ уа æнæхин,фæллойуарзон.фæлмæнзæрдæ,адæмуарзон.кæрдзындæттон,æмгаруарзон,æнæзивæг,къæрцхъус,коммæгæс…æ.а.д.

Ахуыргæнæг:Æмæ сымах ахæм адæмимæ уæ царды  æмбæлут(уахимæ та?)? Чи сты уыцы адæм?(бинонтæ,хæлæрттæ,сыхæгтæ)

Сывæллæтты æргом здахы фæйнæгмæ(кæсы  фæйнæгыл фыст æмдзæвгæ)

Амонды фандаг бынтон лæгъз нæ вæййы,

Мачи уæ равзарæд магуса-цард.

О,цас тухи хъæуы рæстудæй цæрынæн,

Нæрæмон фæдонтæ,

Домбай уæд уæ кад!

Ахуыргæнæг: Раргом кæнут йæ хъуыды ацы æмдзæвгæйæн. Кæй хоны  «фæдонтæ»? Цы фæдзæхсы поэт?

Сывӕллӕттӕ:Мах стæм  фидæн  –æмæ нын фæдзæхсы, куыстмæ    æнæзивæг куыд уæм, зондæй та –фидар.

Ахуыргæнæг:Æмæ уæ йæ рæнхъамадæй ничи ницы бафиппайдта?

Скъоладзау :У фыст акростихæй.

Ахуыргӕнӕг: Кæм- ма сæмбæлдыстм акростихыл? Фæйнæгмæ ракæсут…Уæдæ нæ абоны темæ у(сæхæдæг æй сбæрæг кæнынц).

Скъоладзау:( Къостайы поэмæ).Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ «Амонд»-ыл ныхас.

2 .   Ахуыргæнæг: Нырт та æркæсæм , Хазби куы æмбары амондæн йæ нысаниуæг. «УАЦАМОНГÆ»  Хазбийы чиныгæй съуыддзаг кæсы.

Зарæг нывæндгæйæ,зæрдæ цæмæн риссы,

Хорз зарæг афтæ арф риумæ цæмæн хизы?

Уыдон кæрæдзийы хуылфы сæвæрдæи:

зæрдæ ис зарæджы,зарæг та –зæрдæйы…

Кæнæ :    Æмæ зон мæ зæрдæ:

Цас уой лвæстдæр хъистæ,

Уыбæрц тонынц тагъддæр.

Фæлæ уыйбæрц искæй

Агайы сæ цагъд дæр…

Ахуыргæнæг: Рухс фæндтæхæссæг хуыдтой Дзаболаты Хазбийы,æндæра саузæрдæ, æлгъин адæймаг афтæ нæ фыссид.

Уæлдай æхсызгон у абон Хазбийы тыххæй дзурын,уымæн æмæ у не мхъæуккаг.Дзаболаты Дударыхъы фырт райгуырд Пысылмонхъæуы(Ногкау).Хъæууон скъола каст фæци.Куыста колхозы,йæ рæстæгыл æфсадмæ ацыд, Куы сыздæхт,уæд райдыдта геолæгон-сгарджыты къорды кусын,стæй та Буроны æрзæткъахæнты.

«Фæндыры тæгтæй иунæгыл нæ цагъта,

Дыууадæс таджы бакодта йæхи…»,афтæ ис загъæн Хазбийæ.Хæрз æрыгонæй фæхæст поэзийы æфсургъы сызгъæрин барцыл,æмæ йæ уый ахаста Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ.Цыппæрдæсаздзыдæй банкъардта дзырды ад,æмæ йæ мысинæгты зæгъы: «Мæ дзырд у рухсфæндтæ хæссæг».Æмæ æцæгдæр афтæ у…

Цымæ Хазбийæ рæсугъддæр чи равдыстаид зæрдæйы рæбинаг къуымы æвæрæнтæ?Хуымæтæджы не ссардта йæхицæн хорз æмбал ахуыры рæстæг, Николай Рубцовы.Дыууæ стъалыйау фæзындысты поэзийы арвыл æмæ батавтой кæсджыты зæрдæтæ.

Иухатт Рубцовы куы бафарстой: «Коля,икæйы æмдзæвгæтæ цæуыннæ тæлмац кæныс?»Уæд Рубцов дзуапп радта:

-Мæ бон нæу,мæ зæрдæ нæ зæгъы,фæлæ Хазбийы æмдзæвгæтæ ратæлмац кæндзынæн ,уымæн æмæ йæ удысконд æмæ бæллицтæ мæ зæрдæмæ  хæстæг сты,уымæн æмæ сæ федтон мæхи æнкъарæнтæ .Дунейы фарн сын бахай кодта иу хъысмæт.Зæгъынц ,Рубцов зыдты йæ адзал æмæ йе фæстаг æмдзæвгæтæй иуы фыста: «Я умру в Крещенские морозы..» Æмæ æцæг афта рауад… Сæ дыууæтæн дæр сæ зынг ахуыссыд æмхуызон,æмæ барæг цы фсургъыл бадт уый асхъиудта æбæрæг æмæ раууаты дунемæ...

Касын йæ хуыздæр æрдхорд Ходы Камалы ныхæстæ: «Мæн нæ фæнды дæргъвæтин дзурын.Афтæ мæм кæсы,ирон чиныгкæсæг аккаг аргъ скæндзæн Дзаболаты Хазбийы зæрдæбын ныхæстæн».

Чиныгæй  кæсы æмдзæвгæ  «Амонд»

Дзырдуатыл куыст:   равзаринæгтæ (фæйнæгыл фыст).                            

Фарн      -Божья благодать,

буцхаст  -мир,свет,вселенная,

цæстысындз-мозолить глаза,надоедать,

æгад-позор,бесславие,презрение,

хин-коварство,хитрость

Ахуыргӕнӕг: Цавæр литературон мадзæлттæй пайда коны поэт йæ хъуыдытæ равдисынæн?

Скъоладзауты дзуаппытæ иумӕйагӕй: метафорæ.олицетворени; йæ хъуыдытæ ирддæрæй равдисынæн пайда кæны вазыгджын  дзырдтæй.

Къордты куыст:  

 (1къорд-Бажина Т.)Ссарут дзыр «амонд»-æн синонимтæ(цин,æхсызгондзинад,удæнцой)

(2къорд-Овоян Э.)Ссарут тексты пайда кæны вазыгджын  дзырдтæй (сайд мита кæнын,цæсты сындз уовын).

Ахуыргæнæг кæны хатдзæг:

Мæнмæ афтæ кæсы,æмæ кæцыфæнды æвзагыл дæр амондæн ис иу æмбарынад,йæ хуыз нæ ивы.

                                                               

Ахуыргӕнӕг:Рæнхъгай

 Скъоладзау: Рæнхъгай

Ахуыргæнæг: 

Раздæхæм ма урочы эпигрæф æмæ темæмæ

« Адæймаг сфæлтæры зындзинæдты ,йæ ном анусон свæййы  сыгъдæгзæрдæ  фæллойы  руаджы …»,куыд фыссы Хазби? (…куыст фæуæвгæйæ, хиды æртæхтæ ,

хус фæд уадзгæ мæ ныхыл куы сысынц…)

«Амонд- хиирхæфсынæн кæнæ мулк амалгæнæн мадзал нæу,уæхскуæз фæллой дзы хъæуы удуæлдайæ».

Уымæн дæр ссарæм йæхи рæнхъ(..Æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæсын,никуы никæуыл рацыдтæн хинæй..)

Рефлекси:цы базыдтам абон?

Абоны фембæдæй  уæ цардмæ цы айсдзыстут?

Сывӕллӕттӕ:Амонд  уæларвæй æрхаугæ нæу,нæй йæ къæхты бын ссарын. къулы хуынкъæй йæ нæ ракъахдзынæ,базары йæ нæ балхæндзынæ.Хъæуы йыл кусын хидвæллойæ.

Скъоладзау: 5 «В» кълас  кæсынц Л. Рубальскæйæйы æмдзæвгæ «Пойду схожу за счастьем на базар»

Рефлекси (урочы хатдзӕгтӕ):

Ахуыргæнæг: Мæ ныхас цæмæй райдыдтон,уымæй фæуон.Скъоламæ  фæхæстæг уæвгæйæ ме’ мцыд  кодтой бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ. Рæсугъд фæсивæд. Фидæны Ирæн кад æмæ цæсгомгæнæг. Уыдон дæр цæудзысты æфсадмæ, уыдзæн сын цот, цоты цот… Æмæ цард цытджинагау фыццæн, æхсиддзæн, уымæн æмæ уыдзысты æнæмæнгæй… амондджын.

Хæдзармæ куыст:

Скъоладзауты куыстæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын. Ахсджиагдӕрӕй дзуӕппытӕ чи лӕвӕрдта, уыдонмӕ уӕлдай ӕргом аздахын.

Стыр бузныгУæ алкæйы амонд дæр тыхджын уæд!

Нӕ иннӕ фембӕлдмӕ!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

«Æвзаджы аивгæнæн - нывæфтыд мадзæлттæ».

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 9-æм къласы...

Амонд- хиирхæфсынæн кæнæ мулк амалгæнæн мадзал нæу,уæхскуæз фæллой дзы хъæуы удуæлдайæ

Урочы эпигрæф:  «…Æддаг бакаст ницы мары, лæгдзинад хъуыддаджы рабæрæг вæййы,цæмæй дæ адæм уари рахоной, уый тыххæй хъуамæ арвмæ стæхай..»Урочы темӕйы проблемӕ: « Адæймаг...

Урок "Ногдзау пайда кæны мадзæлдтæ"

Бацархайын ахуырдзауты эстетикондуне фæхъæздыгдæр кæнынылЖурнал «Ногдзау» -ыл афæлгæйГуырын кæнын уарзондзинад мæдæлон æвзагмæ, адæмон сфæлдыстадмæ, æгъдæуттæмСкъоладзауты ахуыр кæнын хиба...