Темӕ: Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагса Уастырджи».
план-конспект урока (11 класс)

Дзгоева Валентина Тотрбековна
Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæн cæ бæрзонддæртæй иу у
Тырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.
Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон æфцæгыл цæуæг-иу кæд йе
'хсæв Гæлуатæм схаста, цæмæй райсом уырдыгæй араст уа фæсхохмæ, yæд-иу
бонрухсæй ныххæццæ Тырсымæ. Кæннод ыл баталынг уыдаид æмæ кæнæ къæдзæхæй
хауд, кæнæ та æддæ баззадаид, æмæ yæд та сæлгæ кодта. Ардæм цыд Хуссары
Цæгатæй чи, уыдон дæp ма-иу æрмæст изæрдалынгты ныххæццæ сты Гæлуатæм. Ацы
фондз хæдзары кæддæpuддæp хæлар фысым уыдысты фæндаггонтæн. Ныртæккæ
Гæлуаты цæрæг нал ис. Чи дзы цард, уыдон æрбиноныг сты Цæгат Иры хъæуты æмæ
горæтты.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл teh._karta_po_osetinskoy_literature_11_kl.docx49.15 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ 11- ӕм къласы

Темӕ: Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагса

Уастырджи».

 Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæн cæ бæрзонддæртæй иу у Тырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ. Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон æфцæгыл цæуæг-иу  кæд йе  'хсæв Гæлуатæм схаста, цæмæй райсом уырдыгæй араст уа фæсхохмæ, yæд-иу бонрухсæй ныххæццæ Тырсымæ. Кæннод ыл баталынг уыдаид æмæ кæнæ къæдзæхæй хауд, кæнæ та æддæ баззадаид, æмæ yæд та сæлгæ кодта. Ардæм цыд Хуссары Цæгатæй чи, уыдон дæp ма-иу æрмæст изæрдалынгты ныххæццæ сты Гæлуатæм. Ацы фондз хæдзары   кæддæpuддæp хæлар фысым уыдысты фæндаггонтæн. Ныртæккæ Гæлуаты цæрæг нал ис. Чи дзы цард, уыдон æрбиноныг сты Цæгат Иры хъæуты æмæ горæтты.

 Темӕ: Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи».

Адæймаджы ном хæссын стыр бæрн у.

 

                                                                                   Ахуыргӕнӕг: Дзгойты Валентина Т.

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ

  • базонгœ кœнын фыссœджы сфœлдыстадимœ, равдисын йœ ахсджиаг бынат ирон литературœйы,йœ уацмысты ахадындзинад чиныгкœсœджы хъомылады.Æмных кœнын уацмысы хъайтарты авторы œмœ хи ахаст равдисынœн.
  • ахуыр кœнын литературон уацмыс анализ кœнын,сфœлхатын темœйœ зонындзинœдтœ,ахуыр кœнын чиныг уарзын, ахуыр кœнын бœттын историон œмœ литературон фœзындтœ.
  • фыдæлты цард зæрдыл æрлæууын кæнын. Нæ адæмы æфхæрджыты зонын

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

эвристикон беседœ, проблемон фарст

Метапредметон бастдзинӕдтӕ

Литературӕ, истори

Техникон фӕрӕзтӕ

Компьютер, мультимедийон проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

Презентаци урокмӕ фыссæджы уацмысты равдыст, сывæллæтты презентаци.

Урочы эпиграф


"Адæмы уарзон хæдзар æдзæрæг комы нæ, фæлæ хохы цъуппыл куы уа, уæддæр иунæг никæд уыдзæн. Мæгуыр уый у, бирæ адæмы `хсæн дæр иунæг чи вæййы". (Дзесты Куыдзæг)

           Урочы организацион структурӕ

                                         

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Презентацийы 1-аг слайд

Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæнæ cæ бæрзонддæртæй иу у Тырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон æфцæгыл цæуæг-иу йе кæд 'хсæв Гæлуатæм схаста, цæмæй райсом уырдыгæй араст уа фæсхохмæ, yæд-иу бонрухсæй ныххæццæ Тырсымæ. Кæннод ыл баталынг уыдаид æмæ кæнæ къæдзæхæй хауд, кæнæ та æддæ баззадаид, æмæ yæд та сæлгæ кодта. Ардæм цыд Хуссары Цæгатæй 'чи, уыдон дæp ма-иу æрмæст изæрдалынгты ныххæццæ сты Гæлуатæм. Ацы хæдзары фондз кæддæpuддæp хæлар фысым уыдысты фæндаггонтæн. Ныртæккæ Гæлуаты цæрæг нал ис. Чи дзы цард, уыдон æрбиноныг сты Цæгат Иры хъæуты æмæ горæтты.

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

Зонындзинæдтӕ

 актуализаци

Презентацийы 2-аг слайд

Ахуыргæнæджы ныхас: Дзесты Куыдзæджы уацмыстæй иуæй-иутимæ мах базонгæ стæм 7-8 кълæсты æpмær ахуыргæнгæйæ. Уацмыстæ сты нæ адæмы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Чи, дам, цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзæг царды бирæ федта, Ирыстоны цы нæ къуым басгæрста, axæм, æвæццæгæн, нал ныууагъта. Ирон удыхъæд адæймаджы, йæ царды уаг, фыдæбæттæ хорз йын йæ кæй зыдта, уый йæ бæрæг у уацмыстыл. Йæ радзырд «Xopxæccær» ын yæ зæрдæтæм хæстæг райстад.

Абон та нæ ныхас уыдзæн Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йыл.

Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс.

Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн .

Коммуникативон :ныхасы раст пайда кӕнынц ӕрбайсгӕ дзырдтӕй.

Таурæгъ «Фæндагсар Уастырджи»-мæ байхъусыны фæстæ скъоладзаутæ пъланмæ ræcræ кусынц тексты мидисыл.

Презентацийы 3-æм слайд

1. Дзаххо æмæ Дзитта фæхауæггаг сты cæ райгуырæн къонайæ.

2. Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы.

3. Фæрнджын адæм. Cæ удыхъæды рæсугъд миниуджытæ.

4. Дзаххо æмæ Дзитта æрцардысты æфцæджы рæбын.

5. Æнахуыр уазджытæ.

6. Фæндагсар Уастырджи.

7. Дзаххо æмæ Дзиттайæн се стыр бæллиц сæххæст.

8. Фæрнджын лæг æнамонд никуы вæййы.


Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ куыст райдайӕм.

Цæмæй нæ куыст æнæкъуылымпы уа, уымæй уал дзырдуатон куыст бакæнæм.

 Дзырдуат куыст:

 

Презентацийы 4-æм слайд

Сбœрœг кœнын дзырдты нысаниуœг:

Этикœ

Нравственность

Аудын

Æмиу

Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты тыхстдæр хъуыддæгтæ цавæртæ сты?

Æнахуыр бæлццæттæ хъæумæ куы бахæццæ   сты, yæд лæг йæ усы куыд фæдзæхста?











Дзаххо æмæ Дзитта цæмæн фæхауæггаг сты cæ Райгуырæн къонайæ?
























Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ куыд суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы?.













Лæджыгаты Гæвди цæмæй бафиппайдта йæ уазджытæ ардыгон не 'сты?














Гæвдийымæ аныхасгæнгæйæ Дзаххо сфæнд кодта Æхсæйнаг хъæуы баззайын, уымæн æмæ йæм хъæуы цæрджытæ фæкастысты хæларзæрдæ, уазæгуарзон, цæсгом æмæ лæгдзинадæй æххæст чи сты, axæм. Гæвди дæp Ныхасы адæмæн бамбарын кодта йæ уазæг чи у, кæцон у æмæ йæ фæнды фæндагаразæгæй бакусын кæй.

Адæмæн тынг æхсызгон уыд, цы хъуыди лæг cæ, уый cæм йæхи къахæй кæй æрцыд, уый.

Куыд æрæвнæлдта Дзаххо йæ куыстмæ?










Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты зæрдæмæ цæмæй фæцыдысты Дзаххо æмæ Дзитта? Стæй сын yæxægær gæp куыд аргъ кæнут cæ удыхъæды миниуджытæн?































































Дзаххо æфцæджы рæбын хæдзар аразын фæнд куы скодта, yæд Дзитта цæй тыххæй бакатай кодта?

Дзаххо цæмæн фæхъыг дардбæстаг уазджытæм?

Царды Дзаххо алцæмæй бæрзонддæр цы æвæры: исбон æви адæймаджы бæрзонд рæсугъд ном?

Цавæр стыр хæрзиуæг æрцыд Дзаххо æмæ Дзиттайыл?

Цæмæн схуыдтой Дзаххойы Фæндагсар Уастырджи, исты сын иумæйагæй ис адæмы уарзондæр Уастырджиимæ.

Цавæр рæвдауæн дзырдтыл æмбæлæм уацауы?

Æмбисæндтæ та?

Уацауы ма сомытыл дæp æмбæлæм, нæ зæрдыл cæ æрлæууын кæнæм.

Уацауы ма æмбæлæм цыбыр таурæгъыл. Фыййау æй кæй тыххæй ракодта?

.

Цавæр мифологон дзуæртты кой ис уацауы?

Скъоладзаутӕ архайынц дзырдты нысаниуӕг сбӕрӕг кӕныныл

Хатдзӕг кӕнынц ,царды цавӕр уавӕры пайдагонд цӕуынц ацы дзырдтӕ

Скъоладзаутӕ архайынц дзырдты нысаниуӕг сбӕрӕг кӕныныл

Хатдзӕг кӕнынц ,царды цавӕр уавӕры пайдагонд цӕуынц ацы дзырдтӕ

Æхсæйнаг хъæуы уынаффæгæнинаг хъуыддæгтæ уалдзæджы ралæудимæ фæфылдæр вæййынц: стурвосæн cæ рæгъаугæс хъæуы, фæндæгтæ æмæ хидтæ аразын хъæуы.

Æнæфæндаг хъæу та цы у? Куыстытæн се 'ппæты ахсджиагдæр фæндаг æфцæджы. Гъе уыдæттыл дзурынц Æхсæйнаг хъæу cæ Ныхасы. .................................

Хъусыс, не 'фсин! Куыд бадзырдтам афтæ: Mæ ном – Дзаххо, мæ мыггагæй дæ хъуамæ мачи бафæрса. Куыд фехъуыстон, афтæмæй адонмæ дæp ус лæджы мыггаг фæдзуры йæ нæ, фæлæ yæддæp мæ мыггаг Алæджыхъотæй. Дæхи ном та – Дзитта, мыггагæй – Дзалиан.

Дæхимæ дын «не 'фсин», зæгъгæ, дзурдзынæн, уый дæp дæ рох ма yæд, бамбæрстай?

Дзаххо æмæ Дзиттайæн cæ иунæг фырт Дзамболат æлдары фыртæн йе 'фхæрд нæ ныббарста. Амардта йæ æмæ йæхи бафæсвæд кодта. Дзамболат æлдары фырты амардта, уый куы базыдтой Дзаххо æмæ Дзитта, yæд фæлидзæг сты æмæхсæвæджы. Æрмæст ма сæхиуæттæй иу адæймагæн загътой, cæ фæндаг кæуылты у, уый.

Дзамболат Стъараполы губернийы иу хъæуы ныллæууыд æххуырсты иу хæдзармæ. Чидæр æй банымыгъта æмæ йæм æвдисæндар гæххæтт кæй нæ разынд, уый тыххæй йæ æрцахстой, базыдтой йæ, чи у, уый  æмæ йæ Налцыкмæ сластой. Стæрхон ын кодтой æнус каторгæ æмæ йæ ахастой Сыбырмæ. Уыцы хабæрттæн Дзаххо æмæ Дзитта ницыуал базыдтой.


Ныхасы цы aдæм бадтысты, уыдон сын тынг хорз æгъдау радтой; Дзаххо сын салам куы радта, yæд. Ныхасы бадджытæ фæсабыр сты cæ хъæлæбайæ, сыстадысты æмæ «Æгac цу!» - загътой cæ бæлццонæн, æрбадын æй кодтой. Сылгоймаджы та Ныхасмæ хæстæгдæр цы хæдзар уыд, уырдæм бахуыдтой.

Бæрæг уыд уый фыццаджыдæр Дзаххойæн йæ дзыхыныхасæй, стæй йæ дарæсæй. Хуымæтæджы худ фысдзарм, сау куырæт,  фæсмын зæнгæйттæ æмæ æрчъитæ.

Лæгæн йæ дapæc сæрæй къæхтæм афтæ æнгом бадтысты йæ уæнгтыл, æмæ цыма уыдон дæp йæ буарæй уыдысты.

Ус poгдæp арæзт уыд. Стыр кæлмæрзæн, даргъ мopæ къаба æмæ cæpaк дзабыртæ.

Дзаххо йæ куыстмæ æрæвнæлдта зæрдиагæй. Куырдæн саразын кодта къахæн бел, æндон сарт, иу цалдæр æфсæн цурчы æмæ дыууæ дзæбуджы. Сбæлвырд кодта фæндаг ногæй аразинаг кæмыты у, уыдæттæ. Æппæты фыццаг сарæзта тæссаг, бырынцъаг бынæттæ кæм уыд, уыдон. Стæй yæд  райдыдта бынæй уæлæмæ,   æфцæджы cæpмæ, фæндаг yæpæxдæp кæнын.

Дзаххо æмæ Дзитта уыдысты тынг уæздан, æгъдауджын, куыстуарзаг, хæларзæрдæ. Дзаххо æрмæст фæндаг нæ  арæзта, фæлæ ма фæндагыл Хуссарырдæм дæp æмæ Цæгатырдæм дæp цы бæлццæттæ цыд, уыдонæн уыд стыр æххуыс. Йæхи цардæн дæp-иу тæссаг кæй уыд, уый  зонгæйæ дæp-иу цыфæнды хъызт боны дӕр араст æфцæджы cæpмæ.

Тынг бирæты сласта Дзаххо мæлæты дзыхæй. Бæлццон адæмæн фæндагамонæг у, axæм xæc ыл ничи æрæвæрдта. Фæлæ адæймагæн йæхи цæсгом цы xæc æвæры йæ разы, уый та? Уыцы xæc куынæ æххæст кæна, yæд ма цæй лæг у?    Иуахæмы мæлæты дзыхæй сласта фондз адæймаджы. Уыдон бахаудысты ауыгъд цъитимæ, aдæм Дадойы цъысым кæй хуыдтой, уырдæм. Бæлццæттæ фæдисы хъæр ныккодтой «Kæм дæ, цы фæдæ Уастырджи!».

Уалынмæ cæм Дзаххо ныхъхъæр кодта: «Мæнæ! Мæнæ дæн!».

Дзаххо йæ  цыд фæтагъддæр кодта æмæ  бæлццæтты стыр фыдбылызæй фервæзын кодта. Гъе æмæ йæ уыдон схуыдтой Фæндагсар Уастырджи.

Дзаххо мæгуыртæй, сидзæргæстæй æхца нæ иста. Хъæуы фæкæсын кæмæ хъуыд, уыдонæн æххуыс кодта. Aдæм хос кæрдынмæ куы ацыдысты, уыцы фыццаг бон Æхсæйнаг хъæуы иу сидзæргæс усы уыгæрдæнмæ ссыд æмæ йæ кæрдын райдыдта. Бон Цыргъисæн алчи йæхи уыгæрдæнмæ фæцæуы, æмæ кæй хосдзау хæдзары нæй, ахæмы уыгæрдæны æрлæууыд, цæмæй хосгæрдæны фыццаг бон уый дæp афтид ма уа.

Дзиттайæн дæp йæ фæлмæн ныхас, йæ рæвдыд, йæ хæрзиуæгæй алы хайджын уыдысты, уыцы фæндагыл цы aдæм цыдысты, уыдон. Æгac хохбæсты Дзиттайы хуызæн ничи арæхст нæлгоймаджы дapæc хуыйынмæ. Йæ куысты мыздмæ ницы иста,   фæлæ  йын  aдæм йæ  фыдæбонæн аргъ кодтой. Мæнмæ гæcгæ Куыдзæг ирон адæймаджы удыхъæды цыдæриддæр ссардта хорзæй, уыдон бавæрдта Дзаххо æмæ Дзиттайы фæлгонцты.

Дзитта бакатай кодта уый тыххæй, æмæ уыцы æдзæрæг комы иунæгæй куыд цæрдзыстæм, зæгъгæ. Дзаххо йын загъта, зæгъгæ адæмы уарзон хæдзар хохы цъуппыл куы цæра, yæддæp иунæг никуы уыдзæн. Aдæмuмæ цæрын чи нæ apæxca, уый иунæг уыдзæн. Huкæмæ цæудзæн, ничи йæм  цæудзæн  .

Дзаххо кæм цардис, уырдæм хæстæг æрбынат кодтой æнахуыр уазджытæ. Дзургæ дæp æнахуыр æвзагæй кодтой. Ceмæ ма уыд ирон тæлмацгæнæг дæp.

Æнахуыр уазджытæ Дзаххойæн «дæ бон хорз» кæй нæ загътой, уый тыххæй cæм фæхъыг. Ацы комы Дзаххойы йеддæмæ цæрæг нæй, æмæ уыдоны нымадта йæ уазджытыл. Йæхæдæг cæм бацыд «æгac цæут» сын загъта.

Геологты хистæр Никъала Иванофф Дзаххойæ хатыр ракуырдта, æрбадын æй кодта, æмæ нæхимæ Ирыстоны цыты уазæгæн цы гъдау скæнынц, axæм æгъдау ын скодтой. Cæxuмæ куы рацыд, yæд Дзиттайæн æппæлыд:

• Фæндагсар Уастырджийыстæн,   не ' фсин , axæм хицау дзы никуыма федтон. Афтæ мæм кæсы, цыма нæхирдыгон æгъдауджын лæгыл чидæр уырыссаг дapæc скодта...

Тынг бахæлар Дзаххо Никъала Иваноффимæ. Дыууæйæ uyмæ тæлмацгæнæг дæp ceмæ, хæхтæм цыдысты, кæмттæм æмæ æмбырд кодтой алыхуызон дуртæ. Tæccar ранмæ куы бацæуынц, yæд cæм  рацæуы   быцæудзинад:

• Ды мæнæй хистæр дæ æмæ уал æз бахизон разæй, кæннод ды куы фæцудай! – фæзæгъы индзылер. Дзаххо та yæддæp хæххон фæндæгтыл фæлтæрд адæймаг йæ фæнд атæры æмæ бацæуы разæй.

 Кæсæнцæстытæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты, кæсыны cæp æй kæдæм нæ хъæуы, уырдæм дæp уыдонæй фæкæсы. Дзаххо тынг бæллыди уырыссагау базонынмæ, цæмæй Никъалаимæ дзурынæй бафсæда. Уæдæ Никъала йæхæдæг Иванофф дæp афтæ, латинаг, бердзенаг æмæ францаг æвзæгты бæсты ирон æвзаг куы зонид, yæд «зонды къæбиц» кæй хоны, уыцы Дзаххоимæ бафсæдид ныхас кæнынæй. Дзитта дæp тынг лæггад кодта геологтæн, мады рæвдыд cæ кодта. Куы цыдысты , yæд сын Дзаххо кусарт акодта. Никъалайæн хъыг уыд, фæлæ йæ Дзаххо æрсабыр кодта.

• Mæ кой ацы хъæуæй дapддæp никæдæм хъуысы хорзæй дæp æмæ æвзæрæй gæp. Фæлæ мын ды мæ худинаджы кой Стыр Уæрæсейы куы айхъуысын кæнай, yæд мын  уый  мæ сæныччы аргъæй зынаргъдæр слæудзæн.

Райсомы куы раст кодтой, yæд Никъала  Иванофф ӕмӕ йе  'мбæлттæ бирæ фæкуывтой Ирон Фæндагсар Уастырджийæн. Никъала систа йæ кæсæнцæстытæ æмæ cæ бахаста Дзаххомæ. Дзаххо фефсæрмы,  нæ cæ куымдта, фæлæ йын куы загъта, мах кæдæм цæуæм, уым та балхæндзыстæм, yæд ницыуал загъта. Cæ хæринаггæнæн мигæнæнтæ та ныууагътой Дзиттайæн.

Дзаххо хорз зыдта, цы адæмы 'хсæн æрцард, уыдон куыд кадыл мард сты, уый, æмæ-иу искæмæн хорздзинад куы кодта, yæддæp -иу ахъуыды кодта, йæ хæрзиуæг уыцы адæймагæн йæ кад æмæ   йæ ном куыд нæ   фæкъæмдзæстыг кæна, афтæ. Уæдæ йæхи ном дæp, цы aдæм æй зыдтой, уыдон æхсæн хæхтæй бæрзонддæр схызти.

Дзаххо æмæ Дзитта Хуыцаумæ куывтой, цæмæй cæ иунæг фырт сæрæгасæй сæмбæла йæ ныййарджытыл. Æмæ cæ бæллиц сæххæст.

Иу фæззыгон изæр та Дзаххо йæ кæсæнцæстытæй скаст æфцæгмæ æмæ федта иу бæлццоны. Уый кæуылты рауырдыг кодтаид, уый нал зыдта æмæ-иу куы  иу ранæй æркаст бынмæ, куы иннæ. Æнхъæлмæ кастысты Дзаххо æмæ Дзитта бæлццонмæ, фæлæ æгæp   æpæгмæ куы  цыд,  уæд Дзаххо фанар райста æмæ ацыд бæлццоны размæ. Бæлццонæн йæ къах фездыхст æмæ дæргъæй хуыссыд йæ иу фарсыл. Дзаххо сыстын кодта бæлццоны, йæ дæлармы бацыд, йæ дзæкъул ын райста æмæ хæрз сындæггай араст сты дæлæмæ. Дзаххо бæлццонæн йæ къах тæвд хуырхы нывæрдта æмæ дзы иу дзæвгар куы фæци, yæд æй Дзаххо ныссæрфта æмæ йæ иу риуыгъд ракодта йæхирдæм, фадхъул йæ бынаты абадт. Дзаххо æмæ Дзиттайæн cæ уазæг разынд cæ фырт Дзамболат.

Мæнмæ ræcræ, Дзаххо æмæ Дзитта æнæзæрдæхудтæй кæй фæцардысты, фæкуыстой, cæ хъару цас амыдта, уый бæрц кæй фæлæггад кодтой адæмæн, уый стыр арфæйаг хъуыддаг у. Стыр Хуыцау дæp сын axæм хæрзиуæг уый тыххæй ракодта.

Фæндагсар Уастырджи у æппæты кадджындæр æмæ адæмæн уарзондæр ирон дзуар мифологийы. Нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ æмæ хæстонтыл ayдæг бардуаг.

Дзаххо дæp арæзта фæндаг æмæ ма æххуыс кодта, уыцы фæндагыл цы бæлццæттæ цыдис, уыдонæн дæp.

Цыма-иу æй йæ зæрдæ базыдта, кæмдæp та фæндагыл бæлццæттæ тыхст уавæры сты, уыйау-иу cæ уæлхъус алæууыд. Алкæмæн дæp уыд тынг хæлар фысым. Хонгæ дæp æй уымæн скодтой Фæндагсар Уастырджи. Дзахойыл тынг сфидыдта уыцы ном.

Темсыр æмæ Доди дæp хор хæссынмæ ацыдысты уыцы фæндагыл. Æфцæджы cæpмæ схæццæ куы сты, yæд Темсыр дардыл фæкуывта æфцæджы дзуæрттæн фæндараст куыд фæуой, дзæбæхæй cæ хæдзарыл куыд сæмбæлой. Темсыр цал цыртыл æмбæлд, алкæй хабар дæp дзырдта Додийæн. Дзаххо дæp, æвæццæгæн, уыцы цыртытæ федта. Стæй ма ноджы Темсыр æмæ Доди цы ауындзæг цъитийæ ахаудтой, Дзаххо дæp фондз лæппуйы мæлæты дзыхæй уыцы ранæй фервæзын кодта.


Абоны бон уым арæзт æрцыд æппæт дунеон нысаниуæг кæмæн ис, axæм фæндаг. Ис æм хорз хъусдард. Сæрдæй зымæгæй йыл машинæтæ цæуынц дыууæрдæм. Kæд æм тынг стыр хъусдард ис, yæддæp зымæджы æмæ уалдзæджы тæссаг вæййы зæйтæ рацæуынæй. Ныртæккæ дæp уыцы фæндагæн тудджын схонæн ис, уымæн æмæ  зæйтæ куы рацæуынц, yæд бирæтæ бабын вæййынц уыцы фæндагыл. Раздæрау уалдзæгмæ нал баззайынц зæйты бын. Ис сæрмагонд ирвæзынгæнджыты къорд æмæ уыдон рæстæгыл фæзынынц æххуысмæ

Уацау фыст у рæсугъд хъæздыг æвзагæй. Куыдзæг йæ  уацау  фысгæйæ спайда кодта  æмбисæндтæй, арфæтæй, сомытæй.

Уацауы æцæгдæр бирæ арфæйы ныхæстæ ис: дæ фæхъхъау фæуон, дæ цæгаты хурæй бафсæд, дæ цæрæнбон бирæ, yæ фæндаг раст, дæ нывонд фæуон, дæ сæрыл хаст фæуон, дæ рын бахæрон.

«Гуыргæ чи ракæны, уый мæлгæ дæp акæны», «Уазæг – Хуыцауы уазæг», «Адæймаг цал æвзаджы зоны, уал лæджы у».

«Адзалæн нæй мадзал, уый йеддæмæ цæмæн нæй амал, axæм ницы ис».

«Æхсæны кæнд цы хæдзар нал кæны, уый хæдзарыл нымад нал вæййы».

«Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц».

«Ме 'дзард æфсымæрыстæн».

«Фæндагсар Уастырджийыстæн».

«Фæлтау мæxu дыууæ цæсты рахауæнт».

. Уыцы таурæгъ фыййау радзырдта Дзиттайæн бузныг зæгъыны тыххæй

Фæндагсар Уастырджи, Тыбаууацилла, Дауджытæ, Цыргъисæн бон.

Фыссæг пайда кæны олицетворенитæй (зæхх хурæй бафсæст; фæндаг бафсæддзæн; къæдзæхвæндаг рахид кæны; нал фефсæрмы мит; мигъ æрбадт хæхтыл...).

Абарстытæй (фынджы хуызæн; дзуары бадæн).

Метафорæтæй (урс мигъы къуымбилау ахæлиу сты фосы дзуг).

Скъоладзаутӕ радыгай дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

 

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информаци, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы, абарсты фӕрцы.

Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информаци, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы,  абарсты фӕрцы.

Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.

Зонадон: хатдзӕгтӕ кӕнынц

Регулятивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты.

Коммуникативон: дӕттынц фӕрстытӕ, цӕмӕй райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ.

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, уымæн

аргъ кӕнынц сӕйраг хъайтары архайдӕн

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын

Хӕдзармӕ куыст .

   

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Презентацийы 1-аг слайд

Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæнæ cæ бæрзонддæртæй иу у Тырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон æфцæгыл цæуæг-иу йе кæд 'хсæв Гæлуатæм схаста, цæмæй райсом уырдыгæй араст уа фæсхохмæ, yæд-иу бонрухсæй ныххæццæ Тырсымæ. Кæннод ыл баталынг уыдаид æмæ кæнæ къæдзæхæй хауд, кæнæ та æддæ баззадаид, æмæ yæд та сæлгæ кодта. Ардæм цыд Хуссары Цæгатæй 'чи, уыдон дæp ма-иу æрмæст изæрдалынгты ныххæццæ сты Гæлуатæм. Ацы хæдзары фондз кæддæpuддæp хæлар фысым уыдысты фæндаггонтæн. Ныртæккæ Гæлуаты цæрæг нал ис. Чи дзы цард, уыдон æрбиноныг сты Цæгат Иры хъæуты æмæ горæтты.

Зонындзинæдты актуализаци

Презентацийы 2-аг слайд

Ахуыргæнæджы ныхас: Дзесты Куыдзæджы уацмыстæй иуæй-иутимæ мах базонгæ стæм 7-8 кълæсты æpмær ахуыргæнгæйæ. Уацмыстæ сты нæ адæмы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Чи, дам, цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзæг царды бирæ федта, Ирыстоны цы нæ къуым басгæрста, axæм, æвæццæгæн, нал ныууагъта. Ирон удыхъæд адæймаджы, йæ царды уаг, фыдæбæттæ хорз йын йæ кæй зыдта, уый йæ бæрæг у уацмыстыл. Йæ радзырд «Xopxæccær» ын yæ зæрдæтæм хæстæг райстад.

Абон та нæ ныхас уыдзæн Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йыл.

Таурæгъ «Фæндагсар Уастырджи»-мæ байхъусыны фæстæ скъоладзаутæ пъланмæ ræcræ кусынц тексты мидисыл.

Презентацийы 3-æм слайд

1. Дзаххо æмæ Дзитта фæхауæггаг сты cæ райгуырæн къонайæ.

2. Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы.

3. Фæрнджын адæм. Cæ удыхъæды рæсугъд миниуджытæ.

4. Дзаххо æмæ Дзитта æрцардысты æфцæджы рæбын.

5. Æнахуыр уазджытæ.

6. Фæндагсар Уастырджи.

7. Дзаххо æмæ Дзиттайæн се стыр бæллиц сæххæст.

8. Фæрнджын лæг æнамонд никуы вæййы.

3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын

Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ куыст райдайӕм.

Цæмæй нæ куыст æнæкъуылымпы уа, уымæй уал дзырдуатон куыст бакæнæм. Дзырдуат куыст:

Презентацийы 4-æм слайд

Сбœрœг кœнын дзырдты нысаниуœг:

Этикœ

Нравственность

Аудын

Æмиу

Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ куыст райдайӕм.

Цæмæй нæ куыст æнæкъуылымпы уа, уымæй уал дзырдуатон куыст бакæнæм. Дзырдуат куыст:

Презентацийы 4-æм слайд

Сбœрœг кœнын дзырдты нысаниуœг:

Этикœ

Нравственность

Аудын

Æмиу

Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ нӕ куыст райдайӕм.

Цæмæй нæ куыст æнæкъуылымпы уа, уымæй уал дзырдуатон куыст бакæнæм. Дзырдуат куыст:

Презентацийы 4-æм слайд

Сбœрœг кœнын дзырдты нысаниуœг:

Этикœ

Нравственность

Аудын

Æмиу

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Тегайы бæлас» Дзесты Куыдзæг учебник 3 класса, учебник осетинское чтение

Разработка урока к рассказу "Тегайы балас", Куыдзага Дзесова. Урок комплексного применения знаний и умений. Дидактическая задача: создать условия для восприятия и осознания сюжетной линиии эмоциональн...

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "...

Урок осетинского языка в 11 классе "Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йы"

Урок осетинской литературы в 11 классе "Духовные ценности человека в пьесе Дзесова Кудзага "Фаендагсаеры Уастырджи"....

Дзесты Куыдзæг "Фæндагсар Уастырджи"

Куыдзæг уыди гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын. Адæймаджы идеал ын æвдыст цæуы хæрзгæнæджы хуызы.  Хæрзиуæг кæнынæн ис бирæ хуызтæ, б...

Дзесты Куыдзᴂг «Тегайы бᴂлас».

1. Фᴂллойы темᴂйᴂ рацыд ᴂрмᴂг ныффидар кᴂнын...

Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы

Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ "Адӕймаджы  удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы"...