Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы
план-конспект урока (11 класс)

Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ "Адӕймаджы  удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы"

Скачать:


Предварительный просмотр:

ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»

ПОДГОТОВИЛА

учитель осетинского языка и литературы

Тотрова З.Х.


Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ

Нымӕц: 21.01.2019 аз

Кълас, ахуыргӕнӕг: 11 «А», Тотраты Заремӕ

Темӕ: «Адӕймаджы  удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы» 

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ

1. Дзесты Куыдзæджы цардвæндаджы ахсджиагдӕр фæзилæнтыл æрдзурын.

2.Проблемон уавӕрты фӕрцы ахуыр кӕнын скъоладзауты хи хъуыдытӕ ӕргом кӕныныл, хибарӕй кусыныл.

3.Ахуырдзаутӕм ӕвзӕрын кӕнын адӕймаджы удварны хӕзнатӕм арфдӕр цӕстӕнгас.

4.Ныхасы хӕрзхъӕддзинадыл кусын.

Урочы тип

Урок - конференци.

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон: Ахуырдзауты фœцалх кœнын аивадон уацмысы комплексон анализыл.

Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын, хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы;ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Эвристикон беседœ, проблемон фарст.

Метапредметон бастдзинӕдтӕ

Литературӕ, истори.

Техникон фӕрӕзтӕ

Компьютер, мультимедийон проектор.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

Презентаци урокмӕ: фыссæджы уацмысты равдыст, сывæллæтты презентаци.

Урочы Эпиграф:

1. «Куывд, мӕлӕт ӕмӕ фӕндаг,-

хӕстӕг кӕнынц лӕджы Хуыцаумӕ.»

2. «Бӕлас йӕ сыфтӕртӕй фидауы,

адӕймаг та удыхъӕдӕй.»

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауты архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Презентацийы 1-аг слайд

Мӕ райгуырӕн бӕстӕ,

Дӕ урссӕр къӕдзӕхтӕй

Рӕсугъддӕр нӕ федтон бӕстыл,

Мӕ царды уылӕнты

Кӕм фӕнды фӕйлауон,

Мӕ зарӕг кӕндзынӕн дӕуыл.                    (Гасситы Ф.)

-Хуссар Ирыстоны, хохӕн фаллаг фарс цы хъӕутӕ ис, уыдон иумӕ райсгӕйӕ хонынц Цъалагом, кӕнӕ та Ручъы ком.

 Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм , уыцы комӕй цы разагъды лӕгтӕ рацыд, уыдон нӕмттӕ. Йӕ цард ӕмӕ йе сфӕлдыстад чи снывонд кодта нӕ райгуырӕн Ирыстонӕн, нӕ ирон адӕмӕн.

Дӕлдӕр кълӕсты кӕй сфӕлдыстадон уацмыстимӕ базонгӕ стӕм?

-Зӕгъут-ма, ацы уацмыстӕй кӕцы у хӕххон адӕмы зынуавӕр цард ӕвдисӕг,уӕлдайдӕр та зымӕгон хъызт бонты?

-Бӕлццон лӕг фӕндагыл цӕугӕйӕ йӕхи кӕуыл бафӕдзӕхсы?

Ахуыргӕнӕджы ныхас:

«Хӕхты астӕу бӕрӕгӕй зыны Едысы хъӕу. Мыд ӕмӕ къус куыд ӕмбуар сты, ацы хъӕуы цӕрджытӕ дӕр кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд уыдысты… Хӕххон ӕвадат царды уылӕнтӕа сӕ дыууӕ дихы фӕкодтой. Сӕ иутӕ алыгъдысты быдыры `рдӕм, се `ннӕтӕ та цардагур ралыгъдысты Цӕгат Ирыстонмӕ. Уӕдӕ нӕ ныхас дарддӕр уыдзӕн адӕймаджы цардвӕндагыл.

Алы адӕймагӕн дӕр ис йӕхи сӕрмагонд цардвӕндаг. Уыцы фӕндаг ын райдайы, адӕймаг куы райгуыры ӕмӕ царды

фыццаг къахдзӕфтӕ кӕныныл куы архайы, уӕд.

Иутӕн сӕ царды фӕндаг цыбыр рауайы, иннӕтӕн - даргъ, иутӕн лӕгъз, иннӕтӕн – дурджын. Фӕлӕ алчи иухуызон цӕстӕй нӕ кӕсы цардмӕ. Ахӕмтӕ ис, ӕмӕ цӕрынц сӕ удыдзӕбӕхӕн. Сӕ алыварс ӕххуысхъуаг адӕм ис, уый сӕ хъуыдыйы дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕ царды сӕйрагдӕр хӕс свӕййы адӕмӕн ӕнӕвгъауӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ сын фӕамоны сӕ зӕрдӕ, сӕ зонд, сӕ цӕсгом.

Ацы хъуыдымӕ хӕстӕг лӕууынц уырыссаг фыссӕг Николай Островскийы роман « Как закалялась сталь»-ӕй ист ныхӕстӕ. « Самое дорогое у человека – это жизнь. Она дается ему один раз, и прожить ее надо так, чтобы не было мучительно больно за бесцельно прожитые годы, чтобы не жёг позор за подленькое и

мелочное прошлое ...»»

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц.

-Беджызаты Чермен «Мӕсгуытӕ дзурынц», Джыккайты Шамил «Фембӕлд»,

Дзесты Куыдзӕг «Хорхӕссӕг».

-Дзесты Куыдзӕджы радзырд «Хорхӕссӕг».

-«Фӕдагсар Уастырджи»-йыл.

Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ.

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ.

Зонындзинæдты актуализаци

Презентацийы 2-аг слайд

-Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ абоны урочы цы фыссӕджы тыххӕй дзурдзыстӕм, уый уӕхӕдӕг базонат.                                                                            -Дзесты Куыдзӕджы уацмыстӕй иуӕй- иутимӕ базонгӕ стӕм дӕлдӕр кълӕсты ӕрмӕг ахуыргӕнгӕйӕ. Уацмыстæ сты нæ адæмы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Чи, дам, цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзæг царды бирæ федта, Ирыстоны цы нæ къуым басгæрста, axæм, æвæццæгæн, нал ныууагъта. Ирон адæймаджы удыхъæд, йæ царды уаг, йӕ фыдæбæттæ йын хорз кæй зыдта, уый бæрæг у йӕ уацмыстыл.                                      

-Зӕгъут-ма, бӕлццон лӕг фӕндагыл цӕугӕйӕ йӕхи кӕуыл бафӕдзӕхсы?

-Уӕдӕ абон нӕ ныхас цӕуыл  уыдзӕн?

-Тынг раст. Абон нæ ныхас уыдзæн Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йыл.

Уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - мӕ байхъусыны фӕстӕ скъоладзаутæ арӕзт пъланмæ ræcræ кусынц тексты мидисыл.                                     Презентацийы 3-æм слайд

-Дзесты Куыдзӕджы тыххӕй.

-«Фӕдагсар Уастырджи»-йыл-

Дзесты Кудзӕджы уацау:  «Фӕндагсар Уастырджи».

Уацмысӕн аразынц пълан:                 1. Дзаххо æмæ Дзитта фæиппӕрд сты cæ райгуырæн къонайæ.                                         2. Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы.                                             3. Удварны хӕзнатӕй хъӕздыг адæм. Cæ удыхъæды рæсугъд миниуджытæ.                                            4. Дзаххо æмæ Дзитта æрцардысты æфцæджы рæбын.                                             5. Æнахуыр уазджытæ.                                 6. Фæндагсар Уастырджи.                                    7. Дзаххо æмæ Дзиттайæн се стыр бæллиц сæххæст.                                                        8. Фæрнджын лæг æнамонд никуы вæййы.                                

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс       Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн. Коммуникативон: ныхасы раст пайда кӕнынц ӕрбайсгӕ дзырдтӕй.

Урочы ӕрмӕгыл бакусын

-Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ куыст райдайӕм дзырдуатон куыстӕй.

Презентацийы 4-æм слайд

-Сбœрœг кœнын дзырдты нысаниуœг:

Этикœ                                           Нравственность                                            Аудын                                                         Æмуд                                                        Ӕмзонд                                                                -Цӕуыл тыхстысты Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты?

-Бæлццæттæ хъæумæ куы бахæццæ сты, yæд лæг йæ усы куыд фæдзæхста? Ссарут уыцы бынат уацмысы ӕмӕ йӕ бакӕсут                                  

-Дзаххо æмæ Дзитта цæмæн фæиппӕрд сты cæ Райгуырæн къонайæ?

-Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ куыд суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы?.

-Лæджыгаты Гæвди цæмæй бафиппайдта йæ уазджытæ ардыгон не 'сты?

-Гæвдийымæ аныхасгæнгæйæ Дзаххо сфæнд кодта Æхсæйнаг хъæуы баззайын. Хъæуы цæрджытæ йӕм фæкастысты хæларзæрдæ, уазæгуарзон, цæсгом æмæ лæгдзинадæй æххæст чи сты, axæм. Гæвди Ныхасы адæмæн бамбарын кодта йæ уазæг чи у, кæцон у æмæ йæ кæй фæнды фæндагаразæгæй бакусын. Адæмæн тынг æхсызгон уыд Дзаххойы фӕндон.                                 -Куыд æрæвнæлдта Дзаххо йæ куыстмæ?

-Дзаххо æмæ Дзитта цæмæй фæцыдысты Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты зæрдæмæ? Уæxæдæг та куыд аргъ кæнут cæ удыхъæды миниуджытæн?

-Дзаххо æфцæджы рæбын хæдзар аразын фæнд куы скодта, yæд Дзитта цæй тыххæй бакатай кодта?

-Дзаххо цæмæн фæхъыг дардбæстаг уазджытæм?

-Царды Дзаххо алцæмæй бæрзонддæр цы æвæры: исбон æви адæймаджы бæрзонд.

-Цавæр стыр хæрзиуæг æрцыд Дзаххо æмæ Дзиттайыл?

-Цæмæн схуыдтой Дзаххойы Фæндагсар Уастырджи, исты сын иумæйагæй ис адæмы уарзондæр Уастырджиимæ?

Презентацийы 6- ӕм слайд

-Дзаххо цы фæндагыл фыдӕбон кодта, уый абоны бон та цы уавæры ис?

-Цавæр æвзагæй фыст у уацау?                            

-Чиныджы ссарут уыцы бынӕттӕ ӕмӕ сӕ бакӕсут.

-Цавæр мифологон дзуæртты кой ис уацауы?                                              

-Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны фыссæг йæ уацауы?

Скъоладзаутӕ архайынц дзырдты нысаниуӕг сбӕрӕг кӕныныл.

Хатдзӕг кӕнынц ,царды цавӕр уавӕры пайдагонд цӕуынц ацы дзырдтӕ.                                                    

-Стурвосæн cæ рæгъаугæс хъæуы, фæндæгтæ æмæ хидтæ аразын хъæуы.               Куыстытæн се 'ппæты ахсджиагдæр фæндаг æфцæджы. Уыцы тыхст уавӕыл дзурынц Æхсæйнаг хъæу cæ Ныхасы.

Скъоладзаутӕ кӕсынц чиныджы.

- Сæ иунæг фырт Дзамболат æлдары фырты амардта æмæ йæхи бафæсвæд кодта. Уый куы базыдтой Дзаххо æмæ Дзитта, yæд фæлидзæг сты æмæхсæвæджы.                                         -Ныхасы aдæм ыл бацин кодтой. «Æгac цу!» - загътой cæ бæлццонæн, æрбадын æй кодтой. Сылгоймаджы та Ныхасмæ хæстæгдæр цы хæдзар уыд, уырдæм бахуыдтой.

- Сӕ дзыхыныхасӕй ӕмӕ сæ дарæсæй.

-Дзаххо йæ куыстмæ æрæвнæлдта зæрдиагæй. Куырдæн саразын кодта къахæн бел, æндон сарт, иу цалдæр æфсæн цурчы æмæ дыууæ дзæбуджы. Сбæлвырд кодта фæндаг ногæй аразинаг кæмыты у, уыдæттæ. Стæй yæд  райдыдта бынæй уæлæмæ,   æфцæджы cæpмæ, фæндаг yæpæxдæp кæнын.                                   -Дзаххо æмæ Дзитта уыдысты тынг уæздан, æгъдауджын, куыстуарзаг, хæларзæрдæ. Дзаххо æрмæст фæндаг нӕ арæзта, фæлæ ма фæндагыл Хуссарырдæм дæp æмæ Цæгатырдæм дæp цы бæлццæттæ цыд, уыдонæнӕххуыс кодта. Бæлццæттæй- иу фӕдисы хъӕр чи фӕодта: «Kæм дæ, цы фæдæ Уастырджи!», уӕд-иу Дзаххо йӕ уӕлхъус алӕууыд. Бирӕ арфӕйаг ныхӕстӕ иста Дзаххо бӕлццӕттӕй.                          

- Уыцы æдзæрæг комы йӕ иунæгæй цӕрын нӕ фӕндыд. Фæлæ йын Дзаххо загъта, зæгъгæ адæмы уарзон хæдзар хохы цъуппыл куы цæра, yæддæp иунæг никуы уыдзæн.

-Дзаххо кæм цардис, уырдæм хæстæг æрбынат кодтой æнахуыр уазджытæ. Æнахуыр уазджытæ Дзаххойæн «дæ бон хорз» кæй нæ загътой, уый тыххæй cæм фæхъыг. Геологты хистæр Никъала   Иванофф ӕмӕ Дзаххо, тынг бахӕлар сты. Цыдысты иумӕ, тӕлмацгӕнӕг дӕр семӕ. Tæccaг ранмæ куы бацæуынц, уӕд сӕм  быцæудзинад рацæуы : « Ды мæнæй хистæр дæ æмæ уал æз бахизон разæй, кæннод ды куы фæцудай!» – фæзæгъы геолог. Дзаххо та yæддæp йæ фæнд атæры æмæ бацæуы разæй. Дзитта дæp тынг лæггад кодта геологтæн, мады рæвдыд cæ кодта. Куы цыдысты , yæд сын Дзаххо кусарт акодта. Никъалайæн хъыг уыд, фæлæ йæ Дзаххо æрсабыр кодта.   Райсомӕй куы раст кодтой, yæд Никъала йе 'мбæлттимӕ бирæ фæкуывтой Ирон Фæндагсар Уастырджийæн. Никъала систа йæ кæсæнцæстытæ æмæ cæ Дзаххойæн балӕвар кодта. Cæ хæринаггæнæн мигæнæнтæ та ныууагътой Дзиттайæн.

- Дзаххо алцæмæй бæрзонддæр æвæры адӕймаджы бӕрзонд ном. Цы адӕмы ‘хсӕн цӕры,  уыдон ын йӕхи ном дӕр тынг бӕрзонд ӕвӕрыц.

-Дзаххо æмæ Дзитта Хуыцаумæ куывтой, цæмæй cæ иунæг фырт сæрæгасæй сæмбæла йæ ныййарджытыл. Æмæ cæ бæллиц сæххæст.                                                 Иу фæззыгон изæр та Дзаххо йæ кæсæнцæстытæй скаст æфцæгмæ æмæ федта иу бæлццоны. Уый кæуылты рауырдыг кодтаид, уый нал зыдта. Æнхъæлмæ кастысты Дзаххо æмæ Дзитта бæлццонмæ, фæлæ æгæp æpæгмæ цыд. Уæд Дзаххо фанар райста æмæ ацыд бæлццоны размæ. Бæлццонæн йæ къах фездыхст æмæ дæргъæй хуыссыд йæ иу фарсыл. Дзаххо сыстын кодта бæлццоны, йæ дæлармы бацыд æмæ хæрз сындæггай араст сты дæлæмæ. Дзаххо бæлццонæн йæ къах тæвд хуырхы нывæрдта æмæ дзы иу дзæвгар куы фæци, yæд æй Дзаххо ныссæрфта æмæ йæ иу риуыгъд ракодта йæхирдæм, фадхъул йæ бынаты абадт. Дзаххо æмæ Дзиттайæн cæ уазæг разынд cæ фырт Дзамболат.                                    Мæнмæ ræcræ,  Дзаххо æмæ Дзитта æнæзæрдæхудтæй кæй фæцардысты, cæ хъару цас амыдта, уый бæрц кæй фæлæггад кодтой адæмæн, уый стыр арфæйаг хъуыддаг у. Стыр Хуыцау дæp сын axæм хæрзиуæг уый тыххæй ракодта.                                          -Фæндагсар Уастырджи у æппæты кадджындæр æмæ адæмæн уарзондæр ирон дзуар мифологийы. Нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ æмæ хæстонтыл ayдæг бардуаг.                                             Дзаххо дæp арæзта фæндаг æмæ ма æххуыс кодта, уыцы фæндагыл цы бæлццæттæ цыдис, уыдонæн дæp.                                                         Цыма-иу æй йæ зæрдæ базыдта, кæмдæp та фæндагыл бæлццæттæ тыхст уавæры сты, уыйау-иу cæ уæлхъус алæууыд. Алкæмæн дæp уыд тынг хæлар фысым. Хонгæ дæp æй уымæн скодтой –«Фæндагсар Уастырджи». Дзахойыл тынг сфидыдта уыцы ном.

-Канд уацмысы сӕйраг хъайтарӕн нӕ сӕххӕст йӕ бӕллиц, фӕлӕ ӕппӕт Ирыстоны адӕмӕн дӕр.

Царды зын уавӕртӕм гӕсгӕ дыууӕ Иры адӕм кӕрӕдзимӕ арӕх не ’фтыдысты. Хӕхты сӕрты сын ӕнцон хизӕн нӕ уыд, уӕлдайдӕр та зымӕджы карзы.Тъунел къахын райдыдтой ӕмӕ йӕ 1986-ӕм азы фӕхуынкъ кодтой. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры цӕрӕг адӕмыл сӕмбӕлд, бирӕ азты дӕргъы цӕмӕ бӕллыдысты, уыцы цины хабар - баиу сты дыууӕ Иры.

-Уацау фыст у аив, хъæздыг æвзагæй. Куыдзæг йӕ уацауы спайда кодта æмбисæндтæй, арфæтæй, сомытæй.                                       -Фæндагсар Уастырджи, Тыбау-Уацилла, Дауджытæ, Цыргъисæн бон.

-Фыссæг пайда кæны олицетворенитæй (зæхх хурæй бафсæст; фæндаг бафсæддзæн; къæдзæхвæндаг рахид кæны; нал фефсæрмы мит; мигъ æрбадт хæхтыл...).                              Абарстытæй (фынджы хуызæн; дзуары бадæн).                          Метафорæтæй (урс мигъы къуымбилау ахæлиу сты фосы дзуг).

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информаци, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы, абарсты фӕрцы.

Коммуникативон:

 фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц .        

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.

     

Рефлекси

 Урочы хатдзӕгтӕ

1) Цæуыл у нæ уацмыс? Хуым фæндагаразæджы куыстытыл?                         2) Цавæр адæймаджы миниуджытыл цæуы ныхас?                                                            3) Ахæм миниуджытæй хайджын адæймаг ис схонæн æцæг адæймаг?                                            4) Йæхимæ стыр бæрн чи райста – адæймаг уæвын?                                                           5) Цæмæ бантыст Куыдзæгæн ахæм ирд фæлгонц саразын?                                                              6) Ацы уацмыс у йæ фæстаг уацмыс. Цы йæ ис схонæн?

Скъоладзаутӕ радыгай дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

-Ныстуан.

Регулятивон:                     

скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ, цы бамбӕрстой, уымæн                                             аргъ кӕнынц сӕйраг хъайтары архайдӕн.

Кæронбæттæн       хатдзæгтæ

Бӕрӕггӕнӕнтӕ  сӕвӕрын

-Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд урок? Цӕмӕй?                                                -Абон тынг хорз бакуыстат иууылдӕр!                                                      

-Алчи йӕ куыстӕн йӕхӕдӕг саргъ кӕнӕт.

Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

Аргъ кæнынц сæ куыстӕн.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын.

Удгоймагон: æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хӕдзармӕ куыст 

Презентацийы 6- ӕм слайд

Ныффысын цыбыр нывæцæн: «Дзаххойы удварны хӕзнатӕ».

-Цӕут рӕсугъд фӕндӕгтыл царды,

Уӕ мадӕлты фӕндиаг ут,

Сыгъдӕгӕй,фарнимӕ ӕнусты

Уӕ нӕмттӕ кадимӕ хӕссут!

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

Удгоймагон УАА: зонындзинӕдтӕм тырнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ДЗЕСТЫ КУЫДЗАГ. "ФАНДАГСАР УАСТЫРДЖИ".

1. Уацау «Фæндагсар Уастырджи» ныффыста:А. Цæгæраты МаксимÆ. Беджызаты ЧерменБ. Дзесты КуыдзæгВ. Цæрукъаты Алыксандр 2. Уацауы сæйраг архайджытæ сты:А. Дзаххо æмæ ДзиттаÆ. Гавди æмæ йæ усБ. Геоло...

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "...

Урок осетинского языка в 11 классе "Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йы"

Урок осетинской литературы в 11 классе "Духовные ценности человека в пьесе Дзесова Кудзага "Фаендагсаеры Уастырджи"....

Сочинени "Адеймаджы идеал"- Дзесты Куыджзæджы уацымыс "Фæнадгсар Уастырджи" - мæ гæскæ.

quot;Адеймаджы идеал"- Дзесты Куыджзæджы уацымыс  "Фæнадгсар Уастырджи" - мæ гæскæ....

Темӕ: Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагса Уастырджи».

Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæн cæ бæрзонддæртæй иу уТырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон...

Дзесты Куыдзæг "Фæндагсар Уастырджи"

Куыдзæг уыди гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын. Адæймаджы идеал ын æвдыст цæуы хæрзгæнæджы хуызы.  Хæрзиуæг кæнынæн ис бирæ хуызтæ, б...