« Мадœлтыл уœ хуыздœр зарœг зарут!!!
материал

Калабекова Альбина Анатольевна

сценарий на 8 марта . Дети подготовили концерт для мам на 8марта.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon nyyyaroeg_mad_2.doc46.5 КБ

Предварительный просмотр:

  « Мадœлтыл уœ хуыздœр зарœг зарут!!!

Абон нœ бœрœгбон,

Абон нœ цины бон,

Абон ныййарœгœн

Арфœ кœнœм!

* Мад. Хœрз цыбыр дзырд. Фœлœ дзы œппœт дуне дœр бацœудзœн. Зœххыл мадœй зынаргъдœр ничи ис. Мадœй хуыздœр ничи бамбардзœн сабийы зœрдœйы рис.

Бирœ поэттœ скодтой зарджытœ мадыл.

 

          Мады нывтœ. ( Зарœг)                 

                               

*      Мад! Цœй диссаджы дзырд у, œвœдза! Адœймаджы уœнгты бауарзы ныфс, хъару. Сывœллонœн йœ фыццаг ныхас вœййы « мама». Царды рухс нын фенын кœны мад. Цас œнœхуыссœг œхсœвтœ арвиты, цас уарзондзинад радты йœ хъœбулœн.

                                       

        Æз – сылгоймаг, цардаразœг дœн,

        Кувут, лœгтœ, иууылдœр мœнœн.

       Æз бœллиц дœн, дидинœджы тау дœн,

       Æз цъœх уалдзœг, цины зарœг дœн.

       Æз œфсарм дœн, нуазœн дœн уœ къухы

       Æз – хœдзары минбœркады фынг

       Æз œдзухдœр – уе мдзу царды дугъы,

       Фарн мœ дзырд, ныххуыссын кœнын зынг.

       Сисут, лœгтœ, баназут мœ кадœн,

       Æз уœ раттœг, уе стыр мœт, уœ хур.

       Æз уœ къухы бахъуаджы бон кард дœн,

       Æз – уœ фидœн, уе нхъœлцау бындур.

  1. Мад у œппœты хœрзты райдайœн, дунейы цард-

    дœттœг. Уымœн йœ зынтœ авдœнœй райдайынц.

  1. « Ныййарœг мад цœстыгагуыйау хъахъхъœнын    

    хъœуы» - фыста Къоста.

             

 « Мады ном – œнусон».

                                  (Чеджемты Æ).

           Зœххыл ис иунœг хœзна царды

           Æмœ уый мад у, мœ хур, мад.

           Йœ равдыд сау дуртœм дœр хъары.

          Фœсуры зœрдœйы фœллад.

             О мад, сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй,

          Ды кœныс кœстœрты œнгом.

         Тœхуды, зарœджы ныхœстœй,

         Æнусон чи скœны дœ ном.

         Дœ къахфœд агурын нœ хœхты,

         Дœу œнхъœл уардитœм кœсын.

         Куырттаты стыр комы уœрœхы

         Дœ хуыз мœ цœстыты хœссын.

Мœ зарœг сарœзтон дœ мœтœй,

Йœ зœлты бавœрдтон мœ уарзт.

Дœ зынаргъ Къадаты бœрзœндтœй

Мœ удмœ хур цыма œркаст.

Цы хорз у, чи сбуц кодта мады

Æмœ йын чи радта œгъдау,

Зœххыл уый дзыллœты нымады

Йœ фарнœй батавдзœн Хуыцау.

Хуыцау та бœрзœндтœй фœлгœсы

Хœрзудтœн риссынœ тœрсы

Хуыцау… Уый цœсгоммœ нœ кœсы.

Хуыцау… Уый зœрдœмœ кœсы.

  1. Цоты хœс у ныййарœджы буц дарын, йœ хъыджы

    ма бацœуын.

                       Мадмœ.

              Бирœ фœрœвдыдтай,

              О гыцци, мœн.

             Арœх – иу аргъœуттœ

             Кодтай мœнœн.

             Хъарм – иу мœ бамбœрзтай,

             Авдœн уызтай,

            « Ахуысс мын, айрœз мын!»

             Заргœ дзырдтай…

  1. Мад зынаргъ у. Мады уарз. Мадœн маст ма кœн. Мадœй бузныг у. Мадмœ хъус.

                            Мœ нана.

              Нœу мœнœн мœ бон зœгъын,

              Цас уарзын нанайы,

              Фыны дœр йœ фœлмœн худт

              Цœстытыл фœуайы.

              Зымœгмœ мын бавœры

              Чырыны фœткъуытœ,

              Хъулон хъœдуртœй мœнœн

             Саразы фœрдгуытœ.

Зœххыл мадœй зынаргъдœр ничи ис. Мадœй хуыздœр ничи бамбардзœн сабийы зœрдœйы рисс.

               

      Зœххыл ис иунœг хœзна царды

     Ӕмœ уый Мад у, мœ  хур, Мад.

     Йœ рœвдыд сау дуртœм дœр хъары,

     Фœсуры зœрдœйы фœллад.

     О мад, сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй,

      Ды кœныс кœстœрты œнгом.

     Тœхуды, зарœджы ныхœстœй

     Ӕнусон чи скœны дœ ном.

Мад! Цœй диссаджы дзырд у, œвœдза.

Адœймаджы  уœнгты бауадзы ныфс, хъару.

Хурау  рухсзœрдœ  у мад,

Никуы зоны уый фœллад,

Сты йœ хъарм  къухтœ фœлмœн.

Алы бон рœвдауы мœн.

Тынг дœ уарзын, тынг, уый зон,

Райдайы дœуœй мœ бон!

Райдайы дœуœй мœ фœндаг-

Дœн  дœ лœггœдтœй нœртон!

Дœ фœрцы абон зœрдœ цинœй райы,

Ӕмœ зœххыл œппœт хœзнаты раз

Мœхицœн œз адджындœрыл нымайын

Дœ фœлмœн бахудт, хъœлдзœг цœстœнгас.

Сывœллонœн йœ фыццаг дзырд вœййы «МАМА».

Царды  рухс нын фенын кœны мад.

Цас œнœхуысс г œхсœвтœ арвиты, цас уарзондзинад ратты йœ хъœбулœн.

*Кœддœриддœр мадыл ауд. Мадимœ хœларœй цœр. Мадау хœлар зœрдœ у.

*Ӕз œнœкœрон уарзтœй уарзын мœ ныййарœг мады!

   *  Нœ сœртœй уын ныллœг кувœм.

               


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

"æмбалдзинадæй хуыздæр ницы ис!"

Урок осетинского языка о великой силе - дружбе! легенда о друзьях Амизоке и Дандамиде. пословицы о дружбе.Когда то, в 12 веке, грузинский поэт Шота Руставели так сказал: «Кто не ищет дружбы с бли...

Къоста- нывгæнæг, « Дурсæтджытæ»-йæ æххæстдæр æмæ хуыздæр нывтæй иу.

Открытый урок по  осетинской литературе. Работа над картиной Коста  Левановича Хетагурова  « Дурсæтджытæ»...

« Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр у! » (Миногонæй зонындзинæдтæ фæлхат кæнын)

Урочы  нысантæ.1)      Миногонæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын.2)      Алыхуызон конкурсты руаджы рæзын кæнын ахуырдзаутæм     ...

Темæ: «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!

Эпигрæф урокмæ:Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!Нафи...