Мамсыраты Дабе "Хъандил"
план-конспект урока (5 класс)

Дзуцева Римма Болаевна

УРОК

Тема " Агар цахджын дойны каны"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_literaturaeyy_urok_handilay.docx38.05 КБ

Предварительный просмотр:

21.10.2020

Ирон литературæйы урок 5-æм къласы

Темӕ: «Ӕгæр  цæхджын дойны кæны»  (Мамсыраты  Дœбейы  радзырд  «Хъӕндил»-мæ  гæсгæ

Урочы нысантӕ:

1. Лæмбынæг равзарын радзырд  «Хъæндил»-ы сӕйраг хъуыды.

2. Адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл œрдзурын.

  3. Ахуырдзаутæм фидæны цардмæ раст цæстæнгас хъомыл кæнын. Сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад  тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ.

Техникон фæрæзтæ: компьютер

Урочы эпигрӕф:

Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.

(æмбисонд)

Урочы цыд:

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг

Мотиваци.-Сывӕллӕттӕ, зæгъут-ма уæ уарзон хæринаг уын уæ разы куы æрæвæрой æмæ дзы фырцæхджынæй ахæрæн куынæ уа, уæд уæм цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрдзæн?

Сывœллœтты дзуаппытœ.

Дзуапп. Нал дзы бахœрдзынœн.

Дзуапп. Смœсты уыдзынœн, чи йœ скодта, уымœ.

Дзуапп. Тынг зын мын уыдзœн.

-Цымæ уæ цæмæн фæрсын уымæй, цы бар дарынц  урок æмæ хæринаг кæрæдзимæ? Ацы фарстœн мын дзуапп ратдзыстут урочы кœрон.

Ныр та ма бакæсæм сценкæмæ.

Сценкæ.

-Зæгъут- ма мын уæ хъуыдытæ сценкæйы фæдыл.  Чи дзы фæцыдис уæ зæрдæмæ? Цы уын уæ зæрдыл æрлæууын кодта?

Сывœллœтты дзуаппытœ.

2. Темœ фехъусын кœнын.

-Куыд уœм кœсы, цы у нœ урочы темœ, цœуыл дзурдзыстœм?

Дзуаппытœ.

-Фœхъусын кœнын эпиграф дœр.

3. – Хœдзары сымах хъуамœ бакастаиккат радзырд «Хъœндил», цœмœй йыл дарддœр œрныхас кœнœм нœ абоны урочы. Нœ урочы темœйœн райстон œмбисонд «ᴁгœр цœхджын дойны кœны».Слайд 1

Нœ урочы нысантœ сты: Слайд 2

Фœхъусын кœнын эпиграф дœр.Слайд 3

Ахуыргæнæг.-Скъолайы цы предметтæ ахуыр кæнут, уыдон иууылдæр ахсджиаг сты, кæй зæгъын æй хъæуы, фидæны дæсныйад райсынæн. Фæлæ цæмæй æххæст адæймаг суай, адæймаджы хуыздæр миниуджытæй æххæст уай, уымæн  та литературæйы предметæй ахсджиагдæр нæй. ( «Хорошо быть ученым, поэтом, воином, законодателем и т.д., но худо не быть при этом человеком» Белинский В.) 4-аг слайд.

Литературон уацмысты фембæлæм æппæрццæг хъайтартыл дæр æмæ æвæрццæг хъайтартыл дæр. Уœдœ нын нœ абоны урок дœр хъуамœ феххуыс уа œвœрццœг миниуджытœ райсынœн.

- Ӕмæ ма мын зæгъут, æвæрццæг миниуджытæ цавæртæ сты?  ( Хорз, аив, уœздан, œгъдауджын, кусыстуарзаг, хœларзœрдœ, ныфсджын œмœ а. д.)

- Ӕппæрццæг миниуджытæ та?(Ӕвзæр, æнаив, œнœгъдау, магуса, фыдзœрдœ, œдзœсгом, тœппуд œмœ а. д.)

Уœдœ рахизœм нœ радзырдмœ.

- Куыд уӕм кӕсы,  йӕ радзырд Дӕбе афтӕ цӕмӕн схуыдта?

Дзуапп.  Мœнмœ гœсгœ, сœйраг хъайтар кœд нœлгоймаг уыди, уœддœр

хъœндилы  цард фœкодта œмœ уымœн.

- Ном Хъӕндил уæ зæрдæмæ цæуы œмœ кœд нœ, уœд  цӕуылнӕ?      

Дзуапп. Нœ цœуы, уымœн œмœ лœгыл хъœндилы ном нœ фидауы.

-  Йе ‘цӕг ном та куыд хуынди?

Дзуапп.  Йе ‘цœг ном уыд Чермен, фœлœ йын œй зонгœ дœр ничиуал кодта.

- Сарут-ма тексты  Черменыл ном куыд œвœрдтой, уыцы бынат. (193 фарс)

     -Кристинœ, ном дыл чи сæвæрдта? 

(Номæвæрыны æгъдауыл æрдзурын. )

Уый уыд  сывœллоныл ном œвœрыны сœрмагонд бœрœгбон. Кодтой-иу чызгœн дœр, фœлœ арœхдœр лœппуйœн. Иу хуыцаубоны-иу  хœдзары хистœр фœдзырдта сыхы лœгтœм, ном œвœрœм нœ сывœллоныл œмœ нœм фœзынут, зœгъгœ. ᴁрœмбыр-иу сты сыхы нœлгоймœгтœ, сылгоймœгтœ. Хœдзар-иу кусарт акодта, бацœдтœ-иу кодта, цы хъуыди,уый. Нœлгоймœгтœ-иу нœлгоймœгтœ, дыууœ сидты-иу ракодтой, стœй-иу уœд кœстœртœн худ рахœссын кодтой хœлттœ œппарыны тыххœй. Уыдон-иу œрзылдысты бадты нœлгоймœгтыл. Алчидœр - иу  йœ ном загъта œмœ-иу œй худы ныппœрста. Уый фœстœ сœ-иу лœппу иугай иста œмœ сœ хъœрœй касти. Мад, фыд, хœдзары хистœр-иу цы ном равзœрстой, уый-иу баззад. Нуазœн-иу авœрдтой номœвœрœгмœ, арфœ-иу ын ракодтой ноггуырды цœрœнбоны тыххœй.

- Ирон хъӕбатыртӕй та Чермен ном  чи хаста ?

Дзуапп. Тлаттаты Чермен

- Цы зонут Чермены тыххӕй?   Цавӕр таурӕгътимӕ базонгӕ стӕм 5-œм къласы Чермены тыххай?

Дзуапп.  Чермен уыд Тлаттаты œлдар  Бестолы фырт.  Чермены хуыдтой  кœвдœсард, дыккаг усœй гуырд. Чермен уыдис тынг тыхджын, хъœбатыр. Йœ фыды мулкœй йын йœ мыггаг кœй ницы радтой, уый тыххœй сœ ныхмœ тох кодта.

- Чермены тыххœй цавœр таурœгътимœ базонгœ стут ацы аз?

Мах базонгœ стœм ахœм таурœгътимœ: «Чермен  œлдары лидзœг куыд фœкодта», « Чермен œмœ сомихаг», «Чермен Калакмœ чырœ ласынмœ куыд ацыд».

- Куыд равдыста йœ хъœбатырдзинад Чермен?

1-аг. Кœсгон œлдар œй федта, уœрдоны уœззау хай œд цалх куыд систа, уый œмœ дзы фœтарст œмœ алыгъд.

2-аг. Сомихаг Чермены къахы цыргъ лœдзœг ныссагъта, фœлœ йœ Чермен хъуыды дœр не ‘ркодта. Уый фœстœ  Чермен хœрзизœр у, зœгъгœ, сомихаджы къух афтœ  œрœлхъывта,  œмœ сомихагœн йœ къухы царм Чермены къухы аззад.

3-аг. Чермены œмбœлттœй чи хынджылœг кодта, ахœм тыхджын богалы Чермен ад уœрдœттœ зœххыл фœкодта.

 -Уæдæ цавæр хъуамæ уа æцæг ирон нæлгоймаг? Стœй, œвœццœгœн œрмœст нœлгоймаг нœ, фœлœ адœймаг?

Дзуапп. Адœймаг куы райгуыры œмœ йœхи œмбарынхъом куы фœвœййы, уœд хъуамœ архайа, цœмœй йœ царды исты хорздзинад сараза, йœ фœстœ хорз фœд ныууадза.

- Зӕгъут-ма, Чермен ном хӕссыны аккаг у сӕйраг архайӕг ӕви нӕ? Цæуылнæ? Хъӕндил ном та йыл цӕмӕн ныффидар?

Дзуапп. Уымœн œмœ уыд œгуыдзœг, тœппуд.

Слайд 5 Чермены къам œмœ хъœндилы нывимœ.

- Ахæм ӕгуыдзӕг кӕй уыд, уый йӕхи аххос у,  ӕви ма дзы ис аххосджынтӕ? Ссарӕм уыцы бынат  тексты ӕмӕ йӕ бакӕсӕм (194 фарс).

      4.  Аулæфты минут. – Цавæр куыстытæм кодта зивæгХъæндил?

 ( Скъоладзаутæ æвдисынц хос куыд кæрдынц, суг куыд сæттынц, мæкъуыл куыд амайынц…).

- Куыд уœм кœсы, цœмœй адœймаг цœрынхъом уа, уымœн сœйрагдœр цы хъœуы?

Дзуапп. Мœнмœ гœсгœ, хъуамœ уа куыстуарзаг.

5.–Хъуамœ œмбисœндтœ ныффыстаиккат куысты тыххœй, табуафси, хъусын уœм. Слайд 6.

Зивӕггӕнаджы гуыл хомӕй баззад.

Куыст цардӕн – фӕрӕз.

Магуса – ӕввонгхор.

Куыстӕн йӕ сӕр сындз, йӕ бын – сой.

Йӕ зивӕджы- йӕ мӕлӕт.

6. Къордты куыст.  Алы къордӕн дӕр ис хӕслӕвӕрдтӕ.

-  Хъœндилыл ном кœмœ гœсгœ сœвœрдтой? (Черменмœ гœсгœ)

- Равдисут-ма  кластерты хуызы, Чермен  œмœ Хъœндилы миниуджытœ.

1 къорд.Чермены миниуджытᴁ: хъœбатыр, ныфсджын, кадджын, œгъдауджын, сœрœн, кусаг, хœларзœрдœ, сœрыстыр

2 къорд. Хъœндилы миниуджытœ: тœппуд, œнœгъдау, магуса, œгад, œнœныфс, хиуарзон.

- Ссарут-ма тексты Хъœндилы тœппуддзинад кœм œвдыст цœуы, уыцы бынат.(197-198ф).

-Йœ магусадзинад, хиуарзондзинад  та? ( 196,197ф).

- Цœмœн рауади ахœм œнœбары лœг Черменœй? Чи уыди аххосджын?

- Урочы темœ афтœ цœмœн схуыдтон?

Дзуапп. Мœнмœ гœсгœ, хœринагыл цœхх œнœмœнг хъœуы, хœрзаддœр вœййы. Фœлœ йыл бирœ куы ныккœнай, уœд та йœ ничуал бахардзœн, уымœн œмœ хœрзад нœ уыдзœн. Сывœллонœн дœр œгœр куы тœригъœд кœнай, уœд къулбадœг кœны.  

Ахуыргœнœг. Уœдœ, нœ буц ныййарджытœ, бирœ хатт нœ œгœр уарзтœй нœ сывœллœтты раст не схъомыл кœнœм. Тœригъœд сын фœкœнœм уœлдай куыст бакœнынœй, ма нын фœриссой, зœгъгœ. Фœлœ, œнœмœнг, зœрдыл дарын  хъœуы: уœ абоны гыццыл лœппутœ сомбон уыдзысты бинонтœ дарджытœ, царды та зын уавœртœ дœр сœвзœры, œмœ хъуамœ уой цœттœ царды фœзилœнты раст фœндаг арынмœ.

8.Рефлекси:

- Урок  уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?

Дзуапп. Зивœг кœнын нœ хъœуы.

Дзуапп. Нœхимœ мœ œгœр куы буц кœной, истœмœй мœ куы тœрсын кœной, уœд-иу сын ацы радзырд сœ зœрды œрлœууын кœндзынœн.

-Йӕ цард куыд арвыста, ууыл лӕмбынӕг ӕрныхас кодтам урокӕн йӕ сӕйраг хайы.

-Ныр та уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнутХъӕндил куыд амард, уый. Куыд уӕм кӕсы, автор ахӕм кœрон цӕмӕн скодта йœ радзырдœн?

Дзуапп. Мœнмœ гœсгœ, нын Дœбе œмбарын кœны, Хъœндилœй фœцард œмœ хъœндилы мардœй амард.

     - Нæ урочы эпигрæф – ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.(ᴁрдзурын ыл)

- Кœй зонут, хорз фœд чи ныууагъта царды, ахœм ирон лœгтœй? Зœгъын скъолайы дœр сœ хорз ахуырœй, стœй се ‘гъдауœй бирœтœ ныууагътой хорз фœд. Хъуамœ сымах дœр архайат аккаг фœд ныууадзыныл кœмфœнды дœр.

9. Хӕдзармӕкуыст.

Радзырд «Хъæндил»-æн æндæр кæрон æрхъуыды кæнут.

10.Бæрæггæнæнтæ æвæрын. Сывœллœттœ œвœрынц стъолыл тымбылœгтœ – бœрœггœнœнтœ.

- Зœгъут-ма цы нысан кœнынц бœрœггœнœнты хуызтœ  ( сырх, урс, бур)?

Уœдœ цœмœй Ирыстоны тырысайы бын уœндонœй œрлœууын уœ бон уа, уый тыххœй хъуамœ уат Чермены хуызœн хъœбатыртœ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)

Внеклассное мероприятие  по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.) ...

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Темӕ: «Райгуырӕн бӕстӕйӕн ивӕн нӕй». (Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ».)

1865 году осетины- мусульмане переселились в Турцию. Об этом они сожалели всю жизнь....

Темӕ: Мамсыраты Дӕбе «Хъӕндил».

Жил-дрожал, умирал-дрожал....

Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

1.     Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2.     Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...

«Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).

Урочы нысан: Бæстон æрдзурын  Мамсыраты Дæбейы радзырд  «Хъæндил»-ы сӕйраг хъуыды. Æрдзурын адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл.Бакусын ныхасы рæзтыл. 3. Сывӕ...