Ирон æвзаджы урок 8 -æм къласы.
учебно-методический материал (8 класс)

Дзерасса Отаровна Сотиева

    Кавказ нæ  иумæйаг хæдзар. Фæсæвæрд.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_8_kl._kavkaz.docx28.63 КБ

Предварительный просмотр:

Кълас:   8   ирон æвзаг  (ирон æвзаг дыккаг кæмæн у)

Ахуыргæнæг: Соттиты Дз.О.

                                                    Темæ:  Кавказ - нæ иумæйаг хæдзар. 

                                                                              Грамматикон  темæ:  Фæсæвæрд фæлхат кæнын

                           

Урочы  нысантæ.

  1. Скъоладзауты базонгæ кæнын ног лексикæимæ..
  2. Монологон æмæ диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.
  3. Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад æндæр адмыхæттытæм,ирон адæмы сыхæгтæм.

Урочы хуыз.

  Урок -  балц.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын .

Удгоймагон: удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

 

                                                                                       Урочы эпиграф:

                                                           

Дунейы  æвзæгтыл  куы  дзурай ,  уæддæр  фыццаг – мадæлон æвзаг.

                                                                                                                                                                                    Ирон æмбисонд

                                                                                     Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг.)

- Байхъусæм ма цыбыр æмдзæвгæмæ  базонут цавæр æххуысгæнæг ныхасы хайыл дзурдзыстæм.

Дзырдтæн æз лæууын сæ фæстæ,

Вдисын уыдон ахаст æз.

Банымадтой мын  мæ хæстæ

Хорз кæстæрæн, дам, нын бæзз.                          

                                                                                                     слайд

-Фæсæвæрдыл

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

 

Уæдæ нын  цы  радзурид йæхи тыххæй фæсæвæрд?  Баххæст кæнæм хъуыдыйæдтæ.

 -Ӕз   дæн .....    ныхасы хай.

-Мæнмæ  ....           раттæн нæй.

-Лæууын сæрмагонд дзырдты....  ,æвдисын сын сæ ахаст æндæр дзырдтæм.

- Ӕз арæзт вæййын æндæр сæрмагонд ныхасы хæйттæй,  ..... æмæ .....  .

-Хъуыдыйады уæнг вæййын æрмæстдæр,цы дзырдимæ .......  

  ....                 ,уыимæ  иумæ

(Фарст,  фæстæ,  æххуысгæнæг ,  баст дæн,  номдар ,  фæрсдзырдтæй )

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци; проблемон фарст æвæрын),

удгоймагон

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)

Урочы темæйыл куыст.

-Уӕдӕ нӕ граматикон темӕ у

                      ФӔСӔВӔРД

-Урокмæ фæзындысты уазджытæ Дагестанæй.  

   - Цымæ нæм цы хуынтимæ æрбацыдысты нæ уазджытæ?

        

- Нæ  уазджытæ нæм ссыдысты Дагестанæй ,æмæ ма зæгъут,  сæ зындгонддæр  поэттæй сын кæй зонæм  мах та ?

-Куыд баст у Расул Гамзатовы  ном Ирыстонимæ ?

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

        -Расул Гамзатовы                                      

                                       слайд

Сæ иу дзуры скъоладзаутæн аргъау "Ӕвзæгты хох".

Скъоладзауты дзуæппытæ

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

Удгоймагон

 (этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

-Рахизæм нæ хæдзармæ куыстмæ (фарс 59)

1. Хæслæвæрд:  фæлтæрæны ссар фæсæвæрдтæ.

2 Цыбыр текстæн сæргонд ратт.

3 ссарут  мивдисджытæ.

 4 Аифтындзæг ма кæнæм 3 мивдисæджы нырыккон афоны

 

Къордты куыст:

- Алы къордæн дæр йæ разы ис карточкæ хæслæвæрдисмæ. Æркæсут, ахъуыды кæнут æмæ дзуапп раттут.

1 къорд:  Лæууын

2 къорд:  Тæхын

3 къорд: Цæуын

Къордты кусынц

Æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ, æмæ алы къорд дæр дзуапп дæтты.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)..

Ног æрмæгыл куыст.

Аулæфт

Аудирование

Беседæ саразын

Урочы хатдзæгтæ

Рефлекси

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

Хæдзармæ куыст

Кавказ -нæ иумæйаг хæдзар.                            

- Уæдæ цавæр диссаджы бæстæ у уый, Гамзатовы хуызæн зæрдæйæ рæсугъд адæймаг кæм райгуырди.  Абалц  кæнæм ,  Хуыцау æвзæгты голлаг кæм æрцагъта, уырдæм. Уæ хæдзармæ куыстытæй иу уыдис иртасæн куыст бакæнын Дагестаны тыххæй .

-  Ныр та иронау байхъусæм зарæгмæ.

 

-Нæ грамматикон темæ сбæрæг кодтам,

фæлæ нæ ныхасы темæ та цы уыдзæнис ?

Къордтыл дих стут æмæ, уæ алы къордæн дæр уыд хицæн хæслæвæрдтæ

Рахизæм чиныджы цы фæлтæрæн ис, уымæ. (фарс 55)

Дзырдуатон куыст бакæнын:

Хæцæнгæрзтæ - оружие

хъаматæ - кинжалы

топпытæ - винтовки

згъæрхæдæттæ - кольчуги

уартытæ - щиты

Кæсы ахуыргæнæг текст, уый фæстæ та  скъоладзаутæ.  Хъуыдыйæдтæ тæлмац кæнæм.

  Текстмӕ гӕсгӕ фӕрстытӕн  дзуӕппытӕ раттын.

Текстӕй ис дзырдтӕм фӕсӕфтуантӕ ӕрхъуыды кӕнут, семӕ хъуыдыйӕдтӕ саразут. Хъӕуы ,   Дагестаны, Хохы.

-Йæ мадæлон æвзаг чи ферох кæны,,уый æндæр адæмы зæрдæ райсы .

( ирон æмбисонд) .

-Куыд æмбарут ацы æмбисонд? Уæ хъуыдытæ зæгъут        

 

- Цæуыл дзырдтам абон урочы?

- Цы базыдтат ногæй ?

-  цыуæм фæкаст цымыдисаг урочы?

-кæй куыст уæ зæрдæмæ фæцыд?

 

 

-Урок мæ зæрдæмæ фæцыд…

-Цымыдисæй байхъуыстон…

Дзæбæх нæ бахъуыды кодтон…

1 Текст хи ныхӕстӕй радзурын.

2 Сӕргонд ын ӕрхъуыды кӕнын.

3 Расул Гамзатовы ӕмдзӕвгӕтӕй иу мады тыххӕй ссарын ӕмӕ йӕ нӕ урокмӕ ӕрбахӕссын.

4 Ӕмбисӕндтӕ ӕвзаджы тыххӕй 

Уазæг лæг дзуры,   Расул Гамзатов ӕмдзӕвгӕ куыд ныффыста, уый  тыххӕй.  

                                                  Слайд  

.

          Байхъусæм ма  Гамзатовы æмдзæвгæ   "Журавли "-мæ авайраг æвзагыл. Уазджытæй йæ иу дзуры (6

 рæнхъы ).

 

Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ, стæй та зарæгмæ

Ахуырдзауы дзуапп

1къорды иртасджытæ

фидар Нарын -калайы тыххæй  дзурынц.

                                                         слайдтæ  

   2   къорды иртасджытæ- сыхаг адæмты аивадыл,  сӕ костюмтыл ,

 зæрингуырдтыл.  

                                             

 3 къорд- сыхаг адæмты æгъдæуттыл ,се мбисæндтыл.

 Ахуырдзаутæй иу дзуры æцæг хабар мады тыххæй .

 

Ахуырдзауты дзуаппытæ:

1 хæс  Дзырдтæ бандон ,хохы  ныффысут лæвæрд фæсæвæрдтимæ куыд æмбæлы, афтæ.  Бын,  цур ,раз, сæр, рæзты, фале, фарсмæ.

2 хæс Дзырдтæ хиды,скъолайы  ныффысут лæвæрд фæсæвæрдтимæ куыд æмбæлы, афтæ.  Бын,  цур ,раз, сæр, рæзты, фале, фарсмæ.

3 хæс

Фæсæвæрдтимæ саразут дзырдбастытæ ,номивджытæ сæм æфтаугæйæ.  Сæрмæ, цур, æввахс, онг, бæсты, раз, хуызæн.

)

Ахуырдзауты дзуаппытæ.

Ахуырдзауты дзуаппытæ.

Дзуаппытæ дæттынц

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджы уроктæм.

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджыуроктæм.Ныхасы культурæ æмæ коммуникативон этикæ....

Ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытæ

Урочы хуыз: урок-хъазт.Урочы нысантæ:  ахуырадон:- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ,          базон-базонтæ, æнгом дзырдбæстытæ, дзырд...

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат иннæ ‘взæгты ‘хсæн.

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат  иннæ ‘взæгты  ‘хсæн....

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Ирон æвзаджы урок

Ирон æвзаджы урок 7 «Г» къласы    Темæ: «Хъæбатыртæ нæ мæлынц»      Ахуыргæнæг:Цæлыккаты Дзерассæ   Урочы темæ:Хъæба...

Хæслæвæрдтæ ирон æвзаджы уроктæм.

Бакæс æмдзæвгæйæ скъуыддзаг. Базон авторы? Бахахх кæн æмхъæлæсонтæ æзылангон цы дзырдты сты, уыдон.Дæумæ дзурын мæ бæлас,Мæ цард æмæ мæ дарæг.Фехъус, мæ хур, мæ ныхас.Радзурон дын мæ зарæг....

Урок-презентаци: "15 - май ирон æвзаджы æмæ литературæйы бæрæгбон".

Ирон æвзаг, ирон фарн. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ. Нæ ирон фарны ис нæ удыхъæды адæймагдзинад æмæ нæ рæстдзинад. Ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзиуыл, ирон æгъ...