«УАРЗ ДÆ БÆСТÆ, ДЕ ВЗАГ ЗОН!»
методическая разработка (5 класс)

Тадтаева Зарема Оливеровна

День осетинского языка и литературы приурочен к выходу в свет 15 мая 1899 года книги «Ирон фандыр» Коста Хетагурова, и отмечается в Северной и Южной Осетии с 2003 года.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл uarz_dae_baestae_de_vzag_zon_viktorina.docx30.21 КБ

Предварительный просмотр:

15-æм май- ирон æвзаджы бæрæгбон.

«УАРЗ ДÆ БÆСТÆ, ДЕ ВЗАГ ЗОН!»

Викторинæ:

«Æвзаг у адæймагæн йæ зонды хос»    ( Тыбылты Алыксандр).

Куы нал дзурон ирон зæххыл иронау,

Куы нал хъуыса ирон дзырдтæй мæ зард,

Куы нал уарзон фыды уæзæг нæртонау,

Уæд азæххыл мæн нал хъæуы мæ цард.

                                      Цомартаты Дунетхан.

 Культура народа может существовать только,

когда люди имеют возможность пользоваться

родным языком в полной мере,

в любых жизненных ситуациях.

Родной язык дорог каждому человеку.

Нельзя  считать себя культурным,

воспитанным человеком, не зная,

в первую очередь, своего родного языка.  

Викторинæйы хæстæ:

 1)  фольклорон уацмыстыл  афæлгæсын.

                                    2)  сывæллæтты ахуыр кæнын

                                     хибарæй хатдзæгтæ кæнын, хъуыдытæ раст дзурын,

                                     фольклорон уацмыстæн сæ жанртæ  иртасын.

                                   3)  сабиты зæрдæты гуырын кæнын  хæлардзинад,

                                     лæгдзинад, хъабатырдзинад æмæ уарзондзинады

                                     æнкъарæнтæ; скъоладзаутæм хъомылкæнын

                                     тырнындзинад ахуырмæ.

 

   Ахуыргæнæг: «Мадӕлон ӕвзаг мады ад кӕны»,- фӕзӕгъынц. Ӕмӕ уый, ӕцӕгӕйдӕр, афтӕ у. Нӕ фыдӕлтӕ нын ныууагътой хъӕздыг  ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг. Ӕмӕ махӕн нӕ        хӕс у цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнын уыцы стыр хӕзна,уымӕн ӕмӕ уый у нӕ культурӕйы, нӕ лӕгдзинады, нӕ адӕмы рӕзыны сӕйраг фӕрӕз.

   Абон у бæрæгбон æмæ нæ ахуырдзатæ равдисдзысты сæ зонындзинæдтæ викторинæйы архайгæйæ.

  1. Нæ жюрийы уæнгтæ сты:
  2. Нæ архайджытæ: 5-æм кълæсты  иумæйаг къорд «                         «                         æмæ 6-м кълæсты иумæйаг къорд   «                       «

Викторинæ:

1-аг хæслæвæрд – «Фыццаг ахъуыды хъæуы, уый фæстæ та зæгъын»         Адæмон сфæлдыстад. Фольклор.

 

  1. Цы у адæмон сфæлдыстад?
  2. Аргъæуттæ сæ хуыдымæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?

     (Цæрæгойты аргъæуттæ, цардыуаджы аргъæуттæ, алæмæты аргъæуттæ).

    1. Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй?

             ( 1.Адæмон аргъауæн нæ вæййы автор, йæ автор –  адæм; литературон

                        аргъауæн та вæййы иу автор;

                2. Адæмон аргъауæн ваййы варианттæ, литературон аргъауæн тæ ваййы

                       æрмæст иу вариант).

   2. Цæмæй хицæн кæнынц аргъæуттæ æмæ таурæгътæ?

    (Таурæгъты хъайтар вæййы,  æцæг чи царди, ахæм адæймаг, вæййы йын  

    ном æмæ мыггаг, аргъауы та вæййы æрымысгæ хъайтар.

   Таурæгъты архайд  фæцæуы  цавардæр бæрæг ран, аргъæутты та – æбæрæг ран.                     Таурæгъты бындур вæййы æцæг).

 1. Чи сты Æртæ Нарты? Кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц?

   (Æхсæртæггатæ – тыхджын, æхсарджын;

    Борæтæ – бонджын, хъæздыг;

    Алæгатæ –  куырыхон, уаздан, зондджын)

 2. Адæмон хъайтар Чермен кæмæй уыди æмæ кæм царди?

                     (Тлаттаты Чермен царди Хъобаны)

 1. Нарты хæцæн бон уавæр бон уыди?

                        (Майрæмбон)

2. Цавæр кæрдзынтæ уыд Зылын лæгмæ? Раст лæгмæ та?

             (Зылынмæ – æнтыдджынтæ, Раст лæгмæ та – мыдамæстытæ).

  1. Къулбадæг усыл чи фæуæлахиз зондæй? (Будзи)

  1. Фиййауы фос бирæгъæн чи хæрын кодта?  (Куыдз)

  1.  Чи фервæзын кодта æдылыйы ауындзæнæй?  (Зонд)

2. Кæм хъазыди чысыл Батрадз, Нарты куывдмæ йæм куы                           фæдзырдтой, уæд?   (Фæныкы)

1.Мæгуыр лæгæн йæ цæстытæ цæмæй адзæбæх сты?  ( Мыдæй)

2.Цавæр аргъауы ис æппæты фылдæр сырдтæ? (Фаззæттæйы)

1.Нартæй бонджындæр (хъæздыгдæр) чи уыди? (Борæтæ)

      2.Кæй кæрдзынтæ фесты  фыццаг  Зылын лæды æви Раст лæджы?

                                                                                           (Раст лæджы)

      2-аг хæслæвæрд – Базонын, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ.

1. «Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр. Уайтагъд та сæххормаг».     («Раст лæг æмæ Зылын лæг»)

2. «Хъæдгæронæй бахызтысты æмæ иу тæрхъус сæ размæ фæцис».

      («Фаззæттæ»)

1. «Иубон кæсгон æлдар сфæнд кодта хъалонмæ фæцæуын. Йæ           чегъретимæ   рараст и Хъобанмæ».

     («Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта»)

2. « - Дæлæ уыцы лæджы уыныс? Уый æппындæр ницы æмбары. Кæс-ма   йæм, кæддæра дзы хорз нæ саразин».

      («Зонд æмæ амонд»)

1. «Сæ уæрдæтты  цур хъахъхъæнынæн ныууагътой се΄мбæлттæй иуы æмæ Моргуаты Хадзыйы. Сæхæдæг ацыдысты горæтмæ.»

    («Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд  ацыд»)

2. «Уæд Нарты хистæртæ баунаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм, уырдæм

    æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм фосгæс».

     («Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг»)  

3-аг хæслæвæрд- литературæ.

  1.  Чи ныффысста аргъау «Лæскъдзæрæн»?
  2. Аргъау «Булæмæргъ»-ы Автор?      (Г.Х.Андерсен)

  1. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ фыссæджы ном?  (Нигер)    

  « Зæрватыккæн дын йæ дзыхæй

    Цавæрдæр  мыггаджы гага

Лæджы размæ уæд  куы рхауид».

  1. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ, фыссæджы ном?

«-Нана, Къоста!Къоста!»          ( Дзесты Куыдзæг)

  1. Цы фæцис Арсæмæг?   (Бедоаты Хъазыбег)
  2. Зæлимханыл цы рцыд?   (Барахъты Гино)

  1. Цавæр поэт фысста цагъайраг кæй нæу, ууыл?  (Нигер0
  2. Чи нын фысста  Фыдыбæстæ зынаргъ кæй  у  ууыл?

  1. Куыд  хуындис  Булкъаты  Михалы  уацмыс æмæ фандыры хицауы ном?     (Нæмыгдзæф фæндыр)
  2. Куыд хуындис Бесаты Тазейы уацмыс æмæ сæйраг хъайтары ном? (Гетæ)

  4-æм  хæслæвæрд – Дзырдуат баххæст кæнын.

 Цы нысан кæнынц дзырдтæ:

  1. Калак –

       2.    Хъалон –

   3.    Джебогъ лæдзæг –

   4.    Æнтыд –

   5.    Идон –

   6.    Къæрта-  

 

 Цы нысан кæнынц дзырдтæ:

  1. Фыдгул –
  2. Мусонг –
  3. Сомихаг –  
  4. Идон –
  5. Лæскъдзæрæн.
  6. Æлутон.

6 – æм хæслæвæрд -  Раздзогты ерыс.

I. Æмбисонд кæронмæ ахæццæ кæн:

     1. Æдылы хъæдмæ … (дыууæ цыды кæны).

     2. Райгуырæн бæстæ –мад, æцæгæлон- …  (фыды ус)    

    3. Зивæггæнагæн йæ … (гуыл хомæй баззад).

     4. Куыстæн йæ сæр – … (сындз, йæ бын – сой).

     5. Хуры разæй дæр  … (лæг йæ сыхаджы фæны).

     6. Чи цас федта,  … (уый бæрц зоны).

II.                 7  – æм хæслæвæрд-Базон-базон, уый та циу?

  1. Йæ къоппа – хырх, йæ дымæг – æхсырф.   (Уасæг)
  2. Сырх у, адджын у, йæ куырæт та цъæх у.   (Харбыз)

   8 – æм хæслæвæрд- Де взаг зон.

  1. Цал хауæны ис ирон æвзаджы?
  2. Цал цæсгомы ис мивдисæгæн?

  1. Иухуызон нысаниуæгджын дзырдтæ цы хуыйнынц? (Синонимтæ). Дæнцæг.
  2. Сæ нысаниуджытæ ныхмæвæрд цы дзырдтæн вæййынц, уыдон цыхыйнынц? (Антонимтæ). Дæнцæг.

         

  1. Зæгъут ныхасы хæйттæ?
  2. Зæгъут хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ?

  1. Цал хъæлæсон дамгъæ ис ирон æвзаджы?
  2. Бирæон нымæц куыд арæзт фæцæуы дзырдты?

9 – æм хæслæвæрд- скæнут карточкатыл хæслæвæрдтæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»                        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...

Бафæрсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы урокты.

Мæ куыстыты темæ у « Бафарсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты»...

Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»

Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....

Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)

Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи  на праздник осетинского языка и письменности....

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Нæ рæсугъд мадæлон æвзаг.

1899 азы, 15 майы Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт – Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр». Сæдæ азы фæстæ та – 1999 азы нæ респуб...