Дзесты Куыдзᴂг «Тегайы бᴂлас».
план-конспект урока (8 класс)

1. Фᴂллойы темᴂйᴂ рацыд ᴂрмᴂг ныффидар кᴂнын;

                            2. Скъоладзауты раст хатдзᴂгтᴂ кᴂныныл ᴂфтауын,                                                 уацмысᴂн анализ кᴂнын;

                            3. Ахуырдзаутᴂм куыстмᴂ уарзондзинад рᴂзын кᴂнын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tegayy_balas.docx20.02 КБ

Предварительный просмотр:

Темᴂ: Дзесты Куыдзᴂг «Тегайы бᴂлас». Зᴂххыл дᴂ кады ном ныууадз, ᴂмᴂ дᴂ хорзᴂй мысой адᴂм.

Урочы нысан: 1. Фᴂллойы темᴂйᴂ рацыд ᴂрмᴂг ныффидар кᴂнын;

                            2. Скъоладзауты раст хатдзᴂгтᴂ кᴂныныл ᴂфтауын,                                                 уацмысᴂн анализ кᴂнын;

                            3. Ахуырдзаутᴂм куыстмᴂ уарзондзинад рᴂзын кᴂнын.

Ахуыры фᴂрᴂзтᴂ: фронталон, къордтᴂй куыст, хибарᴂй куыст, проекттыл куыст.

 Ахуыры ᴂмᴂ техникон фᴂрᴂзтᴂ: чиныг, тетрад, хᴂслᴂвᴂрдтᴂ, презентации, фᴂйнᴂг, экран, проектор.

Эпиграф: Хорз лᴂджы фᴂд зᴂйы бын дᴂр нᴂ сᴂфы /мбисонд/.                                                                                

                                                                                 

                                         У Р О Ч Ы   Ц Ы Д :

I. Бацᴂттᴂгᴂнᴂн рᴂстᴂг.

II. Мотиваци.

   - Сывᴂллᴂттᴂ, урок мᴂ фᴂнды райдайын зындгонд уырыссаг фыссᴂг, классик Лев Толстойы радзырд «Бᴂлᴂстᴂ садзᴂг зᴂронд лᴂг»-ᴂй. Уа партᴂтыл уын ᴂрᴂвᴂрдтон таблицᴂтᴂ. Мᴂнмᴂ лᴂмбынᴂг хъусут, ᴂмᴂ таблицᴂтᴂ баххᴂст кᴂнут хъᴂугᴂ ᴂрмᴂгᴂй:

 « Иу зᴂронд лᴂг сагъта фᴂткъуы бᴂлᴂстᴂ. Чи йᴂ федта уыцы куысты уᴂлхъус, уыдон ын загътой: «Цᴂмᴂн садзыс уыцы бᴂлᴂстᴂ? Цалынмᴂ уыдоныл ᴂткъуытᴂ ᴂрзайа, уᴂдмᴂ рацᴂудзᴂн бирᴂ рᴂстᴂг ᴂмᴂ дзы нал фᴂхъᴂстᴂ уыдзынᴂ уыцы дыргътᴂй».Зᴂронд лᴂг сын дзуапп ратта: « з дзы куы нᴂ фᴂхъᴂстᴂ уон, уᴂддᴂр дзы чи бахᴂрдзᴂн, мᴂнᴂн та уыдон бузныг зᴂгъдзысты».

Текст экраныл равдисын, таблицᴂйы фыццаг хай баххᴂст кᴂнын.

- Ныр та байхъусᴂм ᴂндᴂр уырыссаг классик Михаил Исаковскийы ᴂмдзᴂвгᴂ «Вишня», иронау «Бал бᴂлас», зᴂгъгᴂ, уымᴂ. Кᴂсгᴂ та уын ᴂй бакᴂндзᴂн уе 'мкъласон Голоты Аланᴂ./Байхъусын/.

Текст экраныл, таблицᴂйы дыккаг хай  баххᴂст кᴂнын.

- Нᴂ таблицᴂйᴂ ма баззад иу хай, уый та баххаст кᴂндзыстᴂм урочы кᴂрон, ног ᴂрмᴂгыл куы дзурᴂм, уᴂд.

- Ацы таблицᴂйыл куы куыста, уᴂд уᴂм ницы хъуыдытᴂ сᴂвзᴂрд? Куыд уᴂм кᴂсы, цыма абоны урочы та цᴂуыл дзурдзыстᴂм? /Байхъусын скъоладзауты хъуыдытᴂм/.

-Уᴂдᴂ, абон мах дзурдзыстᴂм, мᴂ хуртᴂ, ирон литературᴂйы классик фыссᴂг Дзесты Куыдзᴂджы сфᴂлдыстадыл, стᴂй йᴂ радзырд «Тегайы бᴂлас»-ыл. Уе 'мбᴂлттᴂй дыууᴂйᴂн  хᴂс уыдис доклад ᴂмᴂ презентации бацᴂттᴂ кᴂнын Дзесты Куыдзᴂджы цард ᴂмᴂ сфᴂлдыстадᴂй. /Гᴂззаты Дзерассᴂ ᴂмᴂ Авлохты Владикмᴂ байхъусын/.

III. Хᴂдзармᴂ куыст сбᴂрᴂг кᴂнын.

-Ныр та сбᴂрᴂг кᴂнᴂм нᴂ хᴂдзармᴂ куыст. Абоны урокмᴂ уын хᴂдзармᴂ куыст уыдис Дзесты Куыдзᴂджы радзырд «Тегайы бᴂлас»  бакᴂсын. Фᴂнысан кᴂнын цы дзырдты мидис не 'мбарут, уыдон, цᴂмᴂй сыл урочы бакусᴂм.

Дзырдуатон куыст:

Фᴂгᴂмᴂх- бᴂлᴂстᴂ дзы искуы иу ран йеддᴂмᴂ нал уыд /пустой, лысый/;

Тырты – хъᴂддаг сындзджын къутᴂртᴂ, зайы сыл хᴂрынᴂн бᴂзгᴂ туаг сырх гагатᴂ /барбарис/;

ндзалм – даргъ хъилтᴂ /длинные прутья/..

IV. Ног ᴂрмᴂг.

- Ныр бакусᴂм нᴂ текстыл. Иу цалдᴂр фарстᴂн мын дзуапп раттут, уᴂ хорзᴂхᴂй.

?- Цавᴂр литературон жанрмᴂ хауы уацмыс? /Радзырд. Ис дзы цалдᴂр архайᴂг. Архайд ᴂвдыст цᴂуы иу ран, иу рᴂстᴂджы/.

?-  Цавᴂр хᴂйттᴂй арᴂзт у радзырд? /Бадзырд, сᴂйраг хай, бабаст, кᴂрон/.

?- Чи сты радзырды архайджытᴂ? /Студенттᴂ, зᴂронд лᴂг, Тега, ногдзаутᴂ/.

?- Зᴂгъут ма мын, бадзырды автор цы амоны? /Автор амоны, кᴂм цᴂуы архайд, зонгᴂ кᴂны радзырды архайджытимᴂ/. Цыбырᴂй дзурынц бадзырд/.

?- Чи нᴂ базонгᴂ кᴂндзᴂн радзырды сᴂйраг хайимᴂ та? /Байхъусын/.

?- Ныр та мᴂ фᴂнды ᴂмᴂ нᴂ уᴂ иу радзырды бабастимᴂ куы базонгᴂ кᴂнид. /Байхъусын/.

 ?- Цал ᴂмᴂ цавᴂр фᴂлтᴂртᴂ ᴂвдыст цᴂуынц радзырды? /Дыууᴂ къорды: хистᴂр ᴂмᴂ кᴂстᴂр фᴂлтᴂр/.

?- Чи сты уыцы дыууᴂ къорды минᴂвᴂрттᴂ? /Зᴂронд лᴂг ᴂмᴂ Тега, студенттᴂ ᴂмᴂ ногдзаутᴂ/.

?- Цавᴂр архайдтыты байгом кодта автор архайджыты хъᴂддзинад? Зᴂронд лᴂг колхозы кусджытᴂн уисᴂйттᴂ бᴂтты, Тега адᴂмᴂн алы хъуыддаджы дᴂр лᴂггад кᴂны, скъоладзаутᴂ ныссагътой хъᴂд/.

? – Цавᴂр цᴂстᴂй кᴂсы автор архайджытᴂм? /Фыссᴂджы зᴂрдᴂмᴂ тынг цᴂуынц архайджыты хорз хъуыддᴂгтᴂ, кад сын кᴂны. Радзырд дᴂр, ᴂвᴂццᴂгᴂн , уымᴂн ныффыста, цᴂмᴂй нᴂ ном рох ма кᴂна/.

- Мᴂ хуртᴂ, мах цᴂрᴂм Ирыстоны рᴂсугъддᴂр хъᴂутᴂй иу Змейкᴂйы. Нᴂ хъᴂуы истории у тынг хъᴂздыг. Ам 175 азᴂй фылдᴂр хᴂларᴂй цᴂрынц алыхуызон адᴂмыхаттыты минᴂвᴂрттᴂ. Уᴂдᴂ чысыл хохаг Суары хъᴂуы кᴂд уыйбᴂрц зᴂрдылдарᴂн бынᴂттᴂ ис, уᴂд не стыр ᴂмᴂ рᴂсугъд хъᴂуы дᴂр, ᴂвᴂццᴂгᴂн, къаддᴂр нᴂ уыдзысты. Нᴂ скъоладзаутᴂй цалдᴂрᴂн раттон хᴂслᴂвᴂрд бакусын проекттыл. Ныффыссын нᴂ хъᴂуы каддждын адᴂмы нᴂмттимᴂ баст быннᴂтты тыххᴂй хъусынгᴂнинᴂгтᴂ. Уᴂ хорзᴂхᴂй, цалдᴂримᴂ дзы базонгᴂ уᴂм. /Байхъусын ахуырдзауты хъусынгᴂнинᴂгтᴂм/.

V. Рефлекси.

- Куыд уᴂм кᴂсы, мᴂ хуртᴂ, нᴂ эпиграфᴂн цы фразᴂ райстам «Хорз лᴂджы фᴂд зᴂйы бын дᴂр нᴂ сᴂфы», уый Тегамᴂ хауы ᴂви нᴂ?/Байхъусын ахуырдзауты хъуыдытᴂм/. Уᴂдᴂ ма нᴂ хъуыдытᴂ бафидар кᴂнᴂм синквейнᴂй, Тегайᴂн характеристикᴂ раттᴂм.

Ныффыссын синквейн. /Скъоладзауты зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын, куыд аразгᴂ у синквейн, стᴂй йᴂ скᴂнын/.

           1. Тега

            2. Агъдауджын, куыстуарзаг

             3. Садзы, кусы, ᴂххуыс кᴂны

              4. Сыгъдᴂгзᴂрдᴂйᴂ адᴂмᴂн лᴂггад кᴂны.

               5. Кад.

Ныр та мᴂ фᴂнды, цᴂмᴂй баххᴂст кᴂнᴂм, урочы райдианы цы таблицᴂ кодтам, уый. / Байхъусын скъоладзауты дзуаппытᴂм/.

?- Иу фарстᴂн ма мын раттут дзуапп, уᴂ хорзᴂхᴂй: нᴂ таблицᴂйы цы фысджыты нᴂмттᴂ ныффыстам, уыдоны сагъд бᴂлᴂстᴂ та цы сты? /Сᴂ уацмыстᴂ/.

?- ма куыд хонᴂм ахᴂм фысджыты? /Литературᴂйы классиктᴂ/.

VI. Кᴂронбᴂттᴂн. Кᴂрᴂдзийы куыстᴂн аргъ кᴂнынц скъоладзаутᴂ.

VII. Хᴂдзармᴂ куыст. Бакᴂсын Дзесты Куыдзᴂджы уацмыстᴂй иу. Дарддᴂр бакусын проекттыл.

                        Г   О   М     У   Р   О   К:

«Дзесты Куыдзᴂг «Тегайы бᴂлас». Зᴂххыл дᴂ кады ном ныууадз, ᴂмᴂ дᴂ хорзᴂй мысой адᴂм».

                                                            

                                                            Змейкӕйы фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы      
                                                           ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг
                                                                                       ГУКОВА Ц.З.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Тегайы бæлас» Дзесты Куыдзæг учебник 3 класса, учебник осетинское чтение

Разработка урока к рассказу "Тегайы балас", Куыдзага Дзесова. Урок комплексного применения знаний и умений. Дидактическая задача: создать условия для восприятия и осознания сюжетной линиии эмоциональн...

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "

Презентация на тему:"Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ "...

"Хорз лаг адамай хас дары" Дзесты Куыдзаджы радзырд "Тегайы балас" - ма гасга

Тахуды мы йы адамы ыхсананусма хорз ном чи сканы цахицан!Заххыл йа цардай чи аразы цард,Анусондзинад уыман ис армастдар...

Урок осетинского языка в 11 классе "Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йы"

Урок осетинской литературы в 11 классе "Духовные ценности человека в пьесе Дзесова Кудзага "Фаендагсаеры Уастырджи"....

Темӕ: Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагса Уастырджи».

Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæн cæ бæрзонддæртæй иу уТырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон...

Дзесты Куыдзæг "Фæндагсар Уастырджи"

Куыдзæг уыди гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын. Адæймаджы идеал ын æвдыст цæуы хæрзгæнæджы хуызы.  Хæрзиуæг кæнынæн ис бирæ хуызтæ, б...