Дзесты Куыдзæг "Фæндагсар Уастырджи"
статья (10 класс)

Куыдзæг уыди гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын. Адæймаджы идеал ын æвдыст цæуы хæрзгæнæджы хуызы.  Хæрзиуæг кæнынæн ис бирæ хуызтæ, бирæ фæрæзтæ. Куыдзæг гыццыл хъуыдддæгты дæр уыны стыр мидис. Аразын у хæрзиуæг: уый цин хæссы архайæгæн йæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр, ахæм у фыссæджы этикон хъуыды.

Куыдзæджы намысон идейæтæ ноджы ирддæрæй зынынц йæ фæстаг уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы. Уацмыс фыст æрцыд 70-æм азты, фæлæ уый у йæ фыццаг радзырдты логикон кæрон. Уацмыс йæ жанрæм гæсгæ уацауæй хæстæгдæр у аивадон очеркмæ. 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kurson_kuyst.docx51.07 КБ

Предварительный просмотр:

ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ НОМЫЛ Уæрæсейы Федерацийы Наукæ æмæ уæлдæр ахуырады министрад

Уæлдæр ахуырады федералон паддзахадон бюджетон ахуырадон куыстуат «Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет»

Ирон филологийы факультет

Ирон литературæйы кафедрæ

Здæхт 45.03.01 «Филологи», профиль «Фыдыбæстæйы филологи (ирон æвзаг æмæ литературæ)»-йы боны ахуыры хайады 3-æм курсы студент Музаты А.

КУРСОН КУЫСТ

ДЗЕСТЫ КУЫДЗÆГ – ИРОН ПРОЗÆЙЫ ДÆСНЫТÆЙ ИУ

              Наукон разамонæг:                                                                    Хетӕгкаты К.И.

                                              Кафедрæйы сæргълæууæг:                                                             Хетӕгкаты К.И.

Дзæуджыхъæу 2021

Разныхас………………………………………………………………………3-4

1. Дзесты Куыдзæджы дæсныйад – ирон адæмы истори…………………..5

1.1 Хӕххон царды нывтӕ Дзесты Куыдзæджы уацмысты ………………..5-7

1.2 Мидхӕст ӕмӕ йӕ хъайтартӕ фыссӕджы радзырдты…………………..8-10

2. Уацау «Фæндагсар Уастырджи» – Дзесты Куыдзæджы фыццаг радзырдты логикон кӕрон ………………………………………………………….………11        

2.1 Фыссæджы этикон фæдзæхстытæ ӕмӕ адӕймаджы идеал Дзесты Куыдзæджы уацмыс «Фæндагсар Уастырджи»-йы ………………………11-15

2.2 Фӕндаджы темӕ Дзесты Куыдзӕджы фӕстаг уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы……………………………………………………………..16-17

Кæронбæттæн………………………………….………………………………...18

Спайдагонд литературæйы номхыгъд......….…………………………………..19

Разныхас

Прозæйы дæсны Дзесты Куыдзæгæн ирон дзырдаивады историйы ис йæхи сæрмагонд бынат. Цы дуджы райгуырдис, уый сонт æмæ æнæрцой тæлфт, политикон зондахасты карз хъæбысхæст, культы заманы цæхгæр æмæ тæссаг фæзилæнтæ фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады ныууагътой арф фæд, йæ зæрдæйы та, чи никуы байгас ис, ахæм тугæрхæм хæдгæмттæ. [5, 5]

Дзесы-фыртæн æрыгонæй рабæрæг йæ курдиат. 1925 мыхуыры фæзындысты Куыдзæджы фыццаг фæлварæнтæ литературæ æмæ журналистикæйæ. Курдиатджын лæппуйыл йæ цæст æрæвæрдта Гæдиаты Цомахъ. 1925 азы Куыдзæг райдыдта кусын газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй. 30-æм азты Куыдзæг уыд фысджыты цæдисы «Зиу»-ы активон архæйаг. Уыд партийы уæнг. 1928 азы хицауад йыл фæгуырысхо трокцизмы æвндавдадæй æмæ хастгонд æрцыд горæт Чарджоумæ.. [9, 315]

20-æм кæрон – 30-æм азты райдианы Куыдзæджы аивад сæртыввта тыхджынæй æмæ ирддæрæй. 1930 азы журнал «Фидиуæджы» мыхуыры рацыдысты йæ радзырдтæ «Хорхæссæг», «Уæхæнæзы радзырд», «Фæстаг аргъау» æмæ æнд. Уымæй дыууæ азы дæр азы дæр нæ рацыд, афтæ рацыд йæ уацмысты 1-аг æмбырдгонд «Хæхтыл» (1932). Адæмы æмæ фысджыты зæрдæтæ тынг айстой йæ уацмыстæ. Ацы хатт арфæйы ныхас загъта зындгонд литературæиртасæг Дзанайты Иван (Нигер): «…прозаикон уацмыс домы бирæ фенындзинад, бирæ зонындзинад, бирæ бафæллой кæнын. Æмæ ахæм миниуджытæ кæмæ ис, уыдоны нæмттæ ирон аив литературæйы бирæ не сты…Уыдонæй иу у Дзесты Куыдзæг.

Дуг куыд рæзыд, афтæ рæзыд Куыдзæджы курдиат дæр. Хуымæтæджы не схуыдта йæ радзырдты 2-аг æмбырдгонд «Адæймаг рæзы» (1935). Хъыгагæн, йæ иннæ уацмыстæ мыхуыры афтæ тагъд нал фæзындысты. Уымæн уæды рæстæджы аххосæгтæ уыд. Рæстæг – тызмæг, фæлдурæтджын, карз рафæлив-бафæлæвтимæ, иу адæймаджы культы тæригъæддаг нывæндтимæ.  1959 азы рацыд 3-аг чиныг «Хорхæссæг».

Куыдзæджы уацмысты æргомæй æвдыст цæуынц колхозонты æмæ куысджыты цард, адæймаджы хъæбатырдзинад, йæ рæстæджы царды цаутæ, коллективы ахадындзинæдтæ. Иу дзырдæй Куыдзæджы хъайтартæ хайджын сты адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. Фысты повесттæ, радзырдтæ, очерктæ. [3, 413]

Куысты актуалондзинад ис уый мидæг, æмæ Дзесты Куыдзæджы сфæлдыстад у бирæвæрсыг, фæлæ уыимæ æххæст иртæстгонд нæу. Кæд Куыдзæджы сфæлдыстадыл фыст ис бирæ литературæ, уæддæр ын уый йæ уацмыс «Фæндагсар Уастырджи»-йы проблематикæ æххæстæй не ‘взары. Йæ уацмысты эстетикон хъæздыгдзинад ын æххæст нæ æргом кæны.

Нæ иртасæн куысты нысан у, бæлвырддæр æрлæууын Дзесты Куыдзæджы уæцмысыл. Уæлдай тынгдæр хъус æрдарын хъайтарты фæлгонцтæм,сюжетыцыдмæ, фыссæджы эстетиком фæдзæхстытæм.

Куысты хæстæ сты: 1) æрдзурын мидхӕсты темæйыл фыссӕджы радзырдты; 2) æркæсын хӕххон царды нывтӕм Дзесты Куыдзæджы уацмысты; 3) равзарын хъайтарты фæлгонцтæ уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы; 4) равзарын фæндаджы архетип уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы.

Нӕ куысты ногдзинад уый мидæг ис, æмæ ацы уацмысмæ ахæм хуызы æркаст нæма уыд.

Нӕ куысты пайдагонд цыд анализӕй, ӕрфыстӕй ӕмӕ ӕндӕр зонадон мадзӕлттӕй.

Методологион бындур. Иртасæн куысты бындуртæ аразынц Мамиаты Изетæ, Джыккайты Шамиль, Нигер, Тыбылты Алыксандр, Гафез, Гусалты Барис, Хуыгаты Сергей æмæ иннæ литературæ иртасджыты критикон æмæ иртасæн куыстытæ.

Иртасæн куысты структурæ у традицион: разныхас, дыууæ хайы, кæронбæттæн æмæ спайдагонд литературæйы номхыгъд.

1. Дзесты Куыдзæджы дæсныйад – ирон адæмы истори

1.1. Хæххон царды нывтæ Дзесты Куыдзæджы уацмысты

Дзесты Куыдзæг – ирон адæмы истори зарæггæнæг. Афтæ ис æнæмæнгæй зæгъæн йæ дæсныйадæй. Куыдзæг йæхæдæг  бирæ зындзинæдтæ бавзæрстæ йæ цардвæндаджы. Уымæ гæсгæ йæ уацмысты равдыста—ирон адæмы хъизæмæрттæ, сæ цардвæндаг. Куыдзæджы сфæлдыстад дих кæны дыууæ хайыл—йæ уацмыстæй, иу тæ æвдисынц хæххон мæгуыр адæмы Октябры революцийы размæ цы хъизæмар цард кодтой, уый. Иннæтыл фæзынд ног дуджы комулæфт. Стыр бынат адæмы зæрдæты ахсынц радзырдтæ «Хорхæссæг», «Хур скæсæны ’рдæм нæ ныгуылы» æмæ æнд.

Радзырд «Хорхæссæг» мыхуыры æрцыд 1930 азы журнал «Фидиуæджы»  фыццæгæм номыры. Уый канд Куыдзæджы сфæлдыстады нæ, фæлæ ирон литературæйы чиныгкæсджыты зæрдæты бацахста стыр бынат.  Критик Тыбылты Александыр фыста: «Уыцы таурæгъ уæнгты уый бæрц ахъардта, æмæ хъуамæ йæ кой рæгъмæ рахастæуа, æмæ ног фысджыты раззаг рæнхъытæ хъуамæ нæртон фæдисонæй æрлæудзæн. <…> Цæст сисын нал фæфæнды йæ иуæй-иу нывтæй. Уæлдайдæр зæрдæмæ цæуы йæ нæртон æвзаг…»

Гафез куыд зæгъы, афтæмæй искæмæй раппæлынмæ тынг арæхстагай æвнæлдта, фæлæ радзырд «Хорхæссæг» куы бакаст, уæд фыста: «Цард кæй домы, ахæм хабар равзарынæн стыр дæсныйад  хъæуы,  æмæ уыцы дæсныйад ис Куыдзæгмæ».

Ирыстоны ахæм чиныгкæсæг нæй, æмæ йæ чи нæ бакаст, мæгуыр хæххон лæг Темсыр æмæ йе ’нахъом фырт Додийы хъысмæт кæй зæрдæйы нæ ныууагъта фæд. Радзырд кæд йæ асæй у чысыл, композицион æгъдауæй та хуымæтæг, уæддæр стыр бынат ахсы адæмы зæрдæты. [1, 9]

Цæвиттон, Уæллагкомы хуымты фæззыгон уазæлттæ бахъыгдæрдтой. Басыдысты хуымтæ. Темсыр — бинонты хистæр, бинонты дарæг, сфæнд кодта: «Цæуын хъæуы фæсæфцæгмæ. Дыууæ путы бæрц æрхæсдзынæн æккойæ. Лæппуйы дæр мемæ акæндзынæн. Фæсхох мын мæ хæстæджытæ иу-æрт путы нартхор куыд нæ ратдзысты!...»

Фæлæ фæстæмæ куыд здæхтысты, уæд боныхъæд фæкарздæр. Мигъ фæтынгдæр. Уый уыд фыд æмæ фырты фæстаг балц.

«…Æвиппайды йæ раз сау адардта.»

— Къæдзæх! Фæстæмæ! — æваст цъæххаст ма фæкодта Темсыр. Бæргæ фæлæбурдта удисæджы ’внæлдæй йæхи фæуромынмæ, фæлæ цæуыл фæхæца—къухтæ миты афардæг сты, æмæ ауындзæг къæдзæхы сæрæй мигъы фæлмы аныгъуылд. [1, 28-29]

Нал баххæст кодта Доди йæ фыды фæдзæхст. Нал аздæхт фæстæмæ. Бæстæ мигъы зилдух кæны йæ алыварс, сæр зилы, цæстытæ тартæ кæнынц, фæцудыдта æмæ Темсыры фæдыл коммæ ахаудта.

Арв хъуыдытæ, æлвæст рæнхъытæ, фыд æмæ фырты хъизæмар…Адæймаджы зæрдæ æнæ ныккæрзгæ нæ фæлæудзæн. Уымæн æмæ Куыдзæг курдиатджынæй æмæ нывæфтыдæй æвдисы царды æцæгдзинад. Уыцы миниуæг фыссæгæн сси йе сфæлдыстады сæйраг нысан.

Ницæмæй фау æрхæссæн ис «Хорхæссæг»-мæ аппæй дæр, формæйæ дæр. Дæлдæр нæу уыцы миниуджытæй «Фæстаг аргъау» дæр. Фæци Бæтæгты дуг. Аивгъуыдтой уыдон цардæй. Байхæлд сæ «къона». Царды рад ис Аким, Бидыр, Мурат, Симæ – уыдонмæ. Куыдзæг æххæстдæрæй æвдисы хæххон сылгоймаджы цард йæ радзырд «Госæйæ»-йы.

Курдиатджынæй æвдисы Куыдзæг классон тох æмæ социалистон арæзтад ирон хъæуы йæ радзырдты: «Дæндаг ныссасти», «Дыууæ æфсымæры», «Æндæр зиу». Æвдисы, ирон фæллойгæнæг лæг йæ зæронд зæрдæйы хъæд куыд ивы æмæ ног царды уылæнтæ куыд банкъары, уый йæ радзырдты: «Хъандуйы фæсмон», «Зæрондæй æртасыд». Аивæй æвдыст цæуынц чиныджы, фыд-заманы фæлхортæй ма цы царды цы баззад æмæ цардарæзтæн цæлхдур чи у, уыдон, «Фындгæнд», «Пъæззы» æмæ «Хæдмал хъаст».

Куыдзæгæн йе стырдæр миниуджытæй иу у уый, æмæ тынг хорз зоны ирон адæмы цард — Хуссарæй, Цæгатæй, ивгъуыд цард æмæ ног цард дæр. Фыссæджы миниуджытæй иу у уый, æмæ цæй тыххæй фыссы, уый зон. Куыдзæг ницы æмбæхсы йæ радзырдты. Æмæ йæм уыцы фау ничи æрхæсдзæн. Цæйдæриддæр тыххæй фыссы йæ радзырдты, уый зоны хорз, федта æмæ бавзæрста уыцы зындзинæдтæ царды. Хъæздыг у йе ’взаг, бирæ хорз фадæттæ йын аразы йæ куысты. [8, 347]


1.2 Мидхӕст ӕмӕ йӕ хъайтартӕ фыссӕджы радзырдты

1920 июны Гуырдзыйы меньшевиктæ фæуæлахиз сты æмæ Хуссар Иры хъæутыл арт бафтыдтой, сæ цæрджыты сын стыгътой, мардтой. Ссæдз мин адæймагæй фылдæр, уыдонимæ сылгоймæгтæ, сабитæ, ацæргæ адæм, ныууагътой сæ фыды уæзæг, лидзæг фесты сæ цæгатаг æфсымæртæм æфцæджы сæрты.

Дзесы бинонтæ бавзæрстой лидзæг адæмы хъысмæт. Цаутæ йын йæ курдиатæн радтой ног талатæ. Нывæфтыд сæ кодта йæ уацмысты. Сæ ахадгæдæр у радзырд «Хур скæсæны 'рдæм нæ ныгуылы». Æвдыст дзы цæуы иу эпизод 1920 азы историон цаутæй. [5, 12]

Меньшевиктæ æрбацæуынц, зæгъгæ, æмæ хъæубæстæ фæлыгъдысты æдас ранмæ. Бирæ фæлæгъстæ кодтой Дзангæн йæ бинонтæ, фæлæ сæм нæ байхъуыста. Знаг кæд цыфæнды знаг у, уæддæрадæймаг у, бахатдзæн сæм, æмæ кæд хъæу нал бусадзиккой – ахæм у йæ фæнд. Уæддæр та урссæр зæронд лæг, йæ дзырдæн ын аргъ куыннæ скæндзысты. Æмæ лæмбынæг цæттæ кæны йæхи, барвæндоны цы хæсы бацыд, уымæ: «Скодта йæ бæрæгбоны дарæс, æрбабаста йæ гæрзтæ, афтæмæй лæууы ныр Дзанг хъæумæ æрбахизæны йæ урсхæцъил тырысайы цур.»

Урс тырыса. Састы нысан. Цыма йæ чи æрхъуыды кодта? Урс цæмæн? Сау боныл сау хуыз тырыса хуыздæр фидауы. Фæлæ нывæн ис йæхи цыдæр нысаниуæг.

 Дзанджы фæлгонц арæзт у ирд ахорæнтæй. Уый у сыгъдæгзæрдæ, хуымæтæг хохаг адæймаг. Йæхæдæг куыд уæздан у, афтæ æнхъæл у знагæн дæр.

Ницы бакæнинаг у Дзанг йæ хотыхтæй, æрмæст «знаджы раз дæр аргъ лæджы ныхасæн ис, лæг та йæ бакастæй дæр хъуамæ лæджы хуызæн уа». Фæлæ нæ бамбæрстой стигъджытæ Дзанджы уæздандзинад, ахызтысты фыдæлтыккон æгъдауы сæрты. Зæронд лæгæй хынджылæг кæнынц. «Ницы рауад примитивон дипломатийæ æмæ уæд зæхкусæг лæг бавнæлдта рыцары хотыхмæ». Æндæр сты йе знаджы æууæлтæ: чъылдымырдыгæй марын у сæ фæтк. Ирон адæммæ ахæм ми æгадыл нымад уыд. Дзанг йæ лæгдзинад, йæ арæхстæй, суанг йæ мæлæтæй дæр худинаджы аккаг æвæры знæгтыд, уæлахиз сыл кæны канд хæстон фæлтæрддзинадæй нæ, - намысы сыгъдæгдзинадæй æмæ зæрдæйы хорзæй.

Радзырдыт аивадон фæрæзтæ ахъаз сты Дзанджы бæрзонд трагизм равдисын. Цыбыр æндыгъж фразæтæ, сæ тызмæг мидызæмлд, авторы дзырды хиуылхæцгæ интонаци – æппæт дæр арæзт у иу нысанмæ: цæмæй чиныг чиныгкæсæг арфдæр банкъара хъайтары фæндтæ, йе 'фсарм æмæ намысы бæрзæнд, æгады бæсты мæлæт райсынмæ цæттæ кæй у.

Уæдæ цæуыннæ ис зæгъæн, æмæ Куыдзæджы «Хур скæсæны 'рдæм нæ ныгуылы», æмрæнхъ лæууы Коцойты Арсены «Саломи»-имæ. Дыууæ радзырды дæр кæд арæзт сты хуымæтæг рæнхъытæ, уæддæр æвдисынц ирон адæмы хъызæмæрттæ революцийы рæстæг. Хуымæтæг рæнхъыты уыййас «уд» æвæрд ис, æмæ адæймаджы зæрдæ бамыр вæййы уыцы цаутæй.

Адæймаг рæзы карз уавæрты, æхсæнадон хъуыддæгты – уыцы процесс нын æвдисы радзырд «Чеуре». Къуыдайраг лæппу Бимбол æххуырстæй кусы быдираг хъæуы хъæздыг хæдзары. Хъæздыг Бимболатмæ хардзау кæсы æххуырстимæ иу ном хæссын, уыйадыл лæппуйыл ныббастой æнахуыр фæсномыг. Æвхæрд æмæ схуыстæн Бимбол дзуапп дæтты æрмæст хъазæн цыргъ ныхасæй. Фæлæ рæстæг ивы. Бимбол фембæлд  революционеры бинонтыл, базыдта тохы фæндаг, æвдисы йыл ныфсхаст хъуыддæгтæ, афтæмæй сси æвзыгъд æмæ хъуыдыджын æхсæны лæг.

Радзырды сюжет у традицион советон литературæйы. Фæлæ Куыдзæг ам дæр у оригиналон нывгæнæг. «Чъеури»-йы уынæм национ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ: йæ хъайтар æвдыст цæуы цардбæллон, куыстуарзæг, бахъуыды сахат – амалджын, сæрæн адæймагæй. Цыфæнды зын уавæрты дæр йæ цыргъзонд ныхас æмæ оптимистон зæрдæйы уаг нæ рох кæны .

Гафез Куыдзæджы схуыдта «цард æмæ лæгдзинады зарæггæнæг». Йæ хъайтартæ æххæст сты адæймаджы хуыздæр æууæлтæй: уарзынц цард, кæнынц ын стыр аргъ, сты цардбæллон. Фыссæг адæмы цардæй ис, тох кæм цæуы, ахæм цаутæ. Тохы алы хуызы рабæрæг вæййынц æххæстæй адæймаджы идеалтæ, йæ зонд æмæ йæ удыхъæд. Йæ хъайтартæ сты зæрдæйæ рæдау, удæй рæсугъд, хъаруйæ æххæст адæймæгтæ. [3, 416]


2. Уацау «Фæндагсар Уастырджи» – Дзесты Куыдзæджы фыццаг радзырдты логикон кӕрон

2.1 Фыссæджы этикон фæдзæхстытæ ӕмӕ адӕймаджы идеал Дзесты Куыдзæджы уацмыс «Фæндагсар Уастырджи»-йы

Куыдзæг уыди гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын. Адæймаджы идеал ын æвдыст цæуы хæрзгæнæджы хуызы.  Хæрзиуæг кæнынæн ис бирæ хуызтæ, бирæ фæрæзтæ. Куыдзæг гыццыл хъуыдддæгты дæр уыны стыр мидис. Аразын у хæрзиуæг: уый цин хæссы архайæгæн йæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр, ахæм у фыссæджы этикон хъуыды.

Куыдзæджы намысон идейæтæ ноджы ирддæрæй зынынц йæ фæстаг уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы. Уацмыс фыст æрцыд 70-æм азты, фæлæ уый у йæ фыццаг радзырдты логикон кæрон. Уацмыс йæ жанрæм гæсгæ уацауæй хæстæгдæр у аивадон очеркмæ. [3, 418]

Фыццаг бакастæй цыма уадиссагæй ницы ис ацы æрвылбоны цауты, æвдыст цæуы хуымæтæг ирон адæймаджы куыст æмæ цардыгъдау. Фæлæ куыд дарддæр кæсыс радзырд, афтæ æнкъарыс, «хуымæтæджы» хабæрттæ адæймаджы бæрзонд удыхъæдыл, æнусон нысаниуæг цы этикон миниуджытæн ис, уыдоныл дзурæг сты: хæлар уаг æмæ зæрдæхорзыл, дзырд æмæ архайды æмиуыл, æрдз æмæ æппæт цæрæг удтыл аудын.

Уацауы фабулæйы равзард ирон литературæйы у традицион. Зæхкусæг ирон лæг йæ намыс ссæндын нæ бауагъта, æлдарады фыртимæ сæ быцæу тугныккалдæй ахицæн ис. Хылкъахаг цы агуырдта, уый ссардта – ингæн йæхицæн, фæлæ мæгуыр лæппу дæр йæ фыды уæзæгæй фæхауд. Дарддæр – ахæстон, импералистон хæст, фронты фехæлд, мидхæсты азты урсгвардионтимæ тох æмæ фæстагмæ – рагæй кæмæ бæллыд, уыцы фембæлд уарзон мад æмæ фыдимæ.

Фæлæ ацы цауты радзырды сюжетаразæг не сты. Чыныгкæсæг семæ фæзонгæ вæййы уæлæнгæйтты, уацмысы кæроны. Истори нывæфты кæнын нæу автæры хæс, ам у йæ хæс равдисы æрмæст архайды хуыз. Сæйрагдæр хъусдард уацмысы цæуы намысон-этикон фæрстытæм.

Архайд рæзы лæппуйы ныййарджыты хъысмæты фæзилæнтæй. Æлдарады карз мастæй хи хъахъхъæнгæйæ, æхæсæвы лидзæг фесты сæ мæгуыр къæсæй. Дзæгъæл ныууагътой сæ уæзæг. Тындзынц размæ, кæдæм, уый сæхæдæг дæр нæ зонынц.

Лигъдæтты дарддæры царды хабæрттæ аразынц сюжетон рæстæг æмæ дæрддзæджы арæнтæ. Дыгургомæй æрбафтыдысты Ручъы коммæ, се 'цæг нæмттæ басусæг кодтой.

Мæнæ нæ цы хуызы зонгæ кæны фыссæг йæ хъайтартимæ: «Хъæубæстæ «Ракæсæн» кæй хонынц, уырдыгæй разындысты Æхсæйнаг хъæумæ дыууæ бæлццоны. Фæизæрмилтæ, фæлæ ма уæддæр равзарæн уыд: фистæджытæ, нæлгоймаг – разæй, сылгоймаг – йæ фæстæ…

 - Хъусыс, не 'фсин! Куыд бадзырдтам, афтæ: мæ ном Дзаххо… мæ мыггаг – Алæджыхъотæй. Дæхи ном та – Дзитта, мыггагæй - Дзалиан».

Ам цыдæр сусæгдзинад кæй ис, уый æнкъарæм. Фæлæ Куыдзæджы сфæлдыстады интрига ахсы сæйраг бынат. Фыссæг йæ уацауты ныв кæны ирон æгъдæуттæ, адæмы культурон æууæлтæ. Æхсæйнаг хъæуккæгтæ зардиагæй бацин кодтой Дзаххойыл. Дзитта бæлвырд рæстæгмæ рохуаты аззад æмæ лæууыд сисы цур иунæгæй. Лæппутæй чидæр базгъордта, Ныхасмæ æввахсдæр цы хæдзар уыд, уырдæм. Уырдыгæй рауад æмбискар сылгоймаг, бæлццон усмæ батындзыдта, райста йын йæ дзæкъул æмæ йæ сæхимæ бакодта.

Хуымæтæг ныхæстæ, хуымæтæг архайд. Фæлæ дыууæ мивдисæджы: «базгъордта», «батындзыдта» - уыдон сты æпизоды сæйраг цæджындзтæ, ирон æрхъуыды æмæ уазæгуарзоны ирд нысæнттæ. Ирон адæммæ уазæг тынг кадджын бынаты уыд. Ууыл дзураг у ирон æмбисонд «Уазæг - Хуыцауы уазæг». Уый ма ууыл дзурæг у, æмæ алы уазæг нымад уыд Хуыцауæй æрвыст. Ам дæр хъæуы адæм сæ узæлд æвдисынц хиуылхæцгæйæ, уæзданæй, цæмæй къæйных ныхасæй æрбацæуæджы ма фæкъæмдзæстыг кæной.

Æрбынат кодтой Æхсæны хъæуы дыууæ бæлццоны. Лæг ныллæуыд фæндагмæ зилæгæй. Æрцарæзтой рæстæгмæ хæдзар, æмæ кастысты сæ иунæг фыртмæ. Æдас ран у, сæ тудджыны къух сæм хъуамæ ардæм ма æрбахæсса. Рæстæгмæ æрцардысты, фæлæ се 'гъдау, сæ царды уаг «рæстæгмæйы» æууæлæтæй иртæст сты. Адæмæн хорзы бацæуын, тыхст лæгæн баххуыс кæнын – уый сæ сæйраг домæн.

Боныхъæд куы фехæлы, уæд Дзаххо йæхицæн бынат нал фæары   «кæд, мыййаг, тымыгъы исчи фæдзæгъæл æмæ æххуысхъуаг у». Ничи йын бахæс кодта ацы хъуыддаг, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууы. Фæлæ уый у йæхи цæсгомы, йæ намысы домæн, æххуыс кæнын бæлццæттæн зын рæстæг нымайы йæ хæсыл. Стыр фыдæбæттæ баййафы, уыдонæн æххуыс кæнгæйæ. Фæлæ уайтагъд йæхи зæрдæ мæтæй фервæзы, йæ тас æрцæуы.

Лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ акæнынц. Дзиттайы кæрдзындæттоны кой айхъуыст дæрддыл, йæ фæстаг къæбæр дæр хæларзæрдæйæ дих кæны фæндаггонтимæ. Ахæм миниумæг у хуымæтæг ирон адæмæн. Ирон адæймаг у хæларзæрдæ, рæдау. Йæ фæстаг къæбæр дæр бахæрын кæндзæн йæ уазæгæн, йæ цоты та æххормагæй дæр ныууаддзæн. Стыр бæрæгбонау у æфсинæн уазæджы  бахызт. Зæрдиаг салам дæтты æндæр æвзагыл чи дзуры, уыцы геолæгтæн. Дзадджын уæливыхтæй хынцы сæ хъарм хæдзæрдтæй иппæрд фыййæуты. Боныхъæд куы фехæлы, уæд Дзитта уæларт дары хъарм хæринаг: уазал кæй бацæуы, уыцы бæлццæттæн – æвдадзы хос.

Куыдзæджы уацауы ирон æмбисонд – «Раттаджы къуых райсаг у» - цардæгас хуыз райсы. Фысымты хæрзтæ хордзинадæй фидынц фыййæуттæ – къуымбилæй. Геолæгтæ сын балæвар кодтой хæдзары хъæугæ дзаума. Уæдæ хъæуы куы вæййы Дзаххо, уæддæр автидæй никуы рыздæхт. Дзаххо æмæ Дзиттайы артдзæст сси адæмæн уарзон, сæ кады ном дардыл айхъуыст.

Автор буц у ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæй, фыдæлтæй баззайгæ этикон фæдзæхстытæй. Дзаххо æмæ Дзиттайы æмуддзинад ирон адæммæ «бинонты фарн» хуыйны. Ацы дзырдбасты мидис у уæрæх æмæ арф: уæздан дзырд, æнувыд уарзт, кæрæдзийы цæстæнгасæй æмбарын. [10]

Тыгъджын эмоцион уагыл фыс у, тымыгъы чи адзæгъæл ис, уыцы адæмы уавæр: «Дзаххойы æфцæджы сæрмæ бирæ нал хъуыд, афтæ дымгæ фæсабырдæр. Æмæ уалынмæ адæймаджы æнуд цъæхаст:

- Кæм дæ, цы фæдæ, Уастырджи!

- Мæнæ! Мæнæ!

Дзаххойæн фыр цинæй рохуаты аззад бæлццæттæ Уастырджимæ кæй сидтой. Йæ удæн нæ тæрсы, æмæ лæгæрды уæлæмæ, æфцæджы сæрмæ. Ам цæстытыл райдайы уайын цыдæр мистикон фæлгонц. Равзæры дзы фольклорон бындур дæр. Дзаххойы фæлгонц уыд Уастырджи: йе 'рфгуытыл æрцауындзæг сты æнгуылдзты ставдæн ихы цуппæлттæ, йæ зачъетыл та белы тъæпæны йас ихы фæзгъæр урс-урсидæй зынди дардмæ дæр. Æцæг уыди Дзаххо, æддейæ бакæсгæйæ, таурæгъты æмæ аргъæутты цы зæронд урсбоцъо Уастырджийы кой фæкæнынц, уый æнгæс». Фервæзын коддта мæлæтæй бæлццæтты Дзаххо. Йæхи удæй уæлдæр сæвæрдта æндæр адæмы. Уыцы миниугæ ис ирон адæмы туджы, не 'гъдауы.

Фыссæджы къухы бафтыд равдисын ирон сылгоймаджы психологон дæсны снывæндын. Иуæрдыгæй, æгъдаумæ гæсгæ, сылгоймагæн йæ сæрыхицаумæ йе 'нкъарæнтæ æргом кæнын не 'мбæлы, иннæрдыгæй, уавæрмæ гæсгæ, уыцы æнкъарæнтæн ныртæккæ æвджиауы фадас ис срæмудзын, æмæ Дзитта фæндаггæттæн хъæбыстæ кæнынмæ фæци, цыма Дзаххо уыдон нæ, фæлæ йын æй уыдон фервæзын кодтой.

Куыдзæг нын равдыста йæ этикæйы бындуры адæймаджы фидауц. Аргъ кæны йæ хъайтартæн. Адæймаджы идеал ын у хæрзгæнæг.Йæ хъайтартæ раст цыма нæртон адæм сты, ахæм фæлгонцты сæ æвдисы чиныгкæсджытæн. Адæймаг сын банкъары сæ уаврæтæ, се 'гъдау.

Дзаххо æмæ Дзиттайы миниуджытæ æххæст сты нæртон адæмы æууæлтæй: хæларзæрдæтæ, къæбæрдæттон адæм, хъæбатыр, æфсамрдзинад.

Фыссæг нын равдыста йæ персонажты æргомæй. Ницы басусæг кодта. Æнæмæнгæй йæ радзырды хъайтартæ ис схонæн – идеалтæ. Дзаххо – Нарты Уырызмагау хъуыды кодта адæмыл. Дзитта - Нарты Сатанайау. Ирон æфсины цæттæ идеал – уазæгуарзон, фæлмæндзырд, æфсæрм æмæ куырыхон зонд æрдз рæдау кæмæн схай кодта! Уæдæ цæуыннæ ис зæгъæн ма æмæ Дзаххо - Нарты Батрадзæй миниуджытæй дæр æххæст уыд. Æртæ тыны дæр ын уыдис радтæн, æмæ уый дæр загътаид уыцы ныхæстæ æмæ æцæг афтæ у. Дзаххо гуыбыныл хаст адæймаг нæ уыд, мæгуыр адæмæй никуы иста лæвæрдтæ. Йæ уд йæ адæмæн дæр балæвар кæндзæн. Уæдæ йæ бинойнагæн дæр аргъ кодта.

Куыдзæг адæймагмæ кæсы, сывæллон йæ мадмæ цы цæстæнгасæй кæсы, уыцы хуызы, стыр аргъ кæны йæ уды хæрзæтæн. Æмæ уый у сæйраг миниуæг адæмагæй. [5, 117]


2.2 Фӕндаджы архетип Дзесты Куыдзӕджы фӕстаг уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы

Фæндажы архетип, суанг нæ дуджы постмодерны уацмысы онг, зынгæ бынат ахсы дунеон литературæйы.

Куы бафæрсæм, архетипон мотив литературæ æмæ аивады сюжеттæн цы ахъаз у, уæд, фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы, сæ эмоцион хъаруйыл сын кæй æфтауы, уый тыххæй. Ноджы, уацмысы метафорæ цас нысаниуæгджындæр æмæ арфдæр уа, уыйбæрц архетипы хъомыс дæр тыхджынджæр вæйы, зæрдæйæ йæ тынгдæр банкъары. Дыккаг та уый, æмæ нæ рагфыдæлтæ хуыздæр æмæ ахадгæдæр фæлтæрддзинад архетипон фæлгонцты руаджы сног вæйы, абоны хай бавæййы.

Архетипы термин литературониртасынадмæ бахаста швейцараг психолог æмæ философ-идеалист Карл Густав Юнг. Архуыргонд куыд зæгъы, афтæмæй нывгæнджыты æнтыст æнæхъæнæй дæр аразгæ у, кæддæры рагфæлгонцты схемæтæ куыд спайда кæнай, уымæй. [11, 26]

Нырыккон ирон уацау разæнгардæй кæуыл хъыды кæны, царды уыцы æнусон темæты æхсæн уæлдай ахсджиаг у фæндаджы «разфæлгонц». Уыцы архетип ирон литературæйы æрцыж хицæнгонд æрцыд Дзесты Куыдзæджы «Фæндагсар Уастырджи»-йы, Джусойты Нафийы «Адæймаджы мæлæт»-ы æмæ а.д.

Фæндажы темæ Куыдзæджы «Фæндагсар Уастырджи»-йы райхæлы фæлтæргай. Уацмысы æддаг «цъар» баст у, фæндагмæ йæ цæст цы кусæг дары, уый хæсимæ: сыгъдæг æй кæны, бæлццæтты æдасдзинадыл ауды.

Фыццаг бакастæй дзы диссагæй ницы уынæм: æрвылбоны царды фæтк æмæ куысты æгъдау. Æрмæст хуымæтæг хабæрттæ аразынц адæймаджы бæрзонд удыхъæд. Цыфæнды рæстæджы дæр цард цæмæй сфидауы ирон лæджы, уыцы фæзминаг миниуджытæ.

Цæгаткавказаг литературæтæн традици чи сси, уыцы бындурæй арæзт у уацмысы мидис: мæгуыр фæллойгæнæг фæныхæй-ныхмæ ис, йæ ном æмæ йæ намысы къæхты бын ссæнды, уыцы æлдары бындаримæ. Быцæуы апп æвдисы хъайтары социалон рæзт: разæй йæм, иу иннæйы фæдыл, æнхъæлмæ кæсынц царды скъолайы къæпхæнтæ: Сыбыр, хасты уавæр, империалистон хæст, политикон фыццаг уроктæ, фронты фехæлд, мидхæсты цаутæ. Адæмон сфæлдыстады куыд вæййы, афтæ ам дæр фæндаджы мотив баст æрцыдис змæлыны, цæуыны хъуыдыимæ.

Фæндаджы хронотипы ирдæй зыны статикон æууæл: алы бон дæр – иугæндзон æмæ иухуызон архайд. Уыцы æнæрæнцой фæллойы нысан – адæймаджы миддуне фæрæсугъддæр кæнын,  уды ног хъæздыгдзинад баххæст кæнын.

Куыдзæджы персонажтæ æрдзимæ хъæрмуд сты, фыдæлты фæтк сæ рох нæу. Уымæн афтæ æрдзон у уацмысы, ирæттæ сæ бардуæгты 'хсæн хъулон уарзт кæй кæнынц, Уастырджийы фæлгонц. Нывæфтыд мадзæлтты руаджы мифологион персонаж æмæ сæйраг хъайтар кæмдæрты æнгæс рауайынц, æмæ уыцы æууæл Дзаххойы сурæт кæны арфдæр, йæ алы фезмæлды дæр ын цыдæр бæрзонд мидис бауадзы. Йæ куысты хæстæм гæсгæ Дзаххо у «фæндаггæттыл аудæг», уый фæрцы раргом вæййы хъайтары удыхъæд сæйраг нысан – растæй цæрын, зæрдæйы хорзæй адæмæн лæггад кæнын.

Цыбыр дзырдæй Куыдзæджы уацмысы фæндаджы архетип фæйнæрдæм ахæцы национ дунейы арæнтыл æмæ йæ аивадон æгъдауæй фæуæрæхæдр вæййы. Уымæ æмæ кæд хицæн адæмы цардæй ист у, уæддæр хæлардзинад, уарзт æмæ зæрдæйы хорзыл дзуры, æмæ уыцы æнусон хæзнатæ  сты адæймаджы царды фæндаджы сæйраг æууæлтæ æппæт адæмæн. [4, 292]


Кæронбæттæн

Алы адæймагæн дæр ис йæхи сæрмагонд царды фæндаг. Райдайы, адæймаг куы райгуыры æмæ царды мидæг фыццаг къахдзæфтæ кæныныл куы архайы, уæд. Иутæн сæ царды фæндаг цыбыр рауайы, иннæтæн – даргъ, иутæн – лæгъз, иннæтæн – гуыргъахъ. Фæлæ алчи иухуызон цæстæй нæ кæсы цардмæ. Ахæмтæ ис, æмæ цæрынц сæ уды дзæбæхæн: цы хуыздæр бахæрой, кæм хуыздæр баулæфой. Сæ алыварс æххуысхъуаг адæм ис, уый дæр сæ ферох вæййы. Фæлæ ис ахæмтæ, æмæ сæ царды нысан свæййы адæмæн цæстуарзонæй лæггад кæнын, адæмæн æнæвгъауæй хорздзинæдтæ аразын.

Куыдзæг куыд психолæг, афтæ ахуыр кæны чиныгкæсæджы адæймаджы хуыздæр миниуджытыл. Йæ удыхъæд ын рæсугъддæр кæны фыдæлтыккон этикон фæдзæхстытæй. Уыцы миниуджытæ хъуамæ суой адæймаджы царды сæйраг домæн.

Дзитта æмæ Дзаххойы фæлгонцты равдыста уыцы миниуджытæ. Хъæздыг у сæ удыхъæд. Сæ зæрдæмæ алæкæмæн дæр зæгъы хорз. Дзаххо йæ уд не вæры кæй дæр удæй уæлдæр. Адæмæн зæрдæбын лæггад кæнын, зæххыл зайæгой халæй цæрæгойы онг цы ис, - æппæтыл арм дарын – ахæм у Дзаххо æмæ Дзиттайы цардвæндаджы фæрнæйдзаг æмæ фæзминаг фæтк. Куыдзæг, национ къуындæгдзинады сæрты ахизгæйæ, чиныгкæсæджы раз райтынг кæны æнусон химæ сыдæг тыгъдад. Æмткæй зæгъæн ис, Дзесты Куыдзæджы фæстаг уацау – царды фæдыл сагъæсты хатдзæг – у авторы хæрзвæткон-намысон ныстуанм йæ фæстагæттæн, абоны фæлтæрæн.


Литературæйы номхыгъд

  1. Дзесты Куыдзæг. Æвзæрст уацмыстæ . Дзæуджыхъæу,  1988 (https://vk.com/barzafcag?w=wall-33833481_6579)
  2. Дзесты Куыдзæг. Фæндагсар Уастырджи: Æвзæрст уацмыстæ – Дзæуджыхъæу,  2007
  3. Джыккайты Шамиль. Ирон литературæйы истори (1917 -1956) . Дзæуджыхъæу, 2003 (https://vk.com/barzafcag?w=wall-33833481_9524)
  4. Мамиаты  Изетæ. Дзырддзæуæны: Автор æмæ хъайтарты æмдзæдис. Дзæуджыхъæу. 2008 (https://vk.com/barzafcag?w=wall-33833481_2546
  5. Мамиаты Изетæ. Курдиат рæстæджы тыхæвзарæнты. Дзæуджыхъæу, 2007
  6. Мамиева Изета. Кудзаг Дзесов. Владикавказ, 1990  ( https://vk.com/barzafcag?w=wall-33833481_7118 )
  7. Мах дуг №12. Владикавказ, 2005
  8. Нигер. Уацмыстæ . Цхинвал, 1988
  9. Очерк истории осетинской советской литературы. Орджоникидзе, 1967
  10. Туаева Лариса. Картины горской жизни в творчестве Кудзага Дзесова. Владикавказ, 2016 (https://elibrary.ru/item.asp?id=26718934)
  11.  Юнг Карл. Архетип и символ . Ренессанс, 1991

Спайдагонд интернет-ресурсты номхыгъд

  1. http://nslib.tmweb.ru/karta/ugosetia.html


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ДЗЕСТЫ КУЫДЗАГ. "ФАНДАГСАР УАСТЫРДЖИ".

1. Уацау «Фæндагсар Уастырджи» ныффыста:А. Цæгæраты МаксимÆ. Беджызаты ЧерменБ. Дзесты КуыдзæгВ. Цæрукъаты Алыксандр 2. Уацауы сæйраг архайджытæ сты:А. Дзаххо æмæ ДзиттаÆ. Гавди æмæ йæ усБ. Геоло...

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "...

Урок осетинского языка в 11 классе "Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йы"

Урок осетинской литературы в 11 классе "Духовные ценности человека в пьесе Дзесова Кудзага "Фаендагсаеры Уастырджи"....

Сочинени "Адеймаджы идеал"- Дзесты Куыджзæджы уацымыс "Фæнадгсар Уастырджи" - мæ гæскæ.

quot;Адеймаджы идеал"- Дзесты Куыджзæджы уацымыс  "Фæнадгсар Уастырджи" - мæ гæскæ....

Темӕ: Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагса Уастырджи».

Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæн cæ бæрзонддæртæй иу уТырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон...

Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы

Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ "Адӕймаджы  удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы"...