Ирон æвзаджы урок 5 - æм къласы.
учебно-методический материал (5 класс)

Дзерасса Отаровна Сотиева

Лексикæ. Дзырдты лексикон нысаниуæг.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл урок.34.75 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон ӕвзаджы  урокмæ 5 -æм къласы

Грамматикон темӕ: «Дзырдты  лексикон  нысаниуæг ».

Ныхасы темӕ:  Аив дзырды дæсны

 Нымӕц:  11.12.2020

Ахуыргӕнӕг: Соттиты Дзерассæ Отары чызг

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ

1.Ног ӕрмӕгыл бакусын.

2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.

3.Миддуне хъӕздыг кӕныныл куыст.

4.Скъоладзауты зӕрдӕты гуырын кӕнын цымыдисдзинад ирон адӕмы рагон царды уагимӕ баст предметтӕ ӕмӕ ӕмбарынӕдтимӕ зонындзинӕдтӕ бӕрӕг кӕнын.

5.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын.

Урочы тип

Комбинарон урок,ног зонындзинӕдтӕ райсыны урок

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон : зонын архаизмты сӕйраг ӕмбарынад куыд лексикӕйы  хай, хицӕн кӕнын архаизмтӕ лексикӕйы  иннӕ дзырдты къордтӕй, арӕхсын архаизмтӕй пайда кӕнын дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы мидӕг, хицӕн кӕнын ӕвзаджы бындурон дзырдтӕ ӕрбайсгӕ дзырдтӕй.

Метапредметон Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад  интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы; ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст.

Техникон фӕрӕзтӕ

Компьютер, мультимедийон  проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

Презентаци урокмӕ «Лексикæ », ирон ӕмбисӕндты чингуытӕ, газеттӕ ӕмӕ журналтӕй ист ӕмбсӕндтӕ.

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

1.Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Разныхас:

Сывӕллӕттӕ, уӕ бон хорз!  Зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй райдайӕм нӕ урок.

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

2.Зонындзинæдты актуализаци

Амӕй  размӕ урочы цӕй кой кодтам, уый нӕ

 зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм.

 

Фӕнды уæ   базонын, абон цӕуыл дзурдзыстӕм, уый?

 Тынг раст, мах дзырдтам хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты  тыххæй?

Карточкӕтыл куыст.     Дзырдуатон куыст.

Дуне дзаг у алы диссæгтæй. Ӕмæ уыцы диссæгты ‘хсæн мах нæ хъус нал дарæм æппæты стырдæр диссагмæ – не ‘взагмæ. Адæмы æвзаг у, æмбал кæмæн нæй, ахæм царциаты диссаг. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, зæххы къорийыл цæрæг адæмы æнæ æвзагæй. Ахуыргæндæтæ тынг раджы æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, æмæ æрмæст æвзаджы фæрцы адæймаг рахицæн цæрæгойты ‘хсæнæй æмæ схызт эволюцийы тæккæ уæлдæр къæпхæнмæ.  

Ӕвзаг у тынг хъæздыг алы фæзындтæй, æмæ нæ фæндид, цæмæй сæ пайда кæнын базонæм, цæмæй не ‘взаг уа  аив æмæ раст.

Фæнды уæ балцы ацæуын?

Ӕрмæст кæдæм, уый нын нæма схъæр кодзынæн – хъуамæ йæ уæхæдæг базонат .

Ныртæккæ мæнæ ацы дзырдбыды мах ссардзыстæм æмбæхст дзырд, æмæ нын, чи зоны, уый феххуыс уыдзæн абоны темæ базонын .

 

 

Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц

 

аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог

Дзурынц  раиртӕст

 Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

Скъоладзаутӕ  урочы темӕ дзурынц.

 Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

 

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс, архайдмӕ цӕттӕдзинад, зонындзинӕдтӕ/нӕ зонындзинӕдтӕ бӕрӕг кӕнын;

Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн, хӕдбарӕй урочы темӕ сбӕрӕг кӕнын

Коммуникативон  : диалоджы мидӕг архайд,  къордты ӕмӕ хӕдбар куысты архайд ӕвдисын

3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын

Тынг раст. Уый у дзырд    ЛЕКСИКӔ.

                                                          (Слайд)

 

-Уæдæ цы у лексикæ?

-Нæ дзырдуатон æвæрæнтæ, ома, нæ лексикон.

-Уый та цы у?

- -Ирон æвзаджы лексикæйы æппæт стырдæр хай цавæр дзырдтæ сты ?

Цавæр дзырдтæ хонæм «æрбайсгæ»?

-Дзырдты лексикон нысаниуджытæ кæм лæвæрд цæуынц?

.

- Цавæр дзырдуæттæ зонæм?

- Ӕмæ уæд дзырдтæ та дзырдуаты мидæг куыд æвæрд сты?

«Иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ»

- Бузныг. Зæгъут-ма, бирæнысанон дзырдтæн сæ нысаниуджытæ куыд хонæм?

- Сæйрагдæр дзы кæцы у ацы нысаниуджытæй?

-

Арæх æнгæс чи вæййы, ахæм предметтæ, æууæлтæ, архæйдтытæ иу номæй æрцæуынц загъд.

 - Уæдæ кæмæй фæзæгъынц  бирæгъ?

- Уæд  гæды рувас  та кæмæй?

 

-Хъуыдыйæдты ссарæм бирæнысанон дзырдтæ.

1Хур арвы астæумæ ссыд,æмæ йæ сыгъзæрин тынтæ бæрзонд бæлæсты æхсæнты зæххыл æрæнцадысты.

2 Кæрты цы стыр æнгуз бæлас уыд ,уый сыфты æхсæнæй мæй згъæлста йе΄взист тынтæ,æмæ хæрзмарзт кæрт урсхъулон адардта.

                Синонимтæ  цы сты ?

-Ныр та  ахъазæм. Ӕз уын дзурдзынæн дзырд, сымах чи тагъддæрæй зæгъут дзырды синоним, æмæ сæ рæвдз афыссæм.

           

          Къæсхуыр

            Кусын

           Цырд  

           Мæт кæнын

           Бафсæста

Карточкæтимæ кусынц 2 къорды

- Антонимтæ – сæ нысаниуæг ныхмæвæрд кæмæн у, ахæм дзырдтæ.

            Бон

           Стыр  

           Кусын  

           Хох  

                            (Физминуткæ)

    Иу мæ сæр

  Дыууæ  мæ хъустæ.

  Иу мæ фындз

 Дыууæ мæ къухтæ .

 Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ

 Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.

- Байхъусæм, зымæгон хъæды тыххæй нæм цы текст ис, уымæ.

                    Зымӕгон  хъӕды.

Зымӕгон  хъӕды у ӕнкъарддӕр сӕрдыгон хъӕлдзӕг хъӕдӕй. Бӕстӕ ныссабыр. Иу сыбыртт никӕцӕй цӕуы. Дӕ алыварс куы акӕсай, уӕд фендзынӕ ӕрмӕст дыууӕ хуызы:  урс ӕмӕ  сау. Сырдтӕ уазалӕй сӕ хъарм цӕрӕнуӕтты бамбӕхстысты. Сӕхицӕн рагацау хӕринаг бацӕттӕ кодтой ӕмӕ ӕфсӕстӕй, ӕнӕмӕтӕй фынӕй кӕнынц. Иунӕг бирӕгъ ӕххормагӕй, мӕстыйӕ хъӕды къуымты рацу-бацу кӕны…

Рафыссут-ма ацы текстæй антонимты къæйттæ:

-Бузныг, раст сæххæст кодтат ацы хæс дæр.

 

-Лексикæ пайда кæнын хъуамæ алы адæймаг дæр зона  лексикæ зонын, ууыл. Уымæн æмæ дзырд тыхджын у. Ӕмæ алы дзырдæй дæр хъæуы пайда кæнын тынг арæхстджынæй æмæ арæхстгай. Дзырдæн йæ бон бирæ у: бафхæрын, низ бафтауын, зæрдæ фæриссын кæнын, æмæ иннæрдæм дæр: ныфс бауадзын, æнцойдзинад раттын, зæрдæ бахъæлдзæг кæнын.  Ӕмæ уæздан, фендджын адæймаджы ныхасы кæддæриддæр хъуамæ разына ахæм дзырдтæ.

 Скъоладзаутӕ хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ, дзуаппытæ дæттынц:  -Ӕвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц лексикæ.

- Лексикæ цы наукæ ахуыр кæны, уый та у лексикологи.

- Дзырд цы фæбæрæг кæны, уый у йæ лексикон нысаниуæг.

-Адæймаг цы дзырдтæ зоны, уый._

Фысынц нымӕц

- Алыхуызон дзырдуæтты

-Ӕмбарынгæнæн, тæлмацæгæнæн, синонимты, антонимты, фразелогион, орфоэпион, этимологион…

- Дамгъуаты уагæвæрдæмæ гæсгæ.

- Иу нысаниуæг кæмæн вæййы, уыцы дзырд хонæм иунысанон.

  Зæгъæм, æхсæз, номдар ,пьесæ.

- Дыууæ кæнæ фылдæр нысаниуæджы цы дзырдтæн вæййы, уыдон та хонæм бирæнысанон.  Зæгъæм,  фарс, сыф, къах, был, сæр.

- Дзырды нысаниуджытæй иу вæййы комкоммæ нысаниуæг, иннæ та – ахæсгæ нысаниуæг.

- Сæйраг нысаниуæг у комкоммæ.

- Ахæсгæ нысаниуæг та сæвзæры комкоммæ нысаниуæджы

Сывæллæттæ дзурынц радыгай.

Скъоладзаутӕ фыссынц дзырдтӕ сӕ дзырдуӕтты

Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн

- Сæ нысаниуæг иухуызон кæмæн у, ахæм дзырдтæ.

кæнæ сæ нысаниуæг хæстæг кæмæн у, ахæм дзырдтæ.

Скъоладзауты дзуаппытæ

 - мæллæг

- фæллой кæнын  рæвдз

 - сагъæс кæнын

–хорз федта

Скъоладзаутӕ къордты кусынц

– æхсæв

  – чысыл

  –улæфын

   - быдыр

Скъоладзаутӕ кӕсынц текст.

Скъоладзауты дзуаппытæ:

Зымæгон – сæрдыгон

Ӕнкъард – хъæлдзæг

Уазал – хъарм

 Урс – сау

Æфсæстæй – æххормагæй

Æнæмæтæй – мæстыйæ

Зонадон: ӕмбарын ахуырадон-зонадон хӕс.

Регулятивон: пълан кӕнын хъӕугӕ архӕйдтытӕн, ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын хӕдбарӕй; Коммуникативон:диалогон ныхас аразын  

4.Урочы ӕрмӕгыл дарддӕр куыст

Сывӕллӕттӕ,табуафси, дарддӕр кусӕм нӕ грамматикон ӕрмӕгыл

 СЛАЙДТӔ

 

Скъоладзаутӕ фысгӕ куыст кӕнынц.

Зонадон: Хъусын зонын ӕмӕ сӕйраг хъуыды хицӕн кӕнын;

Регулятивон: пълан кӕнын хъӕугӕ архӕйдтытӕн, ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын хӕдбарӕй; Коммуникативон: къӕйттӕй кусын зонын, хи хъуыды иннӕтӕн ӕргом кӕнын.

5.Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ

Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ ма скӕнӕм нӕ урокӕн хатдзӕг.

Цы базыдтам абон ногӕй?

Цавӕр хъуыдыйӕдтӕ сбӕлвырд кодтам?

 Цавӕр  ирон ӕмбисӕндтыл ӕрдзырдтам?

Цавӕр рагон ӕгъдӕуттыл сӕмбӕлдыстӕм?

Цавӕр ӕнкъарӕнтимӕ ацӕудзыстӕм абон нӕ урокӕй?

 

Сывӕллӕттӕ, сымах абон хорз бакуыстат. Алчи дӕр уӕ архайдта йӕ хӕс сӕххӕст кӕнын, цӕмӕй нӕ иумӕйаг куыст урочы цӕуа зӕрдиагӕй ӕмӕ цымыдисӕй.  

 

 Ногдзинæдтæн хатдзæгтæ кæнынц:

 - ахуырадон хæстæ куыд сæххæст кодтой;

-  зындзинæдтæ цæй мидæг бафиппайдтой;

къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнынæн цы куыст бакодтой, бакæнын хъæуы.

 

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ ма сӕ цӕуыл хъӕуы фылдӕр бакусын.

Сӕ зонындзинӕдтӕн сӕхӕдӕг аргъ кӕнынц

6.Хӕдзармӕ куыст

Хӕдзармӕ куыст уын уыдзӕн ахӕм.   Ныффыссут 10 хъуыдыйады-ӕмбисонды синонимта æмæ дзы антонимтæ куыд уа.

Хӕдзармӕ куыст фыссынц боныджы


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджы уроктæм.

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджыуроктæм.Ныхасы культурæ æмæ коммуникативон этикæ....

Ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытæ

Урочы хуыз: урок-хъазт.Урочы нысантæ:  ахуырадон:- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ,          базон-базонтæ, æнгом дзырдбæстытæ, дзырд...

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат иннæ ‘взæгты ‘хсæн.

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат  иннæ ‘взæгты  ‘хсæн....

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Ирон æвзаджы урок

Ирон æвзаджы урок 7 «Г» къласы    Темæ: «Хъæбатыртæ нæ мæлынц»      Ахуыргæнæг:Цæлыккаты Дзерассæ   Урочы темæ:Хъæба...

Хæслæвæрдтæ ирон æвзаджы уроктæм.

Бакæс æмдзæвгæйæ скъуыддзаг. Базон авторы? Бахахх кæн æмхъæлæсонтæ æзылангон цы дзырдты сты, уыдон.Дæумæ дзурын мæ бæлас,Мæ цард æмæ мæ дарæг.Фехъус, мæ хур, мæ ныхас.Радзурон дын мæ зарæг....

Урок-презентаци: "15 - май ирон æвзаджы æмæ литературæйы бæрæгбон".

Ирон æвзаг, ирон фарн. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ. Нæ ирон фарны ис нæ удыхъæды адæймагдзинад æмæ нæ рæстдзинад. Ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзиуыл, ирон æгъ...